ОБЩЕСТВО

УЫД ЙÆ АДÆМÆН ЦЫРАГЪДАР ÆМÆ ФÆНДАГГÆНÆГ

Ирыстоны сæрмæ йе стъалы кæмæн ссыгъд æмæ цæхæр калгæ чи цæуы æгæрыстæмæй ма йæ амæлæты фæстæ дæр, ахæм фæрнджын адæймæгтæ бирæ уыд æмæ ис не ‘хсæн.

 

Ирон адæмæн йæ хъæбултæй стырдæр лæггад чи бакодта, уыдонæй иу уыд Гаглойты Рутен – инженер, фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг. Уыд намысджын адæймаг, адæмы хæрзгæнæг, разагъды лæг.

 

Рутен райгуырд 12 февралы 1888 азы Хуссар Ирыстоны. Хъæууон лæппу уæлыгæс цыди Уанелы рæгътыл. Уæды æнкъарæнты тыххæй фæстæдæр фыста.

 

Лæппу ахуырмæ разынд рæвдз æмæ зæрдæргъæвд. Хъæууон скъолайы фæстæ, 1902–1906 азты, ахуыр кодта Калачы гимназы. Уæд ахуыргæнæггаг хъуыдис фидын æхца. Рутен йæ хорз ахуыры тыххæй уæгъд æрцыд уыцы фиддонæй. Гимназ каст фæци æнтыстджынæй: радтой йын майдан, нысангонд ын æрцыди стипенди дарддæр ахуыр кæныны тыххæй.

 

Бацыди Мæскуыйы уæлдæр техникон ахуыргæнæндонмæ (МВТУ-мæ). Йæ автобиографийы фыста: «Райстон инженер-механикы дæсныйад æмæ цингæнгæ рацыдтæн… Уыди мын службæйы ныллæууыны бар стыр горæтты. Фæлæ мæ уырдæм мæ къах нæ хаста, æз нæ бæллыдтæн мæхи цард саразынмæ, мæн фæндыд кусын æмæ исты ахъаз фæуын мæ райгуырæн бæстæйæн».

 

Хуссар Ирыстоны адæмæн зындон уыдис Чъехы нарæг – нæ дзы уыд ацæуæн. Рутен айгæрста уыцы нарæг, æмæ хохæгтæн фæндаг байгом ис быдырмæ. Ирон адæмы æнусон бæллиц уыд Хуссар æмæ Цæгаты астæу æфцæгыл фæндаг саразын. Рутен бавнæлдта уыцы фæндаг аразынмæ.

 

1914 азы йæ акодтой хæстмæ. Йæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхт 1917 азы. Уæд та райдыдта революци æмæ мидхæст. Рутен гимназистæй архайдта адæмы змæлды, ахæстоны дæр бадт. 1917–1920 азты уыдис æхсæнадон царды активон архайæг, йæ нысан уыд Хуссар Ирыстон Гуырдзыйы дæлбарæй суæгъд кæнын, Ирыстоны дыууæ хайы баиу кæнын. Гуырдзыйы хицауад Цхинвалы, Дзауы æрæвæрдта æфсад – стæлфын нæ уагътой ирон адæмы. Рутен ахст æрцыд, фæлæ йын бантыст ралидзын. 1920 азы гуырдзы июны зынг бафтыдтой Хуссар Ирыстоныл. Рутен рацыд Цæгат Ирыстонмæ. Ам ыл адæмы знæгтæ хахуыр æвзаг бахастой, ома урсытимæ баст у. Æрцахстой та намысджын патриоты, рахастой тæрхон: «Гаглойы-фырт æрвыст æрцæуæд Уæрæсемæ, цалынмæ Кавказы мидхæст фæуа, уæдмæ». 1921 азы январы Рутен ралыгъд Псковы лагерæй, бафтыд Эстонимæ, уырдыгæй – Ныгуылæн Европæмæ.

 

Ирон адæмæй рох нæ уыдысты Рутены хæрзтæ, дзырдтой йæ сæрыл, æвдыстой йын йæ рæстдзинад, æмæ растгонд æрцыд 1921 азы апрелы. Фæлæ уæд уый удхарæй марди фæсарæнты. Адæм дзырдтой: «Цæмæн бабын нæ намысджын кусæг, нæхи Рутен? Æркæнут æй фæстæмæ нæхимæ!» Æмæ 1928 азы æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Ногæй та бавнæлдта фæндæгтæ аразынмæ, сарæзта проект «Зæрæмæг–Уанел»-ы сосæ фæндагæн. Уыцы фæндаг хъуамæ уыдаид дыууæ Иры иугæнæг. Ахæм хъуыддаг æхсызгон нæ уыд Гуырдзыйы националисттæн, æмæ 1937 азы сæ амæттаг баци æнæнцой инженер, зынгзæрдæ патриот.

 

Рутен уыд йæ адæмæн цырагъдар æмæ фæндаггæнæг. Фæсарæнты дæр йæ зæрдæйы хаста Ирыстоны фæлгонц. Æмдзæвгæ «Европæ»-йы æвдисы ныгуылæйнаг бæстæты техникæ æмæ культурæйы диссæгтæ, фæлæ сæрыстырæй зæгъы:

 

Уæ Берлинтæ, уæ Лондон 

Нæ биавин æз Нарыл: 

Уым Хетæгæн рæмонбон 

Къоста райгуырд сæнарыл… 

 

Гаглойы-фырт уыдис курдиатджын публицист. Йæ уацты æвдыста Уæрæсейы цард æмæ политикон уавæр, адæмы æфхæрдтæ. 1907 азы фыста: «Уæрæсейы бындур сты кусæг адæм… Мæгуыр адæмы фæллой хæрынц æмæ стæрынц хицæуттæ æмæ бонджынтæ, уæлæмæ скæсын сæ нæ уадзынц. Цалынмæ уыдонæй нæ фервæзой адæм, уæдмæ стонгæй дæр мæлдзысты, къæдзæй дæр цæудзысты æмæ рухс дæр нæ фендзысты».

 

Ныффыста цалдæр радзырды, студент куы уыд, уæд. Уыдоны бæрæг у йæ курдиат. Фыссæг худы давджытыл («Теман голладжы нæ сусæг кæны»), загъдкъахджытыл («Хъаст»), дзырдхæсджытыл («Хъæндил дæр сызмæлыд»), моралон тæрхон хæссы, йæ адæм кæмæй ферох сты æмæ сын хицæутты ардыдæй æфхæрæн митæ чи кæны, уыцы афицертæн («Дыууæ фæндаджы»). Радзырд «Цард»-ы æвдыст цæуы иуæрдыгæй хъæздгуыты æнæмæт цард, иннæрдыгæй – сидзæр чызджы удхайраг цард. Уазал зымæгон изæр чызг куры æххуыс, «…фæлæ æлдæрттæ йæ фæрсты сæ хæдзæрттæм тындзыдтой. Сонтмæ кæсгæ дæр ничи фæкодта… Саби йæ къух дардта
цæуджытæм… Мит зулмæ æмбæлд йæ цæсгомыл». Фыссæгæн æнцой нæ лæвæрдта ахæм зæрдæхалæн ныв.

 

Рутен зæрдæбынæй уарзта йæ адæмы. Йæ иу радзырды куырыхон лæг фæдзæхсы: «Хъæуы цæрджытæ, бинонтау, æфсымæртæ сты. Кæрæдзийæн куы нæ барæм, цæрын куы нæ зонæм æнгомæй, уæд нæ халон йæ ахстонмæ фæхæсдзæн». Уыцы ныхæстæ хауынц канд иу хъæумæ нæ, фæлæ æппæт Ирыстонмæ дæр.

 

Дæлдæр мыхуыр кæнæм Рутенæн йæхи хъуыдытæ уац «Хохыл фæндагæн йæ истори»-йæ.

 

 Дыууæ Ирыстонæн се ’хсæн ис Кавказы сæйраг хох. Уый у тынг бæрзонд æмæ æнæцæлхвæндаг. Хуссарæй Цæгат Ирыстонмæ ис дæс ахизæны: Мамысон, Æфцæджы бæрзонд, Згъил, Дзедо, Зикъара, Бæхвæндаг, Къутых, Рукъ, Сыба æмæ Тырсы.

 

Мамысоны ахизæн ис Æфсæддон-Ирон фæндагыл. Уый иу кæны Айларты хъæу (Хуссары) Лисриимæ (Цæгаты), æмæ кæд уыцы фæндаг иу фараст километры цæуы Хуссар Ирыстоны зæххыл, уæддæр йæ арæзт у Оны ’рдæм æмæ йыл ирон адæм уæрдонæй никуы ницы фæласынц. Иннæ ахизæнтæ, уæлдæр куыд загътам, уымæ гæсгæ сты бæззон æрмæст фистæджытæн, æмæ уый дæр æрмæст сæрдыгон. Уый тыххæй раджы сфидар ирон адæмы ’хсæн фæнд ахæм цæлхвæндаг саразынæн, кæцы хъуамæ алыг уыдаид Хуссар Ирыстоны астæуты æмæ хохыл ахызтаид Цæгат Ирыстонмæ.

 

Зæронд заманы дæр дзырдтой æмæ фыстой Хуссар Ирыстоны раздзог фæсивæд, кæй хъæуы ахæм фæндаг аразын Лехурагомы, Къутыхы æфцæгыл, цæмæй уа цæлхвæндаг Цхинвалæй Зæрæмæгмæ кæнæ Гуры станцæйæ Даргъ-Къохы станцæмæ.

 

Фæлæ зæронд хицæуттæ сæхи къуырмайæ дардтой адæмы фæндæттæм æмæ хъуагдзинæдтæм. Æрмæст 1913 азы Хуссар Ирыстон бафæрæзта хицæуттæй ракурын Чъехы къæдзæх фехалыны тыххæй чысыл æххуыс.

 

Уыцы къæдзæх та ис тæккæ быдырмæ рафтæны. Фæндаг цыдис йæ рæбынты, æмæ-иу уалдзæджы Леуахийы дон ракалди къæдзæхыл æмæ-иу хохы адæм ахстæй бадтысты хæхты цъассыты. Уæндон дæр-иу чи уыдис æмæ-иу доны чи баскъæрдта йæ бæх, уыдонæн-иу ласта сæ уæргътæ æмæ хатгай сæхи дæр. 1914 азы хицæуттæ радтой 5000 сомы, æмæ ацы ныхæстæ фыссæг йæхæдæг ракалдта Чъехы къæдзæхæй 6000 кубон метры дур, æмæ дзы сырæзти уæрæх фæндаг.

 

Уыцы азæй суанг 1917 азмæ фæндаджы хъуыддаг Хуссар Ирыстоны æрцыд урæд, уымæн æмæ уыдис хæсты рæстæг. Фæлæ уыцы аз, революцийы азы, Дзауы æрымбырд сты Хуссар Ирыстоны æвзæрст лæгтæ иу æхсай адæймагæй. Цалдæр боны делегаттæ тæрхон кодтой адæмы хъуагдзинæдтыл.

 

Уæд æмбырд рахаста ахæм тæрхон: «Нæ хохбæстæн йе ’стырдæр низ у æвæндагдзинад. Нæ адæм хор хæссынц Цæгат Ирыстонæй. Уый тыххæй нæ хъæуы цæлхвæндаг аразын хохыл. Ацы хъуыддагыл архайынæн æвзæрст æрцæуæд Фæндагаразæг комитет. Уый ссарæд амæлттæ æмæ бакусæд хохыл цæлхвæндаг саразыныл, цæмæй зæххъуаг Хуссар ифтонг цæуа Цæгаты хорæй».

 

Уыцы комитетмæ бацыдысты Санахъоты Уанкъа, Джиоты Никъала, Хъоцыты Георги æмæ ацы ныхæстæ фыссæг. 1918 азы комитет байдыдта æхцайы фæрæзтæ æмбырд кæнын Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны. Хохыл цæлхвæндаджы фæнд афтæ æхсызгон уыдис кæмдæриддæр, æмæ фыццаг бон Дзæуджыхъæуы æрæмбырд 17 000 сомы. Уыдис ахæм лæгтæ, мингай сомтæ чи лæвæрдта.

 

Уыцы рæстæджы Цæгат Кавказы финансыты комиссар уыди Махарадзе Филипп. Уый хорз æмбæрста ирон адæмы фыдæбæттæ æнæвæндаджы аххосæй æмæ казнайæ 400 000 сомы раттын кодта фæндаджы арæзтадæн.

 

Фæндаджы комитет æппæты фыццаг бавнæлдта Пацъайы хид аразынмæ, стæй Пацъайы хæрд æмæ уырдыг дзæбæх кæнынмæ.

 

Фæндаджы куыст тыхджынæй-тыхджындæр кодта. Уыцы сæрд Фæндаджы комитет æрбахуыдта индзылер Прозоровскийы. Уый сбарста фæндаг Къутыхы æфцæгыл, сарæзта йын проект æмæ сметæ дæр. Фæлæ не ’намондæн нæ фæндаджы куыст адарддæр кæнын нæ бон нæ баци: бæстæ байдыдта æнхъизын æмæ куысты мæт ничиуал кодта. Уыцы фæззæг меньшевиктæ бабырстой Хуссар Ирыстонмæ. Калм мыдыбындзытæм куыд бабыра æмæ уыдон куыд сызнæт кæна, раст афтæ меньшевикты æфсæдтæ дæр схæццæ кодтой ирон адæмы: бахордтой сын сæ хор, фергæвстой сын сæ фос, фæхастой сын сæ цыхтытæ, сæ тынтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый хуызæн рæстæджы фæндаджы куыстмæ нæ, фæлæ æндæр куыстмæ дæр ничиуал æртасыд.

 

Фæндаджы фарст та йæ къахыл слæууыд æрмæст 1924 азы Советон хицауады фæндæй. Уæд Цхинвалæй Дзаумæ райдыдтой фæндаг аразын, æмæ ныр уыцы фæндаг арæзт у Уанелы мидæгæй Бæгъиаты суары онг.

 

1927 азы мартъийы мæйы 12-æм боны уыдис Хуссар Ирыстоны Советты æвдæм æмбырд. Уый ног æххæстгæнæг комитетæн ныффæдзæхста: «Æнæ фæндаг фадат нæй нæдæр хъæууон хæдзарад сырæзын кæнынæн, нæдæр культурæ райтынг кæнынæн. Уый тыххæй бахæццæ хъæуы Хуссар Ирыстоны фæндаг Рукъмæ æмæ ракурын хъæуы Мæскуыйы хицæуттæй, цæмæй ацы фæндаг ахиза Цæгат Ирыстонмæ».

 

Цæгат Ирыстоны дæр къаддæр нæ архайдтой ацы фæндаг саразыныл. Тхостаты Гагуыдз 1919 азы фыста хицæуттæм: «Фæндæгты хъуыддаг Ирыстоны у кæуинагæй фыддæр. Нæ бæсты ис æрмæст фæд, фæндаг нæм нæй. Нæ хæрдты æмæ нæ уырдгуыты бырон кæнынц хуымæтæджы уæрдæттæ дæр. Æппæты фыццаг у аразинаг хохыл фæндаг Зæрæмæгæй Цхинвалмæ. Уый цæуы Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæн йæ астæуты, æмæ йæ фæрцы бауыдзæн нæ бон раргом кæнын нæ хæхты хæзнатæ, нæ диссаджы суæрттæ, нæ дæтты тыхтæ – «урс æвзалы».

 

Уый фæстæ Цæгаты Туалтæ (Нар, Захъхъа, Хъесаты хъæу æмæ иннæтæ) сæхæдæг байдыдтой фæндаг аразын Зæрæмæгæй мидæмæ Захъхъагомы æмæ дзы батулын кодтой уæрдон иу 20 километры.

 

1925 азы сæрды Цæгат Ирыстон сбарын кодта индзылер Филковичæн æмæ техник Грейнæн цæлхвæндаг Къутыхы фахсыл æмæ балæвæрдта проект Ростовы хицæуттæм. Уым проектыл сразы сты æмæ йæ арвдыстой Мæскуымæ. 1928 азы 10 декабры Мæскуыйы æркастысты проектмæ æмæ рахастой ахæм уынаффæ: «Нæу бæрæг, хохыл фæндаг Къутыхыл хуыздæр у æви Рукъыл, Сбайыл, Тъехтыл. Нæу бæрæг, цас мит уары уыцы хæхты æмæ куыд тох кæнын хъæудзæн зæйтимæ.

 

Ацы вариант уымæй хорз у, æмæ туннелы хуынкъæй дæлæмæ фæндаг цæуы уæрæх æмæ райдзаст бынаты, Ручъы хуымтыл. Суанг Бæгъиаты суармæ никуы зæйцæуæн ис, никуы  – лæсæн».

 

Центрæй нæм цы лæгтæ уыдис сæрды, уыдон æй хорз схуыдтой фидæны нарæг æфсæйнаг фæндагæн кæнæ электрон тыхæй ласынæн. Ацы варианты аргъ рауадис къаддæр. Фæндаджы дæргъ та у 39,6 километры. Хохы сæрты куы сырæза фæндаг, уæд нæ ратдзæн, куыд æмбæлы, ахæм пайда. Уый тыххæй фæндаг аразын хъæуы туннелимæ. Туннелæн цы варианттæ сырæзт, уыдонæй та хуыздæрыл нымад хъуамæ æрцæуа Ручъы туннелы вариант.

 

Лыстæг бавдисын хъæудзæн, цы æхцайы фæрæзтæй сырæздзæн уыцы фæндаг, уый. Бынæттон цæрджытæ (ома республикæйы æмæ автономон бæстæты) хъуамæ баххуыс кæной æхцайæ, бегарайæ æмæ хъæдæрмæгæй.

 

30 октябры фехъуыстам ноджы æхсызгондæр цау: фæндæгты тыххæй Цæдисы иууыл стырдæр уынаффæдон «Гудортранс» батæрхон кодта: «Хохыл фæндаг Зæрæмæгæй Гурмæ æрцæуæд цæдисон фæндæгтыл нымад. Хохыл фæндаг сырæзæд туннелимæ Ручъы хохы бынты».


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 9.07.2019 в 15:16

Восстановить экосистему региона

Такую масштабную цель поставили себе участники программы по восстановлению переднеазиатского леопарда в Осетии совместно с республиканским

ОБЩЕСТВО 29.11.2023 в 18:58

Легендарный комдив

28 ноября Совет ветеранов РСО-А совместно с Республиканской юношеской библиотекой (РЮБ) им. Г. Газданова провел для восьмиклассников владикавказской СОШ №27 вечер «Легендарный комдив» к 120-летию со дня рождения Исса Плиева.

ОБЩЕСТВО 8.09.2022 в 11:09

Сделай добро!

Человек заводит собаку – и мир становится больше! Потому что человек берет собаку на поводок, выходит из коробки, и мир открывается ему навстречу.

КУЛЬТУРА 4.09.2023 в 18:14

«Я ангелом света лечу в небеса»…

Второй год подряд по приглашению комитета «Матери Беслана» и представительства МИД Южной Осетии в Италии к нам приезжает знаменитая флейтистка из Сан-Марино Моника Морони.

ОБЩЕСТВО 16.09.2021 в 10:23

Питерские ветераны во Владикавказе

Во Владикавказе находится ветеранская делегация из Санкт-Петербурга. В ее составе – блокадники, Герои Социалистического Труда, капитаны 1-го ранга.

ОБЩЕСТВО 10.08.2023 в 08:52

В Южной Осетии установят памятник жертвам бесланской трагедии

Об этом заявил Президент РЮО Алан Гаглоев на встрече с представителями организации «Матери Беслана», прибывшими в Цхинвал на траурные мероприятия, посвященные 15-й годовщине августовских событий 2008 года. Во встрече также приняли участие государственный советник президента Батраз Бегизов и заместитель руководителя Администрации Президента РЮО Алан Тибилов.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО