Зæгъынц, адæймаг кæм райгуырд, йæ сабийы бонтæ æмæ æвзонгад кæм арвыста, уыцы райгуырæн къуым никуы ферох кæны. Æмæ дзы кæд фæиппæрд вæййы, уæддæр æй цыдæр тых фæстæмæ йæ фыдæлты уæзæгмæ фелвасы. Алкæмæн дæр нæ ис райгуырæн зæхх. Адæймагæн гæнæн ис, æмæ æрзила æнæхъæн дунейыл, алы ран дæр æхцондзинад иса æрдзы рæсугъддзинадæй, дис кæна алыхуызон цæрæгойтыл, зайæгойтыл, æрцахуыр уа æндæр адæмты æгъдæуттæ æмæ цардыуагыл.
Вæййы афтæ дæр, æмæ баззайы цæргæйæ дард бæстæйы. Фæлæ йæ зæрдæйы, йæ арф хъуыдыты кæддæриддæр бахъахъхъæны уарзондзинад йæ райгуырæн къуыммæ. Уыцы уарзондзинад никуы ахуыссы. Ахæм æнкъарæнтæй адæймаг хайгонд у æрдзæй, дæттынц ын фидардзинад æмæ тых. Цыфæнды куы уа, уæддæр æй райгуырæн къуым райсдзæн, йæхи йыл никуы атигъ кæндзæн.
Махæн нæ райгуырæн зæхх тынг хицæн кæны æндæр бæстæтæй йæ алæмæттаг æрдзæй. Уымæн ницæимæ ис абарæн. Нæ бæрзонд хæхтæ, къæдзæхтæ, нæ хъæдтæ, быдыртæ, ихджын суадæттæ нæ сæхимæ æлвасынц. Нæ цæст сæ рæсугъддзинадæй улæфы, æхцон у адæймаджы зæрдæйæн сæ уынд. Алы адæймаджы хæс дæр у, цæмæй аудгæ ахаст дара, кæм райгуырд æмæ схъомыл, уыцы райгуырæн къуыммæ, хъахъхъæна йæ цæсты гагуыйау æмæ йын фылдæр кæна йæ хъæздыгдзинæдтæ.
О, адæймаг кæм райгуыры æмæ схъомыл вæййы, уыцы райгуырæн зæхх, кæй зæгъын хъæуы, ныййарæг мадау у адджын. Махæн дæр нæ чысыл Ирыстон у тынг зынаргъ. Йæ сæйраг горæт та у Дзæуджыхъæу. Алкæмæ дæр нæ иузæрдиондзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ куы уа, уæд уыдзыстæм тыхджындæр æмæ ныфсджындæр.
Куыд зонæм, афтæмæй раздæр Дзæуджыхъæу горæт нæ уыд, фæлæ фидар. Революцийы размæ та нымад уыд Кавказы культурондæр горæттæй иуыл. Нæ горæтимæ баст сты Пушкины, Къостайы, Булгаковы, Вахтанговы нæмттæ. Ирыстоны бынæттон цæрджытæ сты ирæттæ – рагон скифты, сæрмæтты æмæ аланты байзæддæгтæ. Фæлæ ма ам немæ хæларæй цæрынц алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр.
Азтæ кæрæдзийы куыд ивынц, афтæ нæ горæт дæр йæ хуыз аивта. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, театртæ, парктæ азæй-азмæ фылдæр кæнынц. Горæты уынгтæ ногæй арæзт кæй цæуынц, уый та нæ алкæмæн дæр хæссы æхцондзинад.
Проспекты æнусон бæлæсты бын куы фæцæйцæуай, уæд дæм афтæ фæкæсы, цыма зæронд Дзæуджыхъæуы уынгты тезгъо кæныс. Канд бынæттон цæрджытæ нæ, фæлæ ма уазджытæ дæр уарзынц ам сæ фæллад уадзын.
Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы разамынд стыр æргом здахы горæты аивдзинадмæ. Йæ сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав управлениты бæрнон кусджытæн цы хæслæвæрдтæ ратты, уыдонæн сæ сæйрагдæртæ сты горæты уынгтæй æнæзакъон рекламæ айсын, хæдæвзæргæ бырондæттæ скуынæг кæнын æмæ экологийы домæнтæ æххæст кæнын, уынгты сыгъдæгдзинадмæ бæрнондæр цæст дарын.
Куыд зонæм, афтæмæй горæты уынгты арæх ис æнæзакъон рекламæ. Кæй кæм бафæнды, уым æй аныхасы. Уый æвидауц кæны горæты уынгтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, официалон уагæй рекламæ бакæнын аслам нæу. Уый нымайгæйæ, æртæ азы размæ чи фæзынд, уыцы транспортон аив æрлæууæнты чысыл агъуыстыты къултыл бакодтой сæрмагонд бынæттæ рекламæ, хъусынгæнинæгтæ ныхасынæн. Фæлæ уæддæр æгъдаухалджытæм уый фаг нæ кæсы æмæ горæты фæлгонц сафынц, зиан хæссынц муниципалон исбонæн.
Уæдæ куыд зонæм, афтæмæй нæ горæты ис бирæ рæсугъд фæлладуадзæн бынæттæ. Уыдон та се ʼппæт дæр домынц сыгъдæгдзинад. Уалдзæджы æрбалæудимæ Дзæуджыхъæу цъæхвæлыст фесты. Горæты уынгты хæрдмæ цы бæлæстæ фæцыдысты, уыдон сыфтæр æмæ дидинæг куы ракалынц, уæд сæм адæймаг кæсынæй нæ фефсæды, сæ уындæй зæрдæ барухс вæййы.
Цъæхвæлысты управленийы кусджытæ æнцад никуы фæбадынц, фæлæ уæлдай тынгдæр сæ куыстытæ фæфылдæр вæййынц уалдзæджы æрбалæудимæ: уынгты алыхуызон дидинджытæ æмæ талатæ садзынц, æфснайынц сквертæ, улæфæн бынæттæ, цъæх зонæты мæр хæмпус кæнынц, æлвынынц декоративон къутæрты уæлдай къалиутæ.
Æрвылрайсом горæты уынгтыл разилынц быронласæн хæдтулгæтæ. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ рæтты, уæлдайдæр та тротуартæм æввахс, арæх фенæн вæййы бырæтты дзæкъултæ.
Горæты абон цас быронкалæн асыччытæ ис, уыйбæрц никуы уыд, фæлæ бирæтæ изæрыгæтты рахæссынц сæ дзæкъултæ тротуартæм, ома сæ быронласæн хæдтулгæ аласдзæн райсом. Æмæ сæ æхсæвы куыйтæ æмæ гæдытæ ныппырх кæнынц. Дыккаг бон ууылты ацæуæнтæ дæр нал вæййы. Нæ горæты цæрджытæ æмхуызонæй куы аудиккой сыгъдæгдзинадыл, уæд абон ноджы сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр уаид нæ уарзон Дзæуджыхъæу. Сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинад кæрæдзиуыл афтæ æнгом баст сты, æмæ æнæ сæ иу иннæ дæр цæсты нал фæахады. Фæстаг азты нæ горæт кæй фæсыгъдæгдæр æмæ фæрæсугъддæр, уый йæ цæрджытæ æнæуынгæ не сты. Уымæн æмæ ацы фарстайыл ныры хуызæн куыст никуыма цыд. Фæлæ уыцы хорздзинæдтæм горæты цæрджытæй алчи иухуызон цæстæй нæ кæсы, æмæ уый тынг хъыг у.
Горæты чысыл нæ сырæзт, адæймаг кæм æрбада, аууоны кæм аулæфа, ахæм бынæттæ, æмæ сыл æнæмæнг хъæуы аудын.
Алы дур, алы къутæр дæр адæймагæн зынаргъ æмæ адджын у. Мах хæсджын стæм, цæмæй кæдфæнды дæр аудгæ ахаст дарæм нæ горæтмæ, нæ райгуырæн къуыммæ, сыгъдæг æй дарæм, хъахъхъæнæм æй, уымæн æмæ райгуырдыстæм, схъомыл стæм æмæ цæрдзыстæм ацы æрдзы хъæбысы.
КЪУДУХТЫ Маринæ