Поэт, зарджытæ фыссæг, тæлмацгæнæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Цæгæраты Гигойы райгуырдыл сæххæст 100 азы
«Цæгæраты Гигойы ныхæстæ…» – цал æмæ цал хатты фехъуыстам ацы дзырдтæ радиойæ, гъе та телеуынынадæй. Йæ алы рæнхъ дæр зæрдæйы арфыл сæмбæлы, æмæ адæймаджы сисы зарæджы базыртыл. Æвæццæгæн, Ирыстоны ахæм адæймаг нæ разындзæн, поэт-зарæггæнæг Цæгæраты Гигойы ныхæстыл фыст зарджытæ ма зона. Йæ арфхъуыдыджын, аив рæнхъытæй бирæ æмдзæвгæтæ сфæлыста, цыран ирдæй æвдисы хъæбулмæ, райгуырæн уæзæгмæ йæ æгæрон уарзт. Йе ‘мдзæвгæты бындурыл цы зарджытæ æрцыдысты фыст, уыдон сты сæдæйæ фылдæр. Фыссæджы сфæлдыстадмæ куы ‘ркæсай, уæд дзы алы фæлтæр дæр йæхицæн ссардзæн, зæрдиагæй кæй бакæса, ахæм уацмыстæ, уымæн æмæ фыста куыд хистæр кары адæмæн, афтæ сывæллæттæн дæр.
Йæ къухы бафтыд æмдзæвгæты æхсæз æмбырдгонды рауадзын. Уыимæ ма куыста газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы, кодта тæлмацгæнæджы куыст дæр, суанг ма Мусса Джалилы æмдзæвгæтæ дæр иронау азæлыдысты.
Хæсты хъæбатыр, æцæг патриот æгæрон уарзтæй уарзта йæ райгуырæн бæстæ.Æвæццæгæн, райгуырæн бæстæимæ баст æмдзæвгæтæ уымæн ахсынц Гигойы сфæлдыстады уæлдай бынат. Цæгæраты Гиго фыссын райдыдта хæстæй куы сыздæхт, уæд. Уымæ гæсгæ йе ‘мдзæвгæты банкъарæн ис, куыд зæрдæбынæй уарзта йæ Фыдыбæстæ æмæ райгуырæн зæхх.
Поэты мысæн бонмæ Дзæуджыхъæуычиныгдæтты уагъд цæуынц алыхуызон мадзæлттæ.Ахæм мысæн изæр æрæджы сарæзтой фæсивæдон чиныгдоны. Мадзалмæ æрбацыдысты æхсæнадон кусджытæ, нæ республикæйы Фысджыты цæдисы уæнгтæ, Гигойы æрдхæрдтæ, мыггаджы минæвæрттæ æмæ йе сфæлдыстад уарзджытæ.
Уæдæ, зæгъæн ис, куыд нæ зарджыты, афтæ нæ ирон литературæйы хæзнадон Цæгæраты Гигойы сфæлдыстадæй дзæвгар кæй фæхъæздыгдæр ис, уый.
Цæгæрайы-фырт йæ диссаджы сфæлдыстадæй бирæ чиныгкæсджыты зæрдæтæ барухс кодта. Фыдыбæстæйы раз йæлæггæдтæ сты бирæ, уымæн æй уарзынц æмæ мысынц абон дæр. Уымæй тасæнусон кодта йæ ном.
КЪУДУХТЫМаринæ