ОБЩЕСТВО

ФЫССÆГ ÆНКЪАРЫ ЦАРДЫ ФÆЗИЛÆНТÆ…

Публицист, прозаик, адӕмон фыссӕг, Цӕгат Ирыстоны фысджыты цӕдисы сӕрдар, Хетӕгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Агънаты Гӕстӕныл сæххаст 80 азы

 

Цард цӕуы, ӕмӕ дуг йемӕ хӕссы алыгъуызон ивддзинӕдтӕ. Уыдон бандӕвтой ӕхсӕнадон иумӕйаг цардыл, адӕмы зондахастыл, культурӕйыл ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтыл. Цадӕггай адӕмӕн сӕ цымыдис къаддӕр кӕны чиныгмӕ дӕр, уӕлдайдӕр та аивадон литературӕмӕ. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй та литературӕ у царды айдӕн. Хъыгагӕн, фӕсивӕд дӕр уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй райдыдта аивадон литературӕмӕ кæсын уый мӕгуырау ӕндавы сӕ эстетикон хъомыладыл. Уымӕ гӕсгӕ нын нӕ фысджытӕ нӕ мадӕлон ӕвзагыл цы мидисджын уацмыстӕ балӕвар кӕнынц, уыдон хъӕуы кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын, цӕмӕй не ’взаг ноджы кӕна тыхджындӕр ӕмӕ аивдӕр.

 

Куыд зонӕм, афтӕмӕй та фыссӕгӕн уымӕй стырдӕр арфӕ нӕй, ӕмӕ дзы куы фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, хорз фыссӕг у, йӕ уацмыстӕ адӕмы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссардтой. Уыцы амондӕй хайджын чи фӕцис, уыдоны номхыгъдӕй сӕрбӕрзондӕй фӕлгӕсы Ирыстоны адӕмон фыссӕг, Уӕрӕсейы  фысджыты Цӕдисы уӕнг, зындгонд прозаик ӕмӕ публицист Агънаты Гӕстӕн. Уый нӕ ирон литературӕмӕ бахаста стыр ӕвӕрӕн. У нӕ зындгонддӕр ӕмӕ курдиатджындӕр фысджытӕй иу. Йӕ сисы бынӕй цы уацмыстӕ рацыдысты, уыдонӕн ирон чиныгкӕсӕг кӕны ӕгӕрон аргъ. Гӕстӕн литературӕмӕ бахаста йӕхи ӕнӕбафӕзмгӕ ӕвӕрӕн. Фылдӕр фыссы царды ӕцӕгдзинадыл, бинонты ахастдзинӕдтыл. Йӕ уацмысты ирдӕй зынынц нырыккон дунейы актуалон фарстатӕ. Уымӕ гӕсгӕ, адӕмы зӕрдӕтӕм йе сфӕлдыстад ссардта фӕндаг.

 

Йе сфӕлдыстадӕн ын чи табу кӕны, уыдонӕн та фадат фӕцис йемӕ амбӕлынӕн. Дзӕуджыхъӕуы центрон библиотекӕйы йын кад ӕмӕ радимӕ сбӕрӕг кодтой йе 80 азы юбилей.

 

Фыссӕгӕн арфӕ ракӕнынмӕ ӕрбацыдысты ирон литературӕмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи нӕ кӕсы, уыцы адӕм. Сфӕлдыстадон мадзал бацӕттӕ  кодта бынӕттон чиныгдоны бӕстӕзонӕн хайады разамонӕг Дзугаты-Мурасты Риммӕ. Ӕрбамбырд ӕм сты Фысджыты Цӕдисы, Иры Стыр ныхасы минӕвӕрттӕ, горӕты скъолаты ахуыргӕнинӕгтӕ, сфӕлдыстадон къордтӕ, йӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ йӕ бинонтӕ, стӕй йын йе сфӕлдыстадӕн стыр аргъ чи кӕны, уыдон.

 

Библиотекӕйы кусджытӕ бацӕттӕ кодтой Гӕстӕны чингуыты равдыст. Йӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ йын йе ‘мкусджытӕ дзырдтой йе сфӕлдыстады ӕмӕ йӕ царды хабӕрттыл. Бирӕ цымыдисаг темӕтыл цыди ныхас сфӕлдыстадон изӕры. Залы уыд бирӕ адӕм, фӕлӕ сӕ хъуыды уыд иу: фыссӕг ӕнкъары царды фӕзилӕнтӕ, ӕмӕ сӕ хӕццӕ кӕны чиныгкӕсӕгмӕ.

 

Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ, Цӕгат Ирыстоны адӕмон фыссӕг Агънаты Гӕстӕн ирон чиныгкӕсӕджы зӕрдӕмӕ фӕндаг ссардта йӕ фыццаг уацмыстӕй. Ӕрыгон лӕппу уӕвгӕйӕ, цард уыдта цалдӕр фӕлтӕры размӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ абон дӕр йе сфӕлдыстады ирдӕй зынынц ныры лыггӕнинаг фарстатӕ. Литературӕйы тыгъдады йӕ хъӕлӕс айзӕлд 60-ӕм азты. Дыууын фондз аздзыдӕй та рухс федта йӕ фыццаг ӕмбырдгонд «Кӕстӕр чындз». Уый фӕстӕ радзырдтӕ, уацаутӕ, романтӕ…

 

Йӕ алы уацмысы дӕр ӕргом кӕны адӕймаджы удыхъӕд. Фыццаг рӕнхъӕй фӕстаг стъӕлфы онг чиныгкӕсӕджы стыр дисы бафтауы. Хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хиуылхӕст, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг у, йӕ хъуыды комкоммӕ чи дзуры, ахӕм адӕймаг.

 

Фӕстӕдӕр куыста Цӕгат Ирыстоны телеуынынады литературон-драмон редакцийы, журнал «Ногдзау»-ы бӕрнон секретарӕй, «Мах Дуджы» сӕйраг редакторы хӕдивӕгӕй. Ирон ӕвзаг ӕрдхӕрӕны ӕвзаг кӕй у, уый тыххӕй абон дӕр тох кӕны йӕ фыссӕн сисы фӕрцы. Йӕ курдиаты цӕхӕрӕй чи райгуырд, уыдон ирон хӕзнадоны сты ӕртын чиныджы онг. Тӕлмацгонд ын сты бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм дӕр.

 

Агънаты Гӕстӕн райгуырд Хъарман-Сындзыхъӕуы. Астӕуккаг скъолайы фӕстӕ бацыд Цӕгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультетмӕ. Дыккаг курсӕй йӕм фӕсидтысты ӕфсады рӕнхъытӕм, цыппар азы службӕ кодта денджызон флоты. Уый фӕстӕ та йӕ ахуыр адарддӕр кодта Мӕскуыйы Горькийы номыл литературон институты. Каст ӕй куы фӕци, уӕд сӕздӕхт Ирыстонмӕ. Абон цы Фысджыты Цӕдисы сӕргъы ис, уый уӕнг сси 1976 азы. У бӕстӕйы Фысджыты Цӕдисы уӕнг дӕр. Агънайы-фырт дӕс азӕй фылдӕр фӕкуыста телеуынынады.

 

Фыссӕджы сӕйраг нысан у, цӕмӕй фарн, ӕгъдау ӕмӕ нӕ фыдӕлты ӕнӕмӕлгӕ намыс кӕстӕр фӕлтӕр царды бӕрзӕндтӕм хӕсса. Йӕ уацмыстӕ хаст сты астӕуккаг ӕмӕ уӕлдӕр скъолаты программӕтӕм дӕр. Уый ӕрмӕст фыссӕг нӕу, йӕ сӕйраг куыстӕй фӕстӕмӕ кӕны хъомыладон ӕмӕ ӕхсӕнадон куыст дӕр. Ахсджиаг хъуыддагыл нымайы, рӕзгӕ фӕлтӕрмӕ фыссӕджы курдиат ӕргом кӕнын.

 

Йе ‘мсис хӕлӕртты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гӕстӕн литературӕмӕ бахаста ног улӕфт. Йӕ 80 азы рындзӕй ракӕсгӕйӕ у уӕнгрог, ис ма йӕм бирӕ бӕллицтӕ, ӕмӕ йӕ къухы ӕнӕнизӕй бафтӕнт!

 

О, Агънаты Гӕстӕн фыссы царды ӕцӕгдзинадыл, бинонты ахастдзинӕдтыл, йӕ райгуырӕн Ирыстоныл, алы фӕлтӕрты удварныл. Кӕддӕр фыссӕгмӕ радтой фарста, дӕ сисы бынӕй цы уацмыстӕ рацыди, уыдонӕй дын зынаргъдӕр кӕцы у, зӕгъгӕ? Гӕстӕн загъта, алкӕмӕн дӕр дзы мӕ зӕрдӕйы ис йӕхи бынат. Алкӕцыйы дӕр дзы бавӕрдтон мӕ уды иу хай.

 

Бирӕ арфӕйы ныхӕстӕ загъд ӕрцыди уыцы изӕр фембӕлды. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ фыццаг хӕсыл нымайы сфӕлдыстады уылты чиныгкӕсӕгмӕ уды ӕмӕ зӕрдӕй сыгъдӕгдзинад фӕхӕццӕ кӕнын. Адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ йын ӕнтысгӕ дӕр кӕны.

 

Газет «Владикавказ»-ы редакцийы кусджытӕ дӕр зӕрдиаг арфӕтӕ кӕнынц Агънайы-фыртӕн, нӕ зӕрдӕ йын зӕгъы ноджы фылдӕр ӕнтыстытӕ.


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 2.11.2021 в 08:05

Хæствæлладæй систа ирон литературæйы рæзты тырыса

Поэт æмæ драматург, тæлмацгæнæг æмæ æхсæнадон кусæг,Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Плиты Грисы райгуырдыл сæххæст 108 азы

ОБЩЕСТВО 31.10.2022 в 19:17

В память о жертвах политических репрессий

Во Владикавказе у памятника «Камень слез» состоялась традиционная акция, посвященная Дню памяти жертв политических репрессий в СССР 20–50-х годов прошлого столетия. Организатор мероприятия – ассоциация пенсионеров и инвалидов – жертв политических репрессий «Номаран».

ОБЩЕСТВО 17.04.2024 в 21:33

Добрая традиция

 Отмечать вместе праздники, сохраняя тем самым свою культуру, обычаи и передавая их из поколения в поколение, – добрая традиция представителей татарской диаспоры.

ОБЩЕСТВО 18.12.2018 в 10:25

За опытом – в Ростов!

Донская государственная публичная библиотека расположена в Ростове-на-Дону. Старейшее книгохранилище юга России было основано в 1886 году.

ОБЩЕСТВО 27.11.2023 в 19:36

Единственной маме на свете

В Северной Осетии чествовали многодетных матерей

ОБЩЕСТВО 3.11.2022 в 07:01

Сделай добро!

В России два законных метода снижения популяции бездомных животных – строительство приютов и система ОСВВ (отлов – стерилизация – вакцинация – возврат). Это официальная информация. Но мы-то с вами знаем, что самый действенный и гуманный метод – это приютить четвероногого друга. Может, кто-нибудь из наших сегодняшних героев рубрики кого-то из вас покорит. По крайней мере, мы будем […]

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО