Ирон адæммæ галиу æмæ рахиз æрмæст дыууæ фарсы нæ амонынц, фæлæ сын ис уырнынады мидис дæр. Зæгъæм, хорзы тыххæй алцыдæр кæнæм рахизæрдæм: къухылхæцæг ног чындзæн йæ ныййарджыты хæдзары рахæцы йæ рахиз къухыл, Сафайы рæхысы алыварс-иу æй æртæ хатты æрзилын кодтой рахизæрдæм, йæ хыз ын хызисæг сисы, Сæрызæды хæцъил ын йæ сæры алыварс æртæ хатты рахизæрдæм куы æрзилы, уæд.
Цины хъуыддаджы Хуыцау æмæ йе сконд зæдты нæмттæ арæм кусартæн йæ рахиз базыг æмæ рахиз æртæ фæрскæй. Кувæндонмæ дæр хæссæм йæ рахиз æртæ фæрсчы, фынгыл ын йæ рахиз хъус дарæм гомæй, цæмæй амона рахиз – хорз хъуыддаг. Ног хæдзармæ уазæг йæ фысымтæм бахизы рахиз къахæй, дзабыр раздæр скæнæм рахиз къахыл, фембæлгæйæ исæм кæрæдзийы рахиз къухтæ æмæ афтæ дарддæр.
Галиу амоны фыдох, фыдæх, маст, æнæрастдзинад, фæхъæуын. Хуымæтæджы нæм нæ фæзынд дзырдтæ: галиузонд, галиудзинад, галиуад. Фыдуаг сывæллонæй дæр ма фæзæгъæм: галиу у. Схъæр ыл кæнæм, галиу ма кæн, зæгъгæ. Бæллæхы куы бахауæм, уæд фæзæгъæм: «Мæнæ мыл мæ амонд галиуæрдæм куыд разылд». Адæймаджы фæхъуыд дæр нымайæм галиудзинадыл. Уымæ гæсгæ йе ʼгъдæуттæ арæзт цæуынц галиуæрдæм. Æрзилын æй куы фæхъæуы, уæд æй зилæм галиуæрдæм, фæархайæм ууыл, цæмæй йæ чырынæн йæ галиуварс уа гом æмæ æвдиса галиудзинад. Галиуварсыл æвæрд вæййы чырыны сæр. Йæ хæрнæджы фынгыл дæр гом у кусарты галиу хъус.
Зианы фынгыл хистæрмæ æрбацæуæн уæгъд хъуамæ уа йæ галиу фарсмæ, цины фынгыл та – рахиз фарсмæ.
ЦГЪОЙТЫ Хазби