ОБЩЕСТВО

Хæстон намысы фæндæгтæ

ХЪАРМ РУХС

Цардысты æмæ уыдысты чызг æмæ лæппу. Людæ – Краснодары, Барис та – Ирыстоны, Джызæлы. Бауарзтой кæрæдзийы дыууæ рæзгæ уды. Сфæнд кодтой сæ цард баиу кæнын. Майы, дам, чындзæхсæв ничи кæны, æмæ йæ аргъæвтой июнмæ. Фæлæ сын хæст сæ хъуыддæгтæ ныссуйтæ кодта. Доййаты Барис ацыд тохы быдырмæ.

 

Писмо – уды айдæн. Йæ ныффыссæджы фæнда-ма фæнда, уæддæр дзы ирдæй разыны йæ миддуне. Хæсты рæстæг-иу æртæтигъон фыстæг цы бинонтæ райстой, уыдоныл-иу хур ракаст. Доййаты Леска дæр-иу йæ фыртæй писмо куы райста, уæд-иу хъарм рухс бакалд йæ зæрдæмæ. Цал хатты-иу æй бакаст, уал хатты-иу æй цины цæссыгтæй æрæхсадта.

 

«Уæ бонтæ хорз, Леска, Додо, Агыса! Куыд цæрут, цы ног хабæрттæ уæм ис? Салæмттæ раттут сыхæгтæн, хъæубæстæн се ‹ппæтæн дæр. Æз дæн дзæбæх, уæ зæрдæ мæм ма ‹хсайæд. Зонын, оккупацийы фæстæ цы уавæры стут, уый – мæтыхтæ уын, кæй зæгъын æй хъæуы, ницуал ныууагътой. Фæлæ тæрсгæ ма кæнут – уæ маст сæ мах райсдзыстæм. Дард нал у, нæ сæрибаруарзаг адæм фашистты куы ныппырх кæндзæн, уыцы сахат. Фæсфронт кусут хæстонтау, байтаут фылдæр мæнæу æмæ нартхор. Уымæй стыр атъаз фæуыдзыстут Сырх Æфсадæн.

 

Ууыл фæуд кæнын мæ цыбыр фыстæг. Мæ хъæбысы уæ кæнын. Барис. 26 апрель 1943 аз».

 

Советон патриотизм – уарзондзинад райгуырæн хъæумæ æмæ горæтмæ, дæ адæмы æгъдæуттæ æмæ зарджытæм, дæ фыдæлты ингæнтæм, иу дзырдæй – уарзондзинад Райгуырæнмæ. Уыцы æнкъарæнæй нæй арфæйагдæр æмæ тыхджындæр. Уый-иу сыстын кодта советон салдаты акъоппæй мæлæтхæссæг нæмгуыты ныхмæ. Мæнæ куыд фыста йæ писмотæй иуы Барис йæ гуырдзиаг хæрæфырттæ Чингарашвили Сергей, Мария, Георги, Нинæ æмæ Зинæмæ: «Мæ гыццыл хотæ æмæ æфсымæртæ, стыр бузныг уæ дæн – райстон, Ног азы фæдыл мæм цы арфæйы писмо рарвыстат, уый. Хорз ахуыр кæнут, æххуыс кæнут хистæрæтæн, гæнæн æмæ амалæй фезмæлынæй уын ницы уыдзæн. Ныййарæг мадау уарзут Райгуырæн. Фыдыбæстæ дæр зæрдæйау иу у – иæй æнæ уый цæрæн. Уымæн лæууæм мах æнæ фæцудгæ фыдгулы ныхмæ. Мах æппæты фыццаг стæм Райгуырæны фырттæ æмæ йæ сæрвæлтау дæттæм нæ цард дæр. Знагимæ тохы нын фыццаг æххуысгæнæг у æфсæддон хæлардзинад. Мемæ службæ кæнынц уырьгссæгтæ, гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ, украинæгтæ, тæтæйрæгтæ, кæсгæттæ –æмæ иууылдæр цæрæм æфсымæртау.

 

Нæ цин дæр æмæ нæ маст дæр иу сты. Зонæм æй – иууылдæр нæ фæцæрдзыстæм уæлахизы бонмæ, – уæлахиз та æнæмæнг мах уыдзæн, – фæлæ бахъахъхъæндзыстæм Фыдыбæстæ, Сæрибар. Бахъахъхъæндзыстæм уæ рухс фидæн. Æмæ сымах куы байрæзат, уæд хъуамæ цæрат æмæ уарзат, аразат цард æмæ амондджын уат мах бæсты дæр. Ахæм у нæ фæндон, дарут æй уæ зæрдыл. Уе ‹ппæтæн дæр æрвитын сырхæфсæддон  салам!»

 

Барис цалдæр хатгы фæцис уæззау цæфтæ æмæ йæм  Леска уайдзæфы хуызы фыста: «Дæхи æппындæр нæ хъахъхъæныс, мæ хъæбул. Тохы цæхæрæй-иу дæхи фæиуварс кæн».

 

Иуцасдæры фæстæ мад райста ахæм дзуапп: «Ныр цыппæрæм хатт хуыссын госпитæлы. Æмæ та куы фæсæрæн уон, уæд – фронтмæ. Æндæр гæнæн нæй. Дæ фæдзæхст, нана, мæ бон нæу сæххæст кæнын – лæджы хуызæн лæг йæ сæрмæ не ‹рхæсдзæн худинаг – тохæй йæхи тылиф кæнын. Ныббар мын! Мах хъуамæ фашизмæн йæ хурхыл бахæцæм. Стæй æз цалынмæ Рейхстаджы сæрæй ракæсон, уæдмæ мьш мæлæт нæй. Ма тыхс, нана, ницы мыл æрцæудзæн».

 

Хæст у уарзондзинады фæлварæп дæр. 1944 азы 15 январы Доййаты бинонтæ райстой писмо Краснодарæй. Людæ Тлаппа фыста: «Мæ зæрдæ тынг æхсайы Барисмæ. Зонын, йæ рахиз цонг ныппырх, уый, чи зоны йын æй лыг дæр акодтой. Фæлæ афтæмæй дæр мæн у, мæ уарзон Барис. Ныртæккæ мын ис тынг бирæ куыст, фæлæ чысыл куы фæуæгьддæр уон, уæд æм æнæмæнг ацæудзынæн госпитæлмæ. Зæрдиаг салæмттимæ уæм уæхи Людæ». Цас фæкуыдта Леска уыцы писмойыл, æхсызгон ын уыд, сæ чындзаг сæм ахæм хъарм зæрдæ кæй дары, уый.

 

Уый фæстæ ма Барисæй райстой æрмæстдæр иу писмо. «Ам ныртæккæ тынг тæвд у,фæлæ быхсынхъæуы.  Зниджы йæ хуыккоммæ фæтæрæм. Куыд сты сыхбæстæ? Куыд цæрынц Торчынтæ, Фидаратæ, Гуыдиатæ? Лæгтæй ма исчи баззад Джызæлы? Цы хабæрттæ сæ хъуысы фронтæй? Арæхдæр мæм фыссут, стæй алцæй тыххæй дæр. Писмо куы райсын, уæд цыма Ирыстоны февзæрын… Нана мын мæ разы авæрдта уæливыхтæ – сойы ленк кæнынц. Æрбадардта мæм уазал къуымæлы къус. Хъусты зæльшц йæ ныхæстæ: «Ахæр, мæ къона… Тагъд ралæудзæн уыцы рæстæг дæр. Цæй, ныр хæрзбон раут. Раст уæ цыма федтон, афтæ мын фенцондæр. Стыр салæмттæ сыхæгтæн, мæ бæсты-иу сæ уæ хъæбысы акæнут…»

 

Фæлæ нал æрæвæрдта йæ фырты раз уæливыхтæ Доййаты Леска, нал бадардта уазал къуымæлы къус йæ хъæбулмæ – хистæр лейтенант Доййаты Барис 1944 азы сентябры хъæбатырæй фæмард Литвайы. Нал бавæрдта уырыссаг чызг Людæ Тлаппа амондджын къах Доййатæм – ахуыссыд йе стъалы, хæст ын ихджын дон басæххæтт ласта йæ цины артыл.

 

Леска æмæ Людæмæ сæ уарзондæр адæймагæй баззад айдагъ æртæтигъон фыстæджытæ.

Æмæ ахæм писмотæ цæсты гагуыйау абон дæр хъахъхъæнынц бирæ хæдзæртты. Хæсты быдырæй зынджыстъæлфæнтау цы дзырдтæ стахт, уыдонæн аргъ нæй, нæй сын рохгæнæн. Уыцы æртæтигъон фыстæджытæ ма сæ тагъд-тагъд фыст дамгъæты банорстой æдзард хæстонты хъуыдытæ æмæ бæллицтæ, сæ удты хъарм. Æрмæстдæр ма сæ уыцы писмотæ баззад.

 

Айдагъ писмотæ æмæ абоны амондджын цард. Фæлæ уый чысыл нæу! Мах нæ зæрдыл дарæм Барисы фæлтæры фæдзæхст – мах абон цæрæм æмæ уарзæм, ахуыр кæнæм æмæ аразæм ног цард, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цы ссæдз милуан  адæймаджы бацарæфтыд, уыдоны бæсты дæр.

 

ХЪÆБАТЫР ХÆСТОН

 

1941–1945 азты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы тохы быдырты сæ хъæбатырдзинадæй цæстæвæрæн фесты ирон хæстонтæ. Хæсты рæстæджы ирæттæ знагимæ тох кодтой Гарзджын тыхты æфсæдты æппæт хуызты сконды дæр, хæсты уæрæх фронты хайад истой хъахъхъæнынадон æмæ размæбырсæн тохты, Берлины сæрыл кæройнаг тохы æмæ афтæ дарддæр.

 

Дзырд «ирон» кадимæ хъуыст æппæт фронтты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ раст хæстонтæй. Райгуырæн бæстæ тæссаг уавæры куы бахауд, уæд ирæттæ алы хатт дæр уыдысты фронты раззаг хæххыты.

 

Уыцы хъæбатыр хæстонтæй иу уыд Черчесты Тимофей. Уый хъæбатырæй фæмард 1945 азы уæлахизы уалдзæджы Польшæ ссæрибар кæныны рæстæджы. Æхсæг батальоны командир, майор Черчесы-фырт йæ амæлæты фæстæ æвдыст æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном райсынмæ, фæлæ…

 

Ирон хъæбатыр райгуырд 1920 азы Цæгат Ирыстоны Уæллаг Бирæгъзæнджы хъæуы Черчесты Савели æмæ Къарджиаты Надеждæйы бинонты ’хсæн. 1939 азы марты мæйы уымæ Сырх Æфсадмæ æрсидт Цæгат Ирыстоны автономон областы Дзæуджыхъæуы горæтон æфсæддон къамиссариат, кæцыйы рæнхъыты сæмбæлд Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл Советон Цæдисы ныгуылæн арæнтыл. Хæцыд Хуссар-Ныгуылæн, Цæгат-Кавказаг, 1-æм æмæ 2-æм Украинæйаг фронтты. 1941–1942 азты хайад иста хъахъхъæнынадон тохты, Кавказы сæрыл тохы, Украинæ, Чехословаки, Польшæ ссæрибар кæныны тохты. Тохты рæстæджы æртæ хатты фæцæф. 140-æм æхсæг дыууæ хатты Сырхтырысаджын дивизийы 96-æм æхсæг полчы батальоны командир, майор Черчесты Тимофей уæлдай хъæбатырдæрæй йæхи равдыста Польшæйы ссæрибаргæнæн тохты рæстæджы, Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд.

 

Хорзæхджынгæнæн сыфæй: «…1945 азы 15-æм январы Яслойы районы размæ атоныны операцийы æхсæг батальон архайдта полчы авангарды, хæцгæ-хæцын ахызт цæугæдон Вислока Бялайы сæрты. Черчесы-фырт æхсæг батальоныл командæ кодта раст æмæ арæхстджынæй. Ныхмæлæууæджы тыхджын ныхмæлæудмæ нæ кæсгæйæ, майор Черчесы-фырт сбæрæг кодта, кæцæй æхстой, уыцы бынæттæ æмæ сæрмагондæй йæхæдæг сæйраг тыхтимæ хъазуатонæй абырста знаджы ныхмæ, кæцыйы фæстиуæгæн сифтонг кодта тохы æнтыст. Уыцы тохы байстой трофейтæ: быдырон цыппар сармадзаны, хæлцадон продукттимæ дыууæ æфтауцдоны, амунициимæ (салдаты дзаумæттæ) иу æфтауцдон, 20 бæхæй фылдæр, уацары ракодтой 22 немыцаг салдаты. Ныхмæлæууæгыл æрцыд бирæ уды зиæнттæ, фесæфта дзæвгар техникæ».

 

1945 азы 16-æм январы батальон архайдта полчы авангарды, кæцыйы раз лæууыд хæслæвæрд Бечы бынат бацахсыны тыххæй. Цыппар сахатмæ ныхмæлæууæг æрæмбырд кодта стыр тыхтæ æмæ сæ ныхмæ фидарæй лæууыдысты. Гитлеронтæ æрбынат кодтой дурæй арæзт хæдзæртты æмæ сæ уырдыгæй æхстой. Афтæмæй сын размæ ацæуынæн фадат нæ лæвæрдтой. Черчесы-фырты бардзырдмæ гæсгæ 82 мм минæзгъалтæ æмæхст фæкодтой. Ацы тохы Черчесты лæппу развæдсгарджыты къордимæ фыццаг бабырста Бечы бынатмæ, кæцыйы фæстиуæгæн ныхмæлæуджытæй фæмард сты дыууæ ротæйы салдаттæ, тохы быдыры – фондз автомашинæ, æфсæнвæндаджы иу сконд, дыууæ паровозы, дыууæ æфтауцдоны ныууадзгæйæ. 1945 азы 12-æм марты Бзейы хъæуы районы ныхмæлæууæг æрæмбырд кодта ног тыхтæ æмæ танкæты æххуысæй рацыд контратакæйы. Хæстонты къорд, кæцытыл командæ кодта Черчесы-фырт, дыууæ сахаты дæргъы фидарæй хъахъхъæдта бацахсгæ арæн, знæгты тыхджын ныхмæлæудмæ нæ кæсгæйæ. Сæ хæстон æрмæджытæ куы фесты æмæ сæм ныхмæлæууæг æввахс куы æрбацыд, уæд Черчесты лæппу тохы быдырæй нæ ацыд, фæлæ, фашисттимæ къухæй тохы бацæугæйæ, хъæбатырæй фæмард. 96-æм æхсæг полчы командир, булкъон Иван Хохлов 1945 азы 21-æм мартъийы Черчесты Тимофейы бавдыста Советон Цæдисы Хъайтары ном райсынмæ. Фæлæ хæсты фæстæ 4-æм Украинæйаг фронты 38-æм æфсадыл командæгæнæг Кирилл Москаленкойы бардзырдмæ гæсгæ, 1945 азы 24-æм августы Черчесы-фырт хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны орденæй.

 

Афтæмæй, растдæр 77 азы размæ, 1945 азы 12-æм марты Польшæ ссæрибар кæныны рæстæджы хъæбатырæй фæмард æхсæг батальоны командир, майор Черчесты Тимофей Савелийы фырт. Ирон хъайтар хорзæхджын уыд фондз хæстон хорзæхтæй – Сырх Тырысайы (2 хатты), Александр Невскийы, Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны (2 хатты) ордентæй. Йæ ном ын сæнусон кодтой æрмæст Барбашовы быдыры нæ, фæлæ ма бацыд «Хъайтартæ æнæ Сыгъзæрин Стъалыты»-йы чиныгмæ дæр, цыран фыст сты не ‘мзæххонты сгуыхтдзинæдты тыххæй, кæцытæ бавдыст æрцыдысты Советон Цæдисы хъайтары ном райсынмæ, фæлæ сын «Сыгъзæрин Стъалы»-йы бæсты саккаг кодтой æндæр хорзæхтæ.

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 13.05.2023 в 08:45

Европа превращается в третий полюс?

События на территории так называемой Украины близятся к завершению. Есть предпосылки того, что мирные переговоры начнутся уже летом 2023 года. Объясню, почему я так думаю.

ОБЩЕСТВО 1.03.2022 в 10:25

Великий служитель музыки

В Детской школе искусств г. Владикавказа состоялся концерт, посвященный Дню памяти заслуженного работника культуры РФ и РСО-А, кавалера ордена Дружбы народов, первой профессиональной пианистки-осетинки с высшим образованием Заремы Лолаевой. Ее имя навсегда вошло в историю осетинской музыкальной культуры.

ОБЩЕСТВО 1.11.2023 в 18:07

Футбольный клуб «Алания» передал республике блокирующий пакет акций

Футбольный клуб «Алания» передал республике 25% +1 акцию уставного капитала – блокирующий пакет акций. Соответствующий документ был подписан Главой РСО-А Сергеем Меняйло и вице-президентом футбольного клуба Данилом Гуриевым.

ОБЩЕСТВО 12.08.2023 в 08:24

Виктор Дзарданов: благодаря труду строителей возводятся города

Владикавказ отмечает День строителя

ОБЩЕСТВО 20.10.2023 в 19:54

Доблесть и честь страны

Во Владикавказе прошел День памяти уроженцев Северной Осетии, погибших в локальных конфликтах и войнах

ОБЩЕСТВО 27.11.2023 в 19:36

Единственной маме на свете

В Северной Осетии чествовали многодетных матерей

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО