Куыд зонæм афтæмæй, фæндыр у – адæмы фарн æмæ аивады символ.
Скъоладзаутæм æвзæрын кæнынуарзондзинад æмæ цымыдисдзинад фольклормæ, фæндырæй цæгъдыны аивадмæ. «Иууыл цагъды куыфæуæм, уæддæр ацы фæндырæй чи цæгъда, уымæн ма уæд фæсæфæн. Уымæй чи цæгъда æмæ мах ном чимыса, уый уыдзæн нæхион», – дзырдтой Нартæ.
Нарты кадджыты сæрмагонд бынат ахсы Сырдон. Уый ахæм арвы хин æмæ кæлæн уыд æмæ йын Нарты æхсæнæмбал нæ уыд. Сырдоны хæцæнгарз у цыргъ æвзаг – рæстдзæвин, маргæй – йе ’дзаг, кæддæриддæр хæссы фыдбылызæмæ маст.
Бирæ алыхуызон кадджытæ æрхæццæ ис махмæ Сырдоны тыххæй, фæлæ сæ тæккæ сæйрагдæр у, «Фæндыр куыдфæзынд», уый.
Ам нын Сырдон æвдыст цæуы бынтон æндæрхуызонæй, ома йе стыр хъыгæй йæ адæмæн ахæм æвæджиауы лæварчи сарæзта, тъымы–тъымамæ йæ цоты æмæ йæхи чи сæнусон кодта, ахæм зондджын, æрхъуыдыджын, нæртонадæймагæй.
Нарты кадджытæм гæсгæ, Сырдоны фæндыр уыд дыууадæстæнон. Уый фæстæ фæзынди хъисынфæндыр, стæй та, абон цы фæндыртæ ис, ахæмтæ. Уыдон дæр сты алыхуызæттæ.
Уæдæ, куыд æмбарæм, афтæмæй фæндыр у диссаджы аивад ирон адæмæн. Бирæтæ бабæллынц, цæмæй уыцыалæмæтон уадынгæрзыл цæгъдгæйæ, уæлтæмæны базыртыл сисой, чи йæм хъусы, уыдоны.
Уымæ гæсгæ, Дзæуджыхъæуы фæсивæды республикон галуаны разамынд æмæ нæ Республикæйы фæсивæдыхъуыддæгты фæдыл комитеты æххуысæй ацыд аив дзырды дæсныты æрвылазон æркаст «Ирон фæндыр». Архайдтойдзы рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ æмæ скъоладзаутæ. Æдæппæтæй сæдæ сывæллонмæ ‘ввахс.
«Ирон фæндыр»-ы сæйраг нысан – рæзгæ фæлтæры канд аивадмæ нæ, фæлæ райгуырæн бæстæ æмæ мадæлонæвзагмæ æнувыд кæнын. Конкурсы архайджытæ бакастысты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ дæр.
КЪУДУХТЫ Маринæ