ОБЩЕСТВО

ХЕТÆГ ЗЕЛЕНЧУКÆЙ ИРЫСТОНМÆ ЦÆМÆН ЛЫГЪД?

Кадджын æмæ радджынæй та ирон адæм сбæрæг кодтой  Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон. Йæ хорзæх нæ алкæй дæр уæд. Фæлæ та Хетæджы истори, Кæсæгæй Ирыстонмæ цæмæн лыгъд, уый чидæртæ сдзырддаг кодтой. Чидæртæ зæгъай, чи ницы зоны, чингуытæ, газеттæ чи нæ кæсы, хистæрты ныхæстæм чи нæ хъусы, уыдон. Чи ницы зоны, уый та хъæрдæрæй дзуры – йæ ’нæзонындзинад хъæры бын æмбæхсынмæ хъавы, афтæмæй йæхи равдисыныл архайы.

 

Махæн, ирон адæмæн, нæхионæй хорзæн ничи æмæ ницы бæззы. Цас стырдæр лæджы, егъаудæр хъуыддаг рафауæм, уыйбæрц нæхимæ лæгдæр кæсæм. Ацы уац мыхуыргонд цæуы, Хетæджы фæлгонц дæр та кæй сдзырддаг кодтам, уый фæдыл.

 

Хетæджы къохы равзæрды тыххæй таурæгъ ирон адæмæй чи нæ зоны, ахæм зын ссарæн у. Куыд зонæм, афтæмæй йыл Къоста фыста кадæг, æмæ йын нæ фæци. Уырыссагау дæр æм ис «Хетаг», йæ сæргонды бын ын бафыста: «Кæрон кæмæн никуы уыдзæн, ахæм поэмæйы райдайæн». Йæ этнографион очерк «Особа»-йы та Хетæджы хоны йæ фыдæл. Уый фыссы: «Нары комы цæрæг Хетæгкатæ сæхи нымайынц Хъубаны цæугæдоны фале æрбалидзæг Хетæджы фыртты цотыл…»

 

Хетæг йæхæдæг, йæ байзæддæгтæ куыд дзурынц, афтæмæй уыдис кънйаз Иналы кæстæр фырт. Уыдон цардысты Хъубаны цæугæдоны æдде, йæ къабаз Стыр Зеленчукы был. Хетæг пысылмон дин куы нæ райста, уæд æм кæсæг æмæ йе ‘фсымæртæ дæр сфыдæх сты, æмæ уыйадыл ралыгъди Ирыстоны хæхбæстæм. Хетæджы хистæр æфсымæр Биаслан нымад цæуы кæсæджы кънйæзтæн сæ мыггаджы фыдæлыл, дыккаг Аслæнбег та æнæзæнæгæй баззад.

 

Хетæг Ирыстоны фыццаг хатт кæм æрбынат кодта, уыцы ран ныр дæр ма кувæндоныл нымад у. Уый у рагон стыр бæлæсты иттæг рæсугъд, бынтон иппæрд къох Куырттаты комы дымæгмæ. Рагон таурæгъ куыд зæгъы, афтæмæй Хетæджы сырдта кæсгон тыхгæнджыты бал, æмæ уæд Уастырджийы æххуысæй «Хетæджы къох» Хетæджы сидтмæ хъæдæй рахицæн æмæ йæ бааууон кодта.

 

Хетæг пысылмон дин кæй нæ райста, уый тыххæй йæм кæсгон кънйæзтæ фæхæрам сты. Фæстагмæ тæссаг уыд йæ цардæн, æмæ йæ сæр бафснайынмæ Хъубанæй ралыгъд Ирыстонмæ, зæгъы адæмон таурæгъ. Фæсте йæ карз знæгтæ кæй сырдтой, уый бæрæг у таурæгъы кульминаци — Хетæджы къохы равзæрдæй.

 

Куыд зонæм, афтæмæй ацы таурæгъы фæдыл алыхуызон хъуыдытæ æвзæры адæммæ, уымæн æмæ Хетæджы фыд Инал цы адæмыхаттæй уыд, уый бæлвырд бæрæг нæу.  Поэмæ «Хетæджы» сау фыстыты йыл бирæ фæсагъæс кодта Къоста дæр. Иналы адæмы хоны куы кæсæг, куы –алан, Хетæджы хабæрттæ кæцы историон дугимæ бабæтта, ууыл дæр, йæ къухфыстæй куыд зыны, афтæмæй уыд дызæрдыг хъуыдыты. Куы Чингис-ханы кой кæны, куы Мамайы, Хъырым-саухалы æмæ Хъырым-ханы. Поэмæйы урсфысты æрцæуы ахæм хатдзæгмæ: «алан фæтæрынц Мамайы æфсæдтæ…»

 

Уæдæ кæд Иналы адæм алантæ уыдысты, уæд ма таурæгъы кæсæджы кой цæмæн ис æмæ Хетæг алантæй Ирыстонмæ цæмæн лыгъд? Иуæй алантæ æмæ Ир иу адæм сты, иннæмæй сæ дин иу уыд. Хетæг ирон куы нæ уыдаид, æрмæст чырыстон диныл ныхас куы цæуид, уæд йæ сæр хъуамæ бафснайдтаид йе ‘мдин чырыстон адæммæ. Зæгъæм, Гуырдзыстоны, Абхазы кæнæ Хъырымы грекътæм. Уымæн æмæ таурæгъы дæр æмæ
Къостамæ дæр Хетæг ахуыр кæнынмæ уыд иу варианты Хъырымы, æмæ йæ уым чырыстон динмæ æрæмхиц кодта грекъаг моладзан, иннæ варианты та архайд цæуы Гуырдзыстоны. Стæй йæм Зеленчукы Абхазæй æввахсдæр никæцы бæстæ уыд.

 

Æвæццæгæн, растдæр уыдаид, Хетæг Хъубанæй, кæд кæсгон уыдис, уæд адыгейæгтæм  йæ ных куы сарæзтаид, уæд. Фæлæ уый равзæрста дæрддзæф Ирыстон. Уымæн æмæ ам цард йе ‘мирон адæм. Гуыргæ та ракодта, монгойлаг-тюркаг ныббырсты фæстæ кæсæджы æхсæн цы аланты къорд баззад, уыдонæй. Стыр Зеленчук абон Кæсæгмæ нал хауы, фæлæ уæд, чи зоны, хауд. Сургæ йæ кæсæг ракодтой. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй аланты зæхх Тимур гæныстон куы фæкодта, сæ чырыстон аргъуанæн дзы йæ куыст куы бамынæг, уæд нæ рагфыдæлтæн сæ иу хай йæхи бааууон кодта хæхты, иннæтæ къордгæйттæй бауазæг кодтой Кавказы иннæ адæмтæ, æмæ уыдоны æхсæн батадысты. Ферох кодтой се ‘взаг, се ‘гъдæуттæ, сæ дин аивтой,  æрмæст сæ бынтон нæ байрох сæ равзæрд. Балхъайрæгтæ æмæ хъæрæсейæгтæ аланты сæ фыдæлтæ дзæгъæлы нæ хонынц.

 

Уæдæ мæ хъуыдымæ гæсгæ афтæ: Хетæг уыд, адыгты-кæсæджы æхсæн чи баззад æмæ чи спысылмон ис, уыцы аланты къорды байзæддаг. Кæсæджы пысылмон дин куы стыхджын, уæд æй чырыстон дины, чи зоны, нæхи ариаг  дины тыххæй марынвæнд куы скодтой, уæд чырыстон дин фидардæр кæм уыд, уырдæм нæ алыгъд, фæлæ йæ сæр бафснайдта йе ‘мтуг, йе ‘мстæг адæммæ. Йе ‘мдин æмæ йе ‘мæвзаг ирон адæм хæхты кæй цæрынц, уый дæр, æвæццæгæн, зыдта йæ фыдæлтæй. Кæсгон æй чи хоны, уыдон та бынтон рæдийынц – ницы бындур ын ис, æрмæстдæр кæсæджы æхсæн кæй цард, уымæй дарддæр. Суанг йæ ном дæр у сыгъдæг ирон. 1982 азы Мæскуыйы рауагъдад «Русский Язык» джиппы рауагъта, 655 фарсы кæм ис, ахæм егъау чиныг «Справочник личных имен народов РСФСР». У æртыккаг рауагъд. Уый амоны, чиныгыл æртæ хатты кæй бакуыстой æмæ æртыккаг рауагъд кæй у æххæстдæр. Уым сæргонд «Уырыссаг нæмтты» фæстæ 27 фарсыл сты «Ирон нæмттæ». Нæлгоймæгты нæмттимæ 34 фарсыл ис ном Хетæг. Хетæгæй равзæрд Хетæгкаты мыггаг. Фæлæ ма нæм ис Хетæгатæ дæр, куырттатæгтæ.

 

Ацы чиныджы 323-æм фарсыл та райдайынц: «Имена абхазо- адыгских языков (кабардино-черкесские, адыгейские, абхазские)». Уым æнæхъæн 32 фарсыл ацы адæмты нæлгоймæгты нæмтты æхсæн нæй ном Хетæг. Æмæ ирæттæй йæ чидæртæ тыххæй кæсгон кæй кæнынц, суанг уый дæр нæ фæзынд сæ нæмтты номхыгъдыл. Уымæн æмæ сын ном Хетæг у æцæгæлон. Мах ахæм адæм стæм, æмæ цы нæ фæзонæм, уый зонæг дæр нæхи скæнæм, нæ йæ зонын зæгъыны бæсты йын йæ фæд иннæ æвзæгты, иннæ адæмтæм, æрвгæрæтты агурын райдайæм. Нæхимæ ныккæсын, нæхиуыл ныхъхъуыды кæнынмæ та зивæг кæнæм. Хетæг абоны Кæсæджы зæххæй (раздæр аланты зæхх уыд, кæсæг дзы ХIV æнусы æрцардысты) кæй лыгъд, уымæ гæсгæ нын сси кæсгон. Гамсахурдиа Гуырдзыстонæй цы ирæтты рарвыста, уыдон та гуырдзиæгтæ хонынц, Таджикистанæй цы ирæттæ æрыздæхт, уыдоны – таджикæгтæ. Нæ кафт «Хонгæ» кæсгон кафты æнгæс кæй у, уымæ гæсгæ йæ чидæртæ «Кæсгон» хонынц, «Тымбыл кафт»-ы хуызæн мæхъæлмæ кæй ис, уымæ гæсгæ уый та сси «Мæхъæлон». Суанг дзырд «кафт» дæр нæ ахуыргæндтæ кæсгон дзырд хонынц. Цымæ скифтæ та кафын куыд хуыдтой? Къах-къухтыл кафт нæм уыдонæй куы æрцыд. Æмæ уыдоны заман кæсæгæн сæ хъæр, сæ хъист дæр куы нæма цыд.

 

ЦГЪОЙТЫ Хазби


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 26.10.2023 в 08:41

Век Солтана Ужегова

«Век большого сердца» – так поэтично назвали сотрудники Национальной научной библиотеки РСО-А вечер памяти Солтана Евгеньевича Ужегова, посвященный столетию со дня его рождения. Символично, что эту знаменательную дату мы отмечаем именно в Год педагога и наставника, ведь тема наставничества – составляющая всей жизни Солтана Евгеньевича.

ГЛАВНЫЕ НОВОСТИ 22.10.2021 в 20:54

Две недели, чтобы разорвать цепь заражений

С 25 октября по 7 ноября в Северной Осетии вводятся нерабочие дни.

ОБЩЕСТВО 18.11.2023 в 08:50

ДЖЕОРГУЫБАЙЫ ХОРЗÆХ УÆ УÆД, ИРЫСТОНЫ АДÆМ!

Зынаргъ ирон адæм! Æрбалæууыд та Уастырджимæ кувæн бонты къуыри – стыр æппæтадæмон бæрæгбон, æмæ нæ алкæйы дæр йæ хорзæх уæд!

ОБЩЕСТВО 10.05.2023 в 21:00

Памяти Султана Цориева

(02.01.1945 – 09.05.2023)

ОБЩЕСТВО 27.02.2020 в 11:13

Борис Джанаев вручил награды Главы Северной Осетии

Церемония вручения наград Главы Северной Осетии состоялась в Москве в Постоянном представительстве республики.

ОБЩЕСТВО 7.03.2018 в 11:52

300 квартир для российских семей

276 квартир под ключ получили участники второго этапа Федеральной целевой программы «Жилье для российской семьи» во Владикавказе.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО