ОБЩЕСТВО

«ХУР ТА ХЪÆЛДЗÆГ ХЪАЗЫ АРВЫЛ»

Абон поэт, литературæ иртасæг, публицистикæйы критик, тæлмацгæнæг Хозиты Яковы райгуырдыл сæххæст 104 азы

 

Æртынæм азты нæ литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдоны фыццæгтæй, сæ раззагон зиууæттæй иу уыд Хозиты Яков. Уый райгуырд 8 февралы 1916 азы Зруггомы, Хозитыхъæуы. Октябры революцийы руаджы мæгуыр хæххон адæм зынвадат хохы цъассытæй ралыгъдысты быдырмæ æмæ райдыдтой амондджын цард аразын. 1921 азы Хозиты бинонтæ дæр рацыдысты быдырмæ (Яковыл цыд фондз азы). Цæрæн бынатæн равзæрстой Къардиуыхъæу (ныры Кировыхъæу). Бацыдысты колхозмæ («Хурзæрин»), куысты уыдысты раззагдæртимæ.

 

1925 азы Яков Кировыхъæуы хъæууон скъолайы къæсæрæй бахызт фыццаг къласмæ. Ам бауарзта поэзи. Æндæр нывтæ сыстадысты йæ цæстыты раз, æндæр зæлтæ ауадысты йæ хъустыл. Хъæууон сабыр изæртæ… Ноггуырд мæй. Стъалыты дзыгуыртæ æнæкæрон арвы къусы. Терчы зарæг. Быдираг рыгкалгæ фæндаг. Цъæх-цъæхид сæрвæттæ хъæугæрон. Бай­рæгты æмæ уæрыччыты чъыллиппæй хъазт. Уыцы хъæууон нывтæ Яков айста хæстæг йæ зæрдæмæ.

 

Ахуыр кодта зæрдæрайгæйæ, бацыд ногдзауты балмæ, уыдис раззагдæртимæ. Къостайы «Ирон фæндыр», æнæ чиныгмæ кæсгæйæ, зæрдывæрдæй каст хистæр кълæсты. «Ме ʼфсымæр Ногийы фæрцы, – фыста фæстæдæр Яков йæ автобиографийы, – базонгæ дæн «Ирон фæндыр»-имæ. Ноги зыдта æнæхъæн æмбырдгонд æнæ чиныгмæ кæсгæйæ, арæх-иу дзырдта Къостайы æмдзæвгæтæ. Мæнæн-иу, Ногимæ хъусгæйæ, мæ зæрдæ рухс кодта фырцинæй. Кæсын нæма зыдтон, афтæмæй Къостайы уацмыстæй цалдæр зыдтон зæрдывæрдæй. Кæсын куы базыдтон, уæд мæ къухтæй нал цух кодта «Ирон фæндыр», æхсæв дæр-иу æй бавæр­дтон мæ базы бын. Фыццаг æмдзæвгæтæ райдыдтон фыссын Къостайы фыстытæм кæсгæйæ».

 

Чысыл сывæллонæй райдыдта Яков ахуыр кæнын ирон аив дзырды тыгъдад стыр адæмон фыссæг Къостайы сфæлдыстадыл. Кировы­хъæуы скъолайы йæ æмдзæвгæтæ фыссынмæ разæнгард кодтой йæ уарзон ахуыргæнджытæ. Къулы газет уагъта, уыд йæ редактор. Ам фæзындысты йæ фыццаг фæлварæнтæ литературæйы сфæлдыстады. 

 

«Мæ фыццаг æмдзæвгæ «Уалдзæг» ныффыстон 1929 азы, скъолайы куы ахуыр кодтон, уæд. Къулы газеты куы рацыд, уæд тынг фæцыд ахуыргæнджыты æмæ ахуыргæнинæгты зæрдæмæ», – фыста Яков.

 

Хур та хъæлдзæг

Хъазы арвыл,

’Рцыдис уалдзæг,

Бæстæ дардыл

Тынг фæцъæх.

Миты ʼнкъардæй

Райхъал бæстæ,

Цъиуты зардæй

Райынц фæзтæ,

Райы зæхх…

 

Скъолайы фæстæ Яков 1930 азы бацыдис облæсты фыццаг дæнцон скъоламæ. Кæд ам æрмæст сидзæр сывæллæттæ ахуыр кодтой, уæддæр къамисы уæнгты зæрдæмæ Яков афтæ тынг фæцыд, æмæ йæ айстой.

 

Профессор Туаты Уæлгъа фыста: «Хæрз чысыл ма уыдис Яков… Арæх-иу касти æмдзæвгæтæ, куы йæхи, куы та иннæ фысджыты уацмыстæ. Ахуыр кодта тынг хорз».

 

Облæсты скъолайы фæстæ бацыд хъæууонхæдзарадон техникуммæ. Дыууæ азы фæстæ, 1932 азы йæ ахуыр раивта Цæгат Ирыстоны пединститутмæ, уымæн æмæ литературæмæ йæ уарзондзинад тыхджындæр уыд. Æвзаг æмæ литературæйы факультет æнтыстджынæй каст фæци 1936 азы. Институты царды уыд активон архайæг.

 

Йе ʼмдзæвгæтæ æрмæст институты къулы газеты нæ, фæлæ мыхуыры арæхдæр цæуын райдыдтой ирон газеттæ «Рæстдзинад», «Æрыгон большевик» æмæ журналты фæрстыл.

 

1932 азы Яков бацыд фæскомцæдисы рæнхъытæм. 1934 азы институты цы литературон къорд сæвзæрд, уымæн уыд йæ бындурæвæрджытæй иу. Йæ хорз ахуыр æмæ æхсæнады активон архайды тыххæй цалдæр хатты райста премитæ дирекци æмæ проф­комæй. Йе ʼмдзæвгæтыл фæзынди критикон фыстытæ газетты фæрстыл, скодтой сын аккаг аргъ. Дæбе йæ схуыдта «стъалы», иннæ литератортæ дæр раиртæстой, фыссæджы хъару йæм кæй ис, уый.

 

Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци Яков уæлдæр ахуырад, æмæ йæ институты дирекци арвыста ЦИНИИ-йы аспиранту­рæйы литературон хайадмæ.

 

Æрыгон поэт дисы æфтыдта, цас ын æнтыст, уымæй. Фыста ӕмдзӕвгӕтӕ, аргъæуттæ, эпиграммæтæ, уацтæ. Тæлмац кодта классикты уацмыстæ (поэзи æмæ прозæ).

 

Яков æртынæм азты ныфсджынæй фидар къахдзæф æрбакодта ирон литературæмæ курдиатджын, цардбæллон фæсивæды минæ­вæрттæ Хъамбердиаты Мысост, Хуытъинаты Цыппу, Дарчиты Дауыт, Дзугаты Георги æмæ иннæтимæ.

 

Йæ мадæлон æвзагмæ ратæлмац кодта Александр Пушкины («Мигъ», «Æрыхъал», «Хъазахъхъаг», «Эпиграммæ», «Паддзах Салтаны аргъау»), Михаил Лермонтовы («Хæхты рухс бæрзæндтæ», «Стъалы»), Лев Толстойы, Максим Горькийы, æфсымæртæ Гримм, Шолом-Алейхемы, Ш. Перро («Цырыхъджын гæды»), Фридрих Шиллеры («Фæззыгон зарæг»), Рафаэль Альбертийы, Ганс Беймлеры æмæ æндæр фысджыты уацмыстæ.

 

1937 азы Цæгат Ирыстоны паддзахадон рауагъдады рацыд Яковы чиныг «Домбайы цуан» латинаг дамгъæтæй фыстæй, 1939 азы – сывæллæттæн æмдзæвгæты æмбырдгонд «Уалдзæг», 1939 азы – «Æмдзæвгæты æмбырдгонд» ирон æвзагыл, 1957 азы – ногæй сывæллæттæн æмдзæвгæты æмбырдгонд «Домбайы цуан». 1959 азы рацыд А. Николаевы уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй Яковы æмбырдгонд «Стихи». 1966 азы рауагъдад «Ир» бацæттæ кодта Яковы æмдзæвгæтæ æмæ аргъæуттæй сывæллæттæн æмбырдгонд «Хæснаг». 1982 азы та Хъодзаты Æхсар æмæ Яковы хистæр хо Оляйы хъæппæрисæй бæстонгонддæрæй рацыдысты поэты литературон бынтæ ног чиныг «Терчы зарджытæ»-йы. Разныхас ын ныффыста Хъодзаты Æхсар.

 

О, тынг бирæ йын бантыст дыууын дыууæ азмæ. Æмæ ма ноджыдæр ирон чиныгкæсджыты зæрдæтæ барухс кодтаид йæ мидисджын сфæлдыстадæй, фæлæ…

 

1938 азы июлы аспирант-æртыккагкурсон Хозиты Яков фæдæлдон ис Терчы… Йæ бæллицтæ йæ фæсайдтой. Цы стыр нысантæ йæм уыдис, уыдонæй ницыуал рауад, кæронмæ æнæфыстæй баззадысты дæсгай æмдзæвгæтæ, уацхъуыдтæ. Цæттæ диссертаци бахъахъхъæнын дæр ын нал бантыст.

 

Хозиты Яковы ном рох никуы уыдзæн Ирыстонæй, цæрдзæн, æрдзы сатæг уддзæфæй йедзаг чи у, уыцы сфæлдыстады.

 

Æрмæг бацæттæ кодта КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 17.04.2018 в 15:04

Дорогами славы с Исса Плиевым

В последние десятилетия, с приходом в нашу жизнь демократических идеалов, а вместе с ними и вседозволенности, некоторые недоброжелатели пытаются приуменьшить

ОБЩЕСТВО 28.12.2017 в 10:18

За помощь и неравнодушие

В Левобережной префектуре Владикавказа стало доброй традицией в конце каждого года отмечать тех, кто всегда был рядом, всегда готов был протянуть руку помощи в решении социально значимых задач.

ОБЩЕСТВО 26.12.2022 в 21:18

Поздравления от друзей редакции

Союз театральных деятелей РСО-А поздравил коллектив газеты «Владикавказ» с юбилеем.

ОБЩЕСТВО 13.02.2018 в 10:03

Служу Отечеству!

«Я хоть и ношу генеральские погоны, но в душе был и оставался рядовым воином своего Отечества, служение которому является смыслом всей моей жизни».

ОБЩЕСТВО 23.03.2024 в 08:38

«Берега дружбы» объединяют народы

Представители оргкомитета Международного молодежного фестиваль-конкурса поэзии и поэтических переводов «Берега дружбы» прибыли во Владикавказ.

ОБЩЕСТВО 3.02.2023 в 18:40

Вячеслав Мильдзихов почтил память павших в битве за Сталинград

Во Владикавказе дан старт основным мероприятиям, посвященным 80-летию Сталинградской победы.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО