ОБЩЕСТВО

«Ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй»

1941 азы 22 июны немыцаг фашисттæ æрбалæбурдтой Советон Цæдисмæ, æмæ райдыдта æвирхъау хæст – Фыдыбæстæйы Стыр хæст. 1418 боны æмæ æхсæвы… Иу бон иннæмæй карздæр… Иу æхсæв иннæмæй тæссагдæр…

Хæст… Мæлæтхæссæг… Хъæбулхор… О, цал æмæ цал ныййарæджы баззад фæндаджы хъæбæрыл йæ хъæбулмæ æнхъæлмæгæсгæйæ. Цал æмæ цал æвзонг чызджы фæфыдæнхъæл кодта хæст.

Карз хæст райдыдта… Арвау ныццæлхъ кодта тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хæхты ’мæ быдырты.

Карз хæст райдыдта… Барызт фатхъæд, барызт хъæды рæсугъд æхсин, ссыбар-сыбур кодта æмæ йæхи бауагъта кокка хæрисыл.

Карз хæст райдыдта… Ныффæйлыдта дидинæгджын зад кæрдæг, ацагъта йæ рæсугъд къуырфытæй райсомы ‘ртæх, æрхуыссыд зæххыл, стæй сыстад æмæ ныгуылæнмæ акъул.

Карз хæст райдыдта… Доны сæрмæ ауыгъд фæлмы бынæй рахъуызыди хъуырдухæнгæнгæ уазал уылæн, йæхи ныццæлхъ кодта дурты цæндыл æмæ æртæхгай баиу иннæ уылæнтимæ.

Хæрзбон, æнцойдзинад, хæрзбон!

Мæлæтон дымгæ сæдæ ’взагæй ныхситт кодта, атахти быдырты, стыдта фурды уылæнты сæ урс бæрцытæй æмæ сæ ныццæлхъ кодта айнæджы фидар ныхыл. Хæрз-бо-он!

Сау мигътæ æрбацæуынц, сау мигътæ æрбассæндынц ныгуылæнæй… Гъей, уардзæн тагъд… Туджы къæвда ныууардзæн тагъд!.. Фидар лæуут, сæрибаруарзджытæ, мачи фæтæрсæд!

Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы…Мачи фæтæрсæд!

Уæд æнафоны цыдысты хæстмæ,

Бæстæ уыд фæлладхуыз æмæ тар.

Мад йæ фыртæн тыргъы раз фæдзæхста:

– Ма ныууадз дзæгъæл дæ фыды кард!

              Уый дын тохæй рарвыста лæварæн,

              Рызт йæ уæлæ хъарм туджы æртах.

              Æз дæуыл, мæ хур, мæ зæрдæ дарын,

              Ды уæлахизæй кæй раздæхдзынæ тагъд.

Хæст… Фыдыбæстæйы Стыр уд­хæс­сæг хæст. Йæ коймæ дæр баризы адæймаджы зæрдæ. Цал æмæ цал хæдзармæ æрхаста фыдбылыз, æнамонддзинад? Цыппар азы дæргъы советон адæм фæцыдысты хæстон фæндæгтыл. Уымæн æмæ зæрдæйæ уарзтой, æцæгæй аргъ кодтой се стыр Фыдыбæстæйæн. Райгуырæн къæсы раз иу уыд сæ хæс – цыфыддæр знаг хъуамæ ссæст æрцæуа. Цагъары бæсты – мæлæт!

Æмæ иннæ адæмты æмрæнхъ æрлæууыдысты ирон адæм дæр. Уæндонæй ныззарыдысты тохы зарæг. Нæ бæстæйы иннæ адæмтимæ иумæ уæхски-уæхск тох кодтой цыфыддæр знаджы – фашистон Германы æфсады ныхмæ. Ирыстоны минæвæрттæ уыцы хæсты сæхи куыд хъæбатырæй равдыстой, ууыл дзурæг сты ацы нымæцтæ æмæ бæрæггæнæнтæ: нæ чысыл зæххы алы цыппæрæм цæрæг дæр фæмард Фыдыбæстæйы сæраппонд карз хæсты.

Гитлеры балбирæгътæ æнхъæл уыдысты, æмæ Советон Уæрæсе дыууæ мæймæ дæрæнгонд æрцæудзæн. Фæлæ сæхи бæрзæйыл бавзæрстой Советон адæмы тых æмæ хъару. Советон адæм æмæ йæ Сырх Æфсад хъæддыхæй-хъæддыхдæр кодтой, карз хæстыты æхсыстысты. Советон Цæдисы иннæ адæмтимæ иумæ ирон адæм дæр сæ тых, сæ хъаруйыл нæ бацауæрстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты.

Адæймагмæ сæрыстырдзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ гуы­рын кæ­нынц, Петр Павленкойы уыцы фыд­æв­зарæнты рæстæг загъд ныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй». Мæнæ куыд фыста газет «Правда» та мин фарастсæдæ цыппор цыппæрæм азы æстæм июны: «Сыны осетинского народа в борьбе с гитлеровскими захватчиками показали образцы героизма и мужества».

Фæлæ куыдфæнды ма уæнт, кæддæр кæрон æрцыд уыцы æвирхъау сау бонтæн. Ирыстоны хæстонтæй, йæ хъул сахъ кæмæн абадт, уыдон æрыздæхтысты хæстæфхæрдæй, фæлæ уæлахиздзауæй. Сæ фæллад нæма суагътой, афтæ та ныллæууыдысты ног цард, сабыр дуг аразыныл. Сæ фæстиуджытæ адæмæй нæ уыдысты æмæ не сты рох. Уыцы куырыхон хистæрты рæнхъы сæрбæрзондæй фæлгæсынц нæ Хъæбатыр ветерантæ. Кæд сыл азтæ сæ уæз æруагътой, сæ хæстон хъæдгæмттæ сæхион кæнынц, уæддæр дзы бирæтæн нæ мынæг кæны сæ патриотон куыст фæсивæды ’хсæн. Цæгат Ирыстоны ахæм скъола нæ разындзæн сæ хæстон фæндæгты тыххæй кæм нæ ракодтой. Бирæтæ дзы царæфтыд баисты – сæ рæсугъд бæллицтæ ахастой семæ. Иннæтæ тохвæлладæй æрыздæхтысты сæ фыдыуæзæгмæ. Куыстой æмæ кусынц нæ адæмы удварнæн.

Уыдон цыдысты хæсты цæхæрмæ – бирæтæ бархи, барвæндонæй. Цыдысты æрцу æмæ ма рцуйы фæндагыл. Уыдон сæ цард æмæ курдиат нывондæн æрхастой Фыдыбæстæ, Сæрибар æмæ Намысæн.

Йæ цæфтæн хохау фидар чи уыди, йæ рыстыл цæстысыг чи никуы æркалдта, уыцы салдат куыдта йæ уæлахизы цинæй. Куыдтой нæ бæстæйы адæмты минæвæрттæ сæ иумæйаг Уæлахизы цинæй, хæлардзинад, æфсымæрдзинад кæй фæуæлахиз, уый цинæй.

Уæлахиздзаутæ… Ирвæзынгæнджы­тæ… Мæ­лæ­тæй… Цагъары къæлæтæй… Æнусты худинагæй… Афтæ хуыдтой Советон адæмы уыцы бонты æппæт дунейы дзыллæтæ. Уæ кад мыггагмæ баззайдзæн цæргæйæ.

Цал милуан мадæлты зæрдæтæ рыстысты! Цал милуан мадæлты зæрдæтæ тыхстысты! Цал милуан мадæлтæ калдтой цæссыг?

Цал чызджы æвзонгæй баззадысты куырдуаты. Цал милуан цæссыджы  уадысты уадултыл!

Хæст фæцис. Æрцыд Уæлахиз, дзыллæтæ тохы уæззау азты кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Уæлахиз. Кæрон нал уыдис адæмы цинæн!

 

Плиты Грисы æмдзæвгæ:

Банцад хæст. Ныссабыр и йæ хъæр…

Ферох ысты хъæубæстæй сæ ристæ…

Уарзон чызджы ракуырдта æндæр,

Буц хотæ ызнон сæ саутæ систой.

             Фæлæ мад, ныййарæг мад, уæддæр

             Не ’ууæнды йæ хъæбулы мæлæтыл,

             Не ’ууæнды уый писырты гæххæттыл,

             Не ’ууæнды, кæй банцад тохы хъæр.

Бирæ ’хсæвты не ’рцъынд кæны цæст,

Иу бон дæр æнæ кæугæ нæ фæци.

А дунейыл раджы банцад хæст,

Фæлæ мадæн хæст нырма нæ фæци…

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 31.05.2024 в 18:34

С юбилеем, любимый руководитель!

Поздравляем Людмилу Романовну Черткоеву, заведующую МБДОУ №65, с юбилеем!

ОБЩЕСТВО 10.01.2023 в 10:00

Бынаты хицауы æхсæв

Бынаты хицау, Бындур – бынаты (хæдзары) бардуаг. Ирон адæмы уырнындзинæдтæм гæсгæ цæры къæбицы, æвдисынц æй ссырджын фыдуынд зæронд усы хуызы.  Фæлæ  йæ бон у æндæр хуызы февзæрын дæр, зæгъæм, лæппуйы, урс уæрыччы æмæ æндæр истæй хуызы.

ОБЩЕСТВО 12.03.2024 в 08:36

Дорога номер один

Столько лет мы прожили без войны.

ОБЩЕСТВО 28.10.2021 в 08:07

«Саакашвили в Грузии обвиняют не в том, что он начал войну в Южной Осетии, а в том, что не смог ее выиграть»

Политик, политолог и эксперт, лидер югоосетинской партии «Фыдыбæстæ» Вячеслав Гобозов рассказал

ОБЩЕСТВО 6.10.2022 в 07:00

«От наследия предков к памяти потомков»

Врио главы МО г. Владикавказ Зита Салбиева приняла участие в посадке секвой. Мероприятие проходило в городском дендрарии при поддержке и участии Комитета РСО-А по туризму.

ОБЩЕСТВО 1.03.2022 в 10:25

Великий служитель музыки

В Детской школе искусств г. Владикавказа состоялся концерт, посвященный Дню памяти заслуженного работника культуры РФ и РСО-А, кавалера ордена Дружбы народов, первой профессиональной пианистки-осетинки с высшим образованием Заремы Лолаевой. Ее имя навсегда вошло в историю осетинской музыкальной культуры.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВОПамять