86 азы сæххæст ис РЦИ-Аланийы адæмон поэт, прозаик, тæлмацгæнæг, публицист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Балинта Балашшийы номыл æппæтадæмон премийы лауреат, Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг – ДЗАСОХТЫ МУЗАФЕРЫЛ!
Дыууын æртæаздзыдæй кусын райдыдта газет «Рæстдзинад»-ы. Уыди газет «Молодой коммунист»-ы сæйраг редактор, партийы Цæгат Ирыстоны обкомы инструктор, телеуынынад æмæ радиохъусынадон комитеты сæрдары хæдивæг, сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор, ныртæккæ та у йæ хæдивæг.
Ирд уацмыстæ ныффыссын бафтыд Музаферы къухы. Ирон литературæ фæхъæздыгдæр кодта «Фыды фарн», «Ракæндзынæн дын мæ зарæг», «Арсы уазджытæ», «Уалдзыгон стъалытæ», «Зæххы уæз», «Урсдоны былыл – Бæрæгьуын, «Бехъаны мугæ», «Иры дзыхъхъ», «Зæрватыкджын бæстæ», «Иры лæвар – сусæг хæс», «Менджы сой», «Мысыры сыджыт» æмæ бирæ æндæр чингуытæй.
Дзасохы-фырт сывæллæтты зæрдæтæ барухс кодта йæ радзырдтæ, æмдзæвгæтæ æмæ аргъæуттæй. Дæсны у тæлмац кæнынмæ дæр. Ирон æвзагмæ раивта уырыссаг æмæ фæсарæйнаг номдзыд фысджыты уацмыстæ. Се ‘ппæт дæр ын тæлмацгонд æрцыдысты бæрзонд æмвæзадыл, фæлæ йын уæлдай раппæлинагдæр сты Омар Хайамы цыппаррæнхъонтæ æмæ Уильям Шекспиры сонеттæ.
Музафер æрмæст Ирыстоны нæу зындгонд, фæлæ ма бирæ бæстæты дæр. Йæ уацмыстæ йын сæхи ‘взæгтыл кæсынц уырыссæгтæ, украинæгтæ, белоруссæгтæ, цæцæйнæгтæ, хъалмыхъхъæгтæ, кæсгæттæ, абхазæгтæ, венгрийæгтæ, болгайрæгтæ, монгойлæгтæ, индийæгтæ æмæ бирæ æндæр адæмтæ.
Дзырд дæр ыл нæй, йæ цæхæркалгæ курдиаты фæрцы Музафер ирон адæмы фæхæстæгдæр кодта иннæ адæмтæм, равдыста сын, ирон фарны мæсыг фидар кæй у, уый.
Бирæ уацмыстæ ныффыссын ма дын бантысæд, Музафер! Дæ бæллицтæ иууылдæр дæ къухы бафтæнт! Фыццаджыдæр та у æнæниз æмæ
зæрдæрухс!