КУЛЬТУРА

Ирон «æртæ» æмæ æртæнысанон теори

Ирон адæммæ цы табуйаг нымæцтæ ис, уыдонæй сæйрагдæртыл нымайæм «æртæ» æмæ «авд». Уыцы дыууæ табуйаг нымæцæй ирон адæммæ ахадгæдæр уыдис æмæ у «авд», æвæццæгæн, дзуæрттимæ баст кæй у, нæхи фыдæлтыккон монон культурæимæ æнгомдæр кæй у, уымæ гæсгæ.

Дыууынæм æнусы зонады Жорж Дюмезиль у, æмбал кæмæн нæй, ахæм диссаджы фæзынд. Нæ уыдис æндæр ахæм ахуыргонд, уыйау æмхуызон арф чи зыдта ромаг пантеоны структурæ дæр æмæ убыхаг æвзаджы мивдисджыты ифтындзæджы лыстæг хицæндзинæдтæ дæр. Нырыккон ахуыргæндты бон нæма y сæ зонадон авналæнты уыйбæрц æгæрон зонындзинæдтыл аххæссын.

Фæлæ уæддæр, Дюмезилы ном дзургæйæ, нæ сæры фыццаджыдæр цы хъуыды фегуыры, уый вæййы индоевропæйаг адæмты – ромæгты, скандинавæгты, ирайнæгты, индоариты – царды æртæнысанон теорийы тыххæй. Алы бындурон зонадон æцæгдзинад дæр куыд вæййы, афтæ бынтон хуымæтæг y Дюмезилы хъуыды дæр. Незамантæй фæстæмæ индоевропæйаг адæмтæм бæрæг дарынц царды æртæ нысаниуæджы: дины (табу кæныны) хæстон æмæ хæдзарадон (зæхкусджытæ æмæ æрмдæснытæ). Ахæм æртæ хайыл дих цардыуаг йæ фæд ныууагъта зондахасты дæр, бæлвырддæр та уыцы адæмты дин æмæ мифологийы.

Дюмезилы æртæнысанон теорийы бирæвæрсыг тых уый мидæг ис, æмæ абстрактон æрхъуыдыдзинæдтыл арæзт кæй нæу. Уый райгуырдис царды социалон æцæгдзинæдтæ лæмбынæг рафæлхатыны руаджы. Уымæ гæсгæ йын кæддæриддæр фидар бынат уыдзæн канд индоевропæйаг нæ, фæлæ индоевропæйаг чи нæу, уыцы адæмты кадджыты дины системæты, мифты, таурæгъты дæр.

 

ЛÆВÆРТТЫ МОТИВ

Ацы мотивыл арæх сæмбæлæн ис мифты æмæ фольклоры. Ныхас дзы фæцæуы, хуыцæуттæ адæмæн цы лæвæрттæ ракæнынц, уыдоны тыххæй, иуæй-иу хатт та хъæбатыртæ – кæрæдзийæн. Уыцы лæвæртты хуызты бæлвырдæй зынынц æртæ нысаниуæджы: дины (магион), хæстон æмæ хæдзарадон.

Авестæйы диссаджы нозтæн ис Хуыцауы нысаниуæг æмæ лæвар кæны: хъæбатыртæн сæ хæстон уæрдæттыл – тых æмæ хъару (2-аг нысаниуæг); сылгоймæгтæн – бирæ æмæ диссаджы хорз цот (3-аг нысаниуæг); кувыны тексттæ кæсджытæн – сусæгты хъуыды æргом кæнын æмæ уæлтæмæн (1-аг, дæсны фæрсыны æмæ уæларвон тыхты руаджы дзæбæх кæныны («шаманты») функци).

 

ЛÆВÆРТТÆ-СИМВОЛТÆ

Классикон дæнцæг – хуыцæуттæ скифтæн балæвар кодтой сызгъæрин гутон æмæ æфсондз, сызгъæрин цирхъ, сызгъæрин кæхц. Ацы сюжетыл Дюмезиль бакуыста тынг биноныгæй. Сюжеты символтæ æнцонæмбарæн сты, гутон æмæ æфсондз амонынц æртыккаг – хæдзарадон нысаниуæг, цирхъ – дыккаг (хæстон), кæхц – фыццаг, (дины нысаниуæг).

Гермайнаг мифологийы ис ахæм хабар: хъæды æхсинтæ хъæбатырæн лæвар кæнынц æртæ дзаумайы – къухдарæн, æхсаргард æмæ гуыдын. Гуыдын æмæ æхсаргарды нысаниуæг æмбæрстгонд у. Къухдарæнæн та ис магион нысаниуæг æмæ, дызæрдыггаг нæу, фыццаг нысаниуæгхæссæг дзаума кæй у.

 

ИРОН «ÆРТÆ» ÆМÆ ÆРТÆНЫСАНОН ТЕОРИ

Геродот куыд дзуры, афтæмæй персаг паддзах Ксеркс Грекы ныхмæ стæры рацæуыны агъоммæ Геллеспонты донкъубалæгыл хизгæйæ куывд куы фæцис, уæд доны ныппæрста кæхц, сызгъæрин дурын æмæ персаг цирхъ. Ам дурын æвдисы хъæздыгдзинад (3-аг нысаниуæг), цирхъ амоны дыккаг нысаниуæг, кæхц та, æндæр рæтты куыд вæййы, афтæ – кувæн мигæнæн. Афтæ Ксерксы лæвæрттæ Геллеспонтæн æнцонæй сæ бынат ахсынц æртæнысанон схемæйы.

 

ÆРТÆ ÆФСЫМÆРЫ – ÆРТÆ НЫСАНИУÆДЖЫ

Этногенетикон кадджыты, аргъæутты, мифологийы арæх æртæ хъæбатыры вæййынц æфсымæртæ. Уым диссагæй ницы ис. Бирæадæмыхæттытæ нымæц «æртæ» нымайынц табуйагыл. Цымыдисаг уый у, æмæ æртæ æфсымæрæй алкæмæн дæр цы миниуджытæ лæвæрд фæцæуы, уым тынг æргомæй фæзынынц æртæ нысаниуæджы хицæндзинæдтæ. Дюмезиль тынг ирдæй равдыста уый скифаг, индийаг æмæ рагон ирайнаг æрмæгæй. Сæ иу – дзуарылæг, иннæ – хæстон, æртыккаг – хæдзарадон кусæг. Уыцы темæйыл ма фембæлæн ис ирон адæмы мыггæгты тыххæй фыдæлтыккон таурæгъты дæр. Хуссар Ирыстоны фыст чи æрцыд, иу ахæм таурæгъмæ гæсгæ ирон адæмы рагфыдæлтæ уыдысты æртæ æфсымæры: Sidæmon, Qusæg æмæ Æghuza. Бирæ куы фæцардысты, уæд фæстагмæ сæ зæрды æрæфтыди байуарын. Уаринаг та сын уыдис æртæ дзаумайы: сыгъзæрин цирхъ, сызгъæрин хъуымац æмæ сызгъæрин пурти. Хъуымац æрхауд Сидæмонмæ. Æгъуызмæ æрхауд цирхъ, пурти – Хъусæгмæ. Хъуымац цас даргъ уыд, уыйас рапарахат, рабирæ Сидæмоны мыггаг. Æгъуызмæ æрхаудта цирхъ æмæ хæстон намыс баззад йæ фæстагæттæн. Пурти фæцис Хъусæджы хай, æмæ йæ байзæддаг цардысты кад æмæ радæй.

Æнгæс кадджытæ ссарæм канд индоевропæйаг дунейы нæ, фæлæ дарддæр дæр, зæгъæм, тюркаг адæмыхæттытæм. Иу казахаг кадæгмæ гæсгæ казахаг адæм рацыдысты æртæ æфсымæрæй: Адай, Аргхын æмæ Усунæй. Адайæн хуыцæуттæ ралæвар кодтой фат, Аргхынæн – фыссынад, Усунæн фыййауы лæдзæг. Уымæ гæсгæ Адайæ чи рацыд, уыдоны цард æнгом баст æрцыди хæстон стæртимæ, Аргхыны фæдонтæн баззад ахуырад, Усуны байзæддагæн та – фыййау цæуын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ «фыст», «ахуырад» кæй сты баст фыццаг нысаниуæгимæ, уымæн æмæ ныхас хуымæтæджы ахуырадыл нæ цæуы, фæлæ «кувæн» текстты сусæгдзинад æргом кæныныл. Сербаг эпосы кæлæнгæнæг Крабат бардзырд радта, цæмæй диссæгты чиныг денджызы баппарой. Уырдыгæй зыны фыццаг нысаниуæджы мотив. Къарол Артур æмæ ирон кадджыты хъæбатыр Батрадз та зæгъынц, цæмæй денджызы баппарой цирхъ. Ай та дыккаг нысаниуæджы мотив у.

 

ÆРТÆНЫСАНОН ÆУУÆЛТÆ СЛАВЯЙНАГ МИФОЛОГИ ÆМÆ ЭПОСЫ

Славянтæн сæ мифологийы куыд у, афтæ сæ эпосы дæр бæрæг дары æртæнысанон теори. Рагон славяйнаг хуыцæуттæ Перун æмæ Велес бæлвырд хæссынц дыккаг æмæ æртыккаг нысаниуджытæ. Перун тæссаг Хуыцау y – хæсты бардуаг, Велес – фосыл аудæг Хуыцау.

Бæстæмæ æртхъирæнгæнæг æртæ бæллæхы. Персы паддзах Дарий I (нæ дуджы агъоммæ 521— 486-æм азты) йæ фыстытæй иуы кувы Аурамаздæмæ: «Аурамаздæ уадз ацы бæстæ бахиза знагæй, æвзæр тыллæгæй (фыдазæй), сайдæй; а-бæстæм знаджы æфсад куыд не ’рбабырса, фыдазæй хызт куыд уа, сайд дзы куыд нæ уа, уыцы хорзæх курын Аурамаздæйæ».

Æнцонæй зыны, Дарий Аурамаздæмæ кувгæйæ йæ бæстæ цы æртæ бæллæхæй бахизын куры, уыдон кæй сты æртæ социалон нысаниуæджы æнгæс: хæстон (знаджы æфсад), хæдзарадон («æвзæр тыллæг»), динон («сайд»).

Æрмæг бацæттæ кодта КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

КУЛЬТУРА 18.11.2023 в 08:41

«Вечерний Владикавказ»

Под таким названием в Республиканском доме дружбы народов стартовал цикл культурно-просветительских мероприятий.

КУЛЬТУРА 14.12.2023 в 08:26

УÆНГТЫ АИВ АЙСТÆЙ, КУРДИАТЫ ЦÆХÆРÆЙ ÆМÆ ЗÆРДÆЙЫ АХАСТÆЙ БУЦ КÆНЫНЦ АДÆМЫ

«Симд»-ыл — 85 азы

КУЛЬТУРА 17.05.2023 в 20:46

Браво, осетинский хор!

В третий раз в Москве в рамках XXII Пасхального фестиваля, завершившего свою работу 9 мая, выступал хор национальной песни филиала Мариинского театра в РСО-А (Владикавказ).

КУЛЬТУРА 15.04.2023 в 08:28

Только путь души…

Искренне, сердечно поздравляя уважаемых православных со светлым праздником Пасхи, хочу подарить им, да и всем читателям свое стихотворение, написанное не за столом перед чистым листом бумаги, а то, что родилось непосредственно там, где отображенное в нем событие происходило.

КУЛЬТУРА 18.09.2021 в 08:01

«Мир отстояли, мир сохранили»

16 сентября в муниципальной Нотно-музыкальной библиотеке открылась персональная выставка художника Жоржа Гасинова «Мир отстояли, мир сохранили».

КУЛЬТУРА 24.03.2023 в 19:19

«Поэзия – задание небес»

21 марта, во Всемирный день поэзии, в Северо-Осетинской республиканской юношеской библиотеке им. Гайто Газданова состоялся поэтический вечер лауреата Государственной премии им. Мисоста Камбердиева Заурбека Габолаева. На встречу с поэтом пришли студенты Государственного горского аграрного университета (ГГАУ) и швейного лицея №4.

Все новости из категории: КУЛЬТУРА