КУЛЬТУРА

Ирон зарæг иры дзыллæйыл æнустæм хъуысæд!

Бирæвæрсон у ирон зарæг. Нæ рагфыдæлты зарджытæ стæмæй фæстæмæ амад сты хъæбатырдзинады бындурыл. Адæймаджы кад æмæ ном бæрзонд чи хаста, йæ лæгдзинады кой иу адæмтыл кæмæн айхъуыст, уыдон-иу систы зарæджы хъæбатыртæ. Ноджыдæр ма зонæм райгуырæн зæххыл, ныййарæг мадыл фыст зарджытæ, æфсымæрдзинад, хæлардзинадыл, æхсар æмæ лæгдзинадыл, уарзондзинадыл фыст зарджытæ.

Зарæгæн стыр кад уыдис нæ рагон фыдæлтæм дæр. Уый афтæ куы нæ уыдаид, уæд цæмæй зыдтаиккам, Нартмæ диссаджы зарæггæнæг æмæ уадындзыл цæгъдæг Ацæмæз кæй уыдис, уый.

Бирæ хъæбатырты нæмттæ æнусон систы Фыдыбстæйы Стыр хæсты æмæ сыл адæм зарджытæ скодтой: Плиты Иссæйыл, Цæлыккаты Хъантемырыл, Гагкайты Алиханыл, Гæздæнты æфсымæртыл æмæ афтæ дарддæр. Абон дæр уыцы зарджытыл хъомыл кæнынц нæ фæсивæды хуыздæртæ. 1992 азы Ирыстон тæссаг уавæры куы бахаудта, уæд та нæ фæсивæды хуыздæртæ знаджы ныхмæ æрлæууыдысты æмæ йын ныхкъуырд радтой. Уыцы фæсивæдæй чи фæмард, уыдонæй бирæтыл скодтой зарджытæ. Ирыстоны хъæбатыртæ канд хæсты нæ уыди, фæлæ нæ æрвылбоны царды дæр.

Зарæг у, аивады фарн тыхджынæй æвдыст кæм фæцæуы, ахæм æгæрон тых. Рæсугъд æмæ зæрдæскъæфгæ зарæг бахъары алкæй зæрдæмæ, асуры йын йæ фæллад, радты йын цин, амонд æмæ уæнгрогдзинад. Æмæ йын æнустæм табу кæнæм, уымæн æмæ свæййы нæ царды æмбæлццон, нæ цинты цин.

Ирон зарæгæн, ирон аивадæн йæ цард æгасæй дæр снывонд кодта зындгонд, адæмæн уарзон зарæггæнæг, Хуссар Ирыстоны адæмон артист, «Сыгъзæрин микрофон – 2008»-ы хицау, республикон фестивалты «Песня года – 2007, 2008»-ы лауреат ГУЦАТЫ Нодар.

 

Хуссар Ирыстоны райдзастдæр æмæ рæсугъддæр хъæутæй иу у Дзукъатыхъæу. Ам райгуырд, бынæттон скъолайы ма ахуыр кодта, афтæ рабæрæг йæ курдиат. Абон дæр стыр æхсызгонæй æрымысы, фыццаг хатт, фондзаздзыдæй, аивады фæндагыл куыд æрлæууыд, уæд сценæйæ райхъуыст йæ зæлланг хъæлæс æмæ йыл абоны онг йæ зæрдæ нæ ивы. Канд зарыны рдæм нæ фæцалх Нодар, фæлæ ма иттæг  цæгъды гитарайыл, дала фæндырыл, фортепианойыл, балалайкæйыл. Скъола каст куы фæцис, уæд йæ ных сарæзта Иркутскы горæты сфæлдыстадон институтмæ хореографийы хайадмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, алцæмæ æвзыгъд лæппу йæхи цæвиттонæй кæй равдисдзæн, ууыл гуырысхо дæр ничи кодта.

Йæ ахуыр кæронмæ куы ахæццæ кодта, уæд фæстæмæ æрыздæхт йæ райгуырæн уæзæг – Хуссар Ирыстонмæ. Иу ахæмы йæ йæ хо акодта сæхимæ Гуырдзыстонмæ. Ам Нодары æхцон æмæ зæрдæскъæфæн зарæг бахъардта аивадуарзджыты зæрдæмæ. Райдыдта кусын бынæттон филармонийы. «Уæды рæстæджы Тбилисийы филармони æгас дунейыл нымад уыд иууыл ахадгæдæрыл. Гастролон балцыты зылдыстæм канд нæ бæстæйы горæттыл нæ, фæлæ ма ныл æрвылхатт дæр стыр къухæмдзæгъдимæ æмбæлдысты фæсарæнты», – зæгъы Гуцайы-фырт.

Йе сфæлдыстадæн ын аргъ кæнын райдыдтой ирон зарæгмæ чи хъусы, уыдон. Афтæмæй уарди дидинæгау райхæлд йæ музыкалон курдиат. Йæ зæлланг хъæлæсæн, йæ зарджытæн ын аргъ чи кæны, уыдон бонæй-бонмæ кæнынц фылдæр. Уый хыгъд, нæ ауæрды йæ хъарутыл, агуры ног фæндæгтæ аивадмæ, йæ диссаджы уды зæрдæскъæфæн миниуджытæй  базырджын кæны адæмы, дæтты сын сæ зæрдæтæн æхцондзинад æмæ æгæрон ныфс, цин æмæ уæнгрогдзинад.

О, адæймаг йæхæдæг у йæ хъысмæтæн тæрхонгæнæг, кадгæнæг æмæ ацы хъуыддаг иттæг хорз æмбары Гуцаты Нодар. Йæ рагбонтæй фæстæмæ амайы йæ кады мæсыг, хизы иу къæпхæнæй иннæмæ аивады асинтыл. У сæрыстыр йæ адæмы раз, уымæн æмæ сын лæггад кæны рæсугъдæй, удуæлдайæ, йæ зарджытæй сын суры сæ рыст, сæ фæлмæстдзинад.

Уый йæхицæн стыр хæсыл нымайы ирон культурæйы рæзтыл алы ран дæр зæрдиагæй архайын. Иудадзыг дæр тырны адæмы ’хсæнмæ, æвзæрын сæм кæны сфæлдыстадон куыстмæ тырнындзинад. Кæд ныртæккæ бирæ адæмы культурон царды фæрæзтæ нал æндавынц, уæддæр Нодары куысты цæхæр мынæгдæр нæ кæны. Уый та æнцонтæй нæу.

Хæдзары уа, уынджы, æхсæнадон бынаты – нæ бафиппайдзынæ Нодары ныхасы æндæр æвзагæй æрбайсгæ дзырд. Нæ диссаджы хъæздыг æмæ рæсугъд ирон дзырдтæ афтæ аивæй фæзæгъы, æмæ йæм хъус.

Ирон культурæйы æмæ аивады сыгъдæг арвыл цæхæртæ калы йе ’рттивгæ стъалы. Уый æнцойдзинад æмæ ныфс дæтты ныры æмæ фидæны фæлтæртæн, сфæлдыстадон царды арфæйы хъуыддæгтæ аразыныл кæй æфтауы, уыцы фæсивæдæн. Йæ зарджытæ йæхийау сты зæрдæхæлар æмæ рæсугъд. Æмæ сыгъдæг зарæг та зæрдæйы уидæгтæм хъары. Ахæм у йæ аивады сæйраг ратæдзæн Нодарæн. Цæмæй адæмы зæрдæты арф æрбынат кæной, цæмæй сæм иухатт чи байхъуса, уыдонмæ æвзæрын кæной уарзондзинады æнкъарæнтæ: Фыдыбæстæмæ, ныййарæгмæ, уарзон адæймагмæ æмæ афтæ дарддæр. Йæ зарджытæ – «Лæгъстæ», «Слæуу, ирон», «Ног Ирыстон», «Мады Майрæм», «Дуду чызг», «Цæстытæ», «Гыцци», «Мæ цъæх цæст уарзон», «Ехх, тæхуды», «Хуры чызг» (чи сæ фæуыдзæн нымад) куы хъусай, уæд адæймаджы уæнгты ахъарынц куыд сæ ныхæстæ, афтæ мелоди дæр.

О, афтæ у æнæмæнг, уымæн æмæ Гуцайы-фырт йæ зарджыты ныхæстæ дæр уырзтæй æвзарæгау фæкæны. Уымæн хъарынц зæрдæмæ афтæ арф, уымæн сæм не ‘фсæды адæймаг хъусынæй. Йæ зарджытæн сæ фылдæр сты йæхи фыст.

– Нодар, зарджытæ иухуызон не сты æмæ иу зæрдæйы уагæй нæ дзурынц. Ис ахæмтæ, хъæлдзæг зарджытæ чи нæ уарзы, æз æнкъард зæрдæйы арфæй чи цæуа, адæймаджы сагъæстæ æмæ хъуыдытыл чи ’фтауа, ахæм зарджытæм хъусын уарзын. Уыдон адæймаджы удыхъæд сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр кæнынц.

– Алы зарæгæн дæр ис йæхи хъысмæт, йæхи базыртæ тæхынмæ, адæмы зæрдæ ссарынмæ. Раст у дæ хъуыды дæр, фæлæ мæнмæ гæсгæ, æнæ хъæлдзæг зарæгæй цард æрхæндæг у. Зарæг та куы фæрæстмæ вæййы æмæ зæрдæтæм фæндаг куы ссары, уæд ыл æнцонæй сбады адæмон зарæджы ном.

– Алы æмдзæвгæ зарынмæ нæ бæззы, стæй йыл мелоди ныффыссæн дæр нæй. Тых фыст ныхæстæй та зарæг нæ рауайдзæн, куы дын рауайа, уæд та уыдзæн донæй йедзаг. Дзырдтæ кæрæдзиуыл бæтгæйæ мах хъуамæ æппынæдзух дæр тырнæм уымæ, цæмæй хъуыдыйад уа аив æмæ рæсугъд арæзт. Хъыгагæн, ахæм æнæбындур зарджытæ нæм бирæ ис, тыхарæзт рифмæтæ кæм ис. Кæд сæ заргæ кæнынц, бон сæ цалдæр хатты дæр хъусæм, уæддæр зæрдæмæ æввахс нæ лæууынц. Алы адæймаг дæр хъуамæ тырна йæхи нæ, фæлæ йæ курдиат равдисынмæ. Концерттæ аразæм, æмæ залмæ цы бирæ адæм æрбамбырд вæййы, уыдоны, кæй зæгъын æй хъæуы, фæфæнды «удæгас» зарджытæм байхъусын, фонограммæ никæй зæрдæмæ цæуы. Уæд ма зарæггæнæг йæхæдæг цæмæн хъæуы, йæхæдæг куы нæ зара? Мæнмæ гæсгæ, зарæггæнджытæн хъуамæ уаид аивадон разамонджытæ, цæмæй сын бæлвырддæр амониккой сæ хъуагдзинæдтæ дæр æмæ сæ æвæрццаг миниуджытæ дæр.

Гуцайы-фырт уарзы цард, хæлæртты, рæстдзинад. У нæртон удыхъæды хицау. Йе сфæлдыстады тымыгъ, йæ диссаджы цардбæллондзинад удцырын дæттынц йæ курдиатуарзджытæн. Æмæ йын уадз Хуыцау уыцы тырнындзинад макуы байсæд!

Де сфæлдыстадон уæлахизтæ нырма разæй сты, æмæ мах, дæ аивад табугæнджыты, уырны, нæ зæрдæтæ нын кæй барухс кæндзынæ ног зæрдæскъæфæн зарджытæй. Гъемæ дын, Нодар, нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ цардбæллондзинад, стæй ног сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Алы адæймаг дæр цæры йæ райсомы ныфсæй. Райсом арвыл рæсугъддæр хур скæсдзæн, райсомы бон фылдæр удæнцой æрхæсдзæн. Афтæ хъуыды кæны адæймаг. Рæстæгмæ та йæхи фæндтæ, йæхи уынаффæтæ ис.

Хуыцау нын ахæм арфæ ракæнæд, æмæ алкæйы райсомы бон дæр рæсугъддæр куыд уа, алкæйы зæрдæ дæр нæ зарын куыд агура, ирон зарæг та Иры дзыллæйыл æнустæм куыд хъуыса!

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

КУЛЬТУРА 29.06.2023 в 08:07

Яркие аккорды Рахманиновского фестиваля

Хотя на слуху у всех в минувшие выходные было имя композитора Вагнера, владикавказцы все-таки продолжали находиться под властью Рахманинова, ведь весь июнь в нашем городе прошел под знаком Рахманиновского фестиваля, учрежденного к 150-летию великого русского композитора Театром оперы и балета РСО-А – филиалом Мариинского театра.

КУЛЬТУРА 23.05.2022 в 19:29

Михаил Гассиев. «Святыни Алании»

Фотопроект Михаила Гассиева «Святыни Алании» стал первым мероприятием в праздновании 1100-летия Крещения Алании, которое мы отмечаем в этом году.

КУЛЬТУРА 1.04.2022 в 18:01

«Тарковский – наше все»…

4 апреля исполняется 90 лет со дня рождения Андрея Тарковского, советского режиссера театра и кино, сценариста, народного артиста РСФСР. Его фильмы оказали огромное влияние на зрителя и на развитие мирового кинематографа в целом. 

КУЛЬТУРА 18.11.2023 в 08:41

«Вечерний Владикавказ»

Под таким названием в Республиканском доме дружбы народов стартовал цикл культурно-просветительских мероприятий.

КУЛЬТУРА 3.10.2022 в 21:00

152-й сезон открылся!

1 октября Русский академический театр имени Евгения Вахтангова открыл свой 152-й сезон постановкой драмы Михаила Лермонтова «Маскарад» (режиссер – Изабелла Каргинова, художник-постановщик – Светлана Володина, хореограф – Валерий Суанов).

КУЛЬТУРА 5.04.2024 в 20:37

Концерт памяти Хаджумара Сабанова

4 апреля в рамках выставочного проекта «Наив-но», посвященного 95-летию со дня рождения заслуженного и народного художника РСО-А Хаджумара Сабанова, в Художественном музее им. М. Туганова состоялся концерт Хора осетинской героической песни под управлением Ольги Джанаевой.

Все новости из категории: КУЛЬТУРА