ОБЩЕСТВО

Йæ адæмæн у æвæллайгæ лæггадгæнæг

Нæ редакцийы уазæджы Ирыстоны бирæтæ зонынц. Уый у Зассеты Болат.

 

Æцæг адæймаг вæййы йæ адæмы фæдон. Фæлæ фæрныг фæндаг райдайы фæрныг къæсæрæй. Зассеты Иван æмæ Варяйы кæстæртæ дæр сæ ныййарджытæй царды фæндаггонæн райстой æртæ сæйраг хорзы: бæрнондзинад, фæллой æмæ æгъдау. Болатæн дæр йе стырдæр тырнындзинад – искæмæн хорзы бацæуын, адæмæн бæлæггад кæнын, зæрдиаг куыстæй æмæ рæстауазæн архайдæй Ирыстон цæрæццаг кæнын.

 

Диссаг у, æвæдза! Æххуыс, сæрæндзинад тынгдæр, æхсызгондæр кæм фæхъæуы, уым Зассейы-фырт февзæры æппæты разæй. Хистæртæн у æвæллайгæ лæггадгæнæг, кæстæртæн та – цæстуарзон зондамонæг. Уæдæ йын æрдхæрдтæ цас ис ам, цæгаты, æмæ нæ хуссар хайы, уый та! Æмæ уый фыццагдæр йæхæдæг æмгарæн кæй бæззы, уый фæрцы.

 

Иу фæзминаг хъæппæрис ма разынд Болатмæ. 2001 азæй фæстæмæ уадзы ирон бирæвæрсыг къæлиндартæ. Уыдонæй адæмæн зонын кæны канд нæ бæрæгбæттæ нæ, фæлæ стырдæр историон цаутæ æмæ нæ дзыллæйы хуыз­дæрты.

 

Æрæджы Зассейы-фырт бæрæг кодта йе 60 азы юбилей. Не ’хсæнады абоны уавæр хынцгæйæ йе ’ртæ кæрдзыны скувынмæ æрбахуыдта хæрз чысыл адæмы. Цас æмæ цас арфæтæ фæкодтой Болатæн! Мæнæ фынджы хистæр цы загъта, уыдонæй иу хатдзæг:«Хатгай Зассейы-фыртæн цæстдзыдæй фæтæрсын, ома йын уыйбæрц хæрзты цæуын куыд æнтысы нæ адæмæн, нæ Ирыстонæн! Растдæриддæр цыма йæ уды ирон бæллиццагдæр миниуджытæ зиу скодтой, афтæ фидауц ратты алы хъуыддагæн дæр. Рауагъдад «Ир»-ы кусгæйæ алы мадзæлттæй архайы, цæмæй зонды хур тава кæстæрты, цæмæй ирон чиныг парахат кæна фæсивæды ’хсæн, цæмæй фыдæлты тауинаг зæрин æвзартæ суадза кæстæрты зæрдæты».

 

Болат алкæмæ дæр кæсы æфсымæры цæстæй, ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй æвдисы йæ уарзт йæ дзыллæмæ.

 

Нæ зынаргъ газеткæсджытæ, куыд базыдтат, афтæмæй абон нæ редакцийы уазæг у Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы ирон æгъдæутты Комитеты уæнг, рауагъдад «Ир»-ы кусæг Зассеты Болат.

 

– «Дунейы сæр æгъдау у». «Æгъдау æмæ рæстдзинад иу цæды галтæ, маргъы дыууæ базыры сты, æнæ уыдон цардæн размæ цæуæн нæй». «Цардæн йæ хъæздыгмæ ма бæлл, фæлæ – йе ’гъдаумæ». Æмæ ма бирæ æндæр ахæм куырыхон ныхæстæ фехъусæн вæййы ирон адæмæй æгъдауы тыххæй. Уымæн æмæ уый у царды мидис.

 

Болат, куыд зонæм, афтæмæй æгъдау у царды скъола. Бирæ сусæгдзинæдтæ, арф хъуыды æмбæхсы ацы чысыл дзырд. Куыд æххæст цæуынц абон йæ домæнтæ, сæйраджыдæр, хистæрты ’рдыгæй?

 

– Ирон адæймагæн йæ алы сныхас, йæ алы акъахдзæф æмæ ми дæр сты æгъдауимæ баст. Суанг ма сывæллон куы вæййы, уæд дæр фæзоны, кæнын цы не ’мбæлы, хистæрты, сылгоймаджы, нæлгоймаджы раз хи куыд дарын хъæуы, семæ цы дзыхыуагæй дзургæ у, уый. Æппæт уыцы æнæфыст закъонтæ базоны бинонты, сыхбæсты, хъæубæсты фæрцы. Æмæ йын уыдон фæндаг гæрдынц адæймагдзинадмæ. Ирон æгъдау адæмы кæрæдзиуыл бæтты. Æнгомдзинад та тых дæр у æмæ ныфс дæр. Нæ фыдæлтæй нын хуымæтæджы нæ баззад æмбисонд – «Æнгом бинонтæ цард арынц», зæгъгæ. Æгъдау у æнгом царды бындур. Уый фæрцы адæм къæдзæхтæ дæр фæлдахынц.

 

Ирыстоны хорз фæсивæд рæзы, зонд æмæ æгъдауыл хæст, хистæрæн, сылгоймагæн кадгæнæг. Фæлæ афтæ куы зæгъон, æмæ сæм хистæрты ’рдыгæй фаг хъусдард нæй, уæд нæ фæрæдидзынæн. Нозт æмæ наркоманийыл арæх фæдзурæм, фæлæ уыцы фембæлдтыты фæсивæдæй никуы ничи уыд. Хистæркъласонтимæ хъæуы фылдæр кусын, амонын сын хъæуы: цы у хорз æмæ æвзæр.

 

Фæнды мæ, æрмæст нæ республикæйæ нæ, фæлæ сыхаг республикæтæй дæр ирон диаспорæтæ кæм ис, уыдоны фæрцы, йе дадзинты ирон туг кæмæн кæлы, уыцы фæсивæды æрбамбырд кæнын æмæ сæ ирон æгъдæуттыл ахуыр кæнын. Уымæн æмæ сабыргæй рох кæнынц не ’гъдæуттæ, фидæны нын нæ зианты æмæ циндзинæдты чи лæггад кæндзæн, уыдон нал уыдзысты, æмæ уый та у тынг тæссаг хъуыддаг. Бирæтæ йæ загътой, зæгъгæ, æгъдау æрмæст бирæ бахæр æмæ баназынæн кæй нæу, уый. Чысыл уыдтæн уæддæр ма йæ хорз хъуыды кæнын, мæ фыды фыд-иу чындзæхсæвы рæстæджы, æнæхъæн бон хистæрæн бадгæйæ, хæдзармæ æрбацыд æвронг æмæ æххормагæй. Уымæн æмæ нæ фыдæлтæм царды сæр уыд æгъдау. Цард цард у, æмæ дзы алцы дæр уыд. Фæлæ ахæм хъæндзинæдтæ нæ фыдæлтæ дзæбæх кодтой сæ цæфыл.

 

Цæмæй хæцгæ низау ма апырх уыдаид æхсæнадыл. Æппæт уыдæттыл биноныг æмæ бæлвырд ныхас хъуамæ цæуа бинонты ’хсæн, æхсæнады, ахуыргæнæндæтты. Дзурын, фыссын хъæуы арæхдæр ахæм хабæрттæ æмæ цаутæ, рæзгæ фæлтæрыл, фæсивæдыл хорзæрдæм чи ахада.

 

– Куыд фæзæгъынц, æгæр цыт, дам, æдзыт у, ома, æгæр арæх нæ кæнæм æгъдауы кой?

 

– Æмткæй райсгæйæ, ирон æгъдæуттæм фау æрхæссæн нæй. Фауинаг сты, æгæр цæхджын сæ чи кæны, йæхи кæнонтæ сæм чи хæссы, уыдон. Æгъдау дæр лæгæй аразгæ у, адæмы рæгъмæ йæ чи куыд рахæсса, афтæ сахаддзæн. Куырыхон æй срæсугъд кæндзæн, адæмы хъæр чи не ’мбары, уый йæ счъизи кæндзæн. Уый тыххæй сыл дзурын хъæуы иудадзыг.

 

Алы ирон æгъдау дæр æнцой кæны арф хъуыдыйыл. Хъуыды æвæрд кæм нæй, уый æгъдау нæу. Уый куыдфæндыйы уаг у, æмæ куыдфæндыйæ æгъдау нæ, фæлæ цард дæр нæй. Ахæм фиппаинаг мæ тасы æппары, уымæн æмæ алы æгъдаумæ дæр, цинаг уа æви зианы кæндтæ, кæсын сæм хъæуы бæрнон цæстæй.

 

Мах, ирон адæммæ, куыд кадджын сты æмæ алы хъуыддаджы дæр куыд балæггад кæной, марды куыд сбуц кæной, афтæ иунæг адæмыхатмæ дæр нæй, æмæ кæстæр фæлтæрæн адæттын хъæуы ацы рæсугъд æгъдæуттæ, цæмæй сæ дарддæр цæсгомджынæй æххæст кæной.

 

Бирæ хорз æгъдæуттæ ис нæ иумæйаг Ирыстоны. Тынг мæ фæндид, цæмæй хуссар хайы дæр æмæ ам, цæгаты дæр хорзæй, фæзминагæй цы ис не ’гъдæутты, уыдон куы æрбамбырд кæниккам æмæ иумæйаг æгъдæутты чиныг куы рауадзиккам.

 

– Куыд зонæм, афтæмæй сæрд-фæззæг у афæдзы уыцы рæстæг, Ирыстон куывддон кæд свæййы. Ирон адæймаг дзуары номыл цыдæриддæр кодта, уый зæрдæрайæ, æхсызгонæй, сыгъдæг, рæсугъд хъуыдытимæ. Ныр дæр афтæ у?

 

– Ирон адæммæ фæд-фæдыл æрцæуынц, сæ фыдæлтæ кадджын æмæ радджынæй кæй кодтой, уыцы бæрæгбæттæ. Зæрдæрухсæй сыл сæмбæлынц, зæдтæ æмæ дауджытæм кувынц, табу сын кæнгæйæ сæхи фæдзæхсынц, сæ кæстæрты, сæ бæлццæтты, сæ фидæн. Абон дæр уыцы уаг нæ халынц ирон адæм. Раздæры заманы-иу, хорз æй хъуыды кæнын, мæ мадæн алы дзуарæн дæр уыд хицæн царвы кæхцытæ. Сусæггаг нæу, кувæндон дæр зæдтау æмæ дауджытау сыгъдæгдзинад кæй уарзы. Йæ бынмæ ссæуын диссаг нæу, фæлæ вазыгджын у, дæ кувинæгтæй дын сыгъдæгзæрдæйæ чи скува, уый. Фыццаджыдæр, кувæг лæг хъуамæ уа сыгъдæг, рæстзæрдæ, цæстуарзон, фыдæй фыртмæ адæм намысджынæй кæй зонынц, ахæм хæдзарвæндагæй. Æрмæстдæр ахæм фæрныг хистæрæн райсдзысты йæ куывдтытæ Хуыцау æмæ уæлæрвтæ.

 

– Болат, уæлдæр бæлццæтты кой скодтай, æмæ йæ хорз зонæм не ’ппæт дæр, абон цас фæсивæд ис дард Ирыстонæй, комкоммæ кæсынц знаджы цæстытæм, удуæлдай тох кæнынц сæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау æмæ, дæ хорзæхæй – дæ фæндиæгтæ.

 

– Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци цæуы, уый катайы баппæрста, йæ риуы зæрдæ кæмæн ис, æппæт уыцы адæмты. Кувынц иунæг Стыр Хуыцаумæ, цæмæй не ’фсад тагъддæр фæуæлахиз уой нацизмы тыхтыл æмæ нæ лæппутæ сæрæгасæй сæмбæлой сæ бинонтыл.

 

– Болат, бузныг. Нæ абоны ныхасæй бирæтæ æвæрццæг хатдзæг кæй скæндзысты, уый дызæрдыггаг нæу.

 

– Бузныг сымахæн дæр.

 

Ирон æгъдæуттæ комкоммæ арæзт сты адæмы зæрдæтæм, уыдоны ис æгæрон тых. Æмæ нæ кæд афтæ фæнды, æмæ адæмы рæгъы цæуæм, нæ фарн ноджы бæрзонддæр сисæм, уæд хъуамæ æдзух нæ зæрдыл дарæм уыцы æгæрон тых, æмæ нæ уый сисдзæн ног, уæлдæр къæпхæнмæ. Уымæн стыр ахъаз у ирон æгъдæуттæ зонын, уымæн æмæ уыдон райгуырдысты адæмы зондæй, адæмы фарнæй. Ирон бæрæгбæттæ, ирон æгъдæуттæ сты адæмон хæзнатæ.

 

Ныхас кодта КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 6.07.2023 в 08:11

«ЗÆРДÆЙÆ РАНТЫСГÆ НЫХАС ЗÆРДÆМÆ ССАРДЗÆН ФÆНДАГ»

Поэт, прозаик æмæ публицист, ССР Цæдисы, Уæрæсейы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Уалыты Лаврентыл сæххæст 85 азы

ОБЩЕСТВО 29.08.2023 в 09:15

1–3 сентября в Северной Осетии пройдут дни памяти жертв террористического акта 2004 года в школе №1 города Беслана

Как и в предыдущие годы, в комплекс траурных мероприятий, намеченных на эти дни, войдут возложение цветов и венков, зажжение свечей в спортзале разрушенной школы, минута молчания, Божественная литургия и крестный ход от школы до мемориального кладбища «Город ангелов», запуск 334 воздушных шаров в память о погибших.

ГЛАВНЫЕ НОВОСТИ 1.10.2021 в 22:02

В Москве прошел Деловой форум СМИ

Специальным дипломом в номинации «Главный редактор года» была награждена главный редактор газеты «Владикавказ» Алла Хинчагова.

ОБЩЕСТВО 19.04.2018 в 09:47

Шегрен жил, Шегрен жив, Шегрен будет жить!

Делегация посольства Финляндии в РФ посетила СОГУ.

ОБЩЕСТВО 3.05.2023 в 20:11

Человек мира

Валерию Абисаловичу Гергиеву – 70

ОБЩЕСТВО 11.07.2022 в 20:17

Безопасность детей в летний период

Летний период несет в себе не только радость каникул, возможность загорать и купаться, но и высокие риски для детей. Обеспечить безопасность детей летом – задача родителей.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО