ОБЩЕСТВО

ЙÆ УАЦМЫСТЫ ИРДÆЙ ЗЫНЫНЦ НÆ ИСТОРИ, НÆ ФЫДÆЛТЫ ЦАРД…

Джыккайты Шамилы райгуырдыл сæххæст 83 азы

 

«Æз цæрæнбонты табу кæнын ирон дзырдæн, уый у мæ зæды хай, уый у мæ удылхæцæг. Цы зæгъын, уый стыр ныхас нæу, уый мæ хъысмæт у… Ацы аз ирон факультетмæ æрбацыд ахуырдзаутæ, цас хъæуы, уымæй æмбис къаддæр. Ахæм цæф мыл никуыма сæмбæлд, асаст мæ астæумагъз, цуды мæ ныфсы мæсыг. Мæнгæн нæ уасыд сау халон… Мæ цард цы хъуыддагыл бахардз, уый сæфы мæ цæсты раз. Æз дæн трагикон уавæры, уæлион зындоны…»

 

Джыккайты Шамил

 

Къостайы фæдонтыл дзургæйæ, адæймаджы зæрдæмæ уæлдай хæстæгдæр лæууы Джыккайты Шамил. Фыссæджы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы сонет. Чиныгкæсæг уæлдай æхсызгондæрæй сæмбæлд, поэт Ирыстоны кады лæгтæ – Къоста, Секъа, Елбыздыхъо, Васо, Шегрен, стæй Ирыстонæн йæхиуыл, мадæлон æвзагыл, ирон сылгоймаг æмæ бирæ æндæр зынгæ адæймæгтыл æмæ хабæрттыл цы сонеттæ сфæлдыста, уыдоныл. Литературон критикæ сæм æрдардта йæ хъус. Кæддæриддæр, царды уыдаид, аивады, зонады хъомылады – тырныдта иууыл бæрзонддæр бынатмæ. Æмæ, чи цы агуры, уый ары. Иууыл раздæр чи цыд, фæлтæртæн фæндаггæрдæг чи уыд, алы хатт дæр уыд уыцы раззæгты рæнхъы. Уымæн ын тынг æххуыс кодта фæлгонцон уынынад.

 

Джыккайты Шамил райгуырдис Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъæуы 25 февралы 1940 азы. 1952 азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ ʼрцардысты Камбилеевкæйы хъæуы. Шамил каст фæци бынæттон астæуккаг скъола, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультет æмæ ЦИНИИ-ы аспирантурæ. Куыста телевизион студийы. Фæстæдæр та уыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан.

 

Уый канд литературæ æмæ фольклоры дæсны нæ уыд, фæлæ ма – нæ хуыздæр ирон историк æмæ этнограф дæр. Иттæг хорз зыдта нæ адæмы ивгъуыд цард, се уаг, се ʼгъдæуттæ… Йæ алы тугдадзин дæр æмцавд кодта нæ адæмы зæрдæйы тæлфтимæ, æгæрон уарзтæй уарзта йæ бæстæ, йæ райгуырæн зæхх, йæ райгуырæн хæхтæ, йæ адæмы, дунейы дзыллæты…

 

Поэт цыд æмæ хаста фарны цырагъ, нæ йæ урæдтой зындзинæдтæ, цæлхдуртæ. Уый уыд нæ цæугæ мæсыг, ныхасы – уынаффæгæнæг, аивады – зарæгамонæг. Æппæт ацы миниуджыты фæрцы Шамилæн æнтыст йæ рæстæг æмæ адæмы цард парахатæй æвдисын.

 

Кæд абон не ʼхсæн нал ис, уæддæр нæ йæ поэзи хоны размæ, рухс нысанмæ, рæстдзинады дунемæ, ахуырады бæрзæндтæм, адæмы идеалтæм. Бæгуыдæр, Шамилы сфӕлдыстады зыны ирон дзырдаивады истори, нæ адæмы удыхъæд æмæ зондахаст.

 

Поэты æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Æфсарм» рацыди 1964 азы. Уый фæстæ ма рауагъта фондз поэтикон æмбырдгонды. Сæ сæйрагдæртæ сты «Æхсæвы æртытæ» (Ордж., 1990) æмæ «Саст дзæнгæрæг» (Дз., 2000).

 

Шамил канд поэт нæ уыд, фæлæ драматург, прозаик, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг дæр. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Цомахъ» æвæрд æрцыдысты ирон театры сценæйы. Джыккайы-фырт бирæ бакуыста ирон фысджытæй иукъорды сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæныныл æмæ джиппы рауадзыныл, ныффыста Коцойты Арсены, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Гæдиаты Цомахъы, Барахъты Гинойы, Байаты Гаппойы, Нигеры, Плиты Грисы, Цæрукъаты Алыксандры æмæ иннæты сфæлдыстадон портреттæ. 2002-æм азы та рауагъта «Ирон литературæйы истори (1917-1956)». Ацы куыст автор ныффыста иронау æмæ стыр ахъаз у канд студенттæн нæ, фæлæ скъолаты ахуыргæнджытæн дæр.

 

Шамил ирон æвзагмæ раивта Шекспиры «Къарол Лир», Софоклы «Эдип-паддзах», Э. Ростаны «Сирано де Бержерак», У. Сарояны, Р. Лоуренсы, Ж. Шехадейы драмæтæ, Байроны, Бёрнсы, Лермонтовы æмæ бирæ æндæр авторты уацмыстæ.

 

2012 азы 29 майы ЦИПУ-йы байгом кодтой Джыккайты Шамилы номыл аудитори. Уым фыссæн фæйнæджы сæрмæ Къоста æмæ Абайты Васойы хуызистыты ʼхсæн кадджын бынат бацахста Шамилы портрет дæр.

 

Æцæг поэт, æцæг адæймаг намысимæ куы цæуа литературæйы сыгъдæг галуанмæ, уæд уый стыр фарны хабар у. Ахæм адæймаг уыдис зындгонд ирон драматург, поэт, фыссæг Джыккайты Шамил. Фыссæгæн йæ хъуыдытæ уыдысты йæ уарзон адæмыл, нæ мадæлон æвзагыл, ирон культурæ æмæ фыдæлты намысыл.

 

Джыккайты Шамилы цард аскъуыд фыдгæнæджы къухæй 26-æм майы 2011 азы.

 

Шамил цæрæнбонты цæрдзæн нæ зæрдæты æмæ йæхи ирон чи хоны, уый хъуамæ, æнæмæнг, зона Шамилы сфæлдыстад, уымæн æмæ йæ уацмысты ирдæй зынынц нæ истори, нæ фыдæлты цард, нæ фарн æмæ æгъдау, нæ намысджын тох.

 

Уыдæттыл дзурæг у дæлдæр цы æмдзæвгæ бакæсдзыстут, уый дæр.

 

 

ДЫУУАДÆС ДЗЫРДЫ

 

Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты… Уæддæр

Дыууадæс дзырды – се ʼппæтæй хуыздæр.

Лæууы сæ сæргъы фарны дзырдтæн ЦАРД,

Йæ фидауц уымæн – арвы стъæлфæн – АРТ.

Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД,

Цæуы йæ армæй адæмыл БÆРКАД.

Нæ дзыллæйæн йæ рухсдæр бæллиц – ФАРН,

Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин – ÆФСАРМ.

Сыгъдæг удæн йæ мæты сæр – ХÆЛАР,

Ыскæны мах Хуыцауы ʼмсæр ÆХСАР.

Лæджы нысан – СÆРИБАР æмæ КАД.

Сæ сæрвæлтау хъæуы хæцынæн КАРД.

Æппæт хæрзтæн ИРЫСТОН у бындур, –

Æнæ уый мæн нæ тавдзæни сæ хур.

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ГЛАВНЫЕ НОВОСТИ 10.03.2022 в 10:06

В Северную Осетию прибыл второй поток беженцев из ДНР и ЛНР

112 детей и 44 взрослых разместили в санаториях «Юность» и «Тамиск».

ОБЩЕСТВО 21.06.2019 в 16:54

Прямая линия Владимира Путина

Во вторник состоялась прямая линия с Владимиром Путиным – событие, ставшее традиционным и ожидаемым. Более четырех часов люди

ОБЩЕСТВО 29.02.2024 в 08:37

ЙÆ ЦАРДЫ МÆСЫГ АМАДТА ЙÆ АДÆММÆ УАРЗТЫ БЫНДУРЫЛ

Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт, публицист, драматург, литературæиртасæг, тæлмацгæнæг, филологон зонæдты доктор, академик Джусойты Нафийы райгуырдыл сæххæст 99 азы

ОБЩЕСТВО 19.10.2017 в 13:57

Фестиваль науки вышел на новый уровень

В этом году владикавказская площадка Всероссийского фестиваля науки NAUKA 0+ достигла небывалого масштаба.

ОБЩЕСТВО 19.04.2022 в 10:22

Офицеры остаются в строю навсегда…

18 мая 2020 года пришло ошеломляющее известие о том, что от нас скоропостижно ушел полковник в отставке, боевой офицер-афганец Леонид Григорьевич Зенков. 12 мая того же года внезапно скончался генерал-майор авиации Руслан Александрович Бедоев.

ОБЩЕСТВО 19.10.2021 в 08:04

«Эта служба и опасна, и трудна»

19 октября в системе Следственного комитета РФ отмечают профессиональный праздник – День образования службы криминалистики.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО