Ацы бонты йæ 70 азы юбилей сбæрæг кодта драматург, сценарист, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Айларты Асæхмæт
Йæ сфæлдыстад у бирæвæрсыг, фæлæ Асæхмæт телеуынынады æрмæст «Дам-думты» проект куы сарӕзтаид, театры та æрмæст «Сау лæппу» куы сӕвӕрдтаид, уæддæр æй адæм бауарзтаиккой.
Æдзух хъæлдзæг, зæрдæхæлар, цыргъзонд æмæ куырыхон кæй у, уымæн æй уарзынц, чи йæ зоны, уыдон се ʼппæт дæр – сыхæгтæ æмæ йе ʼмкусджытæ.
Æгъдауджын, уæздан, ирон лæгæн цы æмбæлы, уыцы миниуджытæй æххæст. Уымæн æмæ кæстæртæн дæр зоны, цы зæгъын хъæуы, стæй хистæртæн дæр куыд балæггад кæнын хъæуы, уыдæттæ.
Уарзон артист йӕхӕдӕг куыд зæгъы: «Цы бирæ цаутæ мыл æрцыдис, цаутæ та мыл дзæвгар æрцыд, уыдон зарæджы куыд уыдис, «Мæ азтæ – мæ хъæздыгдзинад». Уыдон сты мæ тыллæг æмæ сæ абон сабыргай æмбырд кæнын».
«Дам-дум»-тæ, кинонывтæ, сфæлдыстадон фембæлдтытæ, ног азы изæртæ, цыдæриддæр адæймагæн æхсызгондзинад хæссы, уыдон Асæхмæт зæрдæрайгæйæ цæттæ кодта телерадиокомпани «Алани»-йы кусгæйæ. Уыимæ ма Ирон театры йæ архайд нæ фæмынæг.
Æгъдауджын, уæздан, ирон лæгæн цы æмбæлы, уыцы миниуджытæй æххæст.
Айларты Асæхмæты театрдзаутæ фыццаг базыдтой куыд актер, афтæ, фæлæ æрыгон адæймагмæ фæзынд пьесæтæ фыссыны курдиат. Йæ спектакльтæ сты «Зæды къалиутæ», «Куырмæхсджыты хъазт», «Кæдæм тæхæм?», «Æмтъеры» æмæ æндæртæ. Айлары-фырт ирдæй æвдисы, цы рæстæджы цæрæм, уый риссаг фарстатæ.
Зæгъæн ис, æмæ Айларты Асæхмæт у нæ рæстæджы айдæн. Йæ алы пьесæ дæр театрдзауты арф хъуыдыйыл бафтауы. Йе спектакльтæй бирæтæм цалдæр хатты бацæуынц.
Йæ удыхъæды сты, адæймаджы рæсугъд æмæ кадджын чи кæны, æппæт уыцы миниуджытæ.
Сфæлдыстадон кусæг – поэт уа, драматург, скульптор, нывгæнæг, кафæг – амондджын уæд вæййы, æмæ адæмы рæгъмæ, адæмы тæрхонмæ йæхи сæрмагонд удыхъæд, дунембарынад, миниуджытæ, ахорæнтæ куы хæсса æмæ бæлвырд бæрæг куы дарой сæ биноныг нывæфтыддзинадæй. Аивад та æвдисы цард, адæймагæн ахсджиагдæр цы ис, уый.
Ацы æууæл хынцгæйæ, алы дæсныйадæн дæр ис хицæн æрмæг. Зæгъæм, архитектурæйæн – дур, музыкæйæн – мыртæ, актерæн та – курдиат. Уæлдæр цы адæймаджы кой кæнын, уымæн та йæ курдиат, йæ уæлтæмæн цыхцырæгау абузы.
Уый у ирон культурæ зæрдæйæ чи уарзы æмæ йын цæстуарзон лæггад чи кæны.
Асæхмæт, газет «Владикавказ»-ы редакцийы кусджытæ дын зæрдæбын арфæтæ кæнынц дæ юбилейы фæдыл. Бирæ азты ма цы хъæлдзæг кæнай, де сфæлдыстадæн дын чи кад кæны, чи йæ уарзы, уыцы театрдзауты.
КЪУДУХТЫ Маринæ