ОБЩЕСТВО

Лыстæг каст царды æгъдæуттæм æмæ фæзындтытæм, адæймаджы архайд æмæ йæ уды кондмæ

Зындгонд ирон фыссæг Коцойты Бибойы фырт Арсены райгуырдыл сæххæст 150 азы.

 

«Коцойты Арсены сфæлдыстад у ирон литературæйæн йæ райдайæн стыр къабузтæй, йæ кад æмæ йæ сæрыстырдзинад. Арсен ирон культурæйы историмæ бацыд аив дзырд æмæ реалистон радзырды зæрингуырдæй. Уый лæмбынæг æмæ хъуыдыджынæй æркаст адæмы цардмæ, мæгуыр адæймаджы хъуæгтæ æмæ тырнындзинæдтæм, йæ уды конд æмæ йæ зæрдæйы æнкъарæнтæм, акаст ын йе ’хсæнадон уавæртæм æмæ сæ нывæфтыд кодта йæ уацмысты. Арсен ахæм цардæгас фæлгонцтæ, ахæм хуызджын характертæ сфæлдыста йæ заманы æрмæгæй, æмæ æнæ уыдон ирон литературæ нæ уаид æнæкъахыр. Арсены рæдау ахорæнтæ, йе сфæлдыстадон фæрæзтæ æмæ йæ хъæздыг традицитæ уыдысты зынгæ æмæ æнæмæнг хъæугæ фæзынд нæ аивады историйы».

 

Коцойты Арсен райгуырдис 16 январы 1872 азы Джызæлы. Нымад у ирон аив прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл. Фараст азы йыл куы цыди, уæд æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæгæрз ис чингуытæ кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыдис Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы, Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ. 1899 азы ахуыргæнджыты съезды 2-аг хатт сæмбæлд Къостайыл. Стыр поэты ныхас ног хъуыдытыл бафтыдта Коцойы-фырты.

 

Зын фæндæгтыл цыдис Арсен революцийы размæ. Скъолайы кусгæйæ, йæхи иуварс ласта аргъуанæй, кувынмæ нæ разæнгард кодта ахуырдзауты дæр. Уыйадыл æй систой йæ куыстæй. Мæгуыр æмæ йыл рынчынæй ивгъуыдтой иунæджы æрхæндæг бонтæ. 1902 азы Джызæлы уыд зæхкусджыты сыстад. Сыстад æрцыд саст. Хицауад Арсены фæдыл бафтыд, зылынджын æй кодтой амидингæнæгæй. Цæрыны бар ын нал уыд Цæгат Ирыстоны. Афтыд Хуссармæ. Уым ирон скъолаты 4 азы фæкуыста ахуыргæнæгæй. Фыста радзырдтæ, æрвыста уацхъуыдтæ Фæскавказы газеттæм, æвæрдта сæ, йæхи ныхæстæм гæсгæ, «рæстæджы риссаг фарстатæ», æвдыста сæ прогрессивон хъуыдытæ, хурмæ хаста бынæттон хицауад æмæ дины кусджыты худинаджы митæ, дзырдта адæмы хъуæгтæ æмæ сæ тыхстытыл.

 

Йе ‘нæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхтис Джызæлмæ æмæ бавдæлдис фыссынмæ. Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты: Тбилисы (Калачы), «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм.  Бетырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.).

 

1910 азы Арсен ирон æвзагыл Тбилисы уагъта æрвылкъуырион журнал «Æфсир», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл. Журнал «Æфсир» мыхуыр кодта Коцойты Арсены, Хъороты Дауыты, Тменаты Елбыздыхъойы, Тлатты Хохы, Гулиты Ефимы, Рæмонты Тæтæйы, Гаглойты Рутены, Тыбылты Алыксандры, Хъоцты Бидзинайы, Цæголты Георгийы æмæ æндæрты уацмыстæ, стæй ирон æвзагмæ тæлмацгонд уацмыстæ дæр.

 

«Æфсир» æхгæд куы æрцыдис, уæд Арсен абалц кодта Бетырбухмæ. Куыста дзы Ленины газет «Правда»-йы корректорæй (ома, уырыссаг æвзаг афтæ хорз зыдта). «Авзарон, загътон, мæ тыхтæ, цард фыцгæ кæм кæны, уым», – фыста фæстæдæр.   Мыхуыры дзы рауагъта йæхи тæлмацæй дыууæ радзырды – «Цуанонтæ» æмæ «Хæлæрттæ».

 

Бирæ рахау-бахау ма бахъуыд Арсены революцийы агъоммæ, бирæ зынтæ федта «царды зилдухæнты». Советон дуджы кодта ахсджиаг æхсæнадон-рухсадон куыст. Бирæ хъару ратта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны советон мыхуыры хъуыддаг нывыл саразынæн. Газет «Хурзæрин» æмæ журнал «Фидиуæджы» куысты уыди разамынддæттæг. Афтæ цардагур æмæ фæндон куыстагур йæхи раппар-баппар кодта иу ранæй иннæмæ. Уымæй кæд йæ тых саст, уæддæр ын фадат уыд дуне йæ алы хуызты фенынæн – уый та у хъæздыг æрмæг сфæлдыстадæн.

 

Стыр горæты йæ фæндтæ нæ ацыдысты æмæ Калакмæ æрыздæхт. Ног та ралæууыдысты уæззау куысты бонтæ, газетты хицæутты ныхмæ тохы бонтæ. «Æз афтæ нымайын, æмæ журналисты хæс у æхсæнады алы фыддзинады тыххæй хъæлæсыдзагæй хъæр кæнын», – фыста Арсен.

 

Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон къабазты дæр. Ныффыста иу уацау – «Джанаспи» æмæ роман «Кæфхъуындар» (æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы.

 

Арсены цард æмæ сфæлдыстады тыххæй бирæ фыст ис ирон литературæзонæн ахуырады, уыдоны ис арф æмæ раст хатдзæгтæ, ис сæ бирæ къуыхцытæ дæр. Фæлæ ам æнæ зæгъгæ нæй фыссæджы сфæлдыстады сæйраг миниуджыты тыххæй.

 

Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг, йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæст цæуынц трагедийы ахорæнтæй. Уыцы хъуыддаг, иуæй, цыдис, фыссæг цы цард æвдыста, уый æцæгдзинадæй, уый æхсæнад æмæ социалон уавæртæй, иннæмæй та, цыдис Арсены сфæлдыстады хиадæй.

 

Арсен лыстæг каст царды æгъдæуттæм æмæ фæзындтытæм, адæймаджы архайд æмæ йæ уды кондмæ. Уымæ гæсгæ йæ уацмысты æрмæг вæййы бæлвырд æмæ æцæгдзинад, йæ хъайтарты зæрдæйы уаг æвдыст фæцæуы парахатæй, реализмы фæрæзтæй, йæ фæлгонцты миниуджытæн сæ равзæрæн вæййы æхсæнадон уагæвæрдæй. Тугисыны æгъдау уыд æппæт адæмты царды дæр бæлвырд историон къæпхæнтыл. Уымæй æнусондæр та у маст исыны хъуыддаг. Фæлæ уыдæттæ Арсен æвдисы национ царды хуызты, йæ архайджыты хи сæрмагонд удыхъæдмæ гæсгæ.

 

Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг 1939 азы хорзæхджын æрцыд орден «Кады нысанæй». Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæу æмæ Беслæны уынгтæ. Цытджын æгъдауæй йæ бавæрдтой Къостайы музейы кæрты.

 

Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн абон дæр стыр аргъ кæнынц нæ интеллигенцийы минæвæрттæ. Уымæн æвдисæн йæ 150 азы юбилейы фæдыл цы мадзæлттæ арæзт цæуынц нæ республикæйы, уыдон. Æрæджы дæр та Цæгат Ирыстоны адæймаджы бартæм  сæйраг цæстдарæг Цгъойты Тамерлан æмæ йе ‘мкусджытæ – Сæлбиты Гайрбег æмæ Тасойты Артур  бабæрæг кодтой Коцойы-фырты ингæн, ныссыгъдæг æй кодтой æмæ йыл сæвæрдтой дидиндджытæ. Уыимæ ма Цæгат Ирыстоны адæймаджы бартæм  сæйраг цæстдарæджы хъæппæрисæй расидтысты Коцойты Арсены номыл къамты конкурс. Йæ бон дзы архайæн у, цыппæрдæс азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

 

Æмæ та нæ кæронбæттæн  балхынцъ кæнæм Джыккайты Шамилы хатдзæгæй: «Арсены уацмысты йæ рæстæджы цард йæ бирæ хуызты æвдыст æрцыд бæрзонд, реалистон аивады фæрæзтæй, йе сфæлдыстад у мидисджын æмæ фидауцджын, йæ фæлгонцтæ не сты историон цыртдзæвæнтæ, фæлæ – удæгас, афтæ сты йæ традицитæ дæр. Уый мидæг ис йæ курдиаты нысаниуæг нæ культурæйæн йæ ивгъуыд, йæ абон æмæ йæ фидæны рæзты».

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 23.06.2018 в 11:07

«Письмо Богу» от Николь

«Пришла и говорю» – так можно назвать встречу с Николь Плиевой в Национальной научной библиотеке РСО-А,

ОБЩЕСТВО 31.01.2024 в 19:24

Учителя поборются за звание лучших

Стартовал муниципальный этап конкурса «Педагог года–2024»

ОБЩЕСТВО 22.10.2022 в 07:00

Сердце, отданное городу

Михаилу Шаталову 80 лет

ОБЩЕСТВО 16.10.2021 в 08:00

Йæ уды фарн баззад уæлæуыл цæргæйæ

Ацы фæззыгон зæринхуыз бонтæй иуы, 10 октябры, Ирыстоны адæмон артист Дзытиаты Лактемырыл хъуамæсæххæст уыдаид 70 азы

ОБЩЕСТВО 21.06.2023 в 19:34

«Язык – орудие мышления»

Это слова советского классика Алексея Толстого, дальше он пишет: «…Обращаться с языком кое-как – значит и мыслить кое-как: неточно, приблизительно, неверно».

ОБЩЕСТВО 7.10.2017 в 14:53

Человек-эпоха

Церемония открытия выставки «Эпоха в судьбе одного человека» началась неожиданно – мы услышали голос самого Билара Емазаевича Кабалоева (архивистам удалось найти фонограмму). Поздравить с открытием историко-документальной выставки к 100-летию Билара Кабалоева, первого секретаря Северо-Осетинского обкома КПСС (с 1961 по 1982 год), 4 октября в Национальную научную библиотеку РСО-А пришли ребята из детского театра «Премьера» Республиканского […]

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО