ОБЩЕСТВО

«Мæ чысыл Ир! Æз дæр дæ фырт дæн!»

Ирон поэзиуарзджытæ та тынг фæцин кодтой, Ирыстоны хæзнадоны цы ног чиныг фæзынд – «Æрдхæрæны зарæг», зæгъгæ, уый рацыдыл.

Йæ ахсджиагдзинады тыххæй йын æрдзырдтой поэттæ, фысджытæ, республикæйы интеллигенцийы минæвæрттæ. Чиныг дæ къухмæ куы райсай, уæд дæ йæ æрæвæрын нал бафæнддзæн, уымæн æмæ, зæгъæн ис, тæлфы дзы нæ зындгонд, курдиатджын, алкæмæндæр уарзон поэт Хаджеты Таймуразы уд. Йæ хъуыдытæ, йæ мысинæгтæ Хаджейы-фырты фæдыл чи загъта, уыдон се ‘ппæт дæр хаст æрцыдысты ацы æмбырдгондмæ. «Æрдхæрæны зарæг» алы ирон чиныгкæсæгæн дæр стыр пайда кæй фæуыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

Хаджеты Таймураз у бирæ чингуыты æмæ æмбырдгæндты автор. Уыдонимæ: «Фараст барæджы», «Хъысмæт æмæ зарæг», «Æхсон дуры хъæлæс», «Зæйраскъуыды уынæр», «Фæндæгты фарн», «Фæсизæр», «Уацмыстæ», «Урс хæхты зарджытæ», «Арты уидæгтæ»…

1987 азы Мæскуыйы рауагъдад «Современник»-ы уырыссагмæ тæлмацгондæй рацыд Хаджеты Таймуразы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Голос ветра».

Хаджеты Таймуразы æмдзæвгæтæ тæлмацгонд цыдысты украинаг, гуырдзыиаг, цæцæйнаг, кæсгон, балхъайраг æмæ æндæр æвзæгтæм.

Хаджеты Таймуразы сфæлдыстад хицæн кæны йæ аив æмæ ирд фæлгонцдзинадæй, арф философон хъуыдыйæ. Уый зæрдæбынæй уарзта йæ райгуырæн Ирыстон, сæрыстырæй фыста йæ намысджын фырттæ æмæ чызджытыл, йе сфæлдыстады æвдыста йæ адæмы рис æмæ бæллицтæ.

Хаджеты Таймураз райгуырд 1-æм мартъийы 1945 азы Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы Ногхъæуы бирæ бинонты æхсæн. Цы артдзæсты фæзынд а дунемæ, уым кæддæриддæр аргъ кодтой фæллойæн æмæ адæмы фарнæн. Иры зæххыл стыр фæд чи ныууагъта йе ‘гæрон фæллой æмæ зæрдæйы фарнæй, уый, Таймуразы æфсымæр Джусойты Нафи дæр æнæхъуаджы нæ дзырдта, зæгъгæ, адæймаг кæны дыууæ хуызы фæллой. Сæ иу у армæй кæй аразæм, уый, иннæ та удварны фæрцы цы кусæм, уый. Сæ дыууæ дæр ахсджиаг сты, зæгъгæ. Æмæ, æцæгæйдæр, фæллой кæнын сæ царды сæйраг нысан уыди ацы дыууæ фæрнджын æфсымæрæн.

Уыдон уыдысты куыстуарзаг, ирон æгъдæуттыл хæст бинонтæ. Таймураз йæ сывæллоны бонтæ арвыста йæ райгуырæн хæхты хъæбысы. Фыццаг ахуыр кæнын райдыдта Къуайсайы, астæуккаг скъола та каст фæци 1964 азы Цхинвалы. Советон Æфсады арæнхъахъхъæнæг хæйтты баслужбæ кæныны фæстæ, 1968 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ. Фидæны поэтæн ам фидардæр кодта йæ поэтикон курдиат. Таймураз æдзухдæр агуырдта сфæлдыстадон сæрибардзинад æмæ, цæмæй йæ номдзыд æфсымæр Джусойты Нафийы аууон йæхи ма хатыдаид, уый тыххæй йæхицæн æрхъуыды кодта литературон псевдоним «Хаджеты», йæ фыды-фыды хуыдтой «Хадже», æмæ уымæ гæсгæ. Хаджеты Таймураз æрмæст курдиатджын поэт нæ уыд, фæлæ тæлмацгæнаг дæр, стæй ма хорз арæхст зарынмæ, йе мдзæвгæтыл фыста музыкæ æмæ-иу сæ йæ хæлæрттæн зарыд. Йæ æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ зарынц Цоциты Аннæ, Гуыцмæзты Георги, Джабиты Лаурæ æмæ бирæ æндæртæ.

Зындгонд ирон поэт Хаджеты (Джусойты) Таймуразы йæ диссаджы лирикон æмдзæвгæты тыххæй бирæтæ хуыдтой «ирон Есенин». Йæ поэзи дзаг у райгуырæн уæзæгмæ уарзондзинады æнкъарæнтæй, ныййарæгмæ, уарзон сылгоймагмæ, цин æмæ маст кæимæ дих кодта, уыцы æмбæлттæм. Хаджеты Таймураз 1979 азы Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг цы сси, æндæр ницавæр нæмттæ æмæ хæрзиуджытыл хъуыды кодта. Фæлæ йын адæм йæ поэтикон уацмыстæ кæй уарзтой. Æмæ, æнæ адæмон поэты ном райсгæйæ, адæмон поэт кæй уыд, уый уыд йæ иууыл стырдæр хæрзиуæг. Поэт амард 1996 азы, æмæ йæ бавæрдтой Ногиры. Фæцард 51 азы.

Поэт Хаджеты Таймураз уыд, рæстæджы фыдæвзарæнтæй зæрдæсаст чи фæци, фæлæ, куыд фæзæгъынц, чи ныггуыбыр кодта æмæ æвæллайгæ фæллой чи кодта, уыцы поэттæй. Уый йæ удыхъæдмæ гæсгæ уыд лирик. Йæ лирикон хъайтар у рæстдзинадыл тохгæнæг, рæстзæрдæ адæймаг. Поэт æмбæрста, куыд вазыгджын у цард. Куыд арф у адæймаджы зæрдæ, æмæ йæ фæндыди сабыргай, хъуыдыгæнгæ æрдзы, адæймаджы, царды сусæгдзинæдтæ басгарын. Уымæн зæгъы: «Мæн сындæггай цæуын фæнды. Сабыр нæ зæххыл, Сусæг тасау, къæрцхъус, фæлæ Барджын, уæндонæй. Райсом боны рухс цъирын, Æхсырау йæ цъæхыл Хъусын æхсæвы аргъаумæ тары дæлдонæй». («Мæн сындæггай цæуын фæнды»).

Æрмæст æм баулæф, æндæр-иу йæхи хъуыддæгтæ дæр ныууагъта æмæ кæстæрмæ, æмгармæ æххуысы къух бадардтаид. Адæймаг дуры сæр куы райгуыра, уæддæр ын уымæй зынаргъдæр нæй æмæ хъуамæ ма уа. Ахæм у поэты хъуыды, æмæ йыл чиныгкæсæг дызæрдыг нæ кæны. Æрдзы рафæлив-бафæливты, æрдзы сконды чъизидзинадæй ницы ис, Чъизидзинæдтæ адæймагæн æрмæст йæхицæй цæуынц. Æмæ уый зæрдæйæ чи æнкъары, æрмæстдæр ахæм адæймаг сныв кæндзæн мæнæ ахæм поэтикон ныв: «Фæфæдис комы арф рæбынтæй дон, Æмæ ма йæм къæйдурты уæз кæм хъары… Чысыл саби та агъуысты кæрон Йæ сау-сауид буар цыхцырæгмæ дары…» («Сусæны изæр»).

Хаджеты Таймуразæн, æвæццæгæн, Ирыстоны адæмон поэт Цæрукъаты Алыксандры хуызæн кад ничи скодта, Алыксандр фыста: «Хаджеты Таймураз ирон аив дзырды хæзнадонмæ бахаста æмбисонды æвæрæн, равдыста æцæг курдиатджын поэты миниуджытæ – сфæлдыстадон ног комулæфт, æмæ уымæй бацахста йæхи сæрмагонд къæпхæн, сбæрæг йæхи фæндаг. Кæронмæ æнусон æнæлыг темæтæ – хъысмæты сар, цард æмæ мæлæтыл сагъæс, адæймаджы миддунейы судзгæ хъуырдухæнтæ, æрцæуинаг цы уа ацы зæххыл, уый раз, рæстад æмæ фыдохы-хæрамы æгъатыр тох æмæ бирæ æндæр вазыгджын фарстатæ лыг кæны не ‘рыгон æдзард поэт. Ахæм темæтæй иу у рагон фыдæлтæй баззайгæ исбон, æнæ уый нын цæрæн кæмæн нæй, уыцы мадæлон æвзаг – скифты, сæрмæтты, аланты æрдынæлвæст, нуарджын æмæ рæстдзæвин ирон ныхас: «Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг – Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори, Æмæ куы сæфай (ма зæгъæд ызнаг) – Дæуимæ сæфы дунейы истори». Нæ поэты интимон лирикæ зæрдæйы къуымтæ арф агайы, нæй йæ нымайæн хуымæтæджы хиирхæфсæн хъуыддагыл, уый у уды хъизæмæртты философи æмæ трагеди дæр… Таймуразæн йæ кæцыфæнды уацмыс дæр йæ чиныг «Фæсизæр»-ы у сæрмагонд æркасты, равзæрсты аккаг. «Зæгъæн ис: Хаджейы-фырт иунæг æмдзæвгæ «Фараст барæджы» йеддæмæ куы ницы ныффыстаид, уæддæр æрмæст уымæй дæр йæ бынат цæттæ уыдаид нæ поэзийы!», – фыста Цæрукъаты Алыксандр.

Цардау цардæй, зæгъæн ис, æмæ ницы федта Хаджеты Таймураз. Фæлæ æнамонд нæ уыд. Нæ уыд, уымæн æмæ йын æнæкæрон стыр æмæ цытджын хъуыддаг бантыст йæ цыбыр царды – поэты ном райста. Таймураз поэзийы арæнæй ничердæм фæцудыдта, йæ хорз курдиаты зæрдæхудты нæ бацыд, ирон аив дзырды раз æй æндæр хæрзтыл нæ баивта. Йæ курдиатджын зæрдæйы æхсыст аив дзырд ын хæсдзæн кад æмæ намыс æнæ искæй фæрсгæйæ.

Хаджейы-фыртæн Ирыстон уыд йæ сагъæс, йæ мæт, йæ хъыг. Йæ царды бæллиц – зæххыл куыд фæуæлахиз уа рæстдзинад, куыд фесæфой мæнгарддзинад æмæ фыдæх. Йе сфæлдыстады зынгæ бынат ахсынц уазондзинад, æрдзы нывтæ. Адæймаг æмæ æрдзы иудзинады уыны æгæрон тых, ныфс æмæ æнцойдзинад.

Хаджейы-фырты цардвæндаг цыбыртæй сныв кæнын æнцон нæу, уымæн æмæ йæ цыбыр царды, уый стыр сфæлдыстадон фæндæгтыл рацыд, бирæ сагъæстæ йын бантыст йæ зæрдæйы дадзинтæй ныффæрсудзын, бирæ йын бантыст йæ радтæг адæмæн уарзон ныхæстæ зæгъын æмæ ныффыссын.

Æрвон стъалыйы ферттывдау уыд йæ хъысмæт, æвæццæгæн æй никуы æрæвдæлд йæ абоныл, йæхи хæрзиуæгыл, йæ фидæныл ахъуыды кæнынмæ дæр, науæд цæмæн бахардз ис афтæ раджы йæ уды хъару, цæмæн раджы ахуыссыд йæ царды цырагъ! Хаджеты Таймураз зæххыл ныууагъта рæсугъд фæдтæ, зæлланггæнæг зарджытæ, буц хæлæрттæ, йæ зарджытæ йын къухæй къухмæ исынц Ирыстоны курдиатджын фæсивæд, зарынц сæ цæссыгимæ, йæ уды тæмæны уацары уæвгæйæ. Бирæ нырыккон поэтты сфæлдыстадыл ирдæй зыны йæ поэтикон тыхы æндæвдад.

Уæдæ, чиныг «Æрдхæрæны зарæг» уыдзæн æхсызгон лæвар, поэтикон дзырд ма кæй зæрдæ агуры, уыцы чиныгкæсджытæн.

Къудухты МАРИНÆ


Похожие записи:

ГЛАВНЫЕ НОВОСТИ 16.09.2021 в 10:27

Сергей Меняйло провел рабочую встречу с инвесторами

Врио Главы РСО-А Сергей Меняйло провел рабочую встречу с соучредителем ГК «ЭЛСИ» Николаем Агаркиным, генеральным директором

ОБЩЕСТВО 9.12.2021 в 08:04

Международный день борьбы с коррупцией

Ежегодно 9 декабря по инициативе Организации Объединенных Наций отмечается международный день

ОБЩЕСТВО 13.12.2021 в 15:22

В Северной Осетии 430 детей обучаются в кадетских классах

Глава Северной Осетии Сергей Меняйло в ходе “прямой линии”, которая прошла 1 декабря в эфире

ОБЩЕСТВО 27.09.2022 в 07:01

Михаил Пиотровский стал почетным профессором Северо-Осетинского государственного университета

В рамках «Дней Эрмитажа в РСО-А» в Северо-Осетинском государственном университете имени Коста Хетагурова прошла открытая лекция Михаила Пиотровского – доктора исторических наук, генерального директора Государственного Эрмитажа, члена президиума Российской академии наук.

ОБЩЕСТВО 24.07.2021 в 08:00

25 июля – 325-летие военно-морского флота России

Военно-морской флаг РФ, овеянный славой блистательных побед над врагами Отечества, гордо реял на Черном, Балтийском и Средиземном морях.

ГЛАВНЫЕ НОВОСТИ 2.09.2021 в 10:13

Три скорбных дня

В Беслане проходят памятные мероприятия, посвященные 17-й годовщине теракта в школе №1

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО