Абон ахæм рæстæг æркодта, æмæ æдзух нæ кæстæрты куы нæ хъахъхъæнæм, раст фæндагыл сæ куы нæ æфтауæм, æмбарæн куыст куы нæ кæнæм семæ, уæд сын тас у рæдыд фæндагыл æрлæууынæй.
Ууыл уыд сæ ныхас Экстремизм æмæ терроризмы ныхмæ къамисы экспертон советы æнæрадон æмбырды хайадисджытæн. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнæг æмæ цæстдарæг ведомствæты, стæй æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ.
Ныхас сæйрагдæр цыдис Уæрæсейы паддзахадон бындур æмæ иудзинад, йæ территорион æнæхъæндзинад фехалыны тыххæй провокацион акцитæ ма ʼруадзыны уæлæмхасæн мадзæлттыл, нæ кæстæрты рæдыд фæндагæй бахизыныл.
Куыд зонæм, афтæмæй исты террористон фыдбылыз куы ʼрцæуы, уæд уымæй арæх спайда кæнынц æдзæсгæмттæ æмæ сæ сæртæ сдарынц алырдыгæй. Æнæуый дæр тарст адæммæ æрвитынц алыхуызон информаци-фейктæ, тæрсын сæ кæнынц, се ʼнкъарæнтыл сын хъазынц. Кæм, цыма, чидæр халæн æрмæг сæвæрдта, кæм та террористтæ скъола, рæвдауæндон бацахсынмæ хъавынц, кæм зæххыл æппæрст предметты цыдæртæ бавæрдтой æмæ афтæ дарддæр. Мæскуыйы æрæджы цы фыдбæллæх æрцыди, уый фæстæ сын бынтон арт æмæ фæнык нал ис. Уæрæсейы иннæ регионтау, Ирыстоны цæрæг скъоладзаутæ дæр социалон хызты æбæрæг адæмæй исынц фæдзæхстытæ, цæмæй стыр æхцатыл террористон акттæ скæной.
Сывæллон куы нæ сразы вæййы, уæд та йæ фæтæрсын кæнынц. Зæгъæм, ныффыссынц æм: «Æз зонын, кæм цæрыс, æмæ дæ ссардзынæн», «Æрмæст дæу нæ фесафдзыстæм, фæлæ дæ хиуæтты дæр», «Тынг фæфæсмон кæндзынæ» æмæ афтæ дарддæр. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм хъусинæгтæ цæуынц Украинæйы регистрацигонд аккаунттæй.
«Ныртæккæйы уавæры фыдгæнджытæ сæ чъизи хъазты нæ сывæллæттæй спайда кæнынмæ хъавынц, æмæ нæ хъæуы къæрцхъус уæвын. Курæм дæн ныййарджыты, цæмæй сæ кæстæртимæ профилактикон ныхас кæной. Ахсджиаг у, цæмæй ахæм хъусинаг райсгæйæ, æвæстиатæй сæ ныййарджытæн фехъусын кæной. Уыдон та – барадхъахъхъæнæг оргæнтæм. Рæстæгыл райсгæ мадзæлттæ мах бахиздзысты фыдбылызæй», – дзурынц Ахуырад æмæ зонады министрады.
Æмбырды бакуыстой дарддæры архайды цалдæр пъланыл, кæцытæ здæхт сты информацион пропагандæйы ныхмæ æмæ ведомствæты æмархайд стыхджын кæнынмæ. Æркастысты æмæ хатдзæгтæ скодтой республикæйы цæрæг мигрантты куыст æмæ архайды тыххæй дæр.