Куыд зонæм, афтæмæй ирон номдзыд адæмон поэт, ирон аив литературæйы æмæ æвзаджы бындурæвæрæг, фыццаг ирон профессионалон нывгæнæг, зынгæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл 15-æм октябры æххæст кæны 165 азы. Æмæ та йæ бирæвæрсыг сфæлдыстады алыварс æрбамбырд кæндзæн, æнæкæрон уарзтæй кæй уарзта, уыцы адæмы.
Зынаргъ газеткæсджытæ, цы ног рубрикæ нæм фæзынд, «Къостайы райгуырды 165 азы бонмæ», зæгъгæ, уым та уын уæ размæ хæссæм, Къостайы номыл цы мадзал арæзт æрцыд, уый.
Ацы бонты Къостайы музейы къулыл фæзынд монументалон нывтæ. Æвдыст дзы æрцыд йæ цард æмæ сфæлдыстадæй скъуыддзæгтæ. Сарæзтой сæ Дзанайты Азанбеджы номыл нывкæнынады училищейы 3-аг курсы студенттæ, сæ ахуыргæнæг РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг Армен Гаспарянцимæ. Уый у училищейы зæрдиаг лæвар музейдзаутæн æмæ музейы кусджытæн Къостайы райгуырды 165 азы юбилейы фæдыл. Монументалон нывтæ арæзт æрцыдысты училищейы директор Хетæгкаты Асланы эскизтæм гæсгæ.
Ныридæгæн сыл аивадæн аргъгæнджытæ сæмбæлдысты тынг æхсызгонæй. Æрыгон нывгæнджытæн та уыд кады хос Къостайы номæн балæггад кæнын.
Хетæгкаты Къостайы ном мысынц æрмæст Ирыстоны дыууæ хайы нæ, фæлæ æппæт бæстæйы æмæ фæсарæнты дæр, ирон адæмы æхсæнaдтæ кæмдæриддæр ис, уым. Мысæм нæ цытджын, номдзыд поэты, æмæ зæлынц нæ зæрдæты йæ гениалон «Ирон фæндыр»-ы æнæмæлгæ уацмыстæ.
КЪУДУХТЫ Маринæ