ОБЩЕСТВО

НОГБОН

Зымæгон бæрæгбæттæй ирон адæмæн иууыл ахсджиагдæр у Ногбон. Æрцæуы куы мæйы дыууадæсæм, куы æртындæсæм, куы – цыппæрдæсæм бонмæ. Баст у хурхæтæнимæ. Хур ногæй «гуырын» куы райдайы (ома райдайы тынгдæр æндавын), бон та даргъ кæнын куы райдайы, уæд ацы астрономион фæзындтæн нæ рагфыдæлтæ лæвæрдтой стыр ритуалон нысаниуæг.

 

Уый сæ уагъта стыр ныфс, æмæ-иу хистæртæ хуымæтæджы не скуывтой: «Бон куыд даргъдæр кæны, афтæ адаргъдæр уæнт нæ цард, нæ амонд», «Рæстæг ног царды ʼрдæм акъул» æмæ афтæ дарддæр. Бон æрбацъæхтæ, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ размæ арт скодта. Хъæу-иу ныррухс, дæсгай æртытæ-иу арвы хъæбысмæ сæхи ивæзтой.

 

Арты стъæлфæнтæ æмæ æвзæгтæн дæр лæвæрдтой стыр нысаниуæг. Цас тынгдæр стъæлфæнтæ кодтаид арт, цас уыцы стъæлфæнтæ тынгдæр æрттывтаиккой æмæ калдтаиккой цæхæр, уыйас уыцы аз уыдаид амондджындæр æмæ бæркадджындæр. Хистæрæй-кæстæрæй-иу арты алыварс сæмбырд сты, фæсивæд «сой-сой» хъæргæнгæ æртытыл зылдысты. Арт-иу сыгъд куы фæци, уæд-иу хистæртæй исчи загъта, зæгъгæ, ацы арт куыд басыгъд, афтæ басудзæнт нæ фыдбылызтæ дæр, афтæ фесæфæнт не знæгтæ.

 

Ногбоны фынг цас бæркадджындæр уа, уыйас бæркадджындæр уыдзæн æнæхъæн аз дæр. Бæрæгбоны фынгыл сæйраг бынат ахста æртхурон – дынджыр дзаджджын гуы­дын. Уымæй хъуамæ бинонтæй алчидæр бахордтаид, искæмæн дæттын дзы не ʼмбæлд. Ногбоны сæрмагондæй æртыгай чъиритæ кодтой Сафайæн, Сæрызæдæн, Бынаты Хицауæн, къутутæн, фосæн. Бинонтæй хуыздæр æмæ амондджындæр къах кæмæн уыд, уый-иу скъæтты фосыл æрзылд.

 

Ногбон æхсæв хъæлдзæг бæрæгбон у. Фæсивæд-иу сæ уæлæ, куыд ничи сæ базыдтаид, афтæ алы дарæс скодтой æмæ хæдзæрттыл зылдысты заргæйæ: «Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Уæ лæг уын саг куыд амара, уæ ус уын тыр куыд ныййара, уæ басылы къух мæн куыд фæуа».

 

Бинонтæ-иу Ногбон бирæ фæбадтысты, райсомæй-иу сæ раздæр æддæмæ чи ахызт, уый æрбацыд лыстытæ, хъæмп, кæнæ хоры нæмгуытимæ æмæ-иу сæ хæдзары къуымты бапырх кодта, уал æмæ уал хорзы хæдзарыл æрцæуæд, зæгъгæ. Сылгоймæгтæ-иу хыссæйæ скодтой басылтæ: адæмы, фосы, сырдты хуызæттæ. Хæдзармæ арфæтæ кæнынмæ чи цыд, уыдонæн-иу дзы радтой.

 

Цыкурайы фæрдыг кæмæ уыд, уыдон-иу йыл сæхи фæдзæхстой, табу йын кодтой. Цыкурайы фæрдыг цы хæдзары уыд, уыдон ын кодтой фыснывонд, фысæн-иу йæ уæрыччы æргæвстой цыкурайы фæрдыджы номыл Бынатыхицауы æхсæвы. Фæрдгуытæн магион нысаниуæг кæй уыд, уыцы фæтк уыд астæуккаг æнусты алантæм дæр, – уый бæрæг у археологон æрмæгæй.

 

Ногбоны фæтк æмæ æгъдæутты функцитæй иу уыдис уыцы аз бæркадджын тыллæг райсыны тыххæй боныхъæдыл хъуыды кæнын. Суинаг азы цыхуызæн боныхъæд уыдзæн, уый-иу развæлгъау «бæрæг кодтой» алыхуызон æрдзон фæзындты руаджы. Къæвдатæ кæд æмæ цас уыдзæни, хурбонтæ кæд æмæ цас ахæсдзысты, дымгæтæ уыдзæн æви нæ, – уыдæттæ нымадтой хуымæтæг фæрæзты æххуысæй.

 

Ацы аз хъæздыг тыллæг æрзайыны хъуыддаг ирæттæ развæлгъау бæрæг кодтой, зымæджы мит цас æруардзæн, уымæй. Кæд бирæ мит æруара, уæд халсар хорз уыдзæн, уымæн æмæ зæхх уымæладæй бафсæды. Бæрæг ма йæ кодтой стъалыты æмæ мæйы уавæрмæ гæсгæ дæр. Зæгъæм, кæд Ногбон мæйзæрондмæ æрæййафа, уæд уыцы аз хор тугыл аскъуыйдзæн.

 

Афæдзы дæргъы боныхъæд цахæм уыдзæн, уый та нымадтой мæйы фыццаг дыууадæс боны боныхъæдмæ гæсгæ: 1-æм январы цахæм боныхъæд уа, æгас январы дæр уыдзæн ахæм боныхъæд; 2-æм январы цахæм боныхъæд уа, февралы мæйы дæр уыдзæн ахæм æмæ афтæ дарддæр.

 

Развæлгъау боныхъæд бæрæг кæныны ахæм æнгас фæрæзтæ зындгонд сты бирæ европæйаг æмæ азиаг адæмтæм дæр.

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 10.07.2021 в 08:01

Еще раз о языке

На всей территории России русский язык признан государственным, языком межнационального общения.

ОБЩЕСТВО 24.04.2018 в 10:15

Читать модно

Еще полезно, интересно, уютно, приятно. Нужно. Можно найти массу эпитетов, чтобы рассказать о ценности, вернее, о бесценности книги.

ОБЩЕСТВО 25.06.2019 в 10:58

Вперед, к развитию сотрудничества!

21 июня в столице Северной Осетии состоялась Международная конференция «Развитие торгово-экономического сотрудничества между

ОБЩЕСТВО 12.03.2022 в 08:20

Помощь Донбассу

Северная Осетия продолжает оказывать гуманитарную помощь жителям Луганской и Донецкой народных республик. По поручению Главы РСО-А Сергея Меняйло несколько тонн важного груза собрали на днях в Администрации местного управления города Владикавказа.

ОБЩЕСТВО 21.01.2020 в 11:06

Полковник от бога… бога войны

Богом войны окрестили в военную пору артиллерию. И по праву.

ОБЩЕСТВО 19.02.2018 в 10:54

Обращение Олега Белавенцева в связи с трагедией в Кизляре

Полномочный представитель Президента Российской Федерации в Северо-Кавказском федеральном округе Олег Белавенцев выступил с обращением

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО