ОБЩЕСТВО

СÆ АИВАД АБОН ДÆР У ÆВИДИГÆ

Иры рухстауджыты тыххæй

 

Алы адæмыхатт дæр сæрыстыр вæййы, йе ʼхсæнæй цы разагъды лæгтæ рацæуы, уыдонæй. Уæлдайдæр та, адæмы æхсæнмæ ахуырады рухс чи фæхæссы, ахæмтæй. Ивгъуыд æнусты ирон адæмы æхсæнæй цæуын байдыдтой ахуыргæнджытæ, сауджынтæ, афицертæ. Уыцы интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæн кæд сæ фылдæр дины кусджытæ уыдысты, уæддæр сæ ахадындзинад зынгæ уыд ирон адæмы æхсæнадон хиæмбарындзинад æмæ культурæ дарддæр рæзын кæныны хъуыддаджы. Сæхи хъæппæрисæй архайдтой адæмы æхсæн рухсдзинад тауыныл, скъолатæ гом кæныныл, тæлмац кодтой ирон æвзагмæ чингуытæ.

 

Ирон адæм фæзæгъынц, зæгъгæ, ком фидауы йæ мæсгуытæй, адæмыхатт йæ фарны лæгтæй. Комы мæсгуытæ дæр фарны лæгты фæрцы амад æрцæуынц, адæмыхатт дæр уыдон скадджын кæнынц. Царды æппæт дæр æнцой кæны фæрнджын адæмы хид æмæ удвæллойыл, зонд æмæ рæсугъд тырнындзинадыл.

 

Адæмы хъæр аив фæндагыл аразынц фæрнджын лæгтæ æмæ уыдонæй хъуаг никуы уыдысты ирон адæм. Уый зыны сæ дунембарынадыл, сæ хорз удыхъæдыл, нæ иумæйаг царды мидисджын æгъдæуттыл.

 

Ирон адæм цыфæнды зын уавæрты дæр сæхи ивазынц сæ фарны лæгты хорз хъуыддæгтæм, уый фæрцы сæ адæймагдзинад, сæ зондахаст хуыздæр кæны.

 

Ирыстонæн стыр хæрзты чи бацыд, уыцы зондджын æмæ куырыхон адæмы фæнды зонын нæ абоны æрыгон фæлтæры, стæй сæ фæнды зонын, цы сфæлдыстадон бынтæ ныууагътой, уыдон дæр.

 

Æгъуызаты Иуанейы, Колыты Аксойы, Мамсыраты Темырболаты, Хетæгкаты Къостайы, Гæдиаты Секъайы, Æмбалты Цоцкойы, Гæдиаты Цомахъы, Коцойты Арсены æмæ иннæты цард æмæ сфæлдыстад дзæвгар иртæстгонд у. Нæ фысджыты литературон фæллæйттæ, æмткæй райсгæйæ, тынг бирæ сты æмæ сæ ахадындзинад дæр у æгæрон.

 

Сæ аивад абон дæр у æвидигæ æмæ актуалон. Гъе, уымæн сæ цымыдисæй кæсынц æрыгæттæ дæр æмæ хистæр кары адæм дæр.

 

Стыр мысинаг сты махæн, ирон адæмæн, нæ разагъды лæгтæ – рухстауджытæ. Уымæн æмæ уыдон фæхаттысты цырагъдарæй Ирыстонæн, сæ уарзон адæмæн. Мæгуыр ирон адæмы хохы цъассытæй ракодтой ахуырады уæрæх фæндагмæ.

 

Уымæ гæсгæ Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азмæ нæ республикæйы арæзт æрцыд конкурс — «Ирыстоны фыццаг ахуыргæнджытæ-рухстауджытæ». Архайджытæ-æрмдæснытæ сарæзтой скульптурæтæ, кæцыты снывæзтой сæ ахуыргæнджыты. Куыд зонæм, афтæмæй уыдон æрмæст зонындзинæдтæ нæ лæвæрдтой, фæлæ ма æххуыс кодтой скъолатæ æмæ дæрддзæф хæххон хъæутæм фæндæгтæ аразынмæ.

 

Æркасты архайджыты куыстытæн аргъ кодтой культурæйы министрады æмæ епархийы минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ, уæлахиздзаутæ систы: фыццаг бынат — Къорнаты Аланæн, дыккаг бынат – Цхуырбаты Олег, æртыккаг бынаты хицау та сси Черчесты Тамерлан. Зæрдиагæй сын арфæ кæнæм!

 

Нæ разагъды лæгтæн сæ зæрдæты рухс цырагъ никуы ахуысдзæн, цалынмæ ирон æвзагыл иунæг дзурæг уа, уæдмæ…

 

Æгъуызаты Иуанейæн нæм йæ ном, йæ царды хабæртты фидиуæг цы чингуытæ хъуамæ фæуыдаиккой, уыдон зæххыл нæма уыдысты, йæхæдæг уыд се сфæлдисæг, йæхæдæг лæууыд ирон чиныджы авдæны уæлхъус… йæхи та не ʼвдæлд йæ хабæрттæ фыссынмæ – йæ мæгуыр адæмæн уал кæсын – фыссын бацамоныныл архайдта.

 

Ирон фысджытæй фыццагдæр йæ цардвæндаг йæхæдæг æрфыста Æгъуызаты Иуане 45-аздзыдæй. Уымæ гæсгæ нын бæлвырдгонд сты йæ ахуыры азтæ æмæ рухстауæн куыст. Иуанейæн йæ мыггаг уыд Гæбæратæй, Залдайы хъæуæй рацæуæг. Йæхи хуыдта Æгъуызатæй, Цæразонты къабазæй рацæуæг паддзæхты мыггагæй. Райгуырд 1775 азы.

 

Куыд зонæм, афтæмæй фыццаг чингуытæ уыдысты аргъуаны чингуытæ. Ирон адæммæ XVIII–XIX æнусты фæзынд сæхи сауджынтæ, æмæ уыдоны руаджы диныл уырнынады чингуытæ хæццæ кодтой тæлмацгондæй ирон адæммæ.1820–1823-æм азты Иуане гуырдзиаг æвзагæй иронмæ ратæлмац кодта цыппар Евангелийы дæр (Ног фæдзæхст). Евангелийыл кусгæйæ, кастис æй ирон хъæуты æмæ йын бæрæг кодта йæ хъæнтæ.

 

Ныры уавæрты чиныг раивын ирон æвзагмæ диссаг никæмæ фæкæсдзæн, фæлæ уæды уавæрты уый сгуыхтдзинад уыд удварны хъуыддаджы.

 

Æгъуызаты Иуане сæвæрдта бындур ирон литературон фыссынады традицитæн дæр. Гуырдзиаг дамгъуаты бындурыл сарæзта фыццаг ирон алфавит. Хуындис хуцури. Фыццаг ирон Абеты чиныджы автор дæр у Иуане, сарæзта йæ 1821 азы. Чиныгмæ бахаста цыбыр, диныл фыст радзырдтæ.

 

Нæ куырыхон рухстауджытæн сæ зынгæдæртæй иннæ уыд Колыты Аксо. Уый йæ цард, йæ зонд снывонд кодта ирон адæмæн, ирон æвзагæн.

 

Ирыхъæуы аргъуаны кæрты, ныгæд кæм æрцыд, уым йæ цыртыл сыгъзæрин дамгъæтæй фыст уыдис: «Рухсаг у, рухсаг! Æгас Ир дæ бузныг стæм». Æрмæст уыцы ныхæстæ дæр сты цымыдисаг, Колыты Аксо цавæр лæг уыд, ирон адæм дзы афтæ бузныг цæмæй сты, зæгъгæ.

 

Аксо райгуырди 1822 азы кæрон Дзæуджыхъæуы горæты, Ирыхъæуы. йæ амæлæты бонмæ Колыты Аксо сауджыны куыстимæ уыциу фæдыл кодта ахуыргæнæджы куыст дæр. Арæх-иу ын йæ куысты фæдыл æрцыди дард хохаг хъæутæм цæугæ. Иуахæмы фæндагыл суазал сты йæ рæуджытæ, æмæ1866, йæ тæккæ лæджы кары уæвгæйæ, амард.

 

Колыты Аксо стыр бавæрæн бахаста ирон культурæмæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, у йæ бындурæвæрджытæй иу.

 

Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæн зарджытæ схонæн нæй, фæлæ хъарджытæ. Уымæн æмæ уыдон сты æфхæрд зæрдæйы мыртæй конд, сæ сæйраг мидис у адæмы маст æмæ æнамонддзинад. Темырболатæн йе сфæлдыстад у æнæхъæн трагеди, æмæ йыл зарджытæ нывæндгæйæ æцæгæлон зæххыл ссардта йæ адзал.

 

Цыбыр уыд йæ зæххон цард. Æдæппæтæй – фæндзай цыппар азы! Фæлæ уый хыгъд æнæкæрон даргъ у йе сфæлдыстадон фæндаг. Æнус æмæ æрдæджы сæрты ахызт йæ кады ном. Æдзард поэт кæд йе сфæлдыстадæй ирон литературæйы бындуры фыццаг дуртæ не ʼрæвæрдта, кæд хъысмæты азарæй нæ сарæзта традицитæ, уæддæр æй бæлвырд фæхъæздыгдæр кодта. Йæ къухы бафтыд æнæхъæн историон дуг равдисын, æппæт Кавказы адæмты, уыимæ ирон адæмы трагикон хъысмæт, саразын диссаджы ирд фæлгонцтæ, алыхуызон характертæ. Йе ʼмдзæв­гæтæй нæм æрбауылæн кодта æнæкæрон уарзт ирон дзыл­лæмæ.

 

Бацæттæ кодта КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 14.10.2017 в 10:04

Отходы – в доходы

Расхожая фраза, почти стихи, на деле же – все гораздо прозаичнее.

ОБЩЕСТВО 2.02.2023 в 08:32

«Единая Россия» представила изменения в народной программе

В документе теперь официально закреплен раздел «Развитие новых регионов»

ОБЩЕСТВО 4.10.2022 в 07:00

Мамытты Ранетæ: «Адæймаг сывæллæттыкуынæ уарза, уæд скъолайы ма хъуамæ куса»

Рагон грекъаг зынгæ философ Сократы хъуыдымæ гæсгæ, ахуыргæнæг йæ курдиат райсы Хуыцауæй. Абон уын мæ уацы цы диссаджы уæздан сылгоймаджы кой ракæнынмæ хъавын, уымæн дæр ахуыргæнæджы курдиат Хуыцауæй ратгæ у.

ОБЩЕСТВО 11.03.2022 в 19:06

Перспектива страны

В СОГУ наградили лауреата молодежной премии в области науки «Бесконечность»

ОБЩЕСТВО 9.09.2022 в 20:11

Не терплю несправедливости…

С Галиной Ульяновной Семенюк мы знакомы уже много лет как по-соседски, так и по совместной общественной работе в городском Совете ветеранов, где она является организатором секции блокадников, иначе говоря, немногочисленной группы наших сограждан, переживших ужас блокады Ленинграда.

ОБЩЕСТВО 30.11.2023 в 08:00

Алан Багиев: в «Яндекс переводчике» в 2024 году появится осетинский язык

Хорошую новость сообщил министр РСО-А по национальной политике и внешним связям Алан Багиев в ходе встречи с журналистами. Запуск осетинского переводчика планируется к марту следующего года. Он станет первым среди регионов СКФО.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО