ОБЩЕСТВО

ССАРДТА ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ЙÆХИ БЫНАТ

Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт, прозаик, тæлмацгæнæг æмæ критик Хуыгаты Сергейыл сæххæст 90 азы

 

Хуыгаты Зауырбеджы фырт Сергей райгуырдис 1933 азы 15 майы Хуссар Ирыстоны Хуыгаты хъæуы. Райдайæн ахуыр райста йæ райгуырæн хъæуы. 1944 азы Хуыгаты бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Тарскæйы хъæуы. Ам Сергей 1950 азы каст фæци астæуккаг скъола æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты историон-филологон факультетмæ.

 

Институты фæстæ Хуыгайы-фырт куыста Дагестаны, стæй та Цæгат Ирыстоны скъолаты ахуыргæнæгæй. Уыцы иу рæстæг фæсаууонмæ ахуыр кодта М. Горьки­йы номыл Литературон институты. 1965 –1971 азты уыд Цæгат Ирыстоны телестудийы редактор. 1981 азæй суанг 2021 азмæ куыста чиныгуадзæн «Ир»-ы аивадон æмæ сывæллæтты литературæйы хайады хистæр редакторæй. Хуыгаты Сергей сфæлдыстадон куыст кæнын райдыдта ивгъуыд æнусы фæндзайæм азты.

 

1962 азы уæды æрыгон поэттæн Джыккайты Шамил, Ходы Камал æмæ Хуыгаты Сергейæн джиппы рацыд æмдзæвгæты иумæйаг чиныг «Бонвæрнон». Уый фæстæ хицæн чингуытæй – йæ уацау «Æхсырласæг», «Фæндаджы мæт» (æмдзæвгæтæ), «Хурвæндаг (радзырдтæ æмæ уацау), «Зарæг баззадис мемæ» (радзырдтæ æмæ уацау), «Ацы хъарм хуры бын» (роман æмæ уацау), «Уый дын Хепа» (юмористон радзырдтæ), «Уацаутæ», «Урс изæртæ» (радзырдтæ æмæ уацау), «Нарты Фарнæг» (роман æмæ радзырдтæ), «Хуры рæгъ» (æмдзæвгæтæ), «Сæнæфсиры цупæлттæ» (радзырдтæ æмæ уацаутæ).

 

Кæд Сергей литературæйы стыр фæзынд у, куыд прозаик, афтæ, уæддæр стыр бынтæ скодта поэзийы дæр. Уый ирдæй рабæрæг йе ʼмдзæвгæты æмбырдгонд «Хуры рæгъ»-ы дæр. Поэтæн йæ дзуринæгты сæйрагдæр у Ирыстон, ирон æвзаг, хур, Къоста… Ирыстонæн кæд тынг бирæ сарæзта, уæддæр дзы йæхи хæсджын хоны:

 

Æмæ Ирæй цы хæс дарын,

Уый мыл уадзы йæ уæз, –

Бонырухс æмæ ʼхсæвдары

Хатын ме ʼнæнцой æз.

 

Хуыгаты Сергейы сфæлдыстадыл æнæкæрон бирæ дзурæн ис. Бирæ сты йæ курдиатæн табугæнджытæ. Уый рабæрæг æрæджы, фыссæджы 90 азы юбилей бæрæг кæныны рæстæджы.

 

Уыцы бон Дзӕуджыхъӕуы центрон чиныгдонмæ æрбацыдысты сфæлдыстадон кусджытæ, æхсæнадон архайджытæ, студенттæ, скъоладзаутæ, йæ чиныгкæсджытæ, Хуыгаты бæзджын мыггаджы минæвæрттæ.

 

Кадджын мадзал байгом кодта, фембæлд кæй хъæппæрисæй æрцыд арæзт – библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Дзугаты-Мурасты Риммæ. Уый цыбырæй радзырдта Сергейы цард æмæ сфæлдыстадыл. «Сергей у, мæнæ уырыссагау куыд фæзæгъынц, «Народное достояние», зæгъгæ, уыдонæй. Уыдон та сты иугай адæймæгтæ. Сергейы хуызæн цæстуарзон, æнæхин адæймæгтæ бирæ нæй. Йæ уацмыстæ дæр сты ахæм æвзагæй фыст, кæцы никæимæ иу кæны. Чиныгкæсæджы зæрдæмæ фæндаг раджы ссардтой. Стыр бузныг зæгъын мыхуыры кусджытæн дæр, йæ юбилеймæ йæ номыл бирæ æрмæджытæ кæй рауагътой, уый тыххæй».

 

Уый фæстæ библиотекæйы кус­джыты номæй æртæ чъири æмæ бæгæныйы кæхцæй юбилярæн скуывта ирон театры актер Цæриаты Валери.

 

Хуыгайы-фыртæн, фыццаджыдæр, арфæ ракодтой, æнусы æмбис кæм фæкуыста, «Ир»-ы уыцы рауагъдады кусджытæ. Æнæхъæн коллектив – сæ сæргъы сæ директор Боцуаты Алан æмæ сæйраг редактор Быгъуылты Мæдинæ, афтæмæй зæрдиаг фæндиæгтæ загътой юбилярæн æмæ йын радтой зæрдылдарæн лæвар, стæй нæ республикæйы парламенты Сæрдар Тускъаты Таймуразы номæй Кады гæх­хæтт.

 

Тарскæйы хъæубæсты минæвæрт­тæ æмæ скъолайы ахуырдзаутæ сæ зындгонд хъæуккагæн арфæ ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ цалдæр зарæгæй. Сергей кæд Хуссар Ирыстоны райгуырд, уæддæр дæсаздзыдæй фæстæмæ схъомыл Тарскæйы хъæуы.

 

«Æппындæр курдиаты тæваг кæмæ нæй, уыдон дæр сæ риутæ хойынц, æппæлынц сæхицæй, цыма генитæ сты, уыйау, бырсынц цæдисмæ. Фæлæ Сергей уыдонæй нæу. Ныггуыбыр кодта æмæ кусы æнæ уæлдай ныхæстæй. Æнтысгæ дæр ын уымæн бирæ бакодта. Уыимæ баззад уыцы хуымæтæг æмæ зæрдæхæларæй. Дæ къухы ма бирæ бафтæд æмæ нын сæдæ азы сæрæй ахиз», – загъта Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн.

 

Ахуыргонд Цыбырты Людвиг Сергейы сфæлдыстадæй сæйрагдæрыл æрлæууыд йæ роман «Нарты Фарнæг»-ыл. «Сергей ацы роман йеддæмæ куы ницы ныффыстаид, уæддæр ирон литературæйы историйы йæ ном баззадаид. Уый фольклоры жанры ахæм хорз уацмыс снывæзта æмæ нæ фыдæлты цард нæ цæсты раз сысты. Æрмæст уый тыххæй дæр ын мæ сæрæй ныллæг кувын. Арфæйаг хъуыддаг сарæзта йæ фырт, филологон зонæдты доктор, фыссæг Хуыгаты Ирлан дæр, ацы уацмыс уырыссаг æвзагмæ кæй ратæлмац кодта æмæ ма дзы пьесæйы вариант дæр кæй сарæзта, уый тыххæй».

 

Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хъазиты Мелитоны номæй фыссæгæн арфæ ракодта поэт Кокайты Тотрадз.

 

Ветеранты советы номæй юбилярыл майдан «Хæсты сывæллæттæ» бакодта йæ сæрдар Лалыты Левæ. Уымæй дарддæр, юбиляры номыл æрбацыд бирæ арфæйы гæххæттытæ, дипломтæ, лæвæрттæ республикæйы алы рæттæй.

 

Стыр кад скодтой сæ зындгонд æрвадæн Хуыгаты кадджын мыггаг. Мыггаджы номæй Сергейæн, стæй изæры архайджытæн зæрдæбын арфæ ракодта мыггаджы советы сæрдар Хуыгаты Спартак æмæ юбилярæн бакодтой зынаргъ лæвæрттæ. Уæдæ йын рестораны æртæ чъирийæ дæр Хуыгаты лæппуты хъæппæрисæй акуывтой.

 

Изæры сæ аивад равдыстой зарæггæнджытæ Хуыгаты Ибрагим, Персаты Тамарæ, Куындыхаты Мурат, Сывæллæтты сфæлдыстадон эстетикон къорд æмæ иннæтæ.

 

Кадджын мадзалмæ чи æрбацыд æмæ йын ахæм кад чи скодта, уыдонæн зæрдæбын бузныг загъта Сергей æмæ бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ Къостайы тыххæй.

 

Куыд фæзæгъынц, зæгъгæ, лæг, дам, йæ царды бонты хъуамæ ныссадза бæлас æмæ схъомыл кæна фырт. Хуыгаты Сергейы къухы уыдон уæлдайджынтæй бафтыдысты. Йæ бинойнаг Нартыхты Наташæимæ схъомыл кодтой тæхудиаджы æртæ кæстæры. Се ʼппæт дæр райстой уæлдæр ахуырад. Йæ фырт Ирлан у зынгæ ахуыргонд, филологон зонæдты доктор, профессор. Уæдæ, Сергейæн та ирон литературæйы йæ бæркæдтæн кæрон дæр кæй нæй, уый та уынæм нæхи цæстæй, æмæ ма дын ноджы фылдæр бантысæд!

 

Бацæттæ кодта Къудухты Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 14.09.2023 в 09:52

«Солдатский хлеб»

В дошкольных образовательных учреждениях и школах Владикавказа проходит акция «Солдатский хлеб». В ней приняли участие дети из ДОУ №47, 176 и СОШ №33 им. З. Калоева.

КУЛЬТУРА 18.02.2023 в 08:56

«Родной язык – народа достояние»

Под таким названием в стенах Северо-Осетинского педагогического колледжа прошел вечер, приуроченный к Международному дню родного языка.

ОБЩЕСТВО 17.07.2021 в 09:02

Даргавская дилемма

Казалось бы, резко возросший в последние годы поток туристов в Северную Осетию по ряду объективных и субъективных причин должен нас, жителей республики, только радовать.

ОБЩЕСТВО 18.03.2022 в 19:12

Мариуполю – от Северной Осетии

По поручению Главы РСО -А Сергея Меняйло в город Мариуполь Донецкой народной республики отправлена очередная гуманитарная помощь.

ОБЩЕСТВО 28.02.2023 в 08:38

ЙÆ УАЦМЫСТЫ ИРДÆЙ ЗЫНЫНЦ НÆ ИСТОРИ, НÆ ФЫДÆЛТЫ ЦАРД…

Джыккайты Шамилы райгуырдыл сæххæст 83 азы

ОБЩЕСТВО 8.12.2022 в 10:00

Сарæзта ирд æмæ зæрдæмæхъаргæ сурæттæ

Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон драматурги фæзынд дыууынæм азы тæккæ райдайæнты номдзыд фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Брытъиаты Елбыздыхъойы фæрцы. Æцæг уымæй размæ стыр ирон поэт Къоста ныффыста драмæ «Дуня», фæлæ уый ницыбæрæг скуыста ирон фидæны сценæйæн, уымæн æмæ фыст у уырыссагау, стæй дзырд цæуы уырыссаг цардыл.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО