ОБЩЕСТВО

Стыр мысинаг сты ирон адæмæн

Алы адæм дæр сæрыстыр вæййынц, се ‘хсæнæй цы разагъды лæгтæ рацæуы, уыдонæй. Уæлдайдæр та, адæмы размæ ахуырады рухс чи фæхæссы, ахæмтæй. Ивгъуыд æнусты ирон адæмы æхсæнæй цæуын байдыдтой ахуыргæнджытæ, сауджынтæ, офицертæ. Уыцы интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæн кæд сæ фылдæр дины кусджытæ уыдысты, уæддæр сæ ахадындзинад зынгæ уыд ирон адæмы æхсæнадон хиæмбарындзинад æмæ культурæ дарддæр рæзын кæныны
хъуыддаджы. Сæхи хъæппæрисæй архайдтой адæмы æхсæн рухсдзинад тауыныл, скъолатæ гом кæныныл, тæлмац кодтой ирон æвзагмæ чингуытæ.

Æгъуызаты Иуане, Колыты Аксо, Мамсыраты Темырболат, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Æмбалты Цоцко, Гæдиаты Цомахъ, Коцойты Арсены цард æмæ сфæлдыстад дзæвгар иртæстгонд у. Нæ фысджыты литературон фæллæйттæ, æмткæй райсгæйæ, тынг бирæ сты æмæ сæ ахадындзинад дæр у æгæрон.

Уыцы раззагдæр адæмы зынгæдæртæй сæ фыццаг уыди Иры номдзыд рухстауæг Æгъуызаты Иуане.

Æгъуызаты Иуанейæн нæм йæ ном, йæ царды хабæртты фидиу
цы чингуытæ хъуамæ фæуыдаиккой, уыдон зæххыл нæма уыдысты, йæхæдæг уыд се сфæлдисæг, йæхæдæг лæууыд ирон чиныджы авдæны уæлхъус… Йæхи та не ‘вдæлд йæ хабæрттæ фыссынмæ – йæ мæгуыр адæмæн уал кæсын-фыссын бацамоныныл архайдта.

Ирон фысджытæй фыццагдæр йæ цардвæндаг йæхæдæг æрфыста Æгъуызаты Иуане 45-аздзыдæй. Уымæ гæсгæ нын бæлвыргонд сты йæ ахуыры азтæ æмæ рухстауæн куыст. Иуанейæн йæ мыггаг уыд Гæбæратæй, Залдайы хъæуæй рацæуæг. Йæхи хуыдта Æгъуызатæй, Цæразонты къабазæй рацæуæг паддзахты мыггагæй. Райгуырд 1775 азы. Йæ сабийы бонтæ бæрæг не сты, фæлæ, йæхи ныхæстæм гæсгæ, æрыгонæй афтыд Калакмæ, æмæ йæ ам паддзах Ерекъле ахуыр кæнынмæ радта гуырдзиаг сауджын Карумидземæ. Дины скъолаты Иуане фæцахуыр кодта 15 азы бæрц, зонгæ кодта философи æмæ æвзагзонынадимæ. Паддзах Ерекъле бæргæ бавæрдта зæрдæ Иуанейæн, йæ ахуыры фæстæ дæр ын кæй баххуыс кæндзæн йæ дарддæры цардвæндаджы, фæлæ паддзах æнæнхъæлæджы амард, æмæ «баззадтæн мæхи бар, мæхи куыстæй цæргæйæ», фыста Иуане.

Куыста ахуыргæнæгæй Душеты, тæлмацгæнæгæй, Гуырдзыстоны уырысы паддзахæн цы хицæуттæ уыд, уыдонмæ.

Иуане уыд зæрдиаг патриот. Уый Хуссар Иры хъæутыл зылди, амыдта адæмæн, цæмæй уырысы æфсады ныхмæ тохы сæрыл ма слæууой, фыдбылызæй сæхи бахизой. Уый барджын хъæлæсæй домдта хицæуттæй, цæмæй ирон адæм хъыгдард æмæ æфхæрд ма цæуой. Арæх-иу бацыд хицæуттæ æмæ мæгуыр адæмы быцæуты æхсæн. Йæ фæрцы-иу се ‘хсæн тугкæлдтытæ не ‘рцыд.

Иуане йæ царды бæрзонд æмæ рæсугъд нысаныл нымадта ирон дзыллæмæ хæхты цъассытæм ахуырдзинады цырагъ бахæссын. Уыцы цырагъ та, йæ раст хъуыдымæ гæсгæ, уыдис чиныг.

Куыд зонæм, афтæмæй фыццаг чингуытæ уыдысты аргъуаны чингуытæ. Ирон адæммæ 18-19 æнусты фæзынд сæхи сауджынтæ, æмæ уыдоны руаджы диныл уырнынады чингуытæ хæццæ кодтой тæлмацгондæй ирон адæммæ. 1820-1823-æм азты Иуане гуырдзиаг æвзагæй иронмæ ратæлмац кодта цыппар Евангелийы дæр (Ног фæдзæхст). Евангелийыл кусгæйæ, кастис æй ирон хъæуты æмæ йын бæрæг кодта йæ хъæнтæ.

Ныры уавæрты чиныг раивын ирон æвзагмæ диссаг никæмæ фæкæсдзæн, фæлæ уæды уавæрты уый сгуыхтдзинад уыд удварны хъуыддаджы.

Æгъуызаты Иуане сæвæрдта бындур ирон литературон фыссынады традицитæн дæр. Гуырдзиаг дамгъуаты бындурыл сарæзта фыццаг ирон алфавит. Хуынд хуцури. Фыццаг ирон Абеты чиныджы автор дæр у Иуане, сарæзта йæ 1821 азы. Чиныгмæ бахаста цыбыр, диныл фыст радзырдтæ.

Уымæн хъуыд стыр уарзондзинад, ома ахæм хъуыддагмæ йæ ныфс чи бахастаид, уый хъуамæ æгæрон бирæ уарзтаид йæ адæмы дæр æмæ йæ мадæлон æвзаг дæр. Иуанемæ разынд уыцы уарзондзинад æмæ уыцы ныфс, йæ ном ын мыггагмæ мысинаг дæр уымæн хонæм. Уый йæ уарзондзинад æмæ йæ ныфсхастæй бакодта сгуыхтдзинад нæ адæмы культурæйы историйы æмæ йæ нæ адæм мыггагмæ дардзæн йæ зæрдыл, куыд йæ фыццаг рухстауæджы, йæ зæрдиаг хъæбулы.

Иуане канд тæлмацгæнæг æмæ рухстауæг нæ уыд, фæлæ «Æлгъуызы кадæджы» автор. Уацмысы къухфыст мыхуыры фыццаг хатт рауагътой гуырдзиаг ахуыргæндтæ Гамрекъели æмæ Джанашвили гуырдзиаг æвзагыл 1885 æмæ 1897 азты. Фыццаг хатт поэмæ «Æлгъуызы кадæг» ирон æвзагмæ ратæлмац кодта ирон культурæйы архæйæг Ханыкъаты Никъа, 1962 азы поэт Бестауты Гиуæргийы тæлмацæй.

Равдыста дзы Ир æмæ Кæсæджы паддзах Алгъуызы хъабатыр фæлгонц.

Æгъуызаты Иуане арф фæд ныууагъта ирон литературæйы историйы. Мæнæ куыд загъта уый фæдыл Джусойты Нафи: «Искуы Ирыстоны æнæмæнг уыдзæн хицæн цытджын фæзуат, Иры аивады сгуыхт архайджыты скульптурон фæлгонцтæ кæм уой ныхасы бадæгау стыр къордæй. Уыцы ныхасы барджын бынат уыдзæн Æгъуызаты Иуанейы фæлгонцæн, йæ ном та – фидæны ирæттæн мыггагмæ мысинаг». Æмæ чи зоны, уыцы рæстæг дæр æрцæудзæн.

Нæ куырыхон рухстауджытæн сæ зынгæдæртæй иннæǽ уыд Колыты Аксо. Уый йæ цард, йæ зонд снывонд кодта ирон адæмæн, ирон æвзагæн.

Ирыхъæуы аргъуаны кæрты, ныгæд кæм æрцыд, уым йæ цыртыл сыгъзæрин дамгъæтæй фыст уыдис: «Рухсаг у, рухсаг! Æгас Ир дæ бузныг стæм». Æрмæст уыцы ныхæстæ дæр сты цымыдисаг, Колыты Аксо цавæр лæг уыд, ирон адæм дзы афтæ бузныг цæмæй сты, зæгъгæ.

Аксо райгуырди 1822 азы кæрон Дзæуджыхъæуы горæты, Ирыхъæуы. Йæ фыд Бесо у Мамысонæй рацæугæ. Аксойы фыд хохæй  Дзæуджыхъæумæ кæд ралыгъд, уый бæлвырд нæу, æрмæстдæр 1819 азы Ирыхъæуы цæрджыты номхыгъды ис ахæм бæрæггæнæн, мæгуыр хохаг лæг Колыты Бесо Ирыхъæуы аргъуангæс кæй уыд.

Райдиан ахуырдзинад Аксо райста Дзæуджыхъæуы дины скъолайы. Колыты Аксо уыди уыцы скъолайы фыццаг ахуырдзаутæй иу. Скъола каст куы фæци, уæд æй йе стыр зæрдæргъæвддзинады тыххæй арвыстой Тифлисы дины семинармæ. Уым Аксо ахуыр кодта дины ахуырад, философи, литературæ, физикæ, æмæ адæмы истори, латинаг, бердзенаг, уырыссаг æмæ ирон æвзæгтæ. Æппæт предметтæй дæр Аксо иста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ.

Семинар каст куы фæци, уæд Аксойы рарвыстой Дзæуджыхъæумæ, йæхæдæг кæм ахуыр кодта, уыцы дины скъоламæ инспекторæй æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй. Фæстæдæр уыди Ирыстоны дины скъолайы директор.

Каст куы фæци, уæдæй йæ амæлæты бонмæ Колыты Аксо сауджыны куыстимæ уыциу фæдыл кодта ахуыргæнæджы куыст дæр. Арæх-иу ын йæ куысты фæдыл æрцыди дард хохаг хъæутæм цæугæ. Иуахæмы фæндагыл суазал сты йæ рæуджытæ, æмæ1866, йæ тæккæ лæджы кары уæвгæйæ, амард.

Ирыстон феодалон паддзахы уæззау колониалон æфсондзы бын куы уыди, уыцы дуджы ирон адæмы æхсæн фыццагдæр ахуыры, рухсы тынтæ тауын байдыдта Колыты Аксо.

Уыцы заманы уавæрты йын цы амал уыди, уымæй архайдта, цæмæй Ирыстоны гом кæной фылдæр скъолатæ, æмæ сæм хауа ирон фæллойгæнджыты цот. Рæдыд нæ уыдзæн, XIX æнусы 50-60-æм азты ирон хохаг хъæуты цы скъолатæ фæзынд, уыдон байгом кодтой Колыты Аксойы сæрмагонд архайды æмæ хъæппæрисы фæрцы, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд. Зынгæ ирон фыссæг Гæдиаты Секъа 1913 азы журнал «Чырыстон дин»-ы дыккаг номыры афтæ фыста уый тыххæй: «Аксо хорз зыдта ирон адæмы. Æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадти, Ирыстоны къуымты зæрватыккау ратæх-батæх кодта, цæмæй сиу кодтаид… армадзаг æмæ хæлиугонд  ирон адæмы, цæмæй сæ цардыуаг æппæтæй дæр фæхуыздæр уыдаид, ууыл тох кодта». Уæлдай æргом здæхта ирон æвзагмæ, йæхи хъардта ууыл, цæмæй ирон фæллойгæнæг хохаг лæджы цот къазнайы хардзæй ахуыр кæной. Йæ цæст дардта, скъола-иу каст чи фæци, уыдонмæ дæр. Йæ куысты фадæттæй, стæй Кавказы уæды дины кусджыты хицæутты æхсæн нымад кæй уыд, уымæй пайда кæнгæйæ æххуыс кодта, скъола-иу чи фæци каст, уыдоны куысты сæвæрыныл, архайдта ууыл, цæмæй дарддæр ахуыр кæной.

Ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй кусгæйæ, Колый-фырт архайдта ууыл, цæмæй ахуырдзаутæ бауарзой сæ мадæлон æвзаг, сæ адæмыл иузæрдион уой, цæмæй рæза сæ национ хиæмбарындзинад.

Фæлæ нын Колыты Аксойы ном уæлдай зынаргъдæр у уымæн, æмæ сылгоймаджы ахуырдзинады сæрхъуызой кæй уыд. Уый
1862 азы ирон чызджытæн йæхи хæдзары байгом кодта скъола, ахуыргæнæг дæр дзы уыд йæхæдæг. Йæ ахуыргæнинæгтæ сæ зæрдыл  бадардтой æмæ йæ æмбисондау хастой Аксойы зондамынд: «Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ  саразынæн та хъæуы, фыццаджы-фыццаг, ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг-мад».

Мах Аксойæн зонæм æрмæстдæр æртæ æмдзæвгæйы. Кæд сын стыр æхсæнадон ахадындзинад нæй, кæд сæ мидис дины таурæгътимæ баст вæййы, уæддæр сæ бæнымайæн ис ирон литературæйы фыццаг ауæдзыл. Йæ заманы йæ зарджытæ Ирыстоны адæмы ‘хсæн тынг  ахæлиу сты. Аксойы æмдзæвгæтæ афтæ тынг сæ мидисы тыххæй нæ ахæлиу сты, фæлæ уыцы заман ирон æвзагыл æндæр ницы уыдис, æмæ сæ адæм сæ зæрдæмæ истой.

Колыты Аксо стыр бавæрæн бахаста ирон культурæмæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, у йæ бындурæвæрджытæй иу.

Стыр мысинаг сты махæн, ирон адæмæн, нæ разагъды лæгтæ – рухстауджытæ. Уыдонæн сæ зæрдæты рухс цырагъ никуы ахуысдзæн, цалынмæ ирон æвзагыл иунæг дзурæг уа, уæдмæ.

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 9.09.2023 в 08:09

АЛЫ САБИЙÆН ДÆР ИС РÆСУГЪД МИДДУНЕ

Зæххы къорийы алы къуымы дæр æппæты зынаргъдæр æмæ уарзондæр у сывæллон. Æрдзæй нын афтæ лæвæрд у, æмæ хъæбулыл хъуамæ аудæм. Йæ фæстæ фæд ныууадзын кæмæн бантысы йæ цоты хуызы, уый фæсмойнаг нæ вæййы йæ царды.

ОБЩЕСТВО 14.09.2023 в 09:52

«Солдатский хлеб»

В дошкольных образовательных учреждениях и школах Владикавказа проходит акция «Солдатский хлеб». В ней приняли участие дети из ДОУ №47, 176 и СОШ №33 им. З. Калоева.

ГЛАВНЫЕ НОВОСТИ 3.03.2022 в 10:10

С музыкой в сердце

Штрихи к творческому портрету Анатолия Галаова

ОБЩЕСТВО 10.01.2023 в 10:00

Бынаты хицауы æхсæв

Бынаты хицау, Бындур – бынаты (хæдзары) бардуаг. Ирон адæмы уырнындзинæдтæм гæсгæ цæры къæбицы, æвдисынц æй ссырджын фыдуынд зæронд усы хуызы.  Фæлæ  йæ бон у æндæр хуызы февзæрын дæр, зæгъæм, лæппуйы, урс уæрыччы æмæ æндæр истæй хуызы.

ОБЩЕСТВО 10.06.2022 в 16:40

«Все для Победы»

Общероссийский народный фронт презентовал портал, информирующий, как помочь военнослужащим ЛДНР в их борьбе за свободу Донбасса. 

ОБЩЕСТВО 14.11.2023 в 08:44

ТÆРАЗЫЛ ÆВÆРДАУ СЫН НЫМАД УЫДЫСТЫ ХИСТÆР ÆМÆ КÆСТÆР

Айларты Измаил ныр не ʼхсæн нал ис. Фæцух стæм куырыхон хистæрæй, зондамонæг æмæ царды ахуыргæнæгæй. О, ахæм у нæ царды фæтк, хъыгагæн, æнæмæлгæ дунейы нæ цæрæм. Фæлæ уæддæр йæ царды скъола цæры, йæ рухс фæлгонц уыдзæн, чи йæ зыдта, уыдоны цæстыты раз. Бынæн нын цы фæллæйттæ ныууагъта, уыдон та стыр ахъаз фæуыдзысты алкæмæн дæр.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО