Æртгæнæнтæ
Ног азы фæстæ фыццаг сабаты ног мæрдджынтæ райсом раджы хъуамæ сæ кæрты дуармæ арт скæной. Сыхæгтæй чи куыд раздæр сыста, афтæ арты цурмæ бацæуа. Артмæ сугтæ чи бахæссы, ахæмтæ дæр вæййы, уый мардæн удыбæстæ уыдзæн, зæгъгæ. Хистæр, арты цур чи уа, уыдонæн хъуамæ раарфæ кæна, абонæй фæстæмæ ацы кæрты дуармæ бирæ азты ахæм арт куыд нæуал фенæм, Хуыцау уый саккаг кæнæд, зиан рухсаг уæд, йæ зынджы хай макæд ахуыссæд, зæгъгæ. Аходæнафон куы суа, уæд мæрдджынтæ, цы хæрд æмæ нозт сцæттæ кодтой, уыдон хъуамæ рахæссой, хистæр сæ ныххæлар кæна, æмæ дзы саходой.
Æртгæнæнты бæрæгбон амоны уый, кæй ралæууыд тъæнджы мæй: уыдзæни уазал рæстæджытæ æмæ, хæдзарæй цы бинойнаг фæхъуыд, уый ма суазал уа, мæнæ йæ арты хай, йæ алыварс чи ис, уыдоны куыд тавы, уыдоны куыд хъарм кæны, уый дæр афтæ тавæд, афтæ хъарм кæнæд.
Цыппурс
Цыппурс зæронд нымадæй бæрæг кодтой, Ног азмæ ма-иу къуыри куы баззад, уæд. Ирон адæмы фыдæлтæ Цыппурс нымадтой Ног азы размæ уд сыгъдæггæнæн къуырийыл, дардтой мархо.
Бæрæгбоны-иу бинонты хистæртæ сывæллæтты кувæндæттæм акодтой, ноггуырд лæппуты тыххæй сæрмагондæй арæзтой куывдтæ.
Цыппурсы-иу хур куы аныгуылд, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ цуры скодта арт. Иæ арт кæмæн хуыздæр у, кæмæн стырдæр у, уый – амондджындæр. Хистæрæй, кæстæрæй-иу арты алыварс æрæмбырд сты. Фæсивæд кафыдысты, зарыдысты, сывæллæттæ арты сæрты гæппытæ кодтой. Хистæртæ-иу куывтой: «Нæ фыдбылызтæ арты басудзæнт, нæ фыдбылызтæ фесæфæнт».
Алы бинонты дæр фæндыд, цæмæй сæм Цыппурсы, «хорз къах» кæмæн ис, ахæм адæймаг æрбацæуа. Уæд цыма æнæхъæн аз амондджын, зæрдæрухс, æнæмаст, æнæфыдбылыз уыдзысты, цыма æнæхъæн аз дæр уыцы æрбацыдæй аразгæ у, афтæ сæм каст.
Бæрæгбоны ницæуыл ауæрстой, фынгыл цыдæриддæр хæрд, нозтæй æрæвæрæн уыди, уыдон-иу æрæвæрдтой: æртæ æртæдзыхоны, арахъхъ, бæгæны… Бинонты хистæр-иу скуывта, цæмæй æнæхъæн аз хор æмæ фосæфсæст уой, афæдз сыл æнæмаст, æнæфыдбылызæй ацæуæд. Скуывта-иу Цыппурсмæ, ды Нарты дуаг дæ æмæ нæ дæ хорзæх уæд, баххуыс нын кæн, зæгъгæ.
Бинонтæй «хуыздæр къах» кæмæн уыд, уый-иу скъæттыл æрзылд æмæ-иу фосæн холлаг радта. Йæ фæстæ-иу бинонты хистæр бацыд æмæ-иу сæ фосы Фæлвæрайыл, Тутыр æмæ иннæ зæдтыл бафæдзæхста, æнæфыдбылыз куыд уой, бирæгъты амæттаг куыд никæд фæуой, сæ нымæц фылдæрæй-фылдæр куыд кæнæ.
Куы-иу æрбарухс, уæд та-иу бинонтæ сæ хæдзары цур ног арт скодтой, æмæ сыхæгтæ, хъæубæстæ кæрæдзимæ арфæтæм цыдысты. Бæрæгбоны кусын не ʼмбæлд.
Цыппурсы бæрæгбон у, цард та ногæй кæй базмæлыд, уый æвдисæн. Хур зæхмæ фæхæстæгдæр, цард йæ иугæндзон цыдæй размæ цæуы.
Мах рæстæджы дæр Цыппурсы бæрæгбон бирæтæ кæнынц.
Доныскъæфæн
Ног азæй æхсæз боны фæстæдæр ирон адæм нысан кодтой Доныскъæфæн. Ног азы-иу скодтой бирæ алыхуызон басылтæ æмæ-иу сæ Доныскъæфæн бонмæ нывæрдтой. Райсомраджы ног чындз, кæнæ чызджытæй, сылгоймæгтæй исчи хъуамæ басылтæ донмæ ахастаид. Цас раздæр ацыдаид, цас раздæр æрбахастаид дон, уыйас хуыздæр. Адӕммӕ афтæ каст: Доныскъæфæнты дон чи раздæр æрбахæсса, уыцы бинонтæ амондджындæр уыдзысты, уыдоны Хуыцауы хорзæх уыдзæн.
Дондзау-иу скуывта, бинонты-иу Хуыцау æмæ зæдтыл бафæдзæхста, йемæ цы басылтæ рахаста, уыдоны сæртæ-иу уылæнтæм æппæрста. Дондзау донмæ цæугæйæ æмæ фæстæмæ здæхгæйæ дæр ницы дзырдта. Доныскъæфæнты цы дон хастой, уый уыд æппæты сыгъдæгдæр кувынæн. Уый уыд удтæ сыгъдæггæнæг дон. Æмæ алы бинонтæ дæр архайдтой, цæмæй уыцы æвæджиауы донæй хæдзарыл тагъддæр сæмбæла.