ОБЩЕСТВО

УАЦИЛЛА

Ацы бонты республикæйы кæмтты цæрджытæ бæрæг кӕнынц Уациллайы бæрæгбон… Дауджыты фыццаг бон-иу куы ахицæн, уæд-иу адæм сæхи цæттæ кæнын райдыдтой, зæхкусджытæ парахатæй кæй арæзтой, уыцы Уациллайы бæрæгбонмæ. Уацилла ирон зæдты, ирон бардуæгты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы.

 

Уациллайæн сæхи фæдзæхстой ирон адæмы фыдæлтæ – алантæ. Цæгат Кавказы хæхты дæлвæзты куы цардысты, уæд райдыдтой зæххы куыст æмæ табу кодтой Уациллайæн.

 

Уацилла у стыр бархъомысджын хорарæх æмæ фосарæхы бардуаг. Цæмæй уыгæрдæнты æмæ сæрвæтты хорз сойджын кæрдæг æрзайа, уый тыххæй дæр адæм Уацилламæ кувынц. Хус рæстæг куы скæны, кæнæ бирæ куы фæуары къæвда, уæддæр Уациллайæн лæгъзтæ кæнынц. Хистæр цины куывды бады, æмæ Уациллайы ном ма ссара, уый тыххæй гаджидау ма рауадза, уый арæх нæ вæййы.

 

Уациллайы бæрæгбон кæнынц алы комы дæр, быдыры, хъæуты, горæты. Ис ын бирæ кувæндæттæ, фæлæ йæ сæйраг кувæндон ис Дæргъæвсы, Тбауы хохы. Уыцы бон Тбауы хохы сæр кувæндоны раз сагътой цъарыстыгъд хъил æмæ-иу ыл æрцауыгътой царм, уый хуынди æвгъил. Ома, уырдыглæууæг бæрзонд хъил.

 

Къуыри раздæр-иу сылгоймæгтæ Уациллайæн къусбарæй кæй æрæмбырд кодтой, уыцы хор-иу цæугæдоны былмæ рахастой æмæ-иу æй дзæбæх ныхсадтой. Уымæ гæсгæ уыцы бон хуынди Уациллайы чъириаг æхсæн. Уыцы кадджын бон кодтой кусарт – чъириаг æхсын куыд ахсджиаг у, уый бæрæггæнæн. Цалынмӕ хор хус кодта, уæдмæ доны был арæзтой хъазт – сылгоймæгтимæ ам уыдысты фæсивæд чызгæй-лæппуйæ. Фæссихор сылгоймæгтæ сæ хæдзæрттæм здæхтысты сыгъдæг æмæ хус хоримæ.

 

Уациллайы бон æргæвстой уæрыкк, йæ мæгуырдзинад ничи æвдыста. Барджын бардуаг у, æмæ йын куывтой лæгъстæгæнгæ. Сылгоймæгтæ чъиритæ кодтой æнæдзургæйæ, сæ комытæф хыссæмæ куыд нæ фæхæццæ уыдаид, афтæ-иу сæ дзыхтæ истæмæй бабастой.

 

Кусарт-иу куы акодтой, уæд-иу бæгæны æмæ æртæ чъирийæ Уацилламæ скуывтой, цæмæй йын сæ нывонд барст фæуа, се ʼртæ чъирийы сын барстæн айса. Йæ сæр-иу ын куы ралыг кодтой, уæд-иу æй артмæ бадардтой, йæ тæф куыд рацæуа, афтæ.

 

Алы бинонтæ дæр-иу сæ кувинæгтæ Уациллайы кувæндонмæ ахастой. Сылгоймæгтæ-иу кувæндонмæ нæ бацыдысты, дзуары бынмæ бацæуыны бар уыдис æрмæстдæр дзуары лæгæн, уымæн æмæ Уацилла у карз, æгъатыр дзуар. Йæ кувæндонмæ æнæхъуыддагæй чи ссæуа, уымæн æй нæ ныббардзæн, адæймаджы бакуырм кæндзæн.

 

Уыдис афтæ дæр, æмæ-иу дзуары лæг æхсæв кувæндоны баззад. Уыцы æхсæв, дам, Уацилла йæ кувæн бынатмæ æрцæуы, къусы цы бæгæны вæййы, уый акалы. Бæгæны кæд Ирыстоны ʼрдæм акæлы, уæд уый амоны, ома, ирон адæм хорыфсæст уыдзысты, сæ зæххытæй сисдзысты хорз тыллæг, сæ аз ацæудзæн æнæфыдбылызæй, æнæмастæй.

 

Уациллайы тыххæй баззад ахæм легендæ:

 

«Хуссар Ламардонæй Гуццаты чысыл лæппуйы акодтой цагъарæй æмæ йæ скодтой уæлыгæс. Тынг хъыг кодта йæ райгуырæн бæстæйыл, йæ мад, йæ фыдыл. Иу афон та йæ уæрыччытæ куы хызта, уæд æм æртахт цæргæс æмæ йæм сдзырдта адæймаджы æвзагæй: «Цæмæн кæуыс, мæ чысыл хур?»

 

– Иу уæрыкк мын фесæфт æмæ мæ мæ хицау бафхæрдзæн, – сдзырдта лæппу.

 

– Æмæ дæ хæдзармæ нæ фæнды, – сдзырдта та йæм цæргæс.

 

– Бæргæ мæ фæнды, – сдзырдта та лæппу.

 

Æрхаста йæ фæстæмæ цæргæс йæ райгуырæн хъæумæ. Радта йын фыс æмæ йæ бафæдзæхста, цæмæй йын-иу цы уæрыкк райгуыра, уый та æрвылаз дæр скæна уыцы кувæндонмæ æмæ-иу скува. Скодтой ацы бынаты кувæндон. Уæдæй фæстæмæ цыппарсæдæ азы Гуццаты мыггаг кувы Тбау-Уациллайæн».

 

Уымæй фæстæмæ, Гуццатӕ æмæ комы цæрджытæ кувынц уыцы бынаты. Хонгæ та йæ кæнынц Тбау-Уациллайы кувæндон, кæнæ та Гуццаты найфат. Кувæндон ис Дæргъæвсы хъæуæн йæ цæгатæй – хурыскæсæны ʼрдыгæй. Бæрæг æй кæнынц алы аз дæр Хурыскæсæны мæйы. Табу йæм кæнынц комы цæрджытæ иууылдæр. Йæ кувæн къуырийы йæм ссæуынц Уæрæсейы алы къуымтæй. Нымад у карз, сыгъдæг, табуйаг зæды хайыл. Фырбуцæн æй хонынц Рухс Тбау- Уацилла, фыдбылыз сафæг æмæ амонд дæттæг.

 

Сæ куывдты дзы курынц, амондимæ хорз тыллæг æрзайын кæнын æмæ сисын, цæмæй ма уара их, хызт уой тæрккъæвдатæй, æрмæстдæр быдырæн фæлмæн уарынтæ.

 

Уацилла æххуысгæнæг уæд йæ кувæг адæмæн æмæ æппæт ирон адæмæн. Фыдбылызтæ цæуы, тæрккъæвдатæ, их æмæ Уацилламæ арфæ кæнгæйæ, цæмæй боныхъæд хуыздæр уа, цæмæй зайæгойтæ хуыздæр æрзайой, фос фылдæрæй-фылдæр кæной, дуне сабыр куыд уа, уыцы амонд Хуыцауы цæст бауарзæд. Уацилламæ табу кæндзысты къуырийы дæргъы ирон адæмæй, чидæриддæр ис уыдон, æмæ не ʼгасæн дæр æххуысгæнæг куыд уа! Нæ фидæны Уациллайы бæрæгбон ныл рæсугъддæр æмæ амондджындæрæй куыд æрцæуа. Бæстæйы фыдбылызтæ цæуы, Ирыстоны дæр, æмæ амондджын куыд уæм, царды хорздзинæдтæй æфсæст, уыцы амонд дунейы фарн балæвар кæнæд.

 

Тбау-Уацилла карз дзуар у, карз арфæтæ фæкæны æмæ нын хорз арфæтæ куыд ракæна, уыцы амонд уæд. Нæ хоры æрзад, тыллæг, фосы тохъхъылтæ циндзинæдты æмæ чындзæхсæвты куыд хъæуой.

Табу дæхицæн, Уацилла!

 

 

Уациллайы куывд

 

– Йе Иунæг Кадджын Хуыцау, табу Дæхицæн!

Хуыцау, Де сфæлдыст адæм стæм æмæ, зæххыл хорзæй цы ис,

Уымæй хайджын куыд уæм, фыдбылызæй хызт, цардæй æфсæст,

Ахæм амонд нын ратт!

– Оммен, Хуыцау!

– Арвы Уацилла, табу, дæ хорзæхæй!

Хуыцауæй зæххы ʼхсæн минæвар, фæллойы хицау, æрдзы бардуаг дæ,

Æмæ цыдæриддæр хорздзинадæй ис, уымæй хайджын куыд уой дæ кувæг адæм,

Уыцы ахъаз сын бакæ!

– Оммен, Хуыцау!

– Арвы Уацилла, – бæрзондыл бадыс,

Бæрзондæй ныллæгмæ хорздзинад дæ цæст бауарзæд,

Кувæг адæм – де уазæг!

– Оммен, Хуыцау!

– Арвы Уацилла, дæ кувæг адæм фыдбылызæй хызт куыд уой,

Амондæй та – æфсæст, ахæм ахъаз бакæ!

– Оммен, Хуыцау!

– Арвы Уацилла, цы хор, цы фосыл хæст стæм,

Уый нын куывдты хæринаг куыд уа,

Уыцы ахъаз бакæ!

– Оммен, Хуыцау!

– Чызгæй, лæппуйæ рухс фæндæгтыл куыд цæуой!

– Оммен, Хуыцау!

– Йа нæ бæсты Бардуаг, бæстæ сабыр куыд уа,

Мах сæртæ цы зындзинæдтæ баййæфтой,

Уый нæ кæстæртæ куыднæуал бавзарой,

Уыцы арфæ ракæ!

– Оммен, Хуыцау!

– Арвы Уацилла, ды – нæ фæдзæхсæг,

Нæ фыдбылыз сæфт куыд уа, нæ амонд – тыхджын,

Уыцы ахъаз бакæ!

– Оммен, Хуыцау!

– Гъер, кувæджы куывдау, нæ кувæггаг барст фæуæд!

Арвы Уацилла, дæуыл нæхи фæдзæхсæм.

Фосы Фæлвæра, зæдтæ, дауджытæ,

Хуыцауы курдиаты лæварæй уæм цы ис,

Уымæй махæн дæр уæ цæст бауарзæд,

Æмæ нæ фæллойæ куывдтæ куыд кæнæм, уыцы арфæ нын ракæнут!

– Оммен, Хуыцау!

– Аходæггаг кæстæрмæ! Кæстæрмæ уый тыххæй зæгъæм, æмæ уый, хуры хъæбулау, æнæтæригъæд у.


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 9.04.2018 в 17:29

Всероссийский конкурс «Семья года»

Информируем о проведении в 2018 году Всероссийского конкурса «Семья года»

ОБЩЕСТВО 26.05.2023 в 18:31

Последний звонок – первый шаг в новую жизнь

25 мая для школьников России прозвенел последний звонок. Это по-настоящему светлый и в то же время грустный праздник – день, когда ребята прощаются с детством и вступают во взрослую жизнь.

ОБЩЕСТВО 5.10.2022 в 21:25

Оперативная адресная помощь

Сергей Меняйло провел прием граждан по поручению Президента России. Глава республики встретился с заявителями в приемной Владимира Путина в Северной Осетии.

ОБЩЕСТВО 2.09.2021 в 10:50

Пострадавшим в результате теракта в Беслане будет оказана помощь

В этом году более 300 пострадавших в результате теракта в городе Беслане будет оказана адресная материальная помощь

ОБЩЕСТВО 20.02.2023 в 20:35

НÆ ДУДЖЫ ХЪÆБАТЫРТÆ

Куыд æхцон вæййы зæрдæйæн, не ʼмтуг ирон адæймæгты сгуыхтдзинæдты тыххæй нæм куы æрыхъуысы, кæнæ та сын се ʼнтыстытæн  нæхи цæстæй æвдисæн куы фæвæййæм, уæд. Ахæм рæстæджыты нæ зæрдæтæ цины малы аныгъуылынц, сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй байдзаг вæййынц.

ОБЩЕСТВО 28.02.2018 в 12:44

СКФО готовится к форуму «Наставник»

Первого марта в Ставропольском крае пройдет форум «Наставник».

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО