Уацилла ирон зæдты, бардуæгты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы. Тыллæджы, хоры, зæххыл адæймаджы хорздзинадæн цыдæриддæр зайы, уыдоныл аудæг, арвнæрды бардуаг у
Уациллайыл сæхи фæдзæхстой нæ фыдæлтæ – алантæ. Цæгат Кавказы хæхты дæлвæзты куы цардысты, уæд райдыдтой зæххы куыст кæнын æмæ табу кодтой Уациллайæн.
Уацилла у стыр бархъомысджын хорарæх æмæ фосарæхы бардуаг. Цæмæй уыгæрдæнты æмæ сæрвæтты хорз, сойджын кæрдæг æрзайа, уый тыххæй дæр адæм Уацилламæ кувынц. Хус рæстæг куы скæны кæнæ бирæ куы фæуары, уæд дæр Уациллайæн лæгъстæ кæнынц. Хистæр цины куывды бады æмæ Уациллайы ном ма ссара, уый тыххæй сидт ма рауадза, уый арæх нæ вæййы.
Уацилла у ирон адæмы уарзондæр дзуæрттæй иу. Йæ бæрæгбон ын кодтой алы комы хъæуты дæр. Хоры дзуар æмæ æрдзы бардуаг кæй у, уымæ гæсгæ йын уыдис цалдæр кувæндоны. Сæ сæйрагдæр у Тбау Уацилла Дæргъæвсгомы, Тбауы хохы сæр. Йæ бæрæгбон вæййы июны мæйы, Кæрдæгхæссæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд. Куыд тыллæджы бардуаг, афтæ йæ хуыдтой Хоры Уацилла дæр. Дзуарылæгтæ Уациллайæ фæкурынц бæркадджын хорæрцыд æмæ хорз фадат йæ бафснайынæн.
Уæлладжыры комы Хуымгæнæнты размæ бæрæг кодтой Хоры бон. Хор-иу куы бафснайдтой, уæд-иу Уациллайæн йæ рæдаудзинады тыххæй æргæвстой, дзуарылæгтæ-иу рагацау кæй равзæрстой, ахæм нывонд, арæхдæр – гал. Уациллайы бæрæгбоны йæ мæгуырдзинад ничи æвдыста. Барджын бардуаг у, æмæ йын куывтой лæгъстæгæнгæйæ.
Сылгоймæгтæ чъиритæ кодтой æнæдзургæйæ. Сæ комытæф-иу хыссæмæ цæмæй ма фæхæццæ уыдаид, уый тыххæй-иу сæ дзыхтæ истæмæй бабастой. Кусарт-иу куы кодтой, уæд-иу бæгæны æмæ æртæ чъирийæ Уацилламæ скуывтой, цæмæй йын сæ нывонд барст фæуыдаид. Алы бинонтæ дæр-иу сæ кувинæгтæ Уациллайы кувæндонмæ ахастой. Кувæндонмæ хæстæг-иу æрлæууыдысты: дзуары бынмæ бацæуыны бар уыдис æрмæстдæр дзуарылæгæн.
Уациллайы бæрæгбоны-иу кувæндоны къусы дзаг бæгæны сæвæрдтой. Афтæ нымадтой: кæд афæдзмæ бæгæны нæ фæкъаддæр, уæд амондджын аз уыдзæн. Адæм-иу дзуарылæджы рацыдмæ цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты, уæдæ нын цы хабар фехъусын кæндзæн, зæгъгæ. Дзуарылæг-иу бæгæны акалдта æмæ-иу къус фæстæмæ ног бæгæныйæ байдзаг кодта, йæхæдæг-иу куывддзаутимæ хъæумæ рацыд æмæ-иу адæмæн хабар фехъусын кодта.
Уыдис-иу афтæ дæр, æмæ-иу дзуарылæг æхсæвы кувæндоны баззад. Уыцы ʼхсæв, дам, Уацилла йæ кувæн бынатмæ æрцæуы, къусы цы бæгæны вæййы, уый акалы.
Рагзаманты-иу лæджы арв куы ныццавта, уæд-иу Уациллайы номыл уыдис бæлвырд фæтк – цоппай. Кусæрттагæн-иу дзы уыдис уæрыкк кæнæ сæныкк.
Уациллайы бæрæгбон ирон адæм абон дæр аразынц. Йæ фадат кæмæн куыд амоны, афтæ йын йæ ном ссарынц. Бирæ хъæуты скæнынц хъæугуывдтæ. Аргæвдынц гал, род кæнæ фыс. Уыцы бонмæ сæрмагондæй сфыцынц бæгæны æмæ рауадзынц арахъхъ.
КЪУДУХТЫ Маринæ