ОБЩЕСТВО

УАЛДЗЫГОН, ÆХСЫЗГОНДЗИНАДЫ БÆРÆГБОН

Куадзæн ирон адæм тынг рагæй бæрæг кæнынц. Куыд равзæрд, уый бæрæг у дзырд комуадзæнæй, ома, адæм сæ ком суадзынц, мархо нал фæдарынц.

 

Адæм Куадзæнмæ сæхи цæттæ кæнын райдайынц рагацау; хæдзары æфсин сцæттæ кæны уæливыхтæ, нозт, хæрд, бæгæны. Бæрæгбоны фынгыл сæрмагонд бынат ахсынц ахуырст æйчытæ, цæхджын дæр сæ кæнынц. Сыхæгтæ, хæстæджытæ кæрæдзимæ арфæтæм фæцæуынц, Чырысти райгас, зæгъгæ. Арфæгæнæгмæ айк авæрынц. Ныртæккæ бирæ адæм ком нал дарынц, фæлæ раздæрты адæймаг айк райста æмæ дзы скомдзаг кодта, уæд уый амыдта æмæ йæ ком суагъта. Арфæтæ кæнынмæ фыццагдæр цыдысты ног мæрдджынтæм, загътой-иу сын ныфсæвæрæн, зæрдæдарæн ныхæстæ.

 

Куадзæн вæййы хуыцаубоны, йæ хæдфæстæ къуырисæры та ирон адæм кæнынц Мæрдты Куадзæн. Æмæ мардæн йæ Куадзæны хай уыцы бон ныххæлар кæнынц.
Уæлмæрдмæ зилын, мæрдты ном арын, хойраг, нозт, дыргъ, халсар, адджинаг сын хæлар кæнын ирон адæм сæ уаз хæсыл нымайынц. Уымæн фæзæгъынц: «Хъæубæсты, бинонты фарн базонын дæ кæд фæнды, уæд уал сын, фыццаджыдæр, сæ уæлмæрдмæ бацу. Æнæфснайд, æнæзылдæй йæ баййæфтай, уæд зон: сæ фарн фæцудыдта, фæкъахыр». Куадзæн у удсыгъдæггæнæн бæрæгбон. Раздæры азты йæм-иу ирон адæм сæхи цæттæ кодтой стырæй, чысылæй, сыгъдæг зæрдæйæ, алкæй дæр фæндыд уыцы бон куыдхуыздæрæй, хъæлдзæгæй, райзæрдæйæ арвитын. Уый тыххæй бæрæгбоны фынгтæ уыдысты алы хæринæгтæй дзаджджын. Уæлдай цинагдæр-иу уыд сывæллæттæн Куадзæн, алыхуызон ахуырст æйчытæ, сæ ног уæлæдарæсæй сæ рæвдыдтой. Уыцы бон-иу уыд айкæй «хæцæн» æмæ къамисæн бон дæр. Чырыстийы Куадзæн у ирд бæрæгбон, уый чырыстонты зæрдæтæ йедзаг кæны циндзинадæй, хайджын сæ кæны удварны хæзнатæй æмæ зæрдыл лæууын кæны нæ адæмы традицитæ. Чырыстийыл уырнындзинад хъахъхъæны æппæт адæмты зын рæстæджыты, ныфс æвæры ирвæзынæй, сабыр æмæ хорз цардæн. Чырыстийы райгас нын фæндаг гом кæны хорз хъуыддæгтæ аразынмæ, хæрзаудындзинад æмæ уарзондзинадмæ.

 

Чырыстийы Куадзæны бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, Ирыстоны адæм!

 

Уадз ацы бæрæгбон уæ хæдзæрттæм бахæссæт фарн, хорздзинад æмæ рухсдзинад, уæ зæрдæтæ та байдзаг уæнт уæ бинонты æмæ уе ‘ввахс хиуæттимæ циндзинадæй. Чырыстийы Куадзæны бæрæгбоны нæ цæст уарзы, цæмæй æппæт дунейыл уа сабырад æмæ Стыр Хуыцауы æххуысы амонд.

 

Чырысти райгас!


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 12.10.2022 в 19:45

Что делать, чтобы не стать жертвой угарного газа

К сожалению, каждый год с началом отопительного сезона возрастает количество отравлений угарным газом. Причиной «угорания» в быту чаще всего становятся неисправные отопительные приборы: печи, камины, обогреватели, водонагреватели, а также их неправильная установка и использование.

ОБЩЕСТВО 3.02.2024 в 08:31

ИРОН АДÆЙМАДЖЫ ЦАРДЫ УАГ

Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй.

ОБЩЕСТВО 15.11.2022 в 07:00

Зарæг æмæ фæндыр

Адæймаг куы райгуыры æмæ æрдзæй курдиатджын куы рахæссы, уæд уый амонд у. Хуырымты Аллæ та у бирæвæрсыг курдиаты хицау: ирон дзырд æмæ аивадæн хæрзгæнæг.

ОБЩЕСТВО 5.03.2024 в 09:37

ГАЛИУ ÆМÆ РАХИЗ

Ирон адæммæ галиу æмæ рахиз æрмæст дыууæ фарсы нæ амонынц, фæлæ сын ис уырнынады мидис дæр.

ОБЩЕСТВО 22.06.2021 в 11:10

«Ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй»

1941 азы 22 июны немыцаг фашисттæ æрбалæбурдтой Советон Цæдисмæ, æмæ райдыдта æвирхъау хæст – Фыдыбæстæйы Стыр хæст.

ОБЩЕСТВО 2.11.2023 в 09:09

Гений Дзанаговых

Год назад не стало скульптора Заурбека Дзанагова, сына классика осетинской скульптуры Чермена Дзанагова.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО