Ӕмбисбон… Цыма ӕрдзон дунейы сӕрты зӕд атахти, уыйау ныссабыр и… Иу къӕрцц, иу сыбыртт никуыцӕй хъуысы… Бӕстӕ ӕнцад-ӕнцойӕ йӕхи тавы сӕрды хуры тынты хъарммӕ.
Уалынмӕ дымгӕ фӕдисы тахт ӕрбакодта. Бӕлӕстӕ сӕ фынӕйӕ фехъал сты. Сӕ сыфтӕрджын цъӕх сӕртӕ, тырысатау, ныттынг сты. Скалди фӕндӕгты рыг. Бӕстӕ сарвистон. Мӕргъты фӕрсырдӕм скъӕфы. Сӕхи ма кӕм амбӕхсой, уый налзонынц… Адӕттыл нӕ ныллӕууыд дымгӕ, уайтагъд хӕхты ‘рдыгӕй ӕрбатардта сау мигъты ӕнӕнымӕц дзугтӕ. Сардыдта сӕкӕрӕдзиуыл ӕмӕ иу иннӕйы дзӕхст кӕнын райдыдта сырхзынг рӕхыстӕй. Райхъуыстысты сӕ хъустӕ къуырмагӕнӕнцӕлхъытӕ. Арв ӕмӕрттывд кӕны, нӕры ӕнӕрынцойӕ.
Ӕваст къӕвда ставд ӕртахӕй лыстӕг ихимӕ уарын райдыдта. Куыд нӕ–иу уыдысты нырмӕ дӕр тыхджын уарынтӕ, фӕлӕацы хатты хуызӕн никуы баххӕссыдысты, мӕ рудзынджы сӕрмӕ зӕрватыччытӕн цы дыууӕ ахстоны уыдис, уыдонмӕ. Ныр сӕдыууӕ дӕр зӕххыл абадтысты. Къӕвда суанг рудзынджы фӕйнӕджы бынты ӕрбахъардта.
Райсомӕй кӕсын, ӕмӕ къӕбицы фӕрссаджы къуымы иу зӕрватыкк йӕ бырынкъӕй балхъив–балхъив кӕны цъыф. Куыддӕруый атахт, афтӕ иннӕ йӕ бынаты абадт ӕмӕ дарддӕр ахӕццӕ кодта уыцы куыст. Цасдӕры фӕстӕ рудзынгӕн йӕ иннӕкъуымы фӕзындысты ӕндӕр дыууӕ зӕрватыччы, ӕвӕццӕгӕн, сӕ раздӕры сыхӕгтӕ. Ӕвӕстиатӕй февнӕлдтой уыдон дӕрног «хӕдзар» аразынмӕ.
Цалдӕр минутмӕ сӕ иутӕм дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр фӕзындысты бирӕ ӕххуысгӕнджытӕ. Ӕмызмӕлд кӕнынц рудзынджыӕддаг фарс. Банымайӕн сӕ нӕ уыд, фӕлӕ мӕм афтӕ фӕкаст, цыма зиууӕттӕ фӕстагмӕ фынддӕсы бӕрц баисты. Куыддӕрахстӕттӕ ӕрдӕгмӕ ацарӕзтой, афтӕ иууылдӕр уыцы–иу афон ӕрбайсӕфтысты.
Дыккаг бон та ногӕй бавнӕлдтой сӕ куыстмӕ. Ацы хатт сӕ цалынмӕ кӕронмӕ нӕ фесты арӕзт, уӕдмӕ, кӕрӕдзийыивгӕйӕ, скъӕфтой ӕмӕ скъӕфтой арӕзтадон ӕрмӕг.
Цымӕ сӕ знон ӕрдӕг– арӕзтӕй цӕмӕн фӕуагътой? Ау, зӕрватыччытӕ дӕр уый ӕмбарынхъом сты, ӕмӕ цалынмӕахстӕттӕ гыццыл фӕхус, фӕфидардӕр уой, уӕдмӕ сын ӕрбырынӕй тӕссаг у.
Афтӕ ӕрхъуыдыджын у зӕрватыкк, уый нӕ зонын. Фӕлӕ абон дӕр мӕ зӕрдыл лӕууы, стӕй мӕ дисы ӕфтауызӕрватыччыты зиу. Адӕмӕй та, хъыгагӕн, рох кӕнын райдыдта, кӕнӕ та сӕ бынтондӕр байрох ис уыцы рӕсугъд ӕгъдау.
БЫРНАЦТЫ Барон