ОБЩЕСТВО

«ЗÆРДÆЙÆ РАНТЫСГÆ НЫХАС ЗÆРДÆМÆ ССАРДЗÆН ФÆНДАГ»

Поэт, прозаик æмæ публицист, ССР Цæдисы, Уæрæсейы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Уалыты Лаврентыл сæххæст 85 азы

 

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Лаврент хауы уыцы поэт-æмбæстæгты категоримæ, мадзурайæ бирæ бæззон дзуринæгтæ кæмæ разынд, «æз», «æз» чи нæ кæны, фæлæ уый æмрæстæджы «æз» зæгъынхъом дæр чи у. Нæ юбилярæн дæр, бирæ поэттау, йæ сæйраг темæ, йæ зарæджы сæр у Ирыстон. Лирикон «æз»-имæ уый йын дæтты сфæлдыстадон хъару, уый йын абузын кæны йæ зæрдæйы рæбын уарзт æмæ лæджыхъæды импульстæ, рæстдзинады сæрыл тохмæсидæг, фæлæ хиуылхæцгæ сыгъдæг æнкъарæнтæ. Æмæ йын иугæр Фыдыбæстæ ахæм хæрзиуджытæй ифтонг кæны йæ поэтикон арсенал, уæд йæхирдыгæй Уалыйы-фырт дæр йæ зонды рухс æмæ йæ физикон хъару цæстуарзонæй хардз кæны, ирон зæрдæйæн æхцон чи у, эстетикон æмæ йын этикон хæрзиуджытæ чи хай кæны, ахæм уацмыстæ нывæндынæн. Уыйадыл ирон чиныгкæсæг райгонд у Лавренты поэзийæ, уымæн æмæ, иу поэты загъдау, «Зæрдæйæ рантысгæ ныхас Зæрдæмæ ссардзæн фæндаг».

 

Хъодалаты Герсан

 

 

Уалыты Елиозы фырт Лаврент райгуырд 1938 азы хурхæтæны мæйы 5 боны Хуссар Ирыстоны Громы хъæуы. Фидæны поэт рæзыд æмæ хъомыл кодта патриархалон бинонты æхсæн. Йæ ныййарджытæ, йæ фыдыфыд Никъала æмæ йæ фыдымад Нато, стæй йæ фыды æфсымæртæ уыдысты, адæмон сфæлдыстад хорз чи зыдта, алы æхсæв дæр сабитæн аргъæуттæ æмæ таурæгътæ чи кодта, зарын æмæ сæ кафыныл чи ахуыр кодта, ахæм хистæртæ. Уазæгуарзон бинонтæм адæм цæуаг уыдысты æмæ-иу уыдон дæр фæхайджын сты сæ фыдæлты хæзнадоны «дыргътæй».

 

Ахæм фæрнджын бинонты æхсæн чи схъомыл уа, уый куыд нæ бауарздзæн йæ мадæлон æвзаг. Лаврент йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæд йæ хъысмæты фидæн сбæрæг – ирон æвзаг æмæ литературæ. Громы астæуккаг скъолайы ахуыр кæнгæйæ, фыста æмдзæвгæтæ, зæрдæргъæвдæй архайдта драмон къорды, арæх-иу ахъазыд сæйраг ролы дæр. Суанг Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл педагогон институты студент куы ссис, уæддæр-иу сæрды улæфты рæстæг хъæуы фæсивæды æрæмбырд кодта, æмæ-иу хъæуы цæрджытæн равдыстой алыхуызон пьесæтæ: Брытъиаты Елбыздыхъойы «Уæрæседзау», Кочысаты Розæйы «Гæды лæг» кæнæ «Нæ пъырыстыф сæрра» æмæ æндæртæ. Уæлдæр скъолайы дæр йæхиуыл куыста зæрдæргъæвдæй – уыдис къулы газет «Бонвæрнон»-ы редактор æмæ къухæйфыст журнал «Сæуæхсид»-ы бæрнон редактор.

 

ЦИПУ-йы филологон факультеты ирон-уырыссаг хайад каст куы фæцис, уæд кусын райдыдта Рахизфарсы районы Олгинскæйы хъæуы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Йæ дæсныйадæй уæлдай ма ахуырдзаутæн уарзын кодта фыдæлты фарн, намыс æмæ æгъдæуттæ. Уый фæрцы цыбыр рæстæгмæ йæхи бауарзын кодта хъæубæсты адæмæн. Лаврент йе скъоладзаутимæ хъæуы клубы сценæйыл сæвæрдта Саулохты Мухтары пьесæ «Усгур Гаци». Спектакль фæрæстмæ, суанг ма йæ сыхаг хъæутæм дæр аластой æвдисынмæ. Фæлæ ууыл нæ ахицæн йе ʼхсæнадон куыст – æрыгон ахуыргæнæг скъолайы сарæзта литературон къорд дæр; уарзын сын кодта аив литературæ, амыдта сын æмдзæвгæтæ фыссын. Уæды заман йæ хæлар лæг Дауыраты Дамир куыста Рахизфарсы районы газеты редакторæй, æмæ-иу уым ныммыхуыр кодта ольгинскӕйаг скъоладзауты фыццаг æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ.

 

Афæдзæй чысыл фылдæр йеддæмæ нæ бакуыста Лаврент Олгинскæйы астæуккаг скъолайы, фæлæ ма йæ абон дæр æрымысынц, чи йæм ахуыр кодта, уыцы лæппутæ æмæ чызджытæ. Астæуккаг скъолайы кусгæйæ, æрыгон ахуыргæнæг газет «Рæстдзинад»-ы фæрстыл арæх мыхуыр кодта йæ уацтæ æмæ очерктæ. Уыдон фыст цыдысты вазыгджын æмæ ахсджиаг темæтыл, уымæ гæсгæ сыл сæ цæст æрæвæрдтой газеты фæлтæрдджын журналисттæ, æмæ йæ «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хъаныхъуаты Валодя æрбахуыдта кусынмæ. Ирон мыхуыры раздзæуæджы редакцийы Лаврент бакуыста фараст азы: уыдис уацхæссæг, хистæр уацхæссæг. Уый фæстæ кусын райдыдта республикон рауагъдад «Ир»-ы аивадон литературæйы редакторæй. Абон Лаврент у дæс чиныджы автор, ССР Цæдисы, Уæрæсейы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг, лæвæрд ын æрцыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы ном.

 

Уалыты Лаврент сфæлдыстадон куыст кæнын райдыдта, Громы хъæуы астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Фæстæдæр Хетæгкаты Къостайы номыл пединституты студент куы ссис, уæд йæ аивадон авналæнтæ зынгæ фæуæрæхдæр æмæ фæарфдæр сты. Уæлдæр скъолайы сæмбæлдис бирæ хорз ахуыргæнджытыл. Багаты Никъала, Калоты Георги, Гуытъиаты Азæ, Аллæ Олейникова, Гуыриаты Тамерлан, Тахъазты Харум æмæ иннæтæй алчидæр уæзгæ хуын нывæрдта йæ удыхъæды хæзнадоны. Уыцы рæстæг йæ поэтикон æмæ публицистон уацмыстæ арæхæй-арæхдæр зынын райдыдтой республикæйы мыхуыры дзыл­лон фæрæзты. Фæзынд ын йæхи чиныгкæсæг дæр.

 

Нæ фысджыты хистæр фæлтæрæй, кæстæртæм хорз цæстæй чи каст, уыдонæй иу уыдис Цæгæраты Максим. Нæ адæмон фыссæг йæ рæстæджы цæстуарзон ныхæстæ кæмæй загъта, уыцы æрыгон поэттæй иу уыдис Уалыты Лаврент. Максим 1966 азы сфæлдыстадон фæсивæды тыххæй цы бындурон уац ныффыста, уым Уалыйы-фырты банымадта, «фæстаг рæстæг литературæмæ чи æрбацыд, уыцы поэттæн сæ хуыздæртæй иуыл». Лæмбынæг ын равзæрста, хъысмæты тыххæй цы æмдзæвгæ ныффыста, уый. Æмæ йын фæндараст загъта литературæйы бæстæмæ. Фыста райгуырæн уæзæгыл, алцыдæр ын дзы куыд адджын æмæ уарзон у. Фыды зæххыл цы æмдзæвгæ ныффыста, уым кæсæм:

 

«Цъæх байрагау дæ хъал дымгæты хъазт

Дæ къуыбыртыл, дæ дидинвæлыст кæмтты

 Кæны цырендæр сонт зæрдæйы уарзт,

Æмæ мæ ныфс Батырадзау нæ сæтты.

Дæ куырыхон зæронд лæгты ныхас,

Сыкъадзæфæй хъæбатыртыл сæ зарын,

Бæрз талатау дæ чызджыты æнгас

Æз царды хосæн сонт зæрдæйы дарын».

 

Лаврентмæ бирæ зæрдæмæдзæугæ уацмыстæ ис лирикон темæйыл. Йæ хъайтартæ сты алыхуызон кары адæм, алыхуызон зондахастыл хæст. Уарзт, поэт æй куыд æмбары, уымæ гæсгæ дзаг у дзæнæты монцтæ æмæ зындоны тухитæй. Лирикон хъайтар уыцы фæлварæнты сæрты куыд хизы, уый автор æвдисы куы уæлмонцæй, куы зæрдæсастæй, фæлæ никуы – куыдфæндыйы цæстæй.

 

Куыд уынæм, афтæмæй Лаврент у стыр курдиаты хицау. Уый литературон гуылфæнты никуы агуырдта æнцон цæуæн фæндæгтæ æмæ дзы арфæй-арфдæр ленк кодта. Уый уарзы литературæ, у ныфсджын, æргом дзуры йæ хъуыдытæ, кæд алкӕй зæрдæмæ нæ цыдысты æмæ цæуынц, уæддæр. Уды сыгъдæгдзинад æмæ рæдаудзинад Лаврент нымайы адæймаджы хуыздæр миниуджытыл.

 

Лаврент, дæ юбилейы къæсæрыл дын газет «Владикавказ»-ы редакцийы коллектив зæрдæбынæй арфæ кæнынц. Нæ зæрдæ дын зæгъы æнæниздзинад, бинонты фарн æмæ ног литературон бынтæ.


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 29.12.2023 в 19:30

«Единая Россия» поздравляет ветеранов Великой Отечественной Войны с новым годом

Ежегодно в преддверии Нового года депутаты всех уровней, представляющие «Единую Россию», навещают фронтовиков, поздравляют их и передают подарки. Акция «С Новым годом, ветеран!» проходит по всей стране.

ОБЩЕСТВО 22.08.2022 в 21:36

На Осетинской слободке готовятся к празднованию Хуыцауы дзуары бон

Совсем скоро на Осетинской слободке будут отмечать один из любимейших и почитаемых праздников – Хуыцауы дзуары бон. Традиционно в каждом доме будут печь три пирога, варить осетинское пиво, готовить другие угощения.

ОБЩЕСТВО 13.01.2024 в 08:55

Будьте счастливы, люди!

Вот он и пришел – Новый год.

ОБЩЕСТВО 29.10.2022 в 07:38

Памяти коллеги

На 75-м году ушел из жизни член Союза журналистов России, заслуженный работник культуры РСО-А Борис Бицоев.   Свою деятельность в журналистике он начинал диктором на Северо-Осетинском радио. Позже стал редактором обменных передач и радиожурнала «Зори Кавказа», готовил материалы для программ Всесоюзного радио. Работал он и журналистом Северо-Осетинского телевидения.   В 1990-е годы стал редактором первой […]

КУЛЬТУРА 1.02.2024 в 09:29

Разговор с вечностью

Аслан Хетагуров – художник-монументалист, заслуженный художник РСО-А, директор Владикавказского художественного училища имени Азанбека Джанаева. Он один из немногих художников в нашей республике, кто работает сегодня в технике мозаики. Специально для наших читателей Аслан Казбекович рассказал о тонкостях одной из самых древних и интересных техник живописи.

ОБЩЕСТВО 25.09.2018 в 10:05

Влюбленные в небо

Владикавказский авиационно-спортивный клуб им. Героя Советского Союза И. Дзусова является одним из старейших не только в России, но и на всем постсоветском пространстве.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО