25 азы сæххæст вокалон зарæггæнджыты къорд «ФидÆн»-ыл
Æнусон сты æрмæстдæр нæ адæм йæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй цы сфæлдыста, уыцы фæрныг æгъдæуттæ, кадджытæ, зарджытæ, таурæгътæ. Бирæвæрсон у ирон зарæг. адæймаджы цардыл, ирон адæймаджы миддунейыл, хъæздыгдзинадыл. Афтæ куы зæгъон, алчи дæр нæ ирон зарæг бирæ уарзы, зæгъгæ, уæд, æвæццæгæн, рæдыд нæ уыдзæн.
Кæй зæгъын æй хъæуы, алы зарæг дæр йæхирдыгонау аив у, фæлæ йæ уæддæр уæлдай рæсугъд æмæ зæрдæмæхъаргæ кæны зарæггæнæг.
Зарæгæн стыр кад уыдис нæ рагон фыдæлтæм дæр. Уый афтæ куы нæ уыдаид, уæд цæмæй зыдтаиккам, Нартмæ диссаджы зарæггæнæг æмæ уадындзыл цæгъдæг Ацæмæз кæй уыдис, уый. Ирон адæмæн сфæлдыстады алы зарæгæн дæр ис йæхи истори, йæхи цæрæнбон. Зарджытæ иухуызон не сты æмæ иу зæрдæйы уагæй нæ дзурынц. Алы зарæгæн дæр ис йæхи хъысмæт, йæхи базыртæ тæхынмæ, адæмы зæрдæ ссарынмæ.
Зарæг куы фæрæстмæ вæййы æмæ зæрдæтæм фæндаг куы ссары, уæд ыл æнцонæй сбады адæмон зарæджы ном. Ирон зарæджы къæбицмæ дзаджджын æмæ бæркадджын хуынтæ чи хæссы, ахæмтæй хъæздыг стæм. Уыдоны нымæцмæ хауы Ирыстоны уарзондæр вокалон зарæггæнджыты къорд «Фидæн» дæр. Йæ архайджытæ ныр дыууын фондз азы дæргъы сæ арæхстдзинад æмæ рæсугъд зондахастæй сæхицæн кæнынц кад æгас дзыллæйы ‘хсæн. Рæстæг куыд цыд, афтæ вокалон къорд дæр ивта йæ музыкантты. Ныртæккæ кусынц инструменталон къорд «Александровский проспект»-имæ, уыимæ ма 2021 азæй фæстæмæ «Фидæн»-ы къорд у Паддзахадон филармонийы иу хай.
Хъæздыг у сæ репертуар алыхуызон зарджытæй – адæмон, æфсæддон, лирикон, ис сæм хи фыст зарджытæ дæр.
– Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууын фондз азы размæ æрыгондæр уыдыстæм, æмæ хъуыды кодтам, райсомы бон цы уыдзæн, зæгъгæ. Райсом та у фидæн. Фидæнмæ тырнæм, æмæ афтæмæй равзæрд нæ къорды ном дæр, – зæгъы РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Датиты Аслан.
«Фидæн» æвзæрста зындзинæдтæ дæр, фæлæ сæ сæрты хызт сæрбæрзондæй. Æмæ йæ къухы уыйбæрц æнтыстытæ дæр уымæн æфтыд. Фидæны къордмæ ис бирæ бæллицтæ, нысантæ æмæ сын сæххæст уæнт.
Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд, æмæ алкæй райсомы бон дæр рæсугъд куыд уа, алкæй зæрдæ дæр нæ зарын куыд агура, ирон зарæг та Иры дзыллæйыл æнустæм куыд хъуыса!