Æрæджы Дзæуджыхъæуы, Кутузовы уынджы, ирон адæмы хъæбатыр Гуырцъыты Пипойæн байгом аив цыртдзæвæн. Пипойы кой, æвæццæгæн, ирон адæмæй чи нæ фехъуыста, ахæмтæ бирæ нæй. Уый йæ цард снывонд кодта адæмы аирвæзын кæныны сæраппонд.
Куыд дзурынц, афтæмæй 1892 азы Дзæуджыхъæуы сыстад халеры эпидеми. Адæм мингæйттæй цагъды кодтой. Пипо, йæхи удæн тæссаг уæвгæйæ, зылд рынчынтæм, мæрдты се ’нусон фæндагыл фæндараст кодта. Уæд æм иу хатт фыны Лæгты дзуар æрбацыд æмæ йын бахæс кодта урс гал ссарын, сæрибарæй йæ ауадзын æмæ кæм æрхуысса, уым æй акусарт кæнын. Уымæй аирвæздзысты адæм карз низæй, фæлæ Пипойæн та хъуамæ йæхи цард фæуа.
Пипо равзæрста йæ цард снывонд кæнын. Гал раскъæрдта æмæ уый æрхуыссыд, ныртæккæ цыртдзæвæн кæм сæвæрдтой, уыцы бынаты. Галы уыцы ран акусарт кодтой æмæ скуывтой. Уыцы бонæй фæстæмæ низ фесæфт, фæлæ уыцы цауы фæстæ дыккаг бон Пипо амард. Йæ цард радта йæ адæмы аирвæзын кæныны сæраппонд. Уыцы бынаты та сарæзтой Хуыцауы кувæндон. Фæлæ кувæндон раджы ныппырх æмæ организатортæ хуыздæрыл банымадтой йæ ном сæнусон кæнынæн ын цыртдзæвæн сæвæрын.
Цырт гом кæныны кадджын мадзалмæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы администрацийы разамонджытæ, Гуырцъыты мыггаджы минæвæрттæ, æхсæнадон организацитæ, горæты цæрджытæ.
Цырт байгом æхсæнадон организаци «Иудзинад»-ы æмæ мыггаджы амалхъомты æххуысæй.
КЪУДУХТЫ Маринæ