Кæфты мæйы 15-æм бон уæлдай æхсызгондзинад æрхæссы æппæт ирон адæмæн.
Уæмæн æмæ уыцы бон райгуырд иронлитературæйы бындурæвæрæг, æппæт Кавказы мæгуыр адæмы сæрылхæцæг, номдзыд поэт æмæ нывгæнæг, публицистХетæгкаты Леуаны фырт Къоста.
Знон Ирон аргъуаны, Къостайы ингæн кæм ис, уым зæлыдысты йе ‘нæмæлгæ æмдзæвгæтæ. Хистæртæ кæстæрты зонгæ кодтой Къостайысфæлдыстадимæ, мысыдысты йæ царды ирддæр цаутæ. Къостайы ном æрымысынмæ æрбацыдысты РЦИ–Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Дзæуджыхъæуы сахары бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, нæ республикæйы Хицауады сæрдарДзанайты Барис, Ирыстоны фысджытæ, ирон интеллигенцийы минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ, Къостайы ном хæссæг 13-æм æмæ 30-æм скъолатыахуырдзаутæ. Се ‘ппæт дæр æрымысыдысты Къостайы рухс ном, бакастысты йын йе ‘мдзæвгæтæ, сæвæрдтой дидинджытæ йæ цыртдзæвæныл.
– Абон у Къостайы мысæн бон. Фæлæ Къоста махæн нæ амард. Алы ирон адæймаджы зæрæдæйы дæр Къоста цæры. Сæдæ æхсай дыууæ азыхæххон стъалыйы рухс ном ирон номдзыд адæмы номхыгъды у фыццæгты–фыццагдæр. Йæ цард, йæ курдиат йæ адæмæн нывондæн чи æрхаста, йæадæмы сагъæстæ, йæ адæмы хъуыдытæ бæрзонд аивадон æмвæзадмæ чи систа æмæ сæ дунейы дзыллæтæм чи рахаста, уарзт йæ кувæндонкæмæн уыд, æгас дуне та йæ аргъуан, уыцы нарон лæппу поэзийы бæрзæндтæй æркæсын кодта дунейы дзыллæты йæ адæмы уæззау цардмæ.
Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, фæлтæрæй–фæлтæрмæ йын хæссæм йæ кад, кæсæм ын йе сфæлдыстад, зонæм, Къоста чи уыд, уый, – загъта йæ раныхасы Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн.
Алывæрсыг у Къостайы поэтикон сфæлдыстад: æмдзæвгæтæ, поэмæтæ, радзырдтæ, æмбисæндтæ, таурæгътæ, пьесæтæ, зарджытæ. Фæлæ йесфæлдыстады уæлдай зæрдæмæхъаргæ у, йæхæдæг цы жанр сарæзта «зæрдæйы сагъæстæ», зæгъгæ, уый. Уыцы жанры бындурыл фыст у йæсæйраг чиныг «Ирон фæндыр» дæр.
Къоста йæ райгуырæн зæххимæ æмæ адæмимæ зæрдæйы тæгтæй баст кæй у, уымæй цæуынц йе сфæлдыстады адæмон уидæгтæ, уымæнвæййы куы мады къухау фæлмæн æмæ рæвдауаг, куы тар æхсæвау æрхуым æмæ æнкъард, куы тохмæ сидæг, фæдисау – зæлланггæнæг…
Къоста æнусы ‘рдæг дæр нæ ацард. Авд æмæ дыууиссæдз азы æдæппæт… Фæлæ йе ‘ппæт сфæлдыстадæй абон дæр лæггад кæны Ирыдзыллæтæн, рухс кæны фæлтæрты фæндæгтæ амонд æмæ рæстдзинадмæ, кад æмæ намысмæ.
КЪУДУХТЫ Маринæ