ОБЩЕСТВО

Цæмæй нæ сабитæ цæрой амондджынæй

Зæххы къорийы алы къуымы дæр æппæты зынаргъдæр æмæ уарзондæр у сывæллон. Уымæн æмæ сывæллæттæ сты нæ царды дидинджытæ. Æмæ сын се ‘рыгон удыхъæд, се ‘нæхин уарзондзинад фæндæгтæ чи раргом кæны, уыдон кæдфæнды дæр сты арфæйы аккаг.

Æрдзæй нын афтæ лæвæрд у, æмæ хъæбулыл хъуамæ аудæм. Йæ фæстæ фæд ныууадзын кæмæн бантысы йæ цоты хуызы, уый фæсмойнаг нæ вæййы йæ царды.

 

Хæдзарвæндаг рæза, мыггагскъуыд цæмæй ма фæуа, ууыл уыд адæмæн сæ сæйрагдæр сагъæс, сæ цотæн бинонты хъуыддаг кæнгæйæ. Уый бæрæгæй зыны, дыууæ уды сæ цард баиугæнгæйæ сын сæ хистæртæ цы арфæтæ фæкæнынц, уыдоныл. Зæнæгджын сылгоймаджы нымадтой хуыцауырдыгæй арфæгондыл, æнæ зæнæджы та – хуыцауы раз тæригъæдджыныл. Уæлдай тæхудиагдæр æмæ бæллиццагдæр патриархалон царды æууæлтæм гæсгæ уыд лæппуйы райгуырд, чызджы райгуырдыл ма-иу хъынцъым дæр бакодтой.

 

«Фыдвæды бæсты æвæд хуыздæр у», – афтæ амоны рагон нæртон æмбисонд: ома, дын цæйнæфæлтау æвзæр, ницæйаг кæстæртæ уа, фæлтау сæ æгасæй дæр æнæхай у цæрæнбонты. Æмæ кæд нæ фыдæлты фарн æмæ куырыхондзинад гуырысхойаг не сты, уæддæр абон, нырыккон царды ацы æмбисондимæ бирæтæ не сразы уыдзысты. Цæвиттон, кæд алчи куырыхон ахуыргæнæг æмæ фæлтæрдджын психолог нæу, уæддæр фидар лæуд у иу хъуыдыйыл: сывæллон æмбæлон хъомылад кæй нæ райсы, æвзæр хъуыддæгтыл, æнæуаг митыл кæй фæцайдагъ вæййы, уый у æрмæстдæр ныййарджыты аххос. Уыдон æм æмбæлон хъусдард не здæхтой, йæхи бар æй ауагътой æмæ фæиппæрд, æхсæнад æппæтварсонæй дæр цæуыл æнцой кæны, царды уыцы хæрзиуджытæй. Рагæй фæстæмæ рæзгæ фæлтæримæ куыст цæлхдурæй лæууы ахуырхъомыладон процессы раз, кæй зæгъын æй хъæуы, алы бинонтæм нæ хауы. Афтæмæй та алы сабийы æппæтвæрсон рæзтыл, размæдзыд æмæ æппæтæй дæр æххæст æхсæнады сомбоныл дзурæн нæй.

 

Алы сабийæн дæр ис йæхи, кæд чысыл, уæддæр рæсугъд миддуне. Уыцы миддунейы ис бирæ сæрибар бынæттæ. Уыцы уæрæх, сыгъдæг æмæ райдзаст бынæтты хъæуы самайын хуызджын ахорæнтæй нывæзт хъуыддæгтæн фидар бындур; байтауын дзы царды рæсугъддзинад, фарн æмæ райзæрдæйы уаг, фидар æмæ раст фæткæвæрды талатæ, саразын дзы, Ирыстоны рæсугъд суадæттау, сыгъдæг хъуыдыты уылæнты ауæдз. Уый фæстæ уыцы æвæлтæрд æмæ хом мидзæрдæйы уаг хъæуы сифтонг кæнын амондджын фидæнмæ тырнынады тыхæй, цæмæй уыцы саби йæ кары куы бацæуа, уæд, æппæт уыцы алæмæтон уидæгтыл бындуриуæггæнгæйæ, араза йæ дарддæры цард.

 

Уыцы вазыгджын, фæлæ ахсджиаг æмæ уаз хъуыддæгтæ баст сты æгæрон бæрнондзинадимæ. Сæ биноныг кæныны сæраппонд стыр фыдæбон æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ хъæуы æрвитын, уымæн æмæ комкоммæ дæр æнцой кæнынц ныййарджытæ, хъомылгæнджытæ æмæ ахуыргæнджыты фæлтæрд уæхсчытыл. Цард нын æй ирдæй куы равдыста: стыр фыдæбон цæуыл фæкæнай, уымæн йæ фæстиуджытæ æвæрццаг, пайда хæссæг уыдзысты.

 

Иуæй-иу ныййарæг æй хатгæ дæр нæ фæкæны, кæд, кæцы уысм аирвæзт къухæй йæ уарзон хъæбул æмæ кæй аххосæй фæцайдагъ æвзæрдзинадыл, æнæуаг митыл. Иухатт иу æвзонг сылгоймаг бацыд фæлтæрд ахуыргæнæгмæ  æмæ йæ афарста: «Мæ сывæллоныл цал азы хъуамæ цæуа, цæмæй йын йæ хъомылады хъуыддагмæ бæстонæй æрæвналон?» «Йæ райгуырды фыццаг сахатæй» – уыд куырыхоны дзуапп.

 

Ныййарджытæй бирæтæн ис ахæм цæстæнгас: нæ хъæуы сабийы цавæрдæр къуындæг фæлгæтты æмæ тызмæг фæткæвæрдмæ гæсгæ хъомыл кæнын, –  куы фембаргæ уа, уæд æппæт дæр йæхæдæг бамбардзæн, сраст кæндзæн йæ рæдыдтытæ. Æмæ æвæлтæрд адæймаджы æгъдау, хорз æмæ раст хъуыддæгтыл чысылæй куынæ фæцайдагъ кæнай, куынæ йын бацамонай царды æвæрццаг æмæ хъомысджын фæзилæнтæ, уæд ма сæ кæд базондзæн, куыд цæудзæн йæ дарддæры фæндæгтыл. Иууыл ын йæ мад йæ къухыл кæм хæцдзæн æмæ йæ размæ кæм кæндзæн. Бæгуыдæр, ахæм ныййарæг йæ хъæбулæн хорзæй æппындæр ницы аразы.

 

Аннæтæ та хæст сты ахæм фидар фæткыл: махæй, ома, сабийы ныййарджытæй, æвзæрдзинад, æнæуаг ми сæрмæ никуы ничи схаста, æмæ нæ цот дæр цæвиттойнаг, разагътайы хъæбултæ уыдзысты æнæ уæлдай фыдæбонæй дæр,  гентæ де ‘нгуылдзыты ‘хсæн нæ ныцъцъист кæндзынæ, зæгъгæ. Уый та у бынтон æдылы цæстæнгас. Сывæллоны йæхи бар куы ауадзай, уæд бæстæ рафæлдахдзæн. «Гæнæн ис» æмæ «нæй гæнæн» саби хъуамæ кæрæдзийæ цæхгæр хицæн кæна æмæ йын сæ йæ ныййарæгæй хуыздæр та ничи бацамондзæн. Алы ныййарæг дæр йæ хъæбулы æгæрон уарзтæй уарзы, узæлы, ауды йыл, фæлæ йын æнæмæнг хъæуы æмбарын кæнын, æмбæлон уагахаст, хæрзæгъдау, хорз ахуыр æмæ рæстдзинад йæ цардвæндагыл сæйраг æвдисæндартæ кæй сты, фæиппæрдгæнæн сæ кæй нæй.

 

Хæрзæрæджы, куыстмæ фæцæйцæугæйæ, бар-æнæбары уыдтæн æвдисæн ахæм цауæн: дыууæ чызджы, 10-11 азы кæуыл цыдаид, ахæмтæ, фæбыцæу сты, ног телефон сæ кæмæн тагъддæр балхæндзысты, ууыл. «Мæнæн, уымæн æмæ æз хуыздæр ахуыр кæнын» – загъта иу. Иннæйы дзуапп мæ баппæрста дисы æмæ ныртæккæ дæр зæлланг кæны мæ хъусты: «Æз буц хъомыл дæн!» Сæ фæстæ фæкастæн бирæ æмæ хъуыды кодтон: цымæ ныридæгæн йæ цард ног телефонтæй чи бары æмæ йæ бæллиц кæмæн у, уый йæ дарддæры та цæмæ тырндзæн. «Буц хъомыл» дæр хорз у… Чысылæй фæстæмæ йæ сывæллон куы зона, кæй йæ уарзынц, йæ алы фæндон дæр æвæстиатæй æххæст цæуы, фæлæ дарддæр та цы уыдзæн? Алцæмæн дæр хъуамæ уа бæрц. Бирæйæ бирæгъ дæр не ‘фсæды, – зæгъы ирон æмбисонд. Буц хъомыл йæхи чи хоны, уый стæй хистæр кълæсты уæвгæйæ та хæдтулгæ æмæ хæдзар æрдомдзæн «æвæстиатæй!»

 

Ныртæккæ ахæм рæстæг æркодта, æмæ адæймаг, раздæрау, йæхи уадиссаг нæ тыхсын кæны, кæд царды риссаг фарстатæй бынтон не сцух, уæддæр. Нæ фыдæлтæн сæ цард æппæтвæрсонæй дæр æмбаст уыд тыллæджы æрзадимæ, сæ мæт  æрдзы, боныгъæды æнамонддзинæдтимæ. Уыдон стыр аргъ кодтой, туг æмæ хид æмхæццæ фыдæбонæй цы кæрдзыны къæбæр амал кодтой, уымæн, фæлæ уыдысты махæй фердæхтджындæр, куырыхондæр, цæрдхъомдæр. Ныр техникæ дард акъахдзæф кодта: цай рахсидын, гæрзтæ, мигæнæнтæ ныхсын, дунейы хабæрттæ базоныны тыххæй æрмæстдæр хъæуы амонæн æнгуылдзæй кнопкæйыл æрхæцын; урс, хæрздæф æмæ фæлмæн дзул фынгыл æрæвæрыны тыххæй  дыууæ къахдзæфы æввахсдæр дуканимæ бауайын. Æмæ зивæг, мæцкъорау, стыхст адæймагыл, стæлфын, азмæлын æй нал фæфæнды уæлдай хатт. Уый та комкоммæ дæр æндавы адæймаджы удыхъæдыл, æнкъарынадыл, йæ физикон рæзтыл, æмткæй йæ уагахастыл.

 

Хистæртæн аргъ кæнын, хистæрмæ хъусын, коммæ кæсын махæн баззад нæ рагфыдæлтæй. Хистæр хиуылхæцгæ, уæззонд хъуамæ уа. Фæлæ иуæй-иу хистæр уыцы «æгæрон нымдæй» стæхы уæларвмæ, йæхимæ фæкæсы æппæт зæххон тыхты хицау, афтæмæй æрбады æгад, ницæйаджы къæлæтджыныл. Дыууæ æмбарынады «хистæр-кæстæр» рагзаманты бæрæг фæлгæтты сæйраг бынат ахстой. Цæвиттон, кæстæр-иу куы фæрæдыд, уæд ын хистæр комкоммæ уайдзæф нæ кодта, нæ йæ дæлдзиныг кодта иннæты цур. Иуварс-иу æй акодта æмæ йын-иу бамбарын кодта, раст кæй нæ бакодта. Кæд цалдæрæй уыдысты, уæд-иу «афтæ аив, хорз нæу» алкæмæн дæр уыд зонд зонынæн. Хатт та-иу арфæйы хуызы уайдзæф «ау, дæ фыдæлтæ нымад, уæздан, фидар фæткæвæрд æмæ æгъдауыл хæст куы уыдысты…» сæмбæлд йæ тæккæ ран – нырыккон психологийы цæстæнгасæй стыр ахъазджын мадзал.

 

Кæстæр цыфæнды фыдракæнд ма сарæзтаид, уæддæр хистæр йæ маст фидис, æнæуаг ныхасæй не ‘вдыста  уый дæр кæстæртæн цæвиттонæн хъуамæ уыдаид: рæстдзинады сæрыл дзурын, хиуыл хæцын, намысджынæй æмæ бæрнонæй уайдзæф кæнын. Хистæр кæстæрæн æгасæй дæр хъуамæ уа цæвиттойнаг, амона йын, цайдагъ æй кæна царды æргъадтыл.

 

Стыр хъыгагæн, ныртæккæйы рæзгæ фæлтæры минæвæртты куы бафæрсай: «Куы байрæзай, уæд дæ кæй хуызæн фæнды суæвын?», уæд сæ дзуаппытæ, цыма æмдзырд бакодтой, уыйау сты: «Полина Гагаринайы», «Дима Биланы», «Эндшпилы», «Миаги»-йы къорды æмæ шоу-бизнесы бирæ æндæрты «хуызæн». Æцæг дзы вæййы Ирыстоны номдзыд богалтæй кæйдæрты нæмттæ дæр (сывæллон спорты искæцы хуызы куы архайы, уæд).

 

Куы сæ фарстон, ирон адæм сæрбæрзонд æмæ кадджын кæмæй сты, уартæ нарты гуыппырсартæй райдайгæйæ æмæ абоны ирон фысджытæ, поэттæ, нывгæнджытæ æмæ композитортæй (ахуыргæндтæ æмæ зонады дæсныты кой нал кæнын!), уæд, стæмтæй дарддæр, цыма æндæр планетæйæ æртахтæн, афтæ-иу мæм нымдзаст сты, æдзынæгæй-иу «кæдæмдæр» кастысты.

 

Кæддæр-иу скъоладзаутæ сæ фырæнæрхъуыдыйæ фидис дæр бакодтой ахуыргæнджытæн, ацы костюмæй хуыздæр дын ницы ис, зæгъгæ. Æниу, ныртæккæ ахæм раконд чысыл къæбæдадзинады хуызæн у, кæд æмæ йæ уæд мах стыр æфхæрдыл нымадтам ахуыргæнæгæн, уæддæр. Ныртæккæ уæлæдарæс æмæ иумæйагæй æддаг бакасты алыварс цы диссæгтæ цæуы, уый афтæ сагъæссаг æмæ катайаг у, æмæ кæддæр цыдæр уыди, уый лæгмæ нымады дæр нал ис. Дзырдæн, зæгъæм, ныртæккæ æппæты кадджындæр дзаумайы конд у ахæм: куы райсиккам уæлæдарæсы искæцы хуыз æмæ йын куы слыг кæниккам йæ хуыдтытæй дарддæр дзы цы ис, уыдон! Иу дзырдæй, дарæс нæ, фæлæ ма дзы цы баззади, уыцы кæройнаг уаццæгтæ! Бирæтæм стыр диссаг кæсы уый, æмæ цы пайда у ахæм дарæсы конд.

 

Уæлæдарæсы кой кæнын нæу стыр арфæйаг хъуыддаг, фæлæ куырмы ‘фсон кæнын дæр зын у ныры дуджы. Ныр ахæм уæлæдарæс йæ уæлæ чи скæны, уыдонæн иумæйагæй се ‘ддаг бакаст дæр диссаг вæййы.

 

Уæдæ, куыд уынæм, афтæмæй хорз, разагътайы, хæрзæгъдау æмæ æнтыстджын хъæбултæ схъомыл кæнын стыр хæрзиуæгон хъуыддаг у, ахæм ныййарджытæн ирон адæм бæрзонд кад æмæ цыт кæнынц. Уый нæм нартæй æрхæццæ ис: «Уæрхæг-иу ныхасмæ куы æрбацæуа, уæд-иу уæ худтæ сисут æмæ-иу ын уæ сæрæй ныллæг акувут – ахæм æхсарджын фырт ын басгуыхт!»

 

Лæмбынæг ыл куы ахъуыды кæнæм, уæд амонд, фарн æмæ æнцойады ратæдзæнтæ сты – нæ кæстæртимæ нын куы уа бастдзинад. Уымæй хуыздæр цы ис: дæ кæстæр  хæрзæгъдау, ахуыры цæвиттойнаг,   хъуыддаджы фердæхтджын, æмгæртты ‘хсæн  намысджын, адæмы хорзæхæй хайджын. Æппæт дæр ис нæхи къухы, алцы дæр у нæхицæй аразгæ æмæ спайда кæнæм нæ рæстæгæй абон… Цæмæй нæ сабитæ цæрой амондджынæй, цæмæй фидæны фæсмонгонд ма уæм, цæмæй рæзгæ фæлтæр сомбон æдыхст уой.

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

КУЛЬТУРА 1.06.2022 в 21:26

О патриотизме в кино

В первой декаде мая в Новороссийске проходил Открытый Российский фестиваль патриотического кино «Малая Земля». Организаторы кинофорума в этом году расширили конкурсную программу и дополнили ее короткометражными фильмами.

ОБЩЕСТВО 14.01.2022 в 19:26

234 квартиры в Северной Осетии будут сданы в 2022 году по программе «Жилье для российской семьи»

Строительная программа поделена на этапы.

ОБЩЕСТВО 8.08.2022 в 20:22

Более 16 тысяч детей республики уже отдохнули в рамках оздоровительной кампании

О ходе летней оздоровительной кампании доложила министр труда и социального развития РСО-А Алина Айдарова. Она отметила, что всего за летний сезон запланировано охватить 17 тысяч 450 детей.

ОБЩЕСТВО 10.08.2023 в 08:52

В Южной Осетии установят памятник жертвам бесланской трагедии

Об этом заявил Президент РЮО Алан Гаглоев на встрече с представителями организации «Матери Беслана», прибывшими в Цхинвал на траурные мероприятия, посвященные 15-й годовщине августовских событий 2008 года. Во встрече также приняли участие государственный советник президента Батраз Бегизов и заместитель руководителя Администрации Президента РЮО Алан Тибилов.

ОБЩЕСТВО 17.08.2023 в 08:13

Аланский конь

Конь впервые был одомашнен в причерноморских степях пять-шесть тысячелетий тому назад населением эпохи неолита и ранней бронзы.

Новости города 29.06.2021 в 10:37

С военным билетом на престижную работу

Призыв граждан на военную службу всегда взаимосвязан с получением военного билета.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО