ОБЩЕСТВО

ЦЫБЫР, ФÆЛÆ РÆСУГЪД ЦАРДВÆНДАГ

Æмæ та мæ зæрдыл æрлæууыд, нæ рагфыдæлтæй нæм цы хъуыды æрхæццæ ис, уый: «Бæласæн цас тыхджындæр вæййынц йæ уидæгтæ, уыйас фидардæр вæййы йæ зæнг. Цас фидардæр вæййы йæ зæнг, уыйас йæ бирæ къалиутæ фæдæттынц фылдæр дыргътæ».

 

Куырыхон зонд, нæртон уды хъæд Иры зæххыл номхæссæнæн кæмæн баззад, уыцы номдзыд, буц хистæртæ кæнынц адæмæн кад æмæ намыс. Æмæ уыцы фæрнджын адæймæгты æмрæнхъ сæрбæрзондæй фæлгæсыд Дзестелты Батрадз Владимиры фырт дæр. Стыр хъыгагæн, 2023 азы 15-æм мартъийы кусынæй банцад йæ зæрдæ. Уый уыдис мыггаджы аккагдæр минæвæрттæй иу Дзахойы цытджын хæдзарвæндагæй.

 

«Хуыцауы сконд адæймаг кæддæриддæр вæййы бæрнон йæ мыггаджы æмæ йæ дзыллæйы раз. Кад æмæ радæй лæггад фæкæны йæ бинонтæн, йæ сыхæгтæн, йе ʼмгæрттæн, йе ʼмкусджытæн», – афтæ-иу арæх дзырдта Бат­радз, уымæн æмæ йæхæдæг уыдис фæзминаг алы хъуыддаджы дæр. Йæ уд хъардта, цæмæй йæ фырттæ дæр уой афтæ бæрнон æмæ адæмуарзон.

 

Хъыгагæн, йæ иунæг æфсымæр Таймураз æвиппайды æрыгонæй фæмард, æмæ бинонты уæз æнæхъæнæй æрæнцад Батрадзы уæхсчытыл. Дзестелы-фырт алы уавæры дæр пайда кодта хистæрты зонд æмæ фæлтæрддзинадæй.

 

Хъысмæт ын куы радта паддзахадон службæмæ бацæуыны фадат, уæд уынаффæмæ бацыди сæ мыггаджы дзырддзæугæ хистæрмæ – Дзестелты Константинмæ. Уымæн уыйбæрц кад уыдис адæмы ʼхсæн йæ æнæзæрдæхудт фæллойы фæрцы, æвзарджытæм æдзух къæрцхъус кæй уыд, уый руаджы, æмæ-иу æй алкæддæр равзæрстой депутатæй Цæгат Ирыстоны Сæйраг Советмæ, цалынмæ ацы оргæн куыста, уæдмæ.

 

Æмæ Батрадз дæр, зæгъæн ис, тырныдта уыцы æмвæзадмæ. Йæ хуымæтæг зæрдæйы уагахастæн æмæ йæ уды рæстаг скондæн кæрон нæ уыд.

 

Алы адæймагæн дæр ис сæрмагонд ном. Ном, дам, фæкæсынмæ у, зæгъгæ, афтæ-иу дзырдтой нæ фыдæлтæ. Фæлæ уый бынтон раст нæу. Хорз лæгæн йæ ном нæ сæфы: цæргæйæ баззайы йæ мæлæты фæстæ дæр сæдæгай, мингай азты дæргъы. Ахæмтæй фæзæгъынц, зæгъгæ, сæхицæн скодтой ном. Тынг дæрзæг, уæззау æмæ даргъ у уыцы фæндаг. Æмæ алкæй хæс дæр у рæстагæй, æнæфæцудгæйæ, йæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, йæхицæн йæ адæмы ʼхсæн рæсугъд, хорз ном скæнын, йæ фæстæ ныууадзын хорз хъуыддæгтæ æмæ фарны фæд.

 

Ацы æууæлтæй æнæмæнг хайджын уыд Дзестелы-фырт дæр.

 

1988 азы йæ равзæрстой Про­мыш­лен­нон райкомы фæскомцæдисы фыццаг секретарæй, æмæ ам равдыста, разамонæджы бирæвæрсыг кур­диат æм кæй ис, уый. Фæстæдæр афтæ æнтыстджынæй куыста паддзахадон исбонады управленийы, æмæ йын уыцы ран дæр саккаг кодтой бирæ паддзахадон хæрзиуджытæ. Кæмфæнды ма куыстаид, алы ран дæр йæ хæстæ æххæст кодта намысджынæй, адæмимæ ардта иумæйаг æвзаг, æмæ йын аргъ кодтой уыдон дæр, стыр кад ын уыдис се ʼхсæн.

 

Йе ʼнувыд фæллойадон архайдыл дзурæг сты йæ хорзæхтæ дæр. Бирæ уарзта адæмы, уæлдайдæр та – йæ мыггаджы. Царды дæр æмæ куысты дæр бирæ хорздзинæдтæй фæзминаг уыд йе ʼмбæлттæн æмæ йæ зонгæтæн. Цины æмæ хъыджы рæстæджы дæр уыд се ʼхсæн.

 

Адæймаг цæвиттойнаг вæййы, цы дæсныйады фæндагыл ныллæууы, уый æхцондзинад куы фæхæссы æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфамбылай цы адæм ис, уыдонæн дæр. Хорзы ном хæссыныл бирæ фыдæбон кæй ис, уый хорз зыдта, мæ абоны уацхъуыды ныхас кæуыл цæуы, уыцы фæзминаг, бирæ æвæрццæг миниуджытæй æххæст Дзестелты Батрадз дæр. Йæ царды хабæрттæм кæсгæйæ, цæстыты раз ирдæй сысты, хуымæтæг адæмы ʼхсæнæй чи рацыд, цардмæ, адæммæ йæхи сæрмагонд цæстæнгас кæмæн уыд, дунейы хъуыддæгтæн æмæ рæстдзинадæн йæхи барæнæй аргъ чи кодта, хорз æмæ æвзæр искæй ныхæстæй чи нæ зыдта, ахæм адæймаг.

 

Раппæлинаг ма у иу хъуыддаг: йæ цыппар кæстæры дæр сæ фыдау архайынц адæмæн стырдæр хæрзты бацæуыныл. Æмæ нæ уырны, сæ фыды кад дæлæмæ кæй не ʼруадздзысты, фыдæлты фарныл хæст кæй уыдзысты. Цард та ахæмтæй фидауы.

 

Кад æмæ цард æмбæлццæттæ сты – бирæ бантыст æмæ ма бантыстаид Дзестелы-фыртæн, стыр хæрзты бацыди йæ дзыллæйæн. Æмæ цы байтыдта, уый æркарста. Цас æмæ цас адæм ныккастысты зæхмæ йæ ныгæнæн бон. Ацыд йе ʼнусон фæндагыл. Ацыд, кæм райгуырд, кæм цард, кæм куыста, уыцы Ирыстоны зæххæй, фæлæ йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд фæд, мидисджын хъуыддæгтæ æмæ ирон лæджы фæрнджын ном.

 

18-æм майы та йын йæ афæдзы боны йæ хиуæттæ æмæ бирæ зонгæтæ цæссыгкалгæйæ зæгъдзысты: «Рухсаг у…»


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 30.03.2022 в 18:24

«Первая леди Владикавказа»

Биобиблиографический указатель «Первая леди Владикавказа», изданный Национальной научной библиотекой РСО-А (ННБ), ставит перед собой цель познакомить широкий круг читателей с жизнью и деятельностью Варвары Григорьевны Шредерс

ОБЩЕСТВО 9.02.2023 в 09:18

«Дети гор»: от вершины к вершине!

В 2025 году ансамбль «Дети гор» отметит тридцатилетие.

ОБЩЕСТВО 3.02.2024 в 08:31

ИРОН АДÆЙМАДЖЫ ЦАРДЫ УАГ

Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй.

ОБЩЕСТВО 1.02.2023 в 20:09

Ибрагим Багаев: «Учитель должен вдохновлять»

Каким должен быть педагог будущего? Как поменялась роль учителя с внедрением информационных технологий и в чем сегодня его главная миссия? Как помочь ребенку раскрыть свой потенциал?

ОБЩЕСТВО 23.09.2021 в 08:05

Всероссийская перепись населения 2020 года впервые пройдет в цифровом формате

В связи с пандемией срок проведения Всероссийской переписи населения 2020 года был перенесен на октябрь 2021 года. 

ОБЩЕСТВО 17.12.2022 в 08:27

Командир отряда «Шторм-Осетия» Игорь Цгоев награжден орденом «Слава Осетии»

Глава РСО-А Сергей Меняйло встретился с командиром штурмового отряда «Шторм-Осетия» Игорем Цгоевым (позывной «Король»), выполняющим боевые задачи в зоне проведения специальной военной операции в Донбассе.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО