ОБЩЕСТВО

ДЗАНАЙТЫ АЗАНБЕДЖЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 105 АЗЫ

Уыцы аз Ленинграды И.Е. Репины номыл институты графикон факультеты паддзахадон къамисы раз лæууыдысты æрмæстдæр дыууæйæ. Уыдонæй иу уыд Дзанайты Азанбег. Дипломон куысты агъоммæ не ʼмбæстаг ахуыры уыдис æппæты раззагдæртимæ: иста æрмæстдæр иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Ныр ралæууыд тæккæ ахъаззагдæр фæлварæн. Дипломон куыст хъахъхъæнын куыд зын уыдзæн, уый Азанбег æгæр дæр ма æмбæрста: æппæт бæстæйы дæр йæ ном зындгонд кæмæн у, ахæм нывгæнджытæ уыдысты къамисы уæнгтæ. Æрыгон нывгæнæджы дзуапп дæттын бахъæудзæн Верейский Г., Иогансон Б., Куприянов М. æмæ иннæты раз.

 

Дзанайы-фырт чысылæй фæстæмæ дæр бирæ уарзта Нарты кадджытæ. Ирон адæмы хъæбатыр фыдæлтæ йын йæ зæрдæйы æвзæрын кодтой хъæбатырдзинадмæ тырнын, знæгтæм æнæхатыр цæстæнгас дарыны хъуыды. Бирæ хæттыты-иу сфæнд кодта нарты гуыппырсарты фæлгонцтæ равдисын, фæлæ уыцы хъуыддагмæ æппæты тынгдæр сразæнгард, институт каст фæуынмæ куы хъавыд, уæд. Афæдз йеддæмæ йын рæстæг нал баззад, æмæ хъуамæ уыцы цыбыр æмгъуыдмæ сæххæст кодтаид, йæ размæ цы нысæнттæ æрæвæрдта, уыдон. Азанбег йе ʼппæт хъарутæ дæр сарæзта сфæлдыстадон куыстмæ. Æмæ мæнæ æрхæццæ дзуапп дæттыны рæстæг. Цалдæр минуты фæстæ æрлæудзæн йæ ахуыргæнджыты раз æмæ дзуапп дæтдзæн, фондз азы дæргъы цы зонындзинæдтæ райста, уыдоны тыххæй. Фыццаг ныхасы бар лæвæрд æрцыд йæхицæн.

 

Уый цыбырæй радзырдта Нарты кадджыты тыххæй, стæй сæм цы нывтæ скодта, уыдоны тыххæй. Зындгонд нывгæнджытæй Азанбег цыма рох фæци, уый хуызæн иууылдæр сæ цæстæнгас сарæзтой йæ куыстытæм. Бæрæг уыдис, се ʼппæты зæрдæмæ дæр кæй фæцыдысты. Фæлæ сын ахæм стыр аргъ скæндзысты, уый æнхъæл нæ уыди.

 

Азанбег ныхас куы фæци, уæд дзырды бар ракуырдта Советон Цæдисы Аивæдты академийы æцæг уæнг профессор Иогансон Б. В.

 

– Мæнмæ афтæ кæсы, – загъта уый, – æмæ мах абон æвдисæн стæм диссаджы цауæн. Æз нæ хъуыды кæнын, фæстаг азты нæм диплом хъахъхъæнынмæ Дзанайты Азанбеджы хуызæн цæттæйæ исчи рацыд, уый. Йæ иуæй-иу нывтæ афтæ дæсны арæзт сты, æмæ мын мæ зæрдыл æрлæууын кæнынц зындгонд францаг нывгæнæг Гюстав Дорейы куыстытæ.

 

Иогансоны ныхæстæ диссаг никæмæ фæкастысты. Уый фæстæ раныхас кодтой къамисы иннæ уæнгтæ. Уыдон дæр ахæм стыр аргъ скодтой не ʼмбæстаджы нывтæн. Æрмæстдæр цалдæр ныхасы загъта зындгонд нывгæнæг Куприянов М. В.:

 

– Æз ныхасы бар райстон уый тыххæй, цæмæй Кукрыниксты номæй зæрдиаг арфæ ракæнон Дзанайты Азанбегæн йе стыр æнтыстдзинæдты, йæ диссаджы куыстыты тыххæй…

 

Ленинградæй йæ куы фæндараст кодтой, уæд профессор Иогансон Борис афтæ загъта: «Кæд Дзанайы-фырт дарддæр дæр афтæ куса, уæд уый уыдзæн стыр диссаджы цины хъуыддаг. Азанбег та тынг хæдæфсарм адæймаг у. Ахæмтæ кæддæриддæр дзургæ чысыл фæкæнынц, кусгæ – бирæ».

 

Тынг раст бафиппайдта номдзыд нывгæнæг. Æмæ ныр, уыцы ныхæстыл бирæ рæстæг куы рацыд, уæд нæ бон фидарæй зæгъын у: Дзанайты Азанбег æцæгдæр дзургæ чысыл кодта, кусгæ та – бирæ. Цы нывтæ сарæзта, уыдон аккаг бынат æрцахстой ирон нывгæнынады.

 

Азанбеджы зонгæ уыдтæн, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд цыма фаг нæ уыдзæн, афтæ мæм кæсы, уымæн æмæ хуымæтæджы зонгæдзинадæй нæ ахастдзинæдтæ бирæ æнгомдæр уыдысты. Арæх æмбæлдыстæм, дзырдтам кæрæдзийæн нæ хабæрттæ, ныхас кодтам сфæлдыстадыл, Ирыстоны абон æмæ фидæныл, кæмæ нæ цы фæндтæ æмæ нысæнттæ уыди, уыдоныл дæр. Нæ ныхас кæрæдзиуыл куы нæ бадтаид, бирæ хъуыддæгтæм иухуызон цæстæй куы нæ кастаиккам, уæд, æвæццæгæн, нæ фембæлдтытæ афтæ арæх æмæ дæргъвæтин нæ уыдаиккой.

 

Дзанайы-фырт парахат зæрдæйы хицау уыд, йæ риуы тæлфыди цæстуарзон зæрдæ, стыр аргъ кодта курдиатæн, æппæты уæлдæр къæпхæны æвæрд æм уыди рæстдзинад, нæ уарзта цурон, козбау æмæ цæстмæ митæ. Нæ барста гадзрахатдзинад. Цы хъуыды кодта, уый дзырдта æргомæй. Цы у, уый зæгъынæй нæ тарст, Ирыстоны æппæты бæрзонддæр къæлæтджыны чи бадт, уыдонæн дæр. Æргомдзырд кæй уыд, сауæй урс зæгъынмæ йе ʼвзаг кæй нæ тасыд, уый йын йе ʼнæниздзинадæй бирæ фæкайдта. Нæ йæ уагъта, цы царды аккаг уыд, ахæм цардæй цæрын. Фæлæ йæхи æндæрхуызон дарын йæ сæрмæ нæ хаста. Лæджы номы бæрзæндæй каст алцæмæ дæр, уымæн æмæ йæхæдæг дæр бæрзонд уыд: æфсарм æмæ кадæй, æгъдау æмæ уагæй.

 

Ирон аивадæн цы бирæ хæрзты бацыд, уыдонæн аккаг аргъ скæнын раджы æмбæлди, фæлæ уыцы рæстæг кæй ралæудзæн, уый мæнæн æппындæр дызæрдыггаг нæу, уымæн æмæ Азанбеджы сфæлдыстад Къоста æмæ Тугъанты Махарбеджы фарсмæ кадджын бынат кæй ахсы, уый, ныв кæныны аивад чи зоны, аргъ ын чи кæны, уыдонæй иуæн дæр дызæрдыггаг нæу.

 

Уæлдæр загътон, Азанбег парахат зæрдæйы хицау кæй уыд, уый тыххæй, фæлæ йæ царды авналæнтæ парахат схонæн ницы хуызы уыди. Дзæвгар азтæ иунæгæй кæй арвыста, канд уый тыххæй нæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ кусыны фадæттæн къуындæг рахонæн нæ уыди. Дардмæ цæуын æй нæ хъуыд: йе ʼрмадз æмæ йæ фатер иу ран уыдысты, фæлæ йе ʼрвылбоны цардæй раппæлæн нæ уыд. Йæ цытджын куыстыты иуы аргъæй афæдзæй фылдæр фæцæрæн кæмæн уыд, уый мæйæ-мæймæ æнхъæлмæ каст йæ пенсийы капеччытæм. Ахæм уавæры кæй уыд, уый хорз зыдтой канд йæ хæстæджытæ æмæ йе ʼмбæлттæ нæ, фæлæ уæлдæр хицауад дæр.

 

Фæлæ хицауадмæ Азанбеджы хуызæн стыр курдиаты хицау æмæ æргомдзырд адæм кадджын никуы уыдысты. Кадджын нæ, фæлæ сын сæ размæ æвæрынц алыхуызон цæлхдуртæ, æххуысы бæсты сын кæнынц мастисæн митæ, архайынц, цæмæй сæ фæндтæ сæ къухы ма ʼфтой, ууыл.

 

Дзанайы-фырт дæр адæмы хъысмæт лыггæнджытæн сæ сохъхъыр цæсты ʼрдыгæй бадт фæцис, æмæ йын, куы зæгъын, хъыцъыдæттæ нуазын кодтой. Фæлæ йæ гæрзтæ никуы æрæвæрдта, дзырдта сын, цы аккаг сты, уыцы ныхæстæ.

 

Азанбег цавæр нывгæнæг уыд, уый тыххæй, кæд фаг æмæ куыд æмбæлы, афтæ загъд нæма ʼрцыд, уæддæр аивадиртасджытæй бирæтæ хорз аргъ скодтой йæ куыстытæн. Цы сарæзта, уыдон кад скæндзысты дунейы цавæрфæнды равдыстæн дæр.

 

Зондджын адæм афтæ фæзæгъынц: адæймаг курдиатджын куы уа, уæд йæ курдиат алы ран дæр рабæрæг вæййы. Афтæ зæгъæн ис Азанбегæй дæр, уымæн æмæ йæ арæхстдзинæдтæ ирдæй разындысты канд нывгæнынады нæ, фæлæ киноаивады дæр. Уый рабæрæг, иунæгæй киноныв «Ирон кадæг» исынмæ куы бавнæлдта, уæд. Сценари йын ныффыста йæхæдæг. Уæдæ йæ режиссер-æвæрæг агурыны сæр дæр нæ бахъуыд. Иннæ ахæм оператор æмæ нывгæнæг. Цæвиттон, йæ ныфс бахаста, кино исыны аивады чи нæма ʼрцыд, ахæм хъуыддагмæ. Ныфс бахæссæн бирæ цæмæдæрты ис, фæлæ сæйрагдæр у, дæ гæрзтæ цæмæ рабæттай, уыцы нысан дæ къухы бафтыд æви нæ, уый.

 

Азанбег йæ нысанмæ кæй фæхæццæ, уый дзурыны сæр ницæмæн хъæуы, уымæн æмæ киноныв æвæрд æрцыд. «Ирон кадæг» фæцыд сæдæ мингай адæймæгты зæрдæмæ: æвдыстой йæ канд Советон Цæдисы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. Кино исгæйæ, йæ размæ цы бирæ цæлхдуртæ уыд, цы бирæ зындзинæдты сæрты ахызт, уыдон мæнæн хорз зындгонд сты, фæлæ ам уыдæттыл дзурыны фадат нæй.

 

Азанбеджы тыххæй дзургæйæ, æнæзæгъгæ нæй, чин­гуытæ фæлгонц кæныныл куыд зæрдиагæй бакуыста, уый тыххæй дæр. Цæстыл уайынц, Цæгæраты Максимы «Хъуыдинæйы галуан», Санаты Уарийы «Партизантæ», узбекаг адæмон эпос «Алпамыш», Гатуты Дзахойы уацау «Зелимхан» æмæ æндæр чингуытæн цы нывтæ скодта, уыдон.

 

Адæймаг хорз кæй зона, ууыл фыссын дæр æмæ йын йæ ныв кæнын дæр æнцондæр у. Фæлæ хатгай афтæ вæййы, æмæ сфæлдыстадон кусæджы ныв кæнын бахъæуы, æппындæр кæй никуы федта, ахæм адæймаджы фæлгонц.

 

Зындгонд куыд у, афтæмæй Къостайы мады къам нæ баззад. Номдзыд поэт нæ хъуыды кодта йæ ныййарæджы. Æрмæст хъуыста хæстæджытæ æмæ зонгæты ныхæстæ, дæ мад, дам, дæхи хуызæн уыди. Дзанайы-фырт сфæнд кодта цыфæндыйæ дæр Къостайы мады ныв скæнын. Æнцон хæс нæ уыди уый, фæлæ Азанбег кусын райдыдта йæ уацмысыл. Ацыди Нармæ, фембæлди, сылгоймаджы чи зыдта, уыдонимæ. Иууылдæр æмдзыхæй загътой, Къостаимæ дам тынг æнгæстæ уыдысты. Уый фæстæ абалц кодта Грознамæ, хæсты рæстæг ам, Хъесатæм, уазæгуаты уæвгæйæ, цы гыццыл чызджы федта, уымæ. Къостайы мады хуызæн, дам, тынг у. Æрмæг æмбырдгонд куы фæци, уæд бавнæлдта кусынмæ. Рацыд цасдæр рæстæг, æмæ Азанбеджы æрмадзы фæзынди Къостайы мады ныв.

 

Журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редакторæй кусын райдыдтон 1985 азы. Цалдæр мæйы акуыстаин, афтæ мыхуырмæ цæттæ кодтам радон номыр. «Раджыма-раджыма», зæгъгæ, уыцы иумæйаг сæргонды бын хъуамæ дунейы рухс федтаид аргъау «Мæгуыр лæг æмæ уæйыг». Бафæндыд мæ, Азанбег æй куы сфæлгонц кодтаид, уый.

 

Нывгæнджытæ нæм бирæ ис, курдиатджын нывгæнджытæ, фæлæ алчи сывæллæтты журналæн баххуыс кæнынмæ йæ ныфс нæ хæссы, кæй та ахæм «лыстæг» хъуыддæгтæм не ʼвдæлы. Фæлæ Азанбег нæ фæндоныл сразы æмæ нæ журнал сфидауын кодта йæ курдиатджын нывæй. Абон дæр уыцы ныв æфснайдæй дарын мæхимæ. Йæ афон куы ʼрцæуа, уæд æй, кæм нæ фесæфа, ахæм ранмæ сæмбæлын кæндзынæн…

 

Адæмæй æнусон ничи у. Чи райгуырд, уыдон иууылдæр амæлдзысты: чи раздæр, чи – фæстæдæр. Фæлæ ис ахæмтæ, мæлæт кæмæн нæй. Æнæмæлæт сты, йæ фæстæ арф фæд чи ныууадзы, уыдон. Сæ курдиатджын сфæлдыстадæй адæмæн цин æмæ амонд чи хæссы, рухс хъуыдытыл сæ чи ʼфтауы, цардмондаг сæ чи кæны, уыцы амондджын адæм. Кæд Ирыстоны, стæй канд Ирыстоны нæ, ахæм адæм ис, уæд уыдоны номхыгъдмæ æнæмæнг хауы Дзанайты Азанбег дæр.

 

Дзасохты Музафер.

Чиныг «Мæйты дæргъæн азтæ»

(Дзæуджыхъæу, 2022 аз)


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 15.09.2022 в 10:12

«Особая инициатива» для особенных людей

В Северной Осетии проживает более 3 000 детей с ограниченными возможностями здоровья. Синдром Дауна, нарушения зрения или слуха, ДЦП, расстройства аутистического спектра и прочие состояния и заболевания, приводящие к инвалидности, не должны стать приговором и причиной оторванности от социума для детей и их родителей.

ОБЩЕСТВО 1.03.2022 в 10:21

Ком фидауы мæсгуытæй, адæмыхатт та – лæгтæй

Адæймаджы зæрдæ хицæн стыр дуне кæй у, йæ уд æмæ зонд та йæ райгуырæн уæзæджы æрдз, хистæрты фарныл кæй æнцой кæны, уый йæ царды æмæ йæ алывæрсыг сфæлдыстадон архайдæй чи равдыста, уыцы дæснытæй иу у профессор, экономикон наукæты доктор, Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг Гаситы Петр Елберды фырт.

ОБЩЕСТВО 4.09.2021 в 08:05

Къостайы авдæны фарн

Хаттæй–хатт æнæбары фыссæггæндтыл дæр исты афыссын бахъæуы, æндæр гæнæн куынæ уал вæййы, уæд. 

ОБЩЕСТВО 26.06.2023 в 18:58

В Международный день борьбы с наркоманией

26 июня, в Международный день борьбы с наркоманией и незаконным оборотом наркотиков

ОБЩЕСТВО 6.05.2023 в 09:17

Вспоминая подвиги дедов и прадедов…

Тема Великой Отечественной войны чрезвычайно актуальна в современном обществе, способствует объединению, сплочению нашего народа.

ОБЩЕСТВО 20.12.2023 в 19:52

Творить добро

Председатель Совета ветеранов города Владикавказа, член Общественной палаты Северной Осетии, меценат, человек с неравнодушным сердцем… Лев Лалиев известен своими благими делами. Наша редакция не раз писала о его благородных поступках, которые он совершает по велению сердца. Сегодня хотим рассказать еще об одном таком поступке, который заслуживает быть услышанным.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО