Ацы дыууæ хъуыддагæн ис стыр ахадындзинад, уæлдай дæр та ныры царды. Патриотизм ирон адæммæ бæрзонд æвæрд кæй у, ууыл дзурæг сты бирæ историон цаутæ. Уымæ гæсгæ зонынц нæ зæххыл цы сабырдзинад ис, уымæн йæ аргъ.
Ацы бонты дæр Донбассы цæрджыты нацисттæй ссæрибар кæныны охыл Уæрæсейы Федераци цы сæрмагонд операци уадзы, уым æвдисынц сæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад æмæ æнувыддзинад, сæрыстырæй æххæст кæнынц æцæг ироны хæстоны сæйраг æууæлтæ. Иу æмæ дыууæ не сты йæ хъæбатырдзинады тыххæй алыхуызон хорзæхтæ чи райста. Уыдонæй иу – елхотаг лæппу Уаниты Вадим дæр.
Елхоты хъæуы цæрæг, хистæр прапорщик Уаниты Вадим йе ’мбæлтты цард кæй бахъахъхъæдта, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады майданæй. Уаниты Вадим службæ кæны Уæрæсейы Федерацийы 58-æм æфсады. Уый архайда Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы 24-æм февралæй 5-æм маймæ.
Иу карз тохы Вадим бахъахъхъæдта йе ‘мбæлттæй æртæйы цард, раласта сæ судзгæ машинæйæ, уыцы рæстæг йæхæдæг райста контузи æмæ фæцæф нæмыджы схъистæй.
Хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй æфсæддон службæгæнæг 22-æм июны хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады майданæй. Абоны бон Вадимæн йе ’нæниздзинад фæстæмæ сæндидзыдта æмæ ног тыхтимæ фæстæмæ аздæхт Донбассмæ йе службæ адарддæр кæнынмæ.
КЪУДУХТЫ Маринæ