ОБЩЕСТВО

ХÆДЗАРЫ ФАРН БИРÆ У

Бинонтæ… Ацы дзырды ис уарзт æмæ хиæмбарынад, ныфс æмæ æнцойад, фæллой æмæ кад. Нæ гыццылæй фæстæмæ нæ ахуыр кæнынц ирон адæймаджы хуыздæр миниуджытыл.

 

Махæн фыдæлтæй бирæ алыхуызон æгъдæуттæ баззад. Иутæ дзы ферох сты, цард сæ йæхæдæг аппæрста. Бирæтæ дзы цæсты гагуыйау хъахъхъæнинаг сты. Уыдонимæ – ирон бинонты æхсæн хъомылад. Бинонтæм æгъдау, æфсарм куы уа, кæстæр хистæры уайдзæфмæ куы хъуса, уæд уыцы бинонтæн, ныййарджытæн стыр кад уыдзæн. Алкæйы хæс дæр у рæстагæй, æнæфæцудгæйæ, йæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, йæхицæн йæ адæмы ‘хсæн рæсугъд, хорз ном скæнын, йæ фæстæ ныууадзын хорз хъуыддæгтæ æмæ фарны фæд.

 

Адæймагæн дунейы иууыл зынаргъдæр сты йæ сывæллæттæ, стæй æрмæст йæ хъæбултæ нæ – уарзондзинады æнкъарæнтæ йæм æвзæры алы сабимæ дæр. Уымæн æмæ хистæртæй уæлдай уый у æнæхин, æнæлаз. Хорз, рæсугъд у чысылæй алы саби дæр, фæлæ дзы уæддæр адæймагæн йæ зæрдæмæ йæхи сабийæ æввахсдæр ничи у. Æмæ алкæйы дæр фæфæнды, цæмæй йæ хъæбул адæмы рæгъы рацæуа, царды басгуыха, хорз адæймаг дзы рауайа. Гъе, фæлæ уыцы бæллицтæ сæххæст кæнынмæ алчи нæ фæцарæхсы, алчи хъомыл кæныны фаг бæрнондзинад нæ равдисы, æмæ бирæ сабитæн сæ фидæны царды фæндæгтæ ныггæлиртæ вæййынц. Афтæ уыд кæддæриддæр, кæд цард цивилизацийы фæндагыл стыр къахдзæфтæ размæ акодта, уæддæр. Сабиты хъомылады ахсджиаг фарстатæ абон дæр карзæй лæууынц дунейы бирæ бæстæты раз.

 

Алчидæр нæ хъуыды кæны йæ сабийы бонтæ. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ зонæм, сæ царды раппæлинагæй кæй ницы уыдис: сæ ныййарджытæ, хæхты цъассыты цæргæйæ, тухийæ æрвыстой сæ царды бонтæ. Карз æрдзон уавæрты цæргæйæ, сæ гуыбын фаг не ‘фсæстой, фаг æмбæрзт нæ уыд се рагъ дæр. Царды ахæм уавæр æндæвта сæ сабитыл дæр, æмæ сæ бонтæ æрвыстой уæззау уавæрты, се ‘взонг удтæ сын карзæй æфхæрдта дуг.

 

Сæ сывæллоны цард равдисын, рухс дунемæ сын фæндаг айгæрдын фæлвæрдтой, ирон аив литературæмæ фыццаг къахдзæфтæ чи арæзта, уыцы фысджытæ, рухстауджытæ. Фæлæ куыд хистæртæн, афтæ сабитæн дæр Къостайы хуызæн ничи балæггад кодта. Кæд сын сæрмагондæй йæ фыст уацмыстæ бæрцыл сты, уæддæр сæ ахадындзинад æгæрон у. Къоста ныв кæны, цахæм уæззау уавæрты хъомыл кодтой ирон бинонты ‘хсæн сывæллæттæ, уæлдайдæр та, сæ дарджытæ кæмæн амардысты, уыдон. Цы ми кодта Къостайы сидзæргæс? «Сидзæртæн хъæдуртæ се ‘хсæвæр хуыдта. Афтæмæй сын дуртæ цуайнаджы фыхта». Уыцы дуджы Ирыстоны хæххон хъæуты скъолатæ тынг гыццыл уыд. Фæлæ Къоста сидтис æмæ фæдзæхста алы сабийæн дæр, цæмæй тагъд йе скъоламæ уайа, ма зивæг кæна. Скъоламæ уайыны фадат та алы сывæллонæн дæр фæцис Къостайæн йæ царды фæстæ – ивгъуыд æнусы 20–30-æм азты.

 

Æмæ кæд раздæр нæ интеллигенцийы минæвæрттæ бæрцыл уыдысты, уæд, хъæуты скъолатæ байгом кæнын æмæ ахуырдзинад райтынг кæныны фæстиуæгæн, хъомыл кæнын райдыдтой нæ фидæны интеллигенцийы аккаг минæвæрттæ.

 

О, фадат фæци нæ сабитæн ахуыры, царды рухс фæндагыл ныллæууын, фæлæ сыл уæддæр бирæ цæфтæ уад дуджы азарæй. Кæмæн йæ ныййарджыты кулакты номхыгъдмæ хастой, кæмæн та троцкизмы азарæй басыгъдысты, æмæ сабийæ кардзыдмæ фæхастой уыдоны сывæллæтты дæлазæггæнæг ном.

 

Фыдыбæстæйы Стыр хæст… Нал баззад куыстхъом адæм нæ хъæуты. Фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл æрвыстам бинонты дарджыты, æмæ стыр тохы хъæбатырдзинад æвдыстам. Хъайтардзинадæй ма фыццаг бынат дæр бацахстам иннæ адæмыхæттыты ‘хсæн. Уæдæ нæ тохы быдыры дæр бирæтæ фесæфтыстысты. Æмæ баззадысты бирæ, тынг бирæ сабитæ сидзæрæй.

 

70–80-æм азты цы сабитæ рахъомыл, уыдонæн цард цадæггай сæ къух арæзта – уыд сабырад, цард хуыздæрæй-хуыздæр кодта. Фæлæ та уыцы дуг дæр бирæ нæ ахаста. Сабыр дуджы чи райгуырд æмæ рахъомыл, уыдоны дæр бахъуыд хæсты цæхæрыл рацæуын – ныр та сæхи райгуырæн къуымы. Ацы хатт сабиты сæ фыдтæм дзыназын нæ хъæуы дард фронтмæ – хæст цæуы сæ цæстыты раз. Æмæ дзы лидзынц, æмбæхсынц, фæлæ дзы уæддæр знаджы нæмыг цал æмæ цал æнæаххос æвзонг уды баййафы.

 

Сабиты æнæхин удтæ ма гуылмыз, дæрзæг кæнынц нæ дуджы царды уавæртæ. Раздæры заманты, кæд адæм мæгуыр цардысты, уæддæр бинонты ‘хсæн цы бирæ кæстæртæ хъомыл кодтой, уыдон æвæгæсæг нæ уыдысты. Æдзух уыдысты хистæр кар бинонты хъусдарды бын, æмæ сæ сæхи цæвиттонæй хъомыл кодтой ирон æгъдæуттыл, ирон фарныл. Уыимæ ма хистæр сывæллæттæ дæр æндæвтой кæстæрты хъомыладыл.

 

Ахæм царды уаг абон тынг фæивта. Ныййарджытæй иуты арæх нал равдæлы сæ сывæллæттæм, æмæ бинонты хъармæй, ныййарæджы рæвдыдæй цухæй аззайынц. Бирæ сабитæн хæдзарæй уынг фæадджындæр вæййы, æмæ адзæгъæл вæййынц. Афтæмæй фылдæр кæны ныййарджытæй сывæллæтты ‘хсæн дæрддзæг, æмæ уыимæ лæмæгъ кæнынц, цы фидар тæгтæй баст вæййынц, уыдон.

 

Фæлæ уæддæр иууыл дуджы аххос нæу. Иуæй-иу æвзонг ныййарæг хъомыладон фарстаты вæййы æвæлтæрд. Уæд ын фæхъæуы амонын. Фæлæ хъыгагæн, алчи искæй амындмæ нæ хъусы, йæ сæрмæ йæ нæ хæссы, фæзæгъы, ома мæ сывæллон у мæхи бар, æмæ мæхæдæг хуыздæр зонын, куыд æй хъæуы хъомыл кæнын, зæгъгæ. Уыцы митæй йæ сабийæн хорзæй æппындæр ницы бацамондзæн, фæлæ йæ æгæр æрæгмæ бамбардзæн.

 

Ныййарæг хъуамæ йæхи цæстæй уына æмæ æмбæлон аргъ кæна сабидоны кусæджы куыстæн. Зын у искæйы хъæбулы бæрны бацæуын, хæрзæгъдау хъуыддæгтыл æй цайдагъ кæнын, æппынæдзух ын амонын хи дарыны фæтк. Сывæллæттимæ кусын æнцон кæй нæу, уый ныййарджытæй бирæтæ æмбарынц æмæ æппæт амæлттæй архайынц хæдзары дæр хъомылгæнæджы амындтытыл æмæ фæдзæхстытыл бындуриуæг кæнын.

 

Алцы нывыл кæм вæййы, фæлæ ныййарæг уайдзæфы хуызы исты зæгъынмæ куы хъава хъомылгæнæгæн, уæд ын æй хъуамæ зæгъа хибарæй, йæ сывæллон йæ фарсмæ куыд нæ уа, афтæмæй. Иуæй-иу хатт ныййарджытæ хæдзары сæ сывæллæтты цур райдайынц æфхæрын сабидоны хъомылгæнæджы. Уæд сывæллон бынтон æндæр цæстæй райдайы кæсын, раздæр ын диссаджы цæвиттойнаг чи уыд, уыцы адæймæгмæ. Нал фæкоммæ кæсы, йæ ныхас ын ницæмæуал фæдары. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, æгасæй дæр æппæрццагæй æндавы хъомыладон куыстыл.

 

Æрвылбон дæр сывæллæттæн хъæуы хæссын цæвиттонæн зындгонд æмæ кады аккаг адæмы, лæмбынæг дзурын сæ цардвæндагыл, цæмæй æмбарой, алы стыр сгуыхтдзинад дæр стыр фыдæбон æмæ быхсындзинады фæрцы кæй бафты къухты. Дзырд дæр ыл нæй, сывæллонæн иууыл æввахсдæр æмæ уарзондæр у мад. Уый сывæллоны царды ахсы иууыл стырдæр бынат.

 

Max арæх фæазымджын кæнæм кæцыдæр сывæллоны йæ æнæуаг миты тыххæй. Афтæмæй та аххосджын мах, хистæр фæлтæр вæййæм. Кæмдæр æм йæ ныййарджытæ, стæй скъолайы педагогтæ фаг хъусдард нæ аздахынц. Йæ ных ын нæ бакъуырынц, æмæ йе ‘нæуаг митæ кæддæр рахизынц фыдракæндтæм.

 

Ныртæккæ скъолаты бирæ куыст цæуы нæ рæзгæ фæлтæры ‘хсæн ирон æгъдæуттæ æрбиноныг кæныны тыххæй. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уый фаг нæу. Хæдзары фарн бирæ у. Сывæллон бинонты æхсæн хорзæй æмæ æвзæрæй дæр цы уыны, ууыл æнцонæй цайдагъ кæны. Лæппу куы уына йæ нозтджын, æнæуаг дзыхæй дзургæ фыды, уæд æй, кæй зæгъын æй хъæуы, райдайдзæн фæзмын. Уымæ гæсгæ скъола æмæ ныййарджытæн сæ куыст хъуамæ уа иумæ. Æрмæст скъола фаг нæу хæрзæгъдау хъомылад сывæллонæн раттытæн. Уый цæвиттон фæисы хæдзары хистæртæй. Æмæ нæ кæд фæнды, цæмæй нæ сомбон фæсмойнаг ма фæуа, уæд нæ фыдæлтау нæ кæстæртæн алцæмæй дæр уæм цæвиттойнаг.


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 18.10.2021 в 19:47

Второй этап строительства «Мамисона» планируют без привлечения средств «КСК»

Об этом рассказал на еженедельном аппаратном совещании Глава РСО-А Сергей Меняйло.

ОБЩЕСТВО 1.07.2022 в 21:56

Фыдыбæстæ уарзын æмæ хъахъхъæнын

Ацы дыууæ хъуыддагæн ис стыр ахадындзинад, уæлдай дæр та ныры царды. Патриотизм ирон адæммæ бæрзонд æвæрд кæй у, ууыл дзурæг сты бирæ историон цаутæ. Уымæ гæсгæ зонынц нæ зæххыл цы сабырдзинад ис, уымæн йæ аргъ.

ОБЩЕСТВО 26.04.2024 в 21:36

«Письмо ветерану–2024»

На базе МАУДО «Центр дополнительного образования города Владикавказа» структурного подразделения «Школа детского творчества» прошел VII муниципальный конкурс «Письмо ветерану–2024», посвященный 79-й годовщине Победы в Великой Отечественной войне.

ОБЩЕСТВО 9.11.2023 в 09:42

ПОЭЗИЙЫ БУЛÆМÆРГЪ

Малиты Георгийы райгуырдыл сæххæст 137 азы

ОБЩЕСТВО 28.05.2019 в 10:47

Инициатива, ответственность, амбиции

Уже двенадцатый раз 26 мая в нашей стране отметили День российского предпринимательства.

ОБЩЕСТВО 9.04.2018 в 17:29

Всероссийский конкурс «Семья года»

Информируем о проведении в 2018 году Всероссийского конкурса «Семья года»

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО