ОБЩЕСТВО

«НÆ ЗÆХМÆ РУХС ТЫНТÆЙ ÆРХЫЗТÆН…»

Джыккайты Шамилы мысгæйæ

 

«Æз цæрæнбонты табу кæнын ирон дзырдæн, уый у мæ зæды хай, уый у мæ удылхæцæг. Цы зæгъын, уый стыр ныхас нæу, уый мæ хъысмæт у… Ацы аз ирон факультетмæ æрбацыд ахуырдзаутæ, цас хъæуы, уымæй æмбис къаддæр. Ахæм цæф мыл никуыма сæмбæлд, асаст мæ астæумагъз, цуды мæ ныфсы мæсыг. Мæнгæн нæ уасыд сау халон… Мæ цард цы хъуыддагыл бахардз, уый сæфы мæ цæсты раз. Æз дæн трагикон уавæры, уæлион зындоны…»

 

Джыккайты Шамил

 

Поэт, драматург, тæлмацгæнæг, прозаик, публицист, 150 зонадон куыстæй фылдæры автор, филологон наукæты кандидат, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Джыккайты Шамилы райгуырдыл сæххæст 84 азы.

 

Къостайы фæдонтæй адæймаджы зæрдæмæ уæлдай хæстæгдæр лæу­уы Джыккайты Шамил. Фыссæджы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы сонет. Чиныгкæсæг уæлдай æхсызгондæрæй сæмбæлд, поэт Ирыстоны кады лæгтæ Къоста, Секъа, Елбыздыхъо, Васо, Шегрен, стæй Ирыстонæн йæхиуыл, мадæлон æвзагыл, ирон сылгоймаг æмæ бирæ зынгæ адæймæгтыл æмæ хабæрттыл цы сонеттæ сфæлдыста, уыдоныл. Литературон критикæ сæм æрдардта йæ хъус. Кæддæриддæр – царды уыдаид, аивады, зонады хъомылады – тырныдта иууыл бæрзонддæр бынатмæ. Æмæ, чи цы агуры, уый ары. Иууыл раздæр чи цыд, фæлтæртæн фæндаггæрдæг чи уыд, алы хатт дæр уыд уыцы раззæгты рæнхъы.

 

Дзомагъгом. Ацы хъæуы райгуырд Шамил 25 фев­ралы 1940 азы. Дыууадæс азы йыл куы цыд, уæд йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ ʼрцардысты Камбилеевкæйы хъæуы. Шамил каст фæци бынæттон астæуккаг скъола, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультет æмæ ЦИНИИ-ы аспирантурæ. Куыста телевизион студийы. Фæстæдæр та сси Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филоло­гийы факультеты декан.

 

Уый канд литературæ æмæ фольклоры дæсны нæ уыд, фæлæ ма нæ хуыздæр ирон историк æмæ этно­граф дæр. Иттæг хорз зыдта нæ адæмы ивгъуыд цард, сæ уаг, се ʼгъдæуттæ… Йæ алы тугдадзин дæр æмцавд кодта нæ адæмы зæрдæйы тæлфтимæ, æгæрон уарз­тæй уарзта йæ бæстæ, йæ райгуырæн зæхх, хæхтæ, йæ адæмы, дунейы дзыллæты…

 

Поэт цыд æмæ хаста фарны цырагъ. Нæ йæ урæдтой зындзинæдтæ, цæлхдуртæ. Уый уыд нæ цæугæ мæсыг, ныхасы – уынаффæгæнæг, аивады – зарæгамонæг. Æппæт ацы миниуджыты фæрцы Шамилæн æнтыст йæ рæстæг æмæ адæмы цард парахатæй æвдисын.

 

Кæд абон не ʼхсæн нал ис, уæддæр нæ йæ поэзи хоны размæ, рухс нысанмæ, рæстдзинады дунемæ, ахуырады бæрзæндтæм, адæмы идеалтæм. Бæгуыдæр, Шамилы сфæлдыстады зыны ирон дзырд­аивады истори, нæ адæмы удыхъæд æмæ зондахаст.

 

Поэты æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Æфсарм» рацыди 1964 азы. Уый фæстæ ма рауагъта фондз поэтикон æмбырдгонды. Сæ сæйрагдæртæ сты «Æхсæвы æртытæ» (Орджоникидзе, 1990) æмæ «Саст дзæнгæрæг» (Дзæуджыхъæу, 2000).

 

Шамил канд поэт нæ уыд, фæлæ драматург, прозаик, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг дæр. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Цомахъ» æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйыл. Джыккайы-фырт бирæ бакуыста ирон фысджыты сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæныныл æмæ джиппы рауадзыныл, ныффыста Коцойты Арсены, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Гæдиаты Цомахъы, Барахъты Гинойы, Байаты Гаппойы, Нигеры, Плиты Грисы, Цæрукъаты Алыксандры æмæ иннæты сфæлдыстадон портреттæ. 2002 азы та рауагъта «Ирон литературæйы истори (1917–1956)». Ацы куыст автор ныффыста иронау, æмæ стыр ахъаз у канд студенттæн нæ, фæлæ скъолаты ахуыргæнджытæн дæр.

 

Шамил ирон æвзагмæ раивта Шекспиры «Къарол Лир», Софоклы «Эдип-паддзах», Э. Ростаны «Сирано де Бержерак», У. Сарояны, Р. Лоуренсы, Ж. Шехадейы драмæтæ, Байроны, Бернсы, Лермонтовы æмæ бирæ æндæр авторты уацмыстæ.

 

Ирыстоны хæрзæбонæн аивады, культурæйы, литературæйы æппæт жанрты Шамилæн бирæ бан­тыст. Сæ ахадындзинад æмæ аивадон тых хæхтæй бæрзонддæр у. Йæ уд æдзухдæр дзæнгæрæгау кодта фæдисхъæр, йæ дзыллæйы хæрзæбонæн мæй­дар æхсæв цырагъау сыгъд. Ирыстоны кадыл кад æфтыдта, йæ сыгъдæг уд нывондæн хаста Иры зæхх æмæ адæмæн. Райгуырæн Ирыстоны раз Шамил хæсджынæй нæ баззад: иу æргъомы бæсты хаста æртæ, æххæстæй, æртывæрæй бафыста хъæбулы хæс, аккагæй фæхаста гражданины æмæ патриоты кадджын ном. Кæд Ирыстоны фарнхæссæг, адæмæн уарзон лæгтæ уыд, уæд сæ фыццæгтæй иу у Шамил.

 

Джыккайы-фырт ирон аивадæн, литературæйæн, культурæйæн куы нæ уыдаид, уæд бирæ мæгуырдæр уыдаид нæ монон æмæ удварнон хæзнадон. Хъæздыг æмæ æвидигæ у Шамилы бирæвæрсыг курдиат. Уый йæ уды хъомысæй, йæ куырыхон зонд æмæ рæдау зæрдæйы рухсæй, йе стыр адæймагдзинадæй Иры дзыллæйæн табуйаг ссис. Йæ курдиат у парахат, алыхуызон фæрæз ын уыдысты дзырдаивады æппæт жанртæ. Шамил у поэт, фыссæг, драматург, публицист, критик, фольклор иртасæг, монографитæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ фыссæг, дунейы классикты уацмыстæ тæлмацгæнæг. Нæ ирон литературæйы классиктæн бæстон раиртæста се сфæлдыстадон бынтæ æмæ сын уымæй бакодта кæстæры æмæ фæдоны лæггад. Шамил – адæмы бартыл тохгæнæг, рæст­дзинад æмæ аив дзырды зæрингуырд, интеллигенцийы фарны тырысахæссæг.

 

2012 азы 29 майы ЦИПУ-йы байгом кодтой Джык­кайты Шамилы номыл аудитори. Уым фыссæн фæй­нæджы сæрмæ Къоста æмæ Абайты Васойы хуызистыты ʼхсæн кадджын бынат бацахста Шамилы портрет дæр.

 

Æцæг поэт, æцæг адæймаг намысимæ куы цæуа литературæйы сыгъдæг галуанмæ, уæд уый стыр фарны хабар у. Ахæм адæймаг уыдис зындгонд ирон драматург, поэт, фыссæг Джыккайты Шамил. Йæ хъуыдытæ уыдысты йæ уарзон адæмыл, нæ мадæлон æвзагыл, ирон культурæ æмæ фыдæлты намысыл. Шамил уыд æнæкæрон патриотизмæй хайджын. Мадæлон æвзаг ын уыд, ныййарæг мадау, йæ æнусон уарзт, æнусон ныфс.

 

Нæ дуджы Джыккайты Шамилы комарынджы авд дзæнгæрæджы цыма зæланг кодта, уыйау Нарты Ацæмæзы зарæджы зæлтау азæлыдысты Ирыстоны кæмтты – æнусон хæхты. Йæ зæрдæйы цæхæрæй æрвон рухс байтыгъта йе ʼмбæстæгты зæрдæты, радта сын ныфс æмæ рæстдзинад, уарзт æмæ æнусон бæллиц, сæрибар:

 

Æз – кард, æз Елиайы цæхæр дæн,

Æз калын сау мигъты тæмæн,

Нæ зæхмæ рухс тынтæй æрхызтæн,

Цæмæй дзы уа рæстдзинадæн цæрæн…

 

Фыссæг æмæ зонадон кусæг Хъазиты Мелитон ирон чиныгкæсæгæн, ахуырдзау фæсивæдæн бакодта æхсызгон лæвар – стыр ирон поэт, прозаик, драматург, литературæиртасæг, Ирыстоны патриот, ЦИПУ-йы профессор Джыккайты Шамилы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй монографи «Æрвон комулæфтимæ», зæгъгæ. Шамил уыд ирон адæмы фæдисон. Æмæ чиныджы разныхасы автор зæрдæрисгæйæ уымæн дзуры: «Фыссæджы фидарæй уырныдта йæ хъуыды, æмæ йæ рæстзæрдæйæ уырнын кодта, не ʼмбаргæ дзыллæйæ кæмæ хъуыст – кæд искæмæ хъуыст, уæд, – йæ хъæр, уыдонæн дæр: «Ирон лæг стырзæрдæ у, нæ зоны фидæныл сагъæс кæнын, нæй йæм стратегион зондахаст, æмæ æнцад бадæм – цы уа, уый уæд. Æмæ та ныл æрцæуы уæззау цæфтæ.

 

Иу хатт ма йæ зæгъын, ныууадзæм нæхи ста­уын. Хорз фыдæлтæ сæ байзæддагæн ныууадзынц зæххытæ, сахартæ, галуантæ. Цы баззад махæн та. Чермены хай – цъыфдзæстытæ, къæдзæхтæ. Цы ныууадздзыстæм нæ цотæн? Цы?!» («Нæ уавæр, нæ хæстæ»). Фæлæ уыцы фарстæй алчидæр хъуыды кодта хи цотæн исты ныууадзыныл…

 

Ирыстоны скъоладзаутæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ Шамилы цард æмæ сфæлдыстад ахуыр кæнын райдыдтой, удæгас ма куы уыд, уæд, фæлæ ныры онг сæ къухы никуы уыд æмбæлон литературæ. Ныр сын Хъазиты Мелитоны ацы монографи стыр ахъаз фæцис.

 

Джыккайты Шамилы цард аскъуыд фыдгæнæджы къухæй 26-æм майы 2011 азы. О, Шамил нал ис, фæлæ уæлæуыл æнустæм баззад йе стыр бирæвæрсыг курдиат: йæ тохы хъæр, йæ куырыхон ныхас, йæ зонд, йæ дзырды фарн. Ирон адæмæн, рæстаг адæмæн! Цас фылдæр бонтæ, азтæ цæуы, уыйбæрц фылдæр адæм зонгæ кæндзысты йемæ, æмæ цæрдзæн сæ зæрдæты, сæ зонды.

 

Йæхи ирон чи хоны, уый йын хъуамæ æнæмæнг зона йе сфæлдыстад, уымæн æмæ йæ уацмысты ирдæй зынынц нæ истори, нæ фыдæлты цард, нæ фарн æмæ æгъдау, нæ намысджын фы­дæлты истори.

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 5.10.2022 в 21:39

Денежная единица зæрин: история и современность

Руководство Национального банка Южной Осетии регулярно сообщает об очередном выпуске юбилейных монет – зæрин.

ОБЩЕСТВО 15.05.2018 в 09:55

На коне

На возрожденном Бесланском ипподроме прошли скачки в честь 73-й годовщины Победы в Великой Отечественной войне.

ОБЩЕСТВО 26.10.2017 в 11:36

Незабываемые впечатления

Участники ХIX Всемирного фестиваля молодежи и студентов (ВФМиС) из Осетии вернулись с главного события этого года.

ОБЩЕСТВО 18.05.2023 в 08:41

ЙÆ НОМ АЙХЪУЫСТ ÆГАС ДУНЕЙЫЛ

Советон Цæдисы адæмон артисткæ, балеринæ æмæ ахуыргæнæг Адырхаты Светланæйыл сæххæст 85 азы

ОБЩЕСТВО 4.12.2023 в 19:33

100 лет герою Павлу Кабулову

Ветеран Великой Отечественной войны Павел Кабулов отметил столетний юбилей. Именинника поздравили представители Совета ветеранов, префектуры Промышленного района Владикавказа и Управления социальной защиты населения.

ОБЩЕСТВО 5.08.2023 в 08:13

Детям о необходимости соблюдать правила

Сотрудники ОГИБДД УМВД России по Владикавказу провели в детском оздоровительном лагере «Звездочка» профилактическое мероприятие с использованием агитационного автобуса.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО