ОБЩЕСТВО

ХУССАР ИР НÆ БАСАСТ!

8-æм августы 2008 азы Гуырдзыстоны æфсад мæнгардæй Цхинвал æмæ Хуссар Иры фылдæр хъæутæ фестын кодта цæхæр, фæлæ Хуссар Ир нæ басаст. Уæрæсейы фидар къахдзæфы фæрцы сæрибар бафтыд йæ къухы.

 

Фынддæс азы сæххæст, Гуырдзыстоны тугмондаг фашисттæ Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ куы рауагътой, ууыл.

 

Æвæццæгæн, Хуссар Ирыстоны иунæг ахæм адæймаг дæр нæ разындзæн, августы уæззау бонтæ æрхæндæгæй кæй зæрдыл не ʼрлæууынц.

 

Зæгъæн ис, август ирон адæмæн хъыджы, фыдохы мæй дæр у æмæ циндзинады дæр. Хуссарирыстойнаг адæмы цæрæнбонты бæллиц 26-æм августы сæххæст, Уæрæсе сын августы мæйы банымадта сæ хæдбардзинад.

 

Сæххæст не ʼнусон бӕллиц. Уыраугæ рисы цæссыгты кæдæй-уæдæй раивтой цины цæссыгтæ. Цал æмæ цал уды æрцыд нывонд уыцы боны сæрвæлтау.

 

О, бирæ фыдæбæттæ æмæ тæригъæдтæ федта æмæ схаста Ирыстонæн йæ Хуссар хай. Цы фырттæй бацарæфтыд, уыдоныл зæрдæрис у фыддæр, судзагдæр æмæ зæрдæхалæндæр, уымæн æмæ уыдон бабын сты тугмондаг, æнæрасидгæ хæсты фæстиуæгæн. У фыддæр зæрдæхалæндæр уымæн, æмæ бабын сты сæ царды æцæг лæджы фæндтæ нывæндын куы райдыдтой, уыцы кары.

 

Бирæ хъизæмæрттæ æвзарæг Ирыстон та йæ судзаг цæссыгтæй йæ тыппыртæ суадздзæн ацу æмæ ма ʼрцуйы фæндагыл тугмондаг фашистон лæгсырдты къухæй чи фæмард, уыцы хъæбултæн. Кæд уал азы аивгъуыдта, уæддæр нæ мынæг кæны адæмы рис… Ногæй та цæссыджы суадæттæй раивылдзæн нæ адæмы маст… Судзаггаджы хъарджытæ та айхъуысдзысты Иры уæзгуытæй…

 

8 август 2008 азы баззад историйы… Хуссар Ирыстоны цы уæззау æмæ æвирхъау фыдбæллæх сарæзтой тугмондаг лæгсырдтæ, уый стыр дисы баппæрста дунейы æмæ рæстзæрдæ бирæ адæмы дæр. Зæрдæ нырризы, ныддур, æнустæм дæр ссыгъдæг кæнæн кæмæн нал ис, уыцы егъау фыдракæндæй.

 

Национал-фашисттæ нæ ауæрстой суанг сабитыл, зæрæдтыл дæр. Нал сæмбæлдысты сæ бинонтыл мингай лидзæг бæлццæттæ, бирæтæ дзы фесты фыдвæндаг. Ацы судзгæ фыдбæллæхы фæстæ алкæмæ дæр сæвзæры фарст: «Чи уыд, арт æмæ фæнык кæмæн нал уыд, уыцы адæмыхатт? Чи уыд се сфæлдисæг? Хуыцау æви дæлимон?» Æнауæрдонæй чи мардта адæмы сæ хæдзæртты раз, сæ уынгтыл, кæм райгуырдысты æмæ схъомыл сты, сæ уыцы райгуырæн уарзон горæты.

 

Æвæдза, зын у адæймаджы тыхстмæ кæсын, дæ бон ын баххуыс кæнын куынæ уа, уæд. О, зын у ахæм трагикон цаутæ, æвирхъау, зæрдæ фыссын дæр кæй нæ комы, уыцы фыдбæллæхтæ мысын.

 

Сæрдыгон хур дæр нал фæрæзта ирон мадæлты мастæвдылд цæссыгтæ ссур кæнын. Æмæ рыст зæрдæ…

 

Ирыстоны фæсивæд хæцыдысты, калдтой сæ туг, цæмæй сæ зæхх æмæ сæ Фыдыбæстæ уа сæрибар. Ацы тугкалд ма нын иухатт равдыста, Ирыстон фидар кæй у æмæ дзы патриоттæ бирæ кæй ис.

 

Ницыуал хъардта зæрдæмæ, бафæллад æвирхъау хабæрттæй, дзыназынæй. Йæ кæддæры цардæфсæст хъæутæй йæм æрвылбон дæр сæ сау æфсургътыл тахтысты фыдохы цаутæ. Æниу ма кæм уыд хъæутæ? Банай сæ кодтой Саакашвилийы тугмондæгтæ æд цæрджытæ. Бирæтæ дзы æнустæм хуысгæйæ баззадысты сæ уарзон уæзæгыл.

 

Банцад ирон хæдзæртты ирон фæндыры цагъд. Йæ бæсты араугæ зæлыдысты топпы æнæнцой гæрæхтæ æмæ еудодойаг уыдысты ирон хъæутæ. Æрмæстдæр ма фехъусæн уыд иу  фарста: «Цыма та кæй къона бауазал?» Æхсæв-бонмæ не ʼнцад хæст. Сау фыдохы уацтæ хъæргæнджытау зылдысты Ирыстоны кæмтты.

 

Нал уыд фыдбæллæхтæн кæрон. Абон Гуырдзыстоны мæнгуд «демократтæ» хуссайраг ирæтты цæстмæ дарынц, Уæрæсейы хицауады закъæттæ фидар кæй хъахъхъæнæм, æнувыд сыл кæй стæм. Гуырдзыйæн сæ маст фæйнæрдæм рæдувы ирæтты хæлар ахаст Уæрæсейы æфсадмæ. Æгъатыр меньшевикты фæдонтæй, æвæццæгæн, ферох, Уæрæсейы хицауады сæраппонд Хуссар Ирыстоны адæм 1920 азы сæхи нывондæн кæй хастой, сæ тугæй йæ кæй балхæдтой, уый.

 

О, Хуссар Ирыстон тох кодта йæ рухс фидæныл. Уымæ тырнындзинад ирон адæмæн лæвæрдта ныфс æмæ æхсар. Æмæ Ирыстон уыцы сæрибардзинады сæрвæлтау уымæн быхста уæззау зындзинæдтæн, уæззау тухитæн.

 

Абон мæн бузныг зæгъын фæнды нæ адæмы фыдæлтыккон уыцы фарнмæ, йæ раттӕг адæмæн уыйбæрц хъару æмæ ныфсхастдзинад чи радта, йæ адæмы æрдзæй уыйбæрц хиуылхæцынад æмæ адæймагуарзондзинад чи схай кодта. Табу уыцы фарнæн æмæ адæмæн. Никуы ферох уыдзысты нæ сæрвæлтау удуæлдай тох чи кодта, уыцы æнæхин хъайтардзинад нæмгуыты раз, мæлæты раз, сылгоймæгты ныфсхастдзинад æмæ æнувыддзинад.

 

О, Ирыстон бацарæфтыд йæ хуыздæр, йæ уарзон хъæбултæй. Фæлæ Хуссар Ирыстон цæры, Хуссар Ирыстон цæрдзæн. Ахæм адæм кæм ис, уыцы бæстæйæн никуы ис фесæфæн, ахæм адæмыл нæй фæуæлахиз уæвæн, уымæн æмæ нæй фесæфæн рæстдзинадæн!

 

Кæй зæгъын æй хъæуы, зын у ахæм рис уромын! Фæлæ та бабыхстам, нæ уæззау хъæдгæмттæ уромгæйæ та æрлæууыдыстæм ног цард аразынмæ. Æмæ афтæ хъуамæ уа æнæмæнг не знæгты фыдæнæн.

 

Æмвæнд, æмзонд адæмæн хох дæр нæ лæууы, зæгъгæ, фæзæгъынц. Бирæтæ Ирыстоны хъæбултæй сæ цард радтой нæ рухс фидæны сæрвæлтау, уымæн æмæ æндæрхуызон уæвын сæ бон нæ уыд. Ныр уыдон дæр нæ кад æмæ нæ намысы стъалытæ систы.

 

Мад-Ирыстоны зæрдæ йæхи къултыл хоста, йæ уæззау хъæрзын дардмæ хъуысти, нæ сын фæрæзта сæ рис æмæ сæ зындзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын у ахæм рис уромын!

 

Цæмæй дунейы картæйыл цы ног паддзахад фæзынд, уый цæрæццаг уа, уый аразгæ у не ʼппæтæй дæр. Алчидæр нæ исты хæс райсæд йæхимæ Ирыстоны раз! Алчидæр нæ йæхи суг бахæссæд нæ иумæйаг къонайы артдзæстмæ! Афтæмæй нæ фидæны фæлтæртæн мыггагмæ баззай­дзыстæм арфæйагæй.

 

Августы цаутæ уæлдай æрхæндæгдзинады æнкъарæнтæ сæвзæрын кæнынц адæймаджы зæрдæйы æмæ цæссыгтæ фенæм, немæ чи фæныхас кæны, уыдонæй алкӕй уадултыл дæр. Æвæдза, цы бирæ хъизæмæрттæн бафæрæзтам!

 

Абон кæд хæстæй 15 азы рацыд, уæддæр, уыцы дудгæбæттæ чи федта, уыцы адæмæн сæ зæрдæйы хъæдгæмттæ цæрæнбонтæм дæр никуы байгас уыдзысты…

 

Рох никуы уыдзысты ирон адæмæй августы фондз боны хæстон цаутæ, æнустæм нæ зæрдыл дардзыстæм, уæлахиз нын чи æрхаста æмæ абон сæрæгас кæй фæрцы стæм, уыдоны нæмттæ. Нæ зæрдæйы цæрæнбонтæм баззайдзысты уыцы трагикон бонтæ.

 

«Кæнæ сæрибар кæнæ мæлæт», — афтæ æвæрдтой фарст нæ фыдæлтæ дæр æмæ не ʼмдугонтæ дæр. Æмæ ныр Ирыстоны хуыздæр хъæбулты æмæ Уæрæсейы диссаджы ныфсджын къахдзæфы фæрцы æгас цæуæд сæрибар, æгас цæуæд ног паддзахад!

 

Ничи æмæ ницы ферох!

 

Æрмæг бацæттæ кодта КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 9.09.2021 в 10:27

Заслуженная награда

Председатель Комитета по делам печати и массовых коммуникаций республики Юрий Фидаров удостоен звания «Заслуженный журналист Северной Осетии».

ОБЩЕСТВО 12.10.2022 в 19:45

Что делать, чтобы не стать жертвой угарного газа

К сожалению, каждый год с началом отопительного сезона возрастает количество отравлений угарным газом. Причиной «угорания» в быту чаще всего становятся неисправные отопительные приборы: печи, камины, обогреватели, водонагреватели, а также их неправильная установка и использование.

ОБЩЕСТВО 6.10.2022 в 07:02

Что нам грядущее готовит?..

С этим вопросом мы обратились к начальнику Управления культуры АМС Владикавказа Руслану Марзоеву. Предлагаем вашему вниманию интервью с ним.

ОБЩЕСТВО 20.04.2022 в 19:25

Ахуыргæнæгыл баст у суинаг фæлтæр

Ахуыргæнæгæн кæддæриддæр æмæ кæм­фæнды­дæр уыд æмæ абон дæр ис уæлдай кад. Уый рæзгæфæлтæры акæны йæ фæдыл ахуыры нарæг, зын цæуæн къахвæндæгтыл æмæ сын сæ къухтыл хæцгæйæ бацамоны царды ирд æмæ раст, уæрæх æмæ хуызджын фæндæгтæ, фæхайджын сæ кæны зонадон дунейы хъæздыг æвæрæнтæй.

ОБЩЕСТВО 27.04.2022 в 20:24

Юные патриоты из Владикавказа показали свои знания, навыки и творческий потенциал

Конкурс военно-патриотического воспитания «Лучший юнармеец года» и конкурс песен военных лет провел во Владикавказе актив Комитета молодежной политики, физической культуры и спорта АМС г. Владикавказа во главе с председателем Еленой Кастуевой.

ОБЩЕСТВО 7.03.2023 в 09:41

«Вам, любимые!»

Военнослужащие владикавказского соединения Росгвардии поздравили женщин с наступающим 8 марта

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО