Абон Илас Æрнигоны кой куы ракæнæм, уæд нæ зæрдыл æрбалæууынц йæ уацмыстæ: «Челе», «Уайсадæг чындз», «Хæрзбон» æмæ æндæртæ. Илас Æрнигон (Тогуызты Газакк) уыд стыр ахуыргонд адæймаг. Зыдта китайаг, япойнаг æмæ корейаг æвзæгтæ, уыдис дæсны лингвист. Йе сфæлдыстадыл бирæ дзурæн ис. Фыссæджы курдиатæн бирæ табугæнджытæ кæй ис, уый рабæрæг знон йæ мысæн изæры.
Дзӕуджыхъӕуы Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон чиныгдонмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы сæрдары хæдивæг Цомартаты Изæтбег, фыссæг Торчынты Хъазыбег, хъуыстгонд журналист Баскаты Уырызмæг, рауагъдад «Ир»-ы редактор Будайты Милуся, Æрыдоны библиотекæйы сæргълæууæг Хъуппеты Жаннæ, ирон театры артисттæ, сфæлдыстадон кусджытæ, æхсæнадон архайджытæ, студенттæ, 3-æм æмæ 13-æм скъолаты ахуырдзаутæ, «Талатæ»-йы сфæлдыстадон къорд, стæй чиныгкæсджытæ.
Кадджын мадзал байгом кодта библиотекæйы сæргълæууæг Царахаты Ритæ, кæцыйы хъæппæрисæй æрцыд арæзт фембæлд. Уый æрдзырдта Æрнигоны цард æмæ сфæлдыстадыл.
Тогуызты Газакк (йæ аргъуыды ном — Васили) райгуырди 1888 азы 10 декабры Æрыдоны. Йæ фыд Илас уыди рæстæмбисцæрæг зæхкусæг. Амарди, Газаккыл фондз азы дæр нæма сæххæст, афтæмæй. Лæппуйы схаста йæ мад Джыккиан. Газакк ахуыр кодта фыццаг хъæуы райдайæн скъолайы, стæй та дины семинары. Ам Æрнигонимæ иу рæстæг ахуыр кодтой Малиты Геуæрги, Барахъты Гино æмæ Гулуты Андрей. Семинары ахуырдзаутæ арæх арæзтой хъазтизæртæ, драмон къорд хъæуы цæрджытæн æвдыста спектакльтæ.
Æрнигон семинар каст фæци 1909 азы æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй куыста Куырттаты комы Лæцы скъолайы. 1911 азы январы дыууæ æмæ ссæдзаздзыд поэт афтыди Манчжуримæ.
Цалдæр мæйы дæргъы Харбины горæты æгуыстæй фæрахау-бахау кодта, стæй йæ райстой станцæйы къантормæ. Фæстæдæр йæхи раивта Хинганы станцæйы скъоламæ. Куыста дзы ахуыргæнæгæй. 1913 азы ацыди Владивостокмæ: бæллыди Хурыскæсæйнаг институтмæ бахауынмæ. Уыцы аз ын нæ бантыст, æмæ та ахуыргæнæджы куыстыл ныллæууыд, ацы хатт Приморскы облæсты Бринеровкæйы хъæуы. Афæдзы фæстæ ногæй афæлвæрдта Хурыскæсæйнаг институтмæ бацæуын. Раздæр уал ын лекцитæм хъусыны бар радтой, стæй, 1915 азы, уалдзæджы фæлварæнты йæхи сæрæнæй равдыста, æмæ йæ дыккаг курсмæ райстой. Кодта ахуыр дæр æмæ кусгæ дæр. Институт каст фæци 1918 азы æмæ иуцасдæр акуыста Бархи флоты управленийы къанторы.
Дзæвгар рæстæг уыд цухгонд йæ райгуырæн бæстæйæ Æрнигон. Ирмæ сыздæхти 1934 азы сентябры æмæ райдыдта кусын Цæгат Ирыстоны облæстон чиныгуадзæны.
Ирон чиныгкæсæг рагæй зонгæ у курдиатджын фыссæг Илас Æрнигоны уацмыстимæ. Йе сфæлдыстады тыххæй мысæн изæры уазджытæн радзырдта Цомартаты Изæтбег. Куыд загъта, афтæмæй уый ратæлмац кодта ахуыргæнæн чиныг политкъордтæн, Д. Дефойы «Робинзон Крузо», Сетон Томпсоны уацмыстæ æмæ æндæртæ. Ахуырдзаутæ йæм хъуыстой тынг лæмбынæг. Тынг цымыдисаг сæм фæкаст радзырд «Челе». Фыццаг хатт фæзынд мыхуыры 1915 азы. Цомартайы-фырт сын бафæдзæхста, цæмæй æнæмæнг бакæсой Æрнигоны уацмыстæ.
Мадзаламонæг Гасанты Валери дæр уазджытæн радзырдта йæ мысинæгтæ, стæй бузныг загъта библиотекæйы кусджытæн, цы рухстауæн куыст дзы цæуы, фысджыты нæмттæ кæй æрымысынц, дуджы рыг сыл æрбадын кæй нæ уадзынц æмæ сын се сфæлдыстад кæстæр фæлтæрмæ кæй хæссынц, уый тыххæй.
Фембæлдмæ цы уазджыты æрбахуыдтой, уыдон бирæ цымыдисаг хабæрттæ радзырдтой Æрнигоны цыбыр, фæлæ бирæвæрсыг цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.
КЪУДУХТЫ Маринæ