ОБЩЕСТВО

ИРОН «ÆРТÆ» ÆМÆ ÆРТÆНЫСАНОН ТЕОРИ

Ирон адæммæ цы табуйаг нымæцтæ ис, уыдонæй сæйрагдæртыл нымайæм «æртæ» æмæ «авд». Уыцы дыууæ табуйаг нымæцæй ахадгæдæр у «авд», æвæццæгæн, дзуæрттимæ баст кæй у, нæ фыдæлтыккон монон культурæимæ æнгомдæр кæй у, уымæ гæсгæ.

 

ХХ æнусы зонады Жорж Дюмезиль у, æмбал кæмæн нæй, ахæм диссаджы фæзынд. Нæ уыдис æндæр ахæм ахуыргонд, уыйау æмхуызон арф чи зыдта ромаг пантеоны структурæ дæр æмæ убыхаг æвзаджы мивдисджыты ифтындзæджы лыстæг хицæндзинæдтæ дæр. Нырыккон ахуыргæндты бон нæма y сæ зонадон авналæнты уыйбæрц æгæрон зонындзинæдтыл аххæссын.

 

Фæлæ уæддæр, Дюмезилы ном дзургæйæ, нæ сæры фыццаджыдæр цы хъуыды фегуыры, уый вæййы индоевропæйаг адæмты – ромæгты, скандинавæгты, ирайнæгты, индоариты – цар­ды æртæнысанон теорийы тыххæй. Алы бындурон зонадон æцæгдзинад куыд вæййы, афтæ бынтон хуымæтæг y Дюмезилы хъуыды дæр. Незамантæй фæстæмæ индоевропæйаг адæмтæм бæрæг дарынц царды æртæ нысаниуæджы: дины (табу кæныны), хæстон æмæ хæдзарадон (зæхкусджытæ æмæ æрмдæснытæ). Ахæм æртæ хайыл дих царды уаг йæ фæд ныууагъта зондахасты дæр, бæлвырддæр та уыцы адæмты дин æмæ мифологийы.

 

Дюмезилы æртæнысанон теорийы бирæ­вæрсыг тых уый мидæг ис, æмæ абстрактон æрхъуыдыдзинæдтыл арæзт кæй нæу. Уый райгуырдис царды социалон æцæгдзинæдтæ лæмбынæг рафæлхатыны руаджы. Уымæ гæсгæ йын кæддæриддæр фидар бынат уыдзæн канд индоевропæйаг нæ, фæлæ индоевропæйаг чи нæ у, уыцы адæмты кадджыты дины системæты, мифты, таурæгъты дæр.

 

Лæвæртты мотив

 

Ацы мотивыл арæх сæмбæлæн ис мифты æмæ фольклоры. Ныхас дзы фæцæуы, хуыцæуттæ адæмæн цы лæвæрттæ ракæнынц, иуæй-иу хатт та хъæбатыртæ – кæрæдзийæн, уыдоны тыххæй. Уыцы лæвæртты хуызты бæлвырдæй зынынц æртæ нысаниуæджы: дины (магион), хæстон æмæ хæдзарадон.

 

Авестæйы диссаджы нозтæн ис Хуыцауы нысаниуæг, æмæ лæвар кæны: хъæбатыртæн сæ хæстон уæрдæттыл – тых æмæ хъару (2-аг нысаниуæг); сылгоймæгтæн – бирæ æмæ диссаджы хорз цот (3-аг нысаниуæг); кувыны тексттæ кæсджытæн – сусæгты хъуыды æргом кæнын æмæ уæлтæмæн (1-аг, дæсны фæрсыны æмæ уæларвон тыхты руаджы дзæбæх кæныны(«шаманты») функци).

 

Лæвæрттæ-символтæ

 

Классикон дæнцæг – хуыцæуттæ скифтæн балæвар кодтой сыгъзæрин гутон æмæ æфсондз, сыгъзæрин цирхъ, сыгъзæрин кæхц. Ацы сюжетыл Дюмезиль бакуыста тынг биноныгæй. Сюжеты символтæ æнцон æмбарæн сты: гутон æмæ æфсондз амонынц æртыккаг – хæдзарадон нысаниуæг, цирхъ – дыккаг (хæстон), кæхц – фыццаг (дины нысаниуæг).

 

Гермайнаг мифологийы ис ахæм хабар: хъæды æхсинтæ хъæбатырæн лæвар кæнынц æртæ дзаумайы – къухдарæн, æхсаргард æмæ гуыдын. Гуыдын æмæ æхсаргарды нысаниуæг æмбæрстгонд у. Къухдарæнæн та ис магион нысаниуæг, æмæ дызæрдыггаг нæу, фыццаг нысаниуæг хæссæг дзаума кæй у.

 

Ирон «æртæ» æмæ æртæнысанон теори

 

Геродот куыд дзуры, афтæмæй персаг паддзах Ксеркс Гречъы ныхмæ стæры рацæуыны агъоммæ Геллеспонты дон къубалæгыл хизгæйæ куывд куы фæцис, уæд доны ныппæрста кæхц, сыгъзæрин дурын æмæ персаг цирхъ. Ам дурын æвдисы хъæздыгдзинад (3-аг нысаниуæг), цирхъ амоны дыккаг нысаниуæг, кæхц та, æндæр рæтты куыд вæййы, афтæ – кувæн мигæнæн. Афтæ Ксерксы лæвæрттæ Геллеспонтæн æнцонæй сæ бынат ахсынц æртæнысанон схемæйы.

 

Æртæ æфсымæры – æртæ нысаниуæджы

 

Этногенетикон кадджыты, аргъæутты, мифологийы арæх æртæ хъæбатыры вæййынц æфсымæртæ. Уым диссагæй ницы ис. Бирæ адæмыхæттытæ нымæц «æртæ» нымайынц табуйагыл. Цымыдисаг уый у, æмæ æртæ æфсымæрæй алкæмæн дæр цы миниуджытæ лæвæрд фæцæуы, уым тынг æргомæй фæзынынц æртæ нысаниуæджы хицæндзинæдтæ. Дюмезиль тынг ирдæй равдыста уый скифаг, индиаг æмæ рагон ирайнаг æрмæгæй. Сæ иу – дзуарылæг, иннæ – хæстон, æртыккаг – хæдзарадон кусæг. Уыцы темæйыл ма фембæлæн ис ирон адæмы мыггæгты тыххæй фыдæлтыккон таурæгъты дæр. Иу ахæм таурæгъмæ гæсгæ ирон адæмы раг­фыдæлтæ уыдысты æртæ æфсымæры: Sidæmon, Qusæg æмæ Æghuza. Бирæ куы фæцардысты иумæ, уæд фæстагмæ сæ зæрды æрæфтыди байуарын. Уаринаг та сын уыдис æртæ дзаумайы: сыгъзæрин цирхъ, сыгъзæрин хъуымац æмæ сыгъзæрин пурти. Хъуымац æрхауд Сидæмонмæ. Æгъуызмæ æрхауд цирхъ, пурти – Хъусæгмæ. Хъуымац цас даргъ уыд, уыйас рапарахат, рабирæ Сидæмоны мыггаг. Æгъуызмæ æрхауд цирхъ, æмæ хæстон намыс баззад йæ фæстагæттæн. Пурти фæцис Хъусæджы хай, æмæ йæ байзæддаг цардысты кад æмæ радæй.

 

Æнгæс кадджытæ ссарæм канд индо­европæйаг дунейы нæ, фæлæ дарддæр дæр, зæгъæм, тюркаг адæмыхæттытæм. Иу казахаг кадæгмæ гæсгæ казахаг адæм рацыдысты æртæ æфсымæрæй: Адай, Аргхын æмæ Усунæй. Адайæн хуыцæуттæ ралæвар кодтой фат, Аргхынæн – фыссынад, Усунæн – фыййауы лæдзæг. Уымæ гæсгæ Адайæ чи рацыд, уыдоны цард æнгом баст æрцыди хæстон стæртимæ, Аргхыны фæдонтæн баззад ахуырад, Усуны байзæддагæн та – фыййау цæуын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ «фыст», «ахуырад» кæй сты баст фыццаг нысаниуæгимæ, уымæн æмæ ныхас хуымæтæджы ахуырадыл нæ цæуы, фæлæ «кувæн» текстты сусæгдзинад æргом кæныныл. Сербаг эпосы кæлæнгæнæг Крабат бардзырд радта, цæмæй диссæгты чиныг денджызы баппарой. Уырдыгæй зыны фыццаг нысаниуæджы мотив. Къарол Артур æмæ ирон кадджыты хъæбатыр Батрадз та зæгъынц, цæмæй денджызы баппарой цирхъ. Ай та дыккаг нысаниуæджы мотив у.

 

Æртæнысанон æууæлтæ славяйнаг мифологи æмæ эпосы

 

Славяйнæгты мифологийы куыд у, афтæ сæ эпосы дæр бæрæг дары æртæнысанон теори. Рагон славяйнаг хуыцæуттæ Перун æмæ Велес бæлвырд хæссынц дыккаг æмæ æртыккаг нысаниуджытæ. Перун тæссаг Хуыцау y – хæсты бардуаг, Велес – фосыл аудæг Хуыцау.

 

Бæстæмæ æртхъирæнгæнæг æртæ бæллæхы

 

Персы паддзах Дарий I йæ фыстытæй иуы кувы Аурамаздæмæ: «Аурамаздæ, уадз, ацы бæстæ бахиза знагæй, æвзæр тыллæгæй (фыдазæй), сайдæй. А бæстæм знаджы æфсад куыд нæ ʼрбабырса, фыдазæй хызт куыд уа, сайд дзы куыд нæ уа, уыцы хорзæх курын Аурамаздæйæ».

 

Æнцонæй зыны, Дарий Аурамаздæмæ кувгæйæ бæстæ цы æртæ бæллæхæй бахизын куры, уыдон кæй сты æртæ социалон нысаниуæджы æнгæс: хæстон (знаджы æфсад), хæдзарадон (æвзæр тыллæг), динон (сайд).

 

Æрмæг бацæттæ кодта КЪУДУХТЫ Маринææ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 8.07.2022 в 07:00

Сергей Меняйло поздравил жителей республики с Днем семьи, любви и верности

ДОРОГИЕ ДРУЗЬЯ!   Поздравляю вас с всероссийским праздником – Днем семьи, любви и верности, утвержденным в честь православных святых Петра и Февронии, жизненный путь которых по сей день служит нам всем примером любви и преданности.

ОБЩЕСТВО 19.09.2023 в 10:55

Ирыстоны фæсивæд – Стъараполы уазджытæ

Стъараполы ацы бонты бæрæг кæнынц «Уæрæсейы Хуссары цæрæг адæмты культурæ æмæ спорты фестиваль». Ирыстонæй дзы архайы сæрмагонд делегаци. Фестиваль бæрæг кæнынц цыппæрдæсæм хатт.   Ацы аз дзы архайы иннæ хæттытæй фылдæр адæм. Æдæппæтæй 19 субъекты. Уыдонимæ Донецк, Луганскы адæмон республикæтæ æмæ Запорожьейы æмæ Херсоны облæстытæ. Нæ республикæ сæрмагонд темæйæн равзæрста — Нарты кадджытæ! Куыд зонæм, […]

ОБЩЕСТВО 14.10.2021 в 08:00

«Я лиру там, в горах своих, оставил…»

К 100-летию со дня рождения Хазби Калоева.

ОБЩЕСТВО 18.01.2024 в 08:34

БРЫТЪИАТЫ ЗАРИФÆЙЫ ХЪÆЗДЫГ СФÆЛДЫСТАДОН ФÆНДАГ

Ацы бонты мысæм Цæгат Ирыстоны фыццаг сылгоймаг-режиссер, УСФСР-ы адæмон артисткæ, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Брытъиаты Зарифæйы рухс ном. Йæ райгуырдыл сæххæст ис 105 азы.

ОБЩЕСТВО 23.01.2023 в 19:59

Защита прав детей

Прокуратурой Промышленного района Владикавказа в рамках надзорной деятельности проведена проверка соблюдения законодательства при исполнении судебных актов и иных исполнительных документов, содержащих обязательства в отношении социально уязвимых категорий граждан, в том числе несовершеннолетних, в УСЗН по Промышленному МО г. Владикавказ (далее – УСЗН) и ГКОУ ДД «Хуры тын».

ОБЩЕСТВО 17.10.2017 в 16:10

Осетинские виды спорта могут попасть во всероссийский реестр

Молодые энтузиасты из Федерации национальных видов спорта, игр и культуры РСО-А уверены, что осетинские виды спорта и спортивные игры – это культурное наследие.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО