Сæдæ æхсай азæй фылдæр хæххон стъалыйы рухс ном – Хетæгкаты Къоста – ирон номдзыд адæмы номхыгъды у фыццæгты-фыццагдæр. Йæ цард, йæ курдиат йæ адæмæн нывондæн чи æрхаста, йæ адæмы сагъæстæ, йæ адæмы хъуыдытæ бæрзонд аивадон æмвæзадмæ чи систа æмæ сæ дунейы дзыллæтæм чи рахаста, уарзт йæ кувæндон кæмæн уыд, æгас дуне та йæ аргъуан, уыцы нарон лæппу поэзийы бæрзæндтæй æркæсын кодта дунейы дзыллæты йæ адæмы уæззау цардмæ.
Ахæм фыссæг зынтæй разындзæн, æмæ Хетæджы-фыртыл йæ зæрдæйы сагъæстæ чи нæ сфæлдыста, уымæн æмæ æввахс лæууыд хуымæтæг адæммæ, цард сæ цæрайæ.
Абон уын, зынаргъ газеткæсджытæ, радон хæтт уæ размæ хæссæм, Дзæуджыхъæуæн стыр кад чи кæны, чи йæ уарзы, уыдонæй иу – бынæттон администрацийы минæвар Джиоты Хъазыбег Хетæджы-фыртыл цы зæрдæмæхъаргæ рæнхъытæ снывæзта, уыдон. Куы сæ кæсай, уæд æнæмæнг банкъардзынæ, Джиойы-фыртæн йæ царды Хетæгкаты Къоста цы стыр бынат ахсы, уый.
МÆ САГЪÆС
(Ныхас Къостайы къамимæ)
Кæсын тæ ногæй æз Къостамæ,
Мæ разы стъолыл ис йæ къам.
Зæххон уд нæу, – уæларвон стъалы!
Цыма йæхæдæг бады ам.
Йæ сагъæс рæстæджы нæ ивы,
Хуыцауы аргъуанау йæ мусонг.
Йæ хъуыды стъалыйау æрттивы,
Йæ зонд, йæ ныхас сты æнусон.
Æдзынæг къаммæ йæм кæсын,
Рæдыд мæ зæрдæмæ хæссын.
Бæрæг нæ нал ис, – чи, цы стæм?
Кæд иу туг, иу стæг ыстæм.
Уæд нæм куыннæ хъуысы йæ хъарæг
Нæ фидæн, сомбоны фæдыл.
Цæуыл у ныр нæ хъæлдзæг зарæг?
Къостайы рагон тыхст – мæтыл.
Цæлмондаг мулчы фæдыл ныр,
Цæуæм нæ кад, нæ æфсарм ивгæ.
Нæ хох нын раивта быдыр,
Фыдæлты ‘гъдау, бæркад æссивгæ.
Фæдис, фæдисы хъæр – фæлæуу!
Лæгдзинад бахъуыди дывазæй.
Мыййаг, кæд лæгты рæстæг нæу…
Ныртæккæ ‘взæртæ ысты разæй.
Нæ къух фыдыуæзæгыл систам.
Не ‘взаг – рох æмæ гуылмыз.
Тæрсын, куы ферох кæнæм – чи стæм?
Куы фесæфа нæ ирон хуыз.
НАРОН
Къоста уыдис нарон,
Йæ ныхас æцæг.
Къостайæ дæсны дæр
Кæм уыдис фыссæг?
Æрцауæг æлдарæй
Нæхиуон тыхджын.
Къостайы ныхасæй
Йæ адæм ныфсджын.
Нæу абон йæ ныхас
Нæ фæлтæрæй рох.
Йæ хъуыды, йæ кадæй
Фидауы нæ хох.
Куы уын зæгъын – нарон…
Ныр дæр уым йæ цырт.
Йæ рухс цард уын хъарон…
Нæ фæуыдзæн дзырд.
Нæ рухс цард мах абон
Нæ барæм уæдыл,
Нæ хъуыды, нæ сагъæс
Къостайы мæтыл.
Нæ хъуыды нæ зондыл
Лæудзæнис йæ кад,
Нæ зæгъдзæн зæххон уд:
– Йæ цард уыд æгад.
Ыскодта нæ Ирæн
Æнæмæлгæ кад.
Фысджыты къæбицмæ –
Æнусон бæркад.
Нар радтай Къостайы
Лæггад кæнынæн.
Йæ рухс ном у дзуарау,
Æвæдза, мæнæн.
Йæ фыды тызмæгдзаст,
Æнæрæвдыд, гъе…
Дзæнæты фæбада
Ысхæссæг Чендзе.
Уæлладжыры комæй
Йæ гени, йæ ном.
Æстъалыйау ратахт,
Ныррухс кодта ком.
Уыд дуне йæ хæдзар,
Йæ хъуыды – дзуар.
Ныттыгъта йæ бæстæн
Йæ рухс уды дуар.
Уый дзыллæты кадæн
Йæ сæрвæлтау – цард.
Хуымæтæг лæггадæн
Ыстыр кодта кад