ОБЩЕСТВО

МÆЛЫН НÆ БАУАГЪТОЙ ХЪÆЗДЫГ АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД

«Гъе, мӕгуыр куырм Бибо! Гъе, мӕгуыр зӕронд лӕг!..

Гъе, хъӕздыг куырм Бибо! Гъе, тыхджын зӕронд лӕг!..»

 

(Къубалты Алыксандр «Ӕфхӕрдты Хӕсанӕ»)

 

Ӕ вӕдза, цас аивадон бынтӕ сфӕлдисын бантыст нӕ фыдӕлтӕн… Кӕд уӕззау, зынвадат уыд сӕ цард, уӕддӕр сӕ уӕгъд нӕ уагъта иу ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хъуыддаг: цард ӕрмӕст иу бонӕй нӕу, хъуамӕ хъуыды кӕнай канд дӕхиуыл нӕ, фӕлӕ сомбоны фарстатӕ скъуыддзаг кӕныныл дӕр. Ӕрмӕст аивады дӕснытыл цӕст ахӕсгӕйӕ дӕр мах сӕрыстырӕй ахъуыды кӕнӕм, Ирыстоны цудын кӕй нӕ уагътой, ӕдзухдӕр йӕ хӕрзӕбонӕн кӕй уыд сӕ тырнындзинад, аивады фадыджы размӕцыдмӕ се ххуысы ‘хай кӕй хастой ӕмӕ йӕ кӕй хъӕздыгдӕр кодтой. Цы уадынгӕрзтӕ рантыст сӕ къухӕй, стӕй сыл цы диссаджы уацмыстӕ сфӕлдыстой, уыдон, кӕд иууыл нӕ, уӕддӕр нӕм абоны бон цы ис, уыдон сты диссаджы хъӕздыг ӕвӕрӕнтӕ.

 

Зын ӕмӕ тӕссаг, фӕлӕ кадджын ӕмӕ удварнӕй ӕххӕст фӕндӕгтыл рацыд ирон лӕг дӕр. Уыцы фӕндагыл цӕугӕйӕ, йемӕ ӕмдзу кодтой сфӕлдыстады тӕмӕнкалгӕ цӕхӕртӕ, сӕ рухс нӕ мынӕг кодта. Нӕ рагфыдӕлты дзыхӕйдзургӕ сфӕлдыстады сӕйраг цӕджындз – Нарты кадджытӕ дӕр фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ фӕцыдысты фыдвӕндӕгтыл ӕмӕ ӕрхӕццӕ сты ныры рӕстӕгмӕ. Уыимӕ иумӕ нын ис адӕмон зарджытӕ, аргъӕуттӕ, таурӕгътӕ ӕмӕ дзыхӕйдзургӕ сфӕлдыстады бирӕ ӕндӕр хуызтӕ. Фӕлӕ бирӕтӕй айрох вӕййы, уыцы алӕмӕтон хӕзнадоны къӕбиц абон дӕр кадӕггӕнджыты фӕрцы кӕй у бӕркадджын ӕмӕ ӕвидийгӕ. Уыдон кӕсын-фыссын нӕ зыдтой, фӕлӕ сыгъдӕг, хъӕздыг ӕмӕ рӕсугъд ӕвзагыл адӕмы рӕгъмӕ хастой сӕ зарджытӕ: тар кӕмтты, бӕрзонд хӕххон хъӕуты, дардыл быдырты, мӕгуыр хӕдзӕртты, цытджын Ныхасы. Цымыдисон ма у, сӕ сыхаг адӕмты ӕвзӕгтӕ дӕр иттӕг хорз кӕй зыдтой. Сӕрибарӕй сын кодтой сӕ зарджытӕ, сӕ кадджытӕ куывдты, бӕрӕгбӕттты, чындзӕхсӕвты, хъусынтыл-иу сӕм фесты. Уыдоны фӕрцы мах абон зонӕм нӕ рагфыдӕлты цард, нӕ дзыллӕйы истори, кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ рафӕлгъауыныл фӕстӕдӕр бирӕ ахуыргӕндтӕ бакуыстой, уӕддӕр. Кадӕггӕнӕг йӕ зарджыты, йӕ кадджыты фӕрцы хъусджыты цырын кодта сгуыхтдзинӕдтӕм, уарзын сын кодта Райгуырӕн бӕстӕ, се ‘мтуг адӕмы. Уыцы кадджыты мӕгуыр адӕм ардтой сӕ бирӕ цардуагон фарстатӕн аив дзуаппытӕ. Ирон адӕмы хуыздӕрӕй хуыздӕрты, тыхджынӕй тыхджындӕрты, курдиатджындӕрты ӕмӕ сӕрӕндӕрты тыххӕй цины дӕр ӕмӕ хъыджы дӕр кадӕггӕнджытӕ дзырдтой хъисфӕндырты ‘взагӕй. Ныхасы-иу рабадтысты ӕмӕ-иу хъисфӕндырты цагъдмӕ кодтой лӕгдзинады кадджытӕ, фыдӕлтыккон таурӕгътӕ. Уыдонмӕ хъусгӕйӕ, кӕстӕртӕ ифтонг кодтой ӕхсардзинад ӕмӕ рӕсугъд цардмӕ тырнынадӕй, хистӕртӕ та уыцы кадджыты мысыдысты се ‘взонгад, сӕ тӕккӕ тыхы куы уыдысты, уыцы бонтӕ ӕмӕ сӕм хъуыстой ӕхсызгонӕй. Ирыстоны зындгонд фысджытӕ, поэттӕ, ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ сӕ уацмыстӕ ныффыстой кадӕггӕнӕджы ‘взагӕй.

 

Кадӕггӕнӕг, кӕд мӕгуыр уыд, кӕд «хӕфсытӕ уасыд йӕ къахы скъуыдтӕй», уӕддӕр «цытджын Калачы йӕ зарды руаджы сӕндӕтты бадти. Йӕ хорз зарджытӕн, йӕ хорз кадджытӕн кӕрон кӕм уыди?!» Ӕмӕ кӕд «кӕрдзыны мурыл» зарыд, уӕддӕр йӕ сӕйраг нысан уыд, цӕмӕй адӕмӕн фехъусын кодтаид ивгъуыд рӕстӕджыты алӕмӕтон хабӕрттӕ, адӕм сӕ бирӕ уарзтой, ӕхсӕнады ахстой ахсджиаг бынат, ӕгӕрыстӕмӕй ма сӕ азфысджытӕ дӕр хуыдтой. Ӕппынӕдзух уыдысты адӕмы цӕсты раз, сӕ алы хъуыддагӕй дӕр уыдысты фӕзминаг ӕмӕ тӕхудиаг. Кадӕггӕнджыты ма ис схонӕн адӕмы бартыл тохгӕнджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕд «хӕцӕнгарз» – ныхас ӕмӕ фӕндыр – тох кодтой рӕстдзинад, хъару ӕмӕ ӕгъдауы сӕрыл.

 

Кадӕггӕнӕг. Ацы дзырды лексикон нысаниуӕджы тыххӕй ахуыргӕндты хъуыды у ӕмхуызон ӕмӕ дырыс: «…равзӕрд «кад» ӕмӕ «аг»-ӕй. «Аг» ӕвзаджы ивӕнтӕм гӕсгӕ арӕзт ӕрцыд «аккагӕй». Афтӕмӕй кадӕг равзӕрд дзырдбаст – кады аккагӕй». Абайты Васойы хъуыдымӕ гӕсгӕ райдианы кадӕджы хуызы кодтой ӕрмӕстдӕр Нарты кадджыты ӕмӕ Даредзанты таурӕгътӕ. Сӕ номхыгъдмӕ фӕстӕдӕр бахаудысты цалдӕр хъайтарон зарӕджы, фӕлӕ уӕддӕр, ирон адӕммӕ фыццаджы-фыццаг кады аккаг уыдысты Нартӕ: Хӕмыц, Уырызмӕг, Сатана, Сослан, Батрадз, Ацӕмӕз. Алчидӕр сӕ у хицӕн ӕмӕ уыцыиу рӕстӕджы сӕрмагонд фӕлгонц. Ӕгӕрыстӕмӕй, арвы хин ӕмӕ зӕххы кӕлӕн – Сырдон дӕр, кӕд бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ маст бавзарын кодта нартӕн, уӕддӕр сын ӕнустӕм ныууагъта дыууадӕстӕнон фӕндыр ӕмӕ уый фӕрцы баззад семӕ цӕргӕйӕ. Чизоны нӕ рагфыдӕлтӕ ахӕм алӕмӕтон ӕрдзы рӕсугъддзинӕдты ‘хсӕн куы нӕ цардаиккой, уӕд афтӕ курдиатджынӕй нӕ басгуыхтаиккой. Ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр быхстой, фӕрӕзтой цӕрын куыддӕрты, фӕлӕ уӕддӕр мӕлын нӕ бауагътой хъӕздыг адӕмон сфӕлдыстад.  Ирон адӕмӕн ӕгӕрон тых ӕмӕ ныфс лӕвӕрдтой сӕ рагфыдӕлтӕ. Ӕнӕрцӕф ӕмӕ сӕрбӕрзонд нарты адӕм сӕхи Хуыцӕуттимӕ дӕр ӕмбар, ӕмсӕрыл нымадтой. Сӕ уӕлкъӕсӕртӕ дӕр арӕзтой бӕрзонд, зӕгъгӕ, Хуыцау афтӕ ма фенхъӕла, уымӕн кувӕм. Ӕппӕт уыдӕттӕ ирон адӕм зыдтой кадӕггӕнджыты фӕрцы, бындуриуӕг кодтой рагфыдӕлты сгуыхтдзинӕдтыл ӕмӕ сӕ цӕрдхъомдзинад дывӕр кодта.

 

Тугъанты Махарбег кадӕггӕнджыты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Нӕ адӕм бӕхты дугътӕй куыд уагъой ерыстӕ, афтӕ-иу хуыздӕр дӕсныйад равдисыны охыл ерыстӕ уыд кадӕггӕнджыты ‘хсӕн дӕр». Уыцы ерыстӕм адӕм куыд ӕмбырдтӕ кодтой ӕмӕ-иу сын уыцы монон хӕлц цас рӕстӕджы фаг уыд, ууыл дзурын уӕлдай у. Адӕм сӕ зыдтой иттӕг хорз ӕмӕ-иу цалдӕргай сахаттӕ хъусынтыл фесты Туаты Зауырбегмӕ, Сланты Гахамӕ, Тугъанты Тӕтӕрхъанмӕ, Цопанты Арсӕмӕджы, Томайты Мысырби, Саулохты Гӕбӕццы кадджытӕм, зарджытӕм, таурӕгътӕм. Кӕцыфӕнды адӕмы хатты рагондӕр поэтты поэзийӕн дӕр нӕй ӕрӕвӕрӕн Зӕронд Бӕтӕхъойы хъӕуккаг Зыгъуытаты куырм Бибойы фарсмӕ. Уый уыд адӕмон зарӕггӕнӕг, диссаджы зонды ӕмӕ стыр курдиаты хицау. Бибойы хуызӕн йӕ радтӕг адӕмы эпос ничи зыдта. Ӕмӕ кӕд ХХ ӕнусы 80-ӕм азтӕм фӕцард, уӕддӕр, хъыгагӕн, йе сфӕлдыстадӕй алцы нӕ къухы нӕ бафтыд – йемӕ ингӕнмӕ ахаста рагон ирон сыгъдӕг поэзи. Афтӕмӕй та Бибо уыд ирон адӕмы фольклоры егъаудӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр цӕугӕ хӕзнадон.

 

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ирон адӕмон дзыхӕйдзургӕ сфӕлдыстад фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хӕццӕ кодта ныййарджыты фӕрцы дӕр: фыдӕй фыртмӕ, бинонты хистӕрӕй сабитӕм. Абайты Васойы хъуыдымӕ гӕсгӕ «фольклор баивта ирон адӕмӕн литературӕйы, историйы, цардуаджы ӕмӕ куырыхондзинады скъола дӕр», уыимӕ иумӕ сывӕллӕттӕ кадджыты, аргъӕутты, таурӕгъты персонажты дӕнцӕгтыл цайдагъ кодтой хӕрзӕгъдау ӕмӕ рӕстдзинадыл. Фӕлӕ, бирӕ ахуыргӕндтӕ-иртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ уый фаг нӕ уыд, уӕддӕр сын кадӕггӕнӕгмӕ хъусын цымыдисондӕр уыд. Уымӕ гӕсгӕ стыр нысаниуӕг уыд хъисфӕндырӕн, зӕлвидыцӕн, зарӕджы хуызы кадӕгӕн. Зарӕгмӕ хъусын уӕлдай ӕхцондзинад хӕссы адӕймагӕн абон дӕр, цасфӕнды ма хъуса бӕрзонд поэзимӕ, уӕддӕр.

 

Кадӕггӕнӕг ма ӕххӕст кодта рӕстаг тӕрхонгӕнӕджы хӕстӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыд нымд, хъуыстой йын йӕ хъуыдымӕ, хынцыд цыд йӕ алы уайдзӕф дӕр. Адӕмы уырнынадмӕ гӕсгӕ, ӕппӕт уыцы диссаджы миниуджытӕ уымӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд уыдысты ӕмӕ йын кодтой кад ӕмӕ цыт.

 

Кадӕггӕнджыты фӕрцы махӕн зындгонд сты нӕ ӕнӕмӕлгӕ адӕмон хъайтартӕ дӕр. Сӕ нӕмттӕ кадджыты, зарджыты, ӕппынфӕстагмӕ, адӕмы зӕрдӕты цӕргӕйӕ баззадысты.

 

Уымӕн ӕмӕ уыдысты цӕугӕ хӕзнатӕ: хъӕуи-хъӕу цыдысты ӕмӕ сӕ курдиатӕй адӕмы зӕрдӕты рухсы тӕгтӕ биноныг кодтой, фидар цӕгтӕй дзыллӕйы бастой кӕрӕдзийыл. Уыцы алӕмӕтон ӕмӕ рӕдау зӕрдӕйы уаг ӕнхъӕвзта Ирыстоны алы къуыммӕ дӕр ӕмӕ дзы арф уидӕгтӕ ауагъта. Цӕмӕй ма фесӕфа ирон фарн, цӕмӕй, кадӕггӕнджытӕ сӕ кадджыты цы амондджын цардмӕ бӕллыдысты, уыцы царды барджынӕй цӕрой ног фӕлтӕртӕ.

 

Ирон уадынгӕрзтыл хорз чи цагъта, стӕй не сфӕлдыстадон къӕбицмӕ аккаг хуынтӕ чи бахаста, уыдоны нымӕцы сты Сланты Гаха, Саулохты Гӕбӕдз, Къӕбысты Баир, Гӕззаты Бетъре, Абайты Цицкъа, Джыккайты Аким, Челӕхсаты Пируз, Зыгъуытаты Бибо, Наниты Андро, Таутиаты Дрис, Гуыриаты Уырысби, Баликъоты Аслӕмбег, Бӕззаты Майрӕм, Джусойты Кудза, Саулаты Дрис, Тобойты Цыцеу, Дзодзыккаты Харитон, Хӕдарцаты Эльбрус, Бестауты Серги, Ӕхболӕтты Георги, Темыраты Харитон, Хаймӕнты Афанас, Саппиаты Къола, Абайты Иликъо, Хъыргъаты Габо, Кокойты Таймураз ӕмӕ ӕндӕртӕ.

 

Ирон аивады къӕбицмӕ аккаг хуын чи бахаста, уыдоны нымӕцы ис Томайты Мысырби дӕр. Уымӕн Цӕгат Ирыстоны радиокомитет йӕ цӕгъдтытӕй ныффыста цалдӕр ӕмӕ сӕм уыцы рӕстӕджы радиомӕхъусджытӕ хъуыстой тынг ӕхсызгонӕй. Йӕ репертуары ма дзӕвгар цӕгъдтытӕ уыд, радиокомитеты кусджытӕ дӕр ӕм арӕх хатыдысты, цӕмӕй иннӕты дӕр ныффыстаиккой, фӕлӕ бонӕмгъуыды аххосӕй уыдон фыст нал ӕрцыдысты. Мысырби кӕй ӕххӕст кодта, уыдоны нымӕцы уыдысты кадджытӕ – «Хуха ӕмӕ Нарсау», «Бадилаты балц», «Иунӕг», «Ӕлдарты Куыцыкк», «Нарты Батрадз», «Софиайы зарӕг», «Къарджиаты фаззӕтты зарӕг», «Дзылаты Дзандзӕбӕхы зарӕг», «Бӕтӕйы фыртты зарӕг», «Къубалты Куыдзыгусы зарӕг», «Майрӕмыхъуаты Дзабойы зарӕг», «Кодзырты Дзӕрӕхмӕты зарӕг», «Уастырджийы зарӕг», кафыны цӕгъдтытӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Мысырби зарджытӕ кодта йӕхӕдӕг дӕр, зӕгъӕм, «Зарӕг Лениныл» рауад тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ.

 

Мысырби райгуырд 1904 азы Куырттаты комы, Къорайы. Хӕххон лӕппу чысылӕй арӕх цыд фыййау ӕмӕ-иу уырдӕм, стырӕй бафтгӕйӕ, йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты йӕ сабион бонтӕ. Хъыгагӕн, бинонтӕ уӕззау маст бавзӕрстой, ӕнӕхъуаджы сӕ кӕй скулак кодтой, уымӕй ӕмӕ дыууадӕс азы фӕиппӕрд сты Ирыстонӕй. Мысырби хорз арӕхст къухӕй куыстмӕ, фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр йӕ зӕрдӕмӕ арф айста хъисынфӕндыр ӕмӕ ӕдзухдӕр уыд йе ‘мбӕлццон. Томайты Мысырби абон кӕд не ‘хсӕн нал ис, уӕддӕр цы фӕллӕйттӕ ныууагъта, уыдонимӕ йӕ хорзӕн мысдзысты йӕ раттӕг адӕм.

 

ФАРС БАЦÆТТÆ КОДТА КЪУДУХТЫ МАРИНÆ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 15.05.2022 в 08:00

Сергей Меняйло поздравил жителей республики с Днём осетинского языка и литературы

ДОРОГИЕ ЗЕМЛЯКИ! Поздравляю вас с Днем осетинского языка и литературы!

ОБЩЕСТВО 15.04.2022 в 17:15

«Из летописи Владикавказа»

В историю России князь Александр Барятинский вписан как человек, который поставил точку в Кавказской войне и задал вектор созидательного развития Кавказа. Известен он и как основатель нашего города. 

ОБЩЕСТВО 17.12.2022 в 07:42

Свобода, скорость и ветер в лицо

Представители Федерации автомотоспорта  рассказали журналистам об итогах уходящего года в мотокроссе.

ОБЩЕСТВО 10.10.2017 в 10:25

«Техническая революция» Руслана Комаева

Историческое и многострадальное здание планетария в очередной раз оказалось упомянутым на страницах печати. Но теперь уже по хорошему поводу. Напомним, что в начале года в бывшей шиитской мечети начались восстановительные работы. И это после многолетнего разрушения из-за безденежья и волокиты с передачей правоустанавливающих документов. Но прежде всего – из-за равнодушия прежней власти, которая позволила в […]

ОБЩЕСТВО 9.11.2019 в 10:38

Он один такой

По крайне мере, в акционерном обществе «Радуга». И стаж у него эксклюзивный – почти 44 года на станке.

ОБЩЕСТВО 11.04.2022 в 17:55

Как выбраться из Cети?

В Северной Осетии разработан проект «Выбор есть всегда» для предотвращения у подростков интернет-зависимости.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО