ОБЩЕСТВО

МИДИСДЖЫН ÆМÆ ЗÆРДÆМÆДЗÆУГÆ МАДЗАЛ

Ирон бинонтæ рагæй дæр фидар уыдысты сæ уаг æмæ æгъдауæй. Уый та фыццаджыдæр аразгæ у фæсивæдæй, нæ фидæны цардаразджытæй. Фæсивæды хъомыладон куыстмæ абон стыр æргом чи здахы, рæзгæ фæлтæры рухс фидæныл чи тыхсы, уыцы адæм кæддæриддæр сты арфæйы аккаг.

 

Æвзаг æрмæст дзурынæн нæу, æвзаг æгъдау у, æвзаг адæмы фарн у, адæмы амонд. Мадæлон æвзагæн йæ диссаджы æвæрæнтæй сыгъдæгæй зынынц фæлтæры сагъæстæ æмæ бæллицтæ.

 

Уый уыд æмæ у царды нывæфтыд истори. Лæвæрд нын у æрдзæй, æмæ йыл былысчъилтæ мачи хъуамæ кæна. Уый у, нæ фыдæлтæ нын цы ныууагътой, уыцы хæзнатæй иу. Уый у аргъæутты, таурæгъты, æмбисæндты, Нарты кадджыты æвзаг, Къоста, Секъа, Арсен æмæ бирæ æндæр куырыхон лæгты æвзаг, æмæ махæй алчи хæсджын у уый бæрзонд хæссын, къæм абадын ыл ма уадзын. Цæмæй нæ цард рæза æмæ хуыздæр кæна, уый тыххæй фæсивæды хъæуы раст хъомыл кæнын. Бирæ фæлтæрд, куырыхон адæймæгтæ ис нæ алыварс. Уыдон æппæт хъарутæй дæр архайынц, цæмæй нæ фидæн уа рæсугъд æмæ бæллиццаг.

 

Æмткæй райсгæйæ, æнæхъæн республикæйы дæр ацы фарстаты уавæр у мæгуырау. Цæмæй ацы хъуыддаг йæ къахыл слæууа, ууыл зæрдиагæй чи тыхсы, уыдонимæ сты «Иры Стыр Ныхас»-ы сылгоймæгты комитеты уæнгтæ, æмæ сæ фарсмæ цы куырыхон хистæртæ æрбалæууынц, уыдон. Арæх сын вæййы скъоладзау-фæсивæдимæ алыхуызон фембæлдтытæ. Радон хатт та уазæгуаты уыдысты Дзæуджыхъæуы 42-æм астæуккаг скъолайы.

 

Мидисджын æмæ зæрдæмæдзæугæ рауад ацы мадзал. Скъоламæ фыццаг бакъахдзæфæй дæр бæрæг дары, чи дзы кусы æмæ ахуыр кæны, уыдонæн се ʼгъдау æмæ сæ культурæ. Фембæлды размæ уазджытæн равдыстой чысыл концерт. Æмæ та уымæй дæр бæрæг уыд, хъомыладон фарстамæ стыр æргом здæхт кæй цæуы, уыимæ ирон æгъдæуттæ æмæ традицитыл æнцой кæнгæйæ. Федтам дзы фынджы рæсугъд æгъдау, кафт, Нарты кадджытæй ист нывтæ, сыхаг адæмтимæ хæлар ахастдзинæдтæ фидар кæныны дæнцæг. Ирæттæм æрбацыдысты уазджытæ сыхаг Кæсæгæй, салам сын радтой кæсгонау. Стæй уæд фысымтæ æмæ уазджытæ иумæ уæздан кæсгон кафт ракодтой. Ахæм тематикон нывтæ æххуыс сты, цæмæй сывæллæттæ хуыздæр зоной нæ алыварс цæрæг адæмты. Хистæркъласон лæппуты хор азарыд ирон зарджытæ, æмæ уый дæр у раппæлинаг æмæ фæзминаг хъуыддаг.

 

Фембæлд цæмæй бæрзонд æмвæзадыл ацыдаид, ууыл зæрдиагæй бакуыстой сылгоймæгты комитеты сæрдар Махъоты Иринæ, комитеты уæнгтæ æмæ скъолайы директор Дзагуырты Фатимæ æмæ Хъуыбадты Тамарæ.

 

Ацы мадзал уæлдай мидисджындæр рауад уымæн, æмæ арæзт уыд диалоджы хуызы. Скъоладзаутæ фарстатæ лæвæрдтой хистæртæм. Уый та ма ноджыдæр у иу æвæрццæг фæрæз кæстæрты зондахаст бамбарынæн.

 

Хозиты Зæринæ, Алыккаты Дианæ, Тиникашвили Руслан, Хынцæгты Наталья, Хъесаты Владимир, Бæцæзаты Дианæ фарстатæ лæвæрдтой мадæлон æвзаг æмæ ирон æгъдау кæрæдзиуыл куыд баст сты, абоны царды чи нæ уал хъæуы, æфсарм æмæ бинонты ʼхсæн цавæр фæтк хъуамæ уа, уыдæтты фæдыл. Се ʼппæтæн дæр – Гæджынаты Риммæ, Сланты Светланæ æмæ Махъоты Иринæ радтой бæлвырд дзуаппытæ. Стыр цымыдисæй сæм хъуыстой сывæллæттæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ.

 

Хорз, рæсугъд у чысылæй алы саби дæр, фæлæ дзы уæддæр адæймагæн йæ зæрдæмæ йæхи сабийæ æввахсдæр ничи лæууы. Æмæ махæй, хистæртæй, алкæй дæр фæфæнды, цæмæй адæмы рæгъы рацæуа, царды басгуыха, хорз адæймаг дзы рацæуа.

 

Æрвылбон дæр сывæллæттæн хъæуы хæссын цæвиттонæн зындгонд æмæ кады аккаг адæймæгты. Лæмбынæг сын æрдзурын номдзыд адæймæгты цардвæндагыл, цæмæй йæ сæ сабибонтæй бамбарой, алы стыр сгуыхтдзинад дæр стыр фыдæбон æмæ быхсондзинады фæрцы кæй бафты къухты.

 

Куыд зонæм, афтæмæй æгъдау у царды мидис, æмæ йæ куыд арфдæр æнкъарæм, куыд рæсугъддæр, мидисджындæрæй йæ æххæст кæнæм, афтæ нæ намыс кæндзæн тыхджындæр. Ацы æууæлыл чи тыхсы, уыдонмæ хауынц нæ абоны мадзалы архайджытæ дæр.

 

О, раст у, ахуыргæнджытæ хъуамæ архайой канд ахуырад фæхуыздæр кæныныл нæ, фæлæ ма хъомыладон архайд бæрзонд æмвæзадмæ сисыныл, уымæн æмæ хъомыладон фæрæзтæн ис стыр ахадындзинад нæ æрвылбоны царды.

 

Æгъдау, æфсарм æмæ намыс кæддæриддæр уыдысты ирон адæмы царды фидар уидæгтæ. Ацы стыр хæзнатæ бæрзонд æвæрд цы бинонты, æхсæнады æмæ паддзахады сты, уым цардыуаг у бæстон, биноныг, фæтк – йæ бынаты, адæмы цард – амондджын. Арфæйы дзырд­æй адæмы зæрдæ райы, зæрдæйы дуар æм парахатæй байгом вæййы. Гъемæ уæ хъуыддæгтæ рæстмæ уæнт!

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 22.07.2022 в 22:03

Ахмед Хандохов: «Наказание неизбежно»

В преддверии профессионального праздника корреспондент газеты «Владикавказ» встретилась с руководителем первого отделения по расследованию особо важных дел следственного управления Следственного комитета Российской Федерации по Республике Северная Осетия – Алания Ахмедом ХАНДОХОВЫМ.

ОБЩЕСТВО 12.03.2019 в 11:00

Гуляй, широкая масленица!

Череду мартовских праздников завершила веселая и сытная Масленица. Празднества в ее честь прошли в разных районах республики.

ОБЩЕСТВО 10.10.2022 в 19:17

Памяти архитектора

Культурная общественность Владикавказа понесла тяжелую утрату: на 76-м году жизни 7 октября 2022 года не стало заслуженного работника культуры России, заслуженного архитектора РСО-А, лауреата премии им. М. Камбердиева, руководителя Северо-Осетинского отделения Российского фонда культуры, профессора кафедры архитектуры СК ГМИ (ГТУ) Сослана Федоровича Цаллагова.

ОБЩЕСТВО 1.06.2022 в 20:40

Улыбок и как можно больше солнца!

На сцене рождается сказка. В Академическом русском театре им. Е. Вахтангова малыши отпраздновали свой самый главный праздник – Международный день защиты детей. Для них здесь была представлена постановка «Волшебная лампа Аладдина».

ОБЩЕСТВО 24.05.2022 в 08:00

Вячеслав Мильдзихов поздравил выпускников с завершением учебного года

ДОРОГИЕ ВЫПУСКНИКИ! УВАЖАЕМЫЕ УЧИТЕЛЯ И РОДИТЕЛИ!

ОБЩЕСТВО 18.12.2018 в 10:25

За опытом – в Ростов!

Донская государственная публичная библиотека расположена в Ростове-на-Дону. Старейшее книгохранилище юга России было основано в 1886 году.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО