ОБЩЕСТВО

НÆ ЦÆУГÆ МÆСЫГ

Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл сæххæст 163 азы.

 

«Ирон адæмы сæуæхсид», «ирон адæмы стъалы», «нæ культурæйы астæуккаг цæджындз» –фырбуцæй ахæм нæмттæй фæхонынц ирон адæм сæ цытджындæр поэт æмæ уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы. Нæ литературæ æмæ культурæйы кой кæнгæйæ, фыццаджыдæр кæй ном фæзæгъæм, уый вæййы Къоста.

 

«Нæ литературæйы рæзты нæм Къостайы размæ дæр, стæй йæ фæстæ дæр, бирæ куырыхон æмæ курдиатджын фысджытæ уыдис æмæ ис, фæлæ уыдон се ’ппæт дæр, стъалытæ хуры алыварс куыд сты, афтæ бадзыгуыр сты Хетæгкаты Къостайы стыр ном æмæ генион поэзийы алфамбылай. Национ литературæ саразын æмæ бабиноныг кæнын адæмы зонды дæр, стæй нацийы монон сфæлдыстады дæр, уымæн стыр зонд æмæ курдиат хъуыд, стыд ныфс æмæ удуæлдайдзинад. Æмæ нæ адæмы историйы ахæм адæймаг разынд, ахæм сгуыхтдзинад равдыста иунæг Хетæгкаты Къоста». Уыцы лæгдзинад, уыцы стыр сгуыхтдзинад никуы рох кæнынц ирон дзыллæтæ. Уымæн у кæдфæндыдæр Къоста ирон адæмæн сæ карздæр сомыйы, сæ зæрдæбындæр арфæйы сæр, сæ ныфс, сæ хъаруйы фидар мæсыг. Афтæмæй баззад нæ абоны фæлтæрæн, афтæмæй баззайдзæн нæ фидæны фæлтæртæн дæр.

 

Къоста цардис тызмæг æмæ зын рæстæджы. Уыцы уавæрты йæ цард æппæтæй дæр сбаста адæмы хъысмæтимæ. Йе стыр ныфс, йæ куырыхон зонд, йе стыр хъару æнæвгъау лæвæрдта æфхæрд дзыллæты фидæны рæсугъддæр æмæ амондджындæр царды сæраппонд. Уымæн æй афтæ тынг уарзтой адæм сæхæдæг дæр, уымæн ын кодтой ахæм стыр аргъ. Хурыскастау бæллыдысты фæллойгæнæг дзыллæтæ йæ фенынмæ. Йæ алы ног зарæг дæр сын хаста ныфс, æууæндын сæ кодта цардыл, рæсугъддæр фидæныл. Уымæн азæлыдысты йæ диссаджы зарджытæ, йæ зæрдæбын сагъæстæ нæ Иры хæхты æмæ быдырты, уымæн уыд сæ зын æмæ сæ тыхсты сахат сæ ныфс, сæ хъаруйы мæсыг.

 

Ирон номдзыд адæмон поэт, ирон аив литературæйы æмæ æвзаджы бындурæвæрæг, фыццаг ирон профессионалон нывгæнæг, зынгæ æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырди 1859 азы 15-æм октябры Цæгат Ирыстоны, Уæлладжыры комы, Нарыхъæуы. Ам арвыста йæ сывæллоны бонтæ. Ам æдæрсгæ акодта йæ фыццаг къахдзæфтæ, ам фыццаг хатт фехъуыста ирон адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæ. Ам федта йæхи цæстытæй мæгуыр æмæ æфхæрд хæххон адæмы уæззау æмæ хъизæмайраджы цард, ам сын фыццаг хатт фехъуыста сæ хъæрзын, ирон сылгоймаджы зæрдæхалæн хъарджытæ æмæ сæ йæ амæлæты бонмæ нал ферох кодта.

 

Нæ бæстæйы номдзыддæр адæмæй иу уыд фыссæг, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Уый уыд стыр зонды хицау, йе сфæлдыстад æмбæлыд адæймаджы зæрдæйыл.

 

Къоста ахуыр кодта Нары скъолайы, фæстæдæр та – Дзæуджыхъæуы реалон училищæйы. 1870 азы йæ арвыстой Стъараполы гимназмæ. Лæппу йæ фыды уæзæгæй кæй фæиппæрд, йæ хæдзар кæй мысыд, уый фæрцы ирддæрæй рабæрæг йе сфæлдыстады курдиат. Ахуыры фыццаг бонтæй ахуыргæнджытæ рахатыдысты, Къоста æнæхин, цардбæллон ахуырдзау кæй у, уый. Ахуырдзауы бирæвæрсыг зонд адæмы æфтыдта дисы. Гимназы ахуыр кæнгæйæ, Къоста базонгæ А.С. Пушкины, М.Ю. Лермонтовы, Н.А. Некрасовы, А.Н. Островскийы æмæ æндæр номдзыд фысджыты сфæлдыстадимæ. Уырыссаг классикты уацмысты æмæ зæрдæхæлар педагогты фæрцы Къоста ссис мæгуыр адæмы сæрылхæцæг. Адæмы сæрхъуызой.

 

Ирон адæмы мæгуыр æмæ æфхæрд царды тыххæй Къоста ныффыста, адæм къухæй-къухмæ кæй лæвæрдтой, бирæ ахæм зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ.

 

Къоста хæсджын уыд уæрæсейаг культурæйæ, æмæ адæмы рæзтæн æмæ рухсадæн бирæ чи бакуыста, уыцы фысджыты кадæн сфæлдыста зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ.

 

Къостайы æнæмæлгæ æмдзæвгæтæ, поэмæтæ æмæ нывтæ мыхуыргонд цæуынц дунейы бирæ бæстæты. «Ирон фæндыр» рауагътой Чехословакийы, Венгрийы, Болгарийы, Румынийы, Англисы, Германы, Данийы, Мысыры, Индийы, Японы æмæ æндæр бæстæты. Бирæ европæйаг поэттæ сæ уацмысты арынц Къостайы ном.

 

Къостайы уацмыстæ мыхуыргонд æрцыдысты хиндийыл æмæ араббаг æвзæгтыл. Мысираг журнал «Аль-Иха-йы» рацыд уац Къостайы сфæлдыстады тыхæй, стæй йе ’мдзæвгæтæ «А-ло-лай», «Катай», «Æнæхай».

 

Къостайы райгуырды 100 азы кадæн Кремлы театры уыд æмбырд. Уым ныхас кæнгæйæ, Н.А. Тихонов загъта: «Хетæгкаты Къостайы никæимæ ис абарын. Уый уыд курдиатджын поэт, прозаик, публицист… æмæ нывгæнæг».

 

Къоста Бетъырбухы аивæдты академийы куы ахуыр кодта, уæд йæ ахуыргæнæг уыд В.А. Серов, æмæ Къостайы сфæлдыстад йæ ахуыргæнæджы курдиатæй дæлдæр нæ лæууы. Къостайы уацмыстæ – «Дурсæттæг лæппутæ», «Дондзау» дзурæг сты, нывгæнæг адæмы зæрдæйæ кæй уарзы, ууыл. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй «Дондзауы» Къоста сфæлдыста, кæй никуы федта, йæ уыцы мады сурæт.

 

Адæмы зæрдæмæ фæцыд, Къоста йæхæдæг кæй сныв кодта, йæхи уыцы сурæт дæр: хъуыдыгæнæг адæймаг æнкъард цæстæнгасимæ.

 

Нывгæнæг бирæ куыстыты равдыста Кавказы рæсугъд æрдзы. Къостайы нывтæ адæмы зæрдæмæ цæуынц, цард дзы ирдæй æвдыст кæй цæуы, уый тыххæй. Номдзыд нывгæнæджы уацмыстæ хуыздæр музейты ахсынц аккаг бынат.

 

1899 азы «Ирон фæндыр» кæй фæзынд, уымæй Ирыстоныл æрцыд стыр цау.

 

Номдзыд фыссæг С. Михалков загъта: «Бирæ азты фæстæ дæр ирон адæмы намысджын хъæбулы ном æрттивдзæн Кавказы цъитийау. Адæм кæддæриддæр зæрдиагæй нуаздзысты Къостайы сфæлдыстады сыгъдæг суадонæй».

 

Къостайы номимæбаст хæдзар

 

Цæвиттон, Байаты Чермены уынг кæддæр, революцийы агъоммæ, хуындис «Къупецаг», цардысты дзы фæрæзджын адæм. Уæлдай бæрæгдæр се ’хсæн уыдис дыууæуæладзыгон агуыридурæй амад бæрзонд бæстыхай. «Высокий барский дом», афтæ хуыдта Къоста Поповты хæдзар. Ам цардис йе сфæлдыстады уæлтæмæны суадон – Аннæ Попова. Ацы чызджы фыццаг хатт куы федта, уæдæй дыууæ азы дæргъы æнцой нал зыдта Къоста.

 

Æрыгон поэты зæрдæ сыгъдис тыхджын æгæрон уарзондзинадæй, фæлæ йын нæ уæндыдис йе ’нкъарæнтæ раргом кæнын. Бирæ хъизæмар бонтæ æмæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыста Аннæйы уарзгæйæ Къоста. Ацы уарзондзинадæй равзæрдис йæ поэмæ «Фатимæ» дæр.

 

Дзаттиаты Тотырбеджы роман-хроникæ «Хæххон стъалы»-мæ гæсгæ, ам, Терчы был, ныффыста поэмæйæ бирæ рæнхъытæ, йæ бакомкоммæ цы бæрзонд хæдзар уыдис, уый рудзгуытæй нæ иста йæ цæстæнгас дæр, бæллыдис, уæддæр иу уысм Аннæйы уындмæ. Уарзты фæдыл ын саккаг кодта æмдзæвгæтæ, æрвитгæ дæр ын сæ бакодта поэмæйы райдайæн номарæнимæ, фæдзæхста йын, цæмæй рæнхъыты фыццаг дамгъæтæ уæлейæ бынмæ бакæса, уый дæр.

 

Бирæ бонтæ арвыстой сусæгæй æмбæлгæйæ, Терчы был, дыууæ уарзон уды. Чызг тарстис йæ мад æмæ йе ’фсымæртæй, куы сæ базоной, уæд сæм цавæр цæстæнгас разындзæн Къостаимæ сæ ахастдзинæдтæм, фæлæ йыл фæстагмæ æгæрон уарзт фæтых, æмæ сын сæ хъуыдытæ ницæмæуал æрдардта.

 

Поповты хæдзары уыдис Аннæйы райгуырæн боны фæдыл бæрæгбон. Хуынд æм æрцыдис Дзæуджыхъæуы зындгонддæр адæм: Терчы облæсты хицау – инæлар Каханов, сауджын – Цæлыккаты Алыксандр йæ чызг Аннæимæ, Дзахсорты Дзамболат, æлдар Хъуыбадты Амырхан æмæ йæ фырт Æхтæнг.

 

Аннæ дзырдта Къостайæн, йæ мад æмæ йе ’фсымæры кæй фæнды, цæмæй смой кæна æлдары фыртмæ, Æхтæнг ыл йæхæдæг дæр иузæрдион уыд, фæлæ йæхи зæрдæмæ та нæ цæуы.

 

Къоста залмæ куы бахызт, уæд æй хъуыды дæр ничи æркодта. Зилгæ кафт, хъæздыг уæлæдарæсы цы адæм кафыд, уыдоныл йæ цæст ахаста. Аннæ Къостайы куы ауыдта, уæд йæ размæ рауад, райста йын йæ къухæй дидинджытæ æмæ æмдзæвгæты альбом.

 

Къостайы æрбацыд Æхтæнгæн уыдис тынг хъыг. Бамбæрста йæ йæхирдæм стыр æфхæрдыл. Куы федта Аннæйы Къостайыл цингæнгæ, уæд банкъардта, тызмæг ныхмæлæууæг ын кæй фæцис, уый.

 

Фæлæ уæддæр не ’мбæрста, бæрæгбонмæ йæ чи æрбахуыдта, уый. Изæры, Аннæ куы схуыссыдис, уæд ын йе ’фсымæр Петр йе ’мдзæвгæты альбом адавта. Мад æмæ фырт куы бамбæрстой, Къостаимæ кæрæдзи кæй уарзынц уый, уæд сæ сфæнд кодтой фæхицæн кæнын. Дуарæхгæдæй дардтой Аннæйы йæ уаты, хæринаг дæр ын уырдæм хастой. Се ’ххуырстытæн бафæдзæхстой, цæмæй иунæг фыстæг дæр Къостайæ ма исой, куы фæзына, уæд та хæдзары хицæуттæн куыд фæхъусын кæной. Петры сæры сæвзæрдис æбуалгъ хуыды – Къостайы амарын, фæлæ йæ йæ мад нæ бауагъта, бауынаффæ кодтой, цæмæй Аннæйы Тифлисмæ сæ хæстæджытæм аласой, афтæмæй йæ тагъддæр ферох кæндзæн.

 

«Къостайæн йæ цыбыр царды цы бантыст ирон адæмы кад æмæ намысӕн, уый у ахæм сфæлдыстадон сгуыхт, ахæм историон хъуыддаг, биографион цауты равдисæн кæмæн нæй. Уымæн бамбарæн ис Къостайы цард хорз сахуыр кæнгæйæ, йе сфæлдыстады къабæзтæм лæмбынæг æркæсгæйæ, уыдон бæстон равзаргæйæ».

 

1916 азы нæ зынгæдæр драматург, ирон профессионалон театры бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо афтæ дзырдта: «Рухс у мæ зæрдæ – ис нæ чиныгæн æмæ не ’взагæн бындур. Къоста нæ литературæйæн у Пушкин уырыссаг литературæйæн цы у, раст уый… Æрлæудзæн ахæм рæстæг, æмæ алы ирон лæджы хæдзары дæр Къостайы ныв уыдзæн зæды нывау». Елбыздыхъойы куырыхон ныхæстæ æцæгæй дæр æрцыдысты.

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 19.06.2018 в 11:00

Будущее животноводства

Последние несколько лет в Северной Осетии активно поднимается сельское хозяйство.

ОБЩЕСТВО 14.03.2023 в 08:54

НÆ ФЫЦЦАГ ЛÆППУ ИРОН ТЕАТРЫ

Абон нæ Ирон паддзахадон театры цы курдиатджын артисттæ ис, уыдонæй иу у нæ хъæуккаг Сугъаты Хъазыбег. Сценæмæ куы рацæуы, телеуынынады йæ куы равдисынц, уæд махæн Хуымæллæджы нæ цинæн кæрон нал вæййы, нæ армытъæпæнтыл нал фæауæрдæм, сæрыстырæй йæ кæрæдзийæн фæамонæм.

ОБЩЕСТВО 4.05.2023 в 08:06

Весенний призыв проходит в штатном режиме

В соответствии с установленным заданием продолжается призыв граждан на военную службу в военном комиссариате Владикавказа.

ОБЩЕСТВО 20.07.2019 в 10:01

Пластическая операция по перемене… паспорта

На днях в Правительстве РФ продемонстрировали, как будет выглядеть новый образец паспорта россиянина.

ОБЩЕСТВО 19.09.2023 в 09:58

УЛИЦА ЛАРИОНОВА

Улица располагается в Затеречном внутригородском районе Владикавказа. Начинается от улицы Коцоева и заканчивается проспектом Коста. Улицу Ларионова пересекают улицы Карла Маркса и Ватаева. На нечетной стороне улицы Ларионова заканчивается улица Триандафиллова, на четной начинается улица Тенгинская.

ОБЩЕСТВО 26.07.2023 в 19:23

Алла Хинчагова удостоена звания «Заслуженный журналист Республики Южная Осетия»

Главному редактору газеты «Владикавказ» Алле Хинчаговой присвоено почетное звание «Заслуженный журналист Республики Южная Осетия». Соответствующий указ подписал 25 июля Президент Республики Южная Осетия Алан Гаглоев.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО