ОБЩЕСТВО

«Мæлон кæд, ирыстоны сыджыт – мæ ингæн»

Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, Хъæрæсе-Черкесийы сгуыхт артисткæ, поэтессæ, драматург, æхсæнадон архайæг Галуанты Людмилæйы райгуырдыл сæххæст 85 азы.

 

Мæ адæм, уæ разы лæууын æз ныфсджынæй,

Мæ цæсгом, мæ намыс, мæ къухтæсыгъдæг,

Уæ хидвæллойæ уын лæвæрттæ нæ домын,

Æз минтæй нæ хъазын, нæ дæн æз хуыснæг.

Мæ хорз фыды номæй, мæ мады цæсгомæй,

Мæ Иры сыджытæй æз бахордтон ард,

Кæй уыдзæн мæ дзырддаг æрмæстдæр рæстдзинад,

Мæ адæмы хъысмæт, сæ фидæн, сæ цард.

Мæ тохвæллад адæм, мæ чысыл Ирыстон,

Уæ амонд, уæ цардылмæ сагъæс, мæ тох.

Куы фехъусын иунæг æфхæрд дæр уæ номыл,

Мæ зæрдæ мæ риуы ныккæны уæд богъ!..

 

Ацы рæнхъыты авторы иумæйаг Ирыстоны чи нæ зоны, ахæм адæймаг зынтæй разындзæн. Йе ‘мдзæвгæтæ кæд скъолайы ахуыргæнæн чингуыты не сты, уæддæр сæ зонынц, ахуыр сæ кæнынц стырæй-чысылæй. Уарзон сты зарæггæнджытæн, композитортæн. Лирикон æмæ хæсты цаутыл фыст рæнхъытæй цы зарджыты рахастой адæмы размæ, уыдонæй алкæцыдæр у зæрдæмæхъаргæ. Йæ уацмысты сæйраг бынат ахсы Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, йе ’мдзæвгæты бæрæг фылдæр хай фыст сты уарзондзинады темæйыл.

 

Ирон театралон аивадæн удуæлдай лæггад чи фæкодта, уый у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, Хъæрæсе-Черкесийысгуыхт артисткæ, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, зындгонд æхсæнадон архайæг, поэт ГАЛУАНТЫЛюдмилæ. Йе æнтыстджын сфæлдыстадон архайды руаджы уый йæхицæн скодта стыр ном йæ адæмы ‘хсæн.

 

Уæвгæ, Галуанты Людмилæйы ном фехъусгæйæ, бирæты хъуыдыты сæвзæрынц йæ актерон фæлгонцтæ. Фæлæ йе сфæлдыстадылдзургæйæ, бамбарæн ис, канд йæ рольтæй хъæздыг кæй нæу йæ аивадон фæндаг, уый. Йе мдзæвгæтæ, зарджытæ ныридæгæнадæмæн систы уарзон. Фæдзурынц сыл литературæ иртасджытæ, фысджытæ, аивадуарзджытæ.

 

Уый Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сценæйы сарæзта, куыд дунейы, афтæ нæ бæстæйыæмæ ирон драматургты пьесæтæм гæсгæ æвæрд спектакльты 60 сурæтæй фылдæр. Людмилæ уыд бирæвæрсыг курдиаты хицау.

 

Æмхуызон хорз йæ курдиаты цæхæр дзæнхъа дурау æрттывта трагедиты, комедиты æмæ драмæты дæр. Уыдонæн сæ зынгæдæртæсты: Джон Флейчеры «Испайнаг сауджын»-ы – Виоланта, Максим Горькийы «Егор Булычев æмæ иннæтæ»-йы – Варварæ, ФридрихШиллеры «Дон Карлос»-ы – Принцесса Эболи, Николай Гоголы «Ускуырд»-ы – Агафья Тихоновна, Мустай Каримы «Хъоды»-йы – Фæрнæхсин, Цопанаты Хаджумары «Хабос æмæ Аминæт» – Сæудæджер, Гаглойты Федыры «Бæсты фарн»-ы – Зæлон, Хуыгаты Георы«Чепты Чепена»- йы – Поли, Гаглойты Владимиры «Ныййарæджы кадæджы» – Госæма æмæ бирæ æндæртæ. Ацы рольтæй сæалкæцыдæр у Людмилæйы сценикон царды хицæн фæзынд, алæмæты уацау. Алкæцыдæр сæ сæрмагонд фæндаг ссардта иронаивадуарзджыты зæрдæтæм, бацагайдта сын сæ зæрдæты рæбинагдæр, æнкъарæнджындæр дадзинтæ, ныррухс сын кодта сæ зонд, басагъта сыл разæнгардгæнæг базыртæ.

 

Зындгонд артисткæ, æхсæнадон архайæг, зынгзæрдæ патриот, поэт Галуанты Людмилæйы царды æмæ сфæлдыстадон фæндæгты, æхсæнады, нæ адæмы æхсæн йе ‘рмдзæф цас ирдæй бæрæг дары, уыдæтты тыххæй, куыд зонæм афтæмæй, рауагъдад «Веста»-йы рухсцы арф мидисджын чиныг федта – «Мæ адæм, уæ разы лæууын æз ныфсджынæй», уым сты бæлвырдæй фыст. Йæ саразæг у газет«Рæстдзинад»-ы хистæр уацхæссæг, УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг Хетæгкаты Оксанæ.

 

Уый уыд 1937 азы 14 февралы. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Сталиниры Галуанты Алыксандры фырт Граф æмæ йæ цардæмбалДзасохты Тугъаны чызг Ксеняйы хæдзары. Сæуæхсиды рухсау а дунемæ фæзынд фидæны кур-диатджын актрисæ, æхсæнадонархайæг, поэт Галуанты Людмилæ.

 

Уый æнхъæл чи уыд, æмæ уыцы гыццыл хивæнд чызг фидæны суыдзæн адæмы зæрдæтæм рухсхæссæг, адæмы иугæнæг, рухсмæхонæг… Сылгоймаджы лæмæгъ уæхсчытæ уыйбæрц уæз бауромдзысты, уый кæй бауырныдтаид… Уæвгæ, æцæг Фыдыбæстæ уарзæгзæрдæйæн тыхгæнæг тых никæд ссардзæн, нæдæр æй сæтгæ бакæндзæн.

 

Йæ фыд Граф уыд ахуыргæнæг. Людæйыл æртæ азы куы цыд, уæд ацыд Бетъырбухмæ æмæ уым райста танкисты дæсныйад. Цхинвалмæ сыздæхгæйæ, куыста горæты администрацийы. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд æй тохы быдырмæ нæкодтой. Фæлæ йæ хистæр æфсымæр знагимæ тохы куы фæмард, уæд 24-аздзыд сæрæнгуырд лæппу йæ туг райсыны фæдыл хæстыцæхæры æвæстиатæй балæууыд æмæ 1942 азы знаджы нæмыгæй фæмард. Йæ кæстæр чызджы райгуырд Граф нæ федта, æрмæстма фронтæй фыста, цæмæй йыл сæвæрой ном Василисæ. Людмилæ йæ фыды цæсгоммæ нæ хъуыды кодта, фæлæ-иу йæ кой куы‘рхауд, уæд-иу цæстыты размæ слæууыд йæ сурæт.

 

Йæ мад Ксеня куыста райдайæн кълæсты ахуыргæнæгæй Цхинвалы 7-æм скъолайы. Йæ цард снывонд кодта сывæллæттыхъомыладон æмæ ахуыра-дон куыстæн. Сæ дыууæ дæр – хæрзконд, лæг сæм кæсынæй не ‹фсæст. Фæлæ… Цард йæхи кæнонтæфæкæны. Бинонтыл йæ уæз æруагъта. Адæм Ксенямæ хæсты фæстæ йæ номæй нæ дзырдтой, фæлæ йæ хуыдтой «сидзæрты мад».

 

1945 азы Стыр Уæлахизы бон адæмы бинонты дарджытæ хæстæй куы здæхтысты, уæд сыхбæсты сывæллæттæ сæ размæ згьордтой, æмæ сæ салдæт-тæ фырцинæй сæ уæхсчытыл хастой. Салдæтты ‹хсæн Людмилæ йы фыды куы нæ федта, уæд хъыджы цæссыгтæфурдау фемæхстысты йæ фæлурс рустыл. 9-æм Май-иу ын уыд æрхæндæджы бæрæгбон.

 

«Нæ хæдзары уыд зæронд шифанер. Нæ мадиу йæ мызд куы райста, уæдиу сæ уым зынгæ бынаты сæвæрдта, æмæ-иу нæбафæдзæхста, адон сты нæ бинонтыхцатæ, исты уæ куы хъæуа, уæд мæнæн зæгъут, æмæ уын мæхæдæг балхæндзынæн, зæгъгæ. Никæд бавнæлдтам нæхигъдауæй æхцатæм. Схъомыл нæ кодта царды рæстаг æмæ куыстуарзагæй. Тынг уæздан сылгоймаг уыд нæмад, сабырæй дзураг, æфсармджын. Уый хуызæн зæрдæхæлар адæймаг, æвæццæгæн, стæм разындзæн. Мæ царды хорздзинадæй цыис, уымæн уый бавæрдта бындур. Неппæт дæр райстам уæлдæр ахуырад. Цардмæ нæ бацæттæ кодта, ныссагъта ныл базыртæ. Мæравзæрст фæндагыл куы æрлæууыдтæн, уæд мын мæ мады руаджы уыд рæстæг театры кусынæн, уымæн æмæ мын мæ хистæрчызджы хъомылады тынг æххуыс кодта», – мысыд Людмилæ.

 

Цард цæуы æмæ фарн хæссы, фæзæгъынц. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты салдат, ГССР-йы сгуыхт артист Мæргъиты Сослан (Цоцко) раивта чызгæн йæ фыды, бахъомыл æй кодта, хи хъæбулау æй барæвдыдта. Уый йын банкъардта йæ уарзондзинад æмæтырнындзинад аивадмæ.

 

Мæнæ куыд фыссы Цомартаты Изæтбег га-зет «Рæстдзинад»-ы фарсыл Людмилæйы тыххæй йæ æрмæг «Адæймаджы фæд»-ы: «Æмæ та мæнæ æрыгон чызг сусæгæй рахъуызыд йæ мады цурæй. Цымыдис, æмбаргæ цæстæй кæсы йæ алфамбылай. Цъитисæрхæхтæ, цъæхфæлыст къуыбыртæ æмæ йæ тарбынцъæх бæлæстæ сæ хъæбысы æрбатыхтой. Узæлынц ыл ныййарæг мадау. Æмбисонды æрдз ын алы хъæлæстæй зары. Чидæр æм сабыргай фехситт кодта, ноджыдæр таЧызг цæхгæр фæзылд. Тыхджынæнкъарæнтæ йæ сæ уæлныхты систой. Йæ мидбылты бахудт. Йæхи нал баурæдта æмæ уæрджытæм кæрдæгыл ныййарц. Дидинджытыцады фæмидæг. Æрдзы рæсугъд музыкæ дзæмдзæмы донау йæ риуы ахъардта.

 

Æрдзы хъæбысы райгуырдис ног чызг. Цыма цъиутимæ быцæу кодта, уыйау ныззарыд. Зарæг кæмттæ аскъæфтой æмæ йæ мыргайбæлæсты сыфтæртæн байуæрстой. Людæйы цæстытыл фыццаг хатг ауадысты æнахуыр рæсугъд нывтæ. Тагъд скъола каст фæуыдзæн, театралон институтмæ бацæудзæн. Æмбисонды артисткæ дзы рауайдзæн æмæ … кæй зæгьын æй хъæуы, хъаздзæнæппæты зындæр æмæ хуыздæр рольты. Уымæй ма хуыздæр цы уа, адæмы размæ, кæй никуы федтой, зонгæ дæр кæй нæ кæнынц, æрмæст фыссæджы зонды чи райгуырд, уый фæлгонц сараз, дæ дадзинты йын дæхи туг ауадз æмæ йæ удæгасæй театрдзаутызæрдæты æрцæрын кæн.

 

Дидинджытыхсæн Галуанты Людмилæйы зæрдæйы сæвзæрдис стыр бæллиц. Ныртæккæ кæуылты æрбазгъордта, уырдæмæдзынæг кæсы. Кæрдæгыл йæ фæд баззад. ФæдКуыд адджын, куыд рæсугьд дзырд у, æвæдза!

 

Алыхуызон фæндæгтыл цæуынц адæм. Чи зынтæй агуры йæ фæндаг, чи йæ æнцонтæй ссары. Æвæццæгæн, Людмилæйы амондæнбазонгæ сты йæ мад æмæ ГССРйы сгуыхт артист Мæргьиты Сослан. Æрыгон чызгæн йæ дыккаг фыд йе стыр бæллиц бамбæрста. Алыбон дæр æй йемæ хуыдта театрмæ. Людмилæйæ-иу æрбайрох сты йæ мад, йембæлттæ, йæ чингуытæ. Йæ цæстытæ-иу сценæмæныццавта æмæ лæмбынæг хъуыста артистты ныхæстæм, кастис сын сæ алы фæзылдмæ дæр. Дызæрдыг хъуыдытæн сæ кой дæр налбаззад. Артисткæ суæвын ссис йæ царды сæйрагдæр нысан».

 

Хæстон лæгæн цард æмæ уæлахизæй зынаргъдæр ницы ис, фæзæгъынц. Йæ хæс Фыдыбæстæйы раз сæххæст кæнгæйæ, Сослан йæцард сбаста сценæимæ. Фæлтæрдджын артистæн, аивады фæндагыл ныфсджын къахдзæфтæй цæугæйæ, йæ къухы бафтыд стырæнтыстытæ, театралон уæлахизтæ.

 

Сывæллæтты репетицитæм нæ уагътой, æмæ-иу æй Сослан сусæгæй йемæ бахуыдта. Уыцы фыццаг æнкъарæнтæ æнæфæзынгæ нæфесты йæ дарддæры цардвæндагыл. Сценæ, æрмæстдæр сценæ уыд Людмилæйæн йæ бæллиц! Фæстæдæр Сослан Людмилæйысценæйы ролы хъазгæ куы федта, уæд загъта:  «Ацы чызгæн ис стыр фидæн!» Æмæ нæ фæрæдыд.

 

Фæлæ Галуанты чызг кæд абон не ‘хсæн нал ис, уæддæр уый цæргæйæ баззад нæ зæрдæты, æмæ цалынмæ зæххыл ирон адæмцæрой, уæдмæ йæ ном цæрдзæн уæлæуыл. Стыр курдиæттæн та, зæгъынц, сæ удтæ фестынц цæхæркалгæ стъалытæ æмæ сæхибæрзонд арвмæ сисынц. Галуанты Людмилæ не ‘хсæн нал ис, фæлæ нæм йæ бæсты цъæх арвæй æрттивы йе стъалы.

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 1.11.2023 в 18:07

Футбольный клуб «Алания» передал республике блокирующий пакет акций

Футбольный клуб «Алания» передал республике 25% +1 акцию уставного капитала – блокирующий пакет акций. Соответствующий документ был подписан Главой РСО-А Сергеем Меняйло и вице-президентом футбольного клуба Данилом Гуриевым.

ОБЩЕСТВО 14.11.2022 в 20:10

Памяти артиста

12 ноября на 83-м году жизни перестало биться сердце заслуженного артиста РФ, народного артиста РСО-А, лауреата Государственной премии имени Коста Хетагурова, актера Русского академического театра им. Е. Вахтангова Николая Александровича Полякова.

ОБЩЕСТВО 5.10.2021 в 08:04

Высокие награды

Президент России Владимир Путин наградил медалью ордена «За заслуги перед Отечеством» II степени

ОБЩЕСТВО 29.03.2019 в 19:04

Сбербанк: итоги и перспективы

О результатах работы за прошлый год и планах на будущее

ОБЩЕСТВО 27.03.2023 в 19:04

Восстановить права обманутых дольщиков

Александр Пациорин встретился с семьями, которые остались без положенного им жилья

ОБЩЕСТВО 15.10.2022 в 07:00

НÆ ЦÆУГÆ МÆСЫГ

Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл сæххæст 163 азы.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО