Ацы бонты æнæхъæн Ирыстоны бæрæг кæндзысты æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Реком. Цъæйы æрæмбырд уыдзæнис бирæ адæм.
Бæрæгбоны адæм сæ кæрæдзийæн фæкæндзысты зæрдиаг арфæтæ. Сæ кувинаг æртæ чъири æмæ бæгæныимæ цæудзысты кувæндоны бынмæ. Хистæртæ скувдзысты Уастырджимæ, сæ «оммен» нæрдзæн комы. Фæдзæхсдзысты ирон адæмы æмæ райгуырæн бæстæ тыхджындæр дзуарыл, курдзысты дунейæн сабырдзинад. Ацы аз дæр кувæндоны фæсивæд суанг изæрмæ зардзысты, кафдзысты, хъуысдзæн сæ хъæлдзæг ныхас.
Рекомы Уастырджийы æгъдæуттæ сты сæрмагонд. Карз нозт, æвзæр ныхасæн дзы бынат нæй – æрмæстдæр арфæтæ, хæларзæрдæ ахаст æмæ рухс, сыгъдæг æнкъарæнтæ. Нæлгоймæгтæ йæм фылдæр цыдысты урс дарæсы æмæ бæгъæввадæй. Кувæндонмæ сылгоймæгтæ нæ цыдысты, сæ кувинæгтæ-иу барвыстой, æмæ-иу сæ дзуарылæгтæ скуывтой. Алы хъæу дæр æвзæрста дзуарылæджы. Уый йæ хъус дардта, бæрæгбон куыд цæуы, уымæ. Адæмы кувинæгтæй куывта, сæ мысайнæгтæ сын æвæрдта кувæндоны.
Рекомы бæрæгбоны ныр дæр бирæтæ акæнынц кусарт, фæдзурынц сыхæгтæм, хиуæттæм æмæ фæбадынц, фæкувынц, фæзарынц. Бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы хурхæтæны (июны) мæймæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фынгыл æгъдаумæ гæсгæ кæддæриддæр уыд æртæ уæливыхы, æртæ фæрсчы, цъæхыгтæ, хæдзарон бæгæны, къуыдырвых дзидза.
Таурæгъмæ гæсгæ Хуыцауы æртæ цæссыджы кæм æрхаудысты, уым равзæрд æртæ кувæндоны – Мыкалгабыртæ, Таранджелоз æмæ Реком.
Ис ма ахæм таурæгъ, зæгъгæ, раджы кæддæр Уастырджи сфæнд кодта ирон адæмæн кувæндон саразын, æмбигæ чи нæ кæны, ахæм хъæдæрмæгæй. Ахæм бæлæстæ та задис æрмæстдæр Рекомы фæсхох хъæды. Уастырджи йæ галтæн ныффæдзæхста цъитиджын хæхты сæрты ахизын, уыцы хъæдмæ фæцæуын æмæ уырдыгæй хъæдтæ æрласын. Бæлæстæ сæхæдæг калдысты, уæрдæттæ дзаг кодтой, æмæ галтæ уыцы æнахуыр хъæдæрмæг амынд фæндагыл ластой. Кувæндоны бынаты-иу уæрдæттæ сæхæдæг равдæлон сты, галтæ та фæстæмæ Уастырджимæ здæхтысты. Уый тыххæй Рекомы кувæндон сырæзт æнæ адæймаджы æххуысæй…
Рекомы уыд ахæм фæтк, æмæ-иу лæгтæ хæстмæ куы цыдысты, уæд-иу æфсымæрдзинад ам фидар кодтой. Ома уыд æфсæддонтæн ахъазгæнæг дзуар. Фæндараст дзы кодтой æндæр бæлццæтты дæр. Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй Рекомы кувæндон фæзынд XIV æнусы.
КЪУДУХТЫ Маринæ