ОБЩЕСТВО

Сарæзта ирд æмæ зæрдæмæхъаргæ сурæттæ

Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон драматурги фæзынд дыууынæм азы тæккæ райдайæнты номдзыд фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Брытъиаты Елбыздыхъойы фæрцы. Æцæг уымæй размæ стыр ирон поэт Къоста ныффыста драмæ «Дуня», фæлæ уый ницыбæрæг скуыста ирон фидæны сценæйæн, уымæн æмæ фыст у уырыссагау, стæй дзырд цæуы уырыссаг цардыл.

 

Номдзыд фыссæг Секъа архайдта чысыл сценæтæ фыссыныл, тынг хорз ын уыдысты, фæлæ йæм фаг фæлтæрддзинад кæй нæ уыдис, уымæ гæсгæ егъау драмæ фыссынмæ нæ æрæвнæлдта. Елбыздыхъойы фæстæ фæзынд номдзыд ирон чызг Кочысаты Розæ йæ драмон уацмыстимæ. Уымæй стыр ныфс бавæрæн уыдис, фæлæ хæрз æвзонгæй ацыд йе ’нусон дунемæ æмæ йын уадиссаг ницыуал бантыст. Розæ æмæ Елбыздыхъойы фæстæ дзæвгар азты ирон фысджытæй пьесæ ничиуал фыста. Фæлæ фæстæдæр фæзындысты Хъороты Дауыт æмæ Гæдиаты Цомахъы драмон уацмыстæ.

 

Ирон драматурги тынг райхæлдис революцийы фæстæ. Уæд фæзындысты Плиты Грис, Саулохты Мухтар, Дзассохты Уасил, Хъоцыты Бидзинæйы уацмыстæ, стæй та рæстæгмæ æрмынæг пьесæтæ фыссыны хъуыддаг æмæ фæндзайæм азты ногæй райдыдтой нæ фысджытæ драмон уацмыстæ фыссын: Туаты Дауыт, Хуыгаты Геор, Хуыбецты Раисæ, Джыккайты Шамил, Гаглойты Владимир, Гуыцмæзты Михаил æмæ æндæртæ. Уыцы рæстæг уыдис иууыл бæркадджындæр, драматургтæ дзаджджын хуынтимæ цыдысты нæ национ театрмæ æмæ сын сæ куыстытæй адæм райгонд уыдысты.

 

Актертæн дæр фадат фæцис алыхуызон зæрдæмæдзæугæ сурæттæ адæмы размæ хæссынмæ, æмæ иу сурæт иннæйы фæдыл бæрæг дардтой театры сценæйыл, уæд рабæрæг бирæ актерты курдиат дæр. Уыцы сыгъзæрин фæлтæры æхсæн фæзынд æрыгон актер Хуыгаты Сурен дæр. Æмæ райдыдта йæ театралон фæндаг…

 

Йæ цард æнæхъæнæй дæр аивадимæ чи сбаста, уый зындгонд у ирон адæмæнУæрæсейы Федерацийы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Хуыгаты Сурен. Бирæ рæсугъд, зæрдæмæхъаргæ сурæттæ ма рахастаид йæ аивадæн ын табу чи кодта, уыцы театруарзджытæн, фæлæ, хъыгагæн, 67-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн. Мæскуыйы Щепкины номыл театралон училищæйы рауагъдон æвæстиатæй фæндаг ссардта аивадуарзджыты зæрдæмæ. Фыццаджыдæр, йæхи бауарзын кодта куыд киноактер. Фæстæдæр та сси Ирыстоны театралон аивады ирддæр стъалытæй иу. Фæндзай азы онг балæвар кодта Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театрæн. Сарæзта ирд æмæ зæрдæмæхъаргæ сурæттæ. Щепкины номыл театралон училищæйы рауагъдон Ирыстонмæ сыздæхт 1980 азы. Уæдæй нырмæ лæггад кодта Ирон театрæн.

 

Дардыл хъуыстгонд у йæ ном. Уый йæ диссаджы курдиатæй бирæ адæмы зæрдæтæ барухс, бахъæлдзæг кодта. Ирон театры сценæйы сарæзта цымыдисаг сурæттæ. Нæ цæст ма ахæссæм, йæ къухы цы бафтыд, уыцы фæллæйттыл: Ибрагим – Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Фатимæ»-йы, Васькæ Пепел – Максим Горькийы пьесæ «Царды бын»-ы, Цæхджын – Чеховы «Æртæ хойы», Эдгар – Шекспиры «Къарол Лир»-ы æмæ бирæ æндæр рольты ахъазыд Ирон театры сценæйы. Тедеты Георгийы «Авд хуры рухс»-ы Батойы роль та афтæ хорз ахъазыд, æмæ Дзæуджыхъæуы театралон фестивалы нымад æрцыд хуыздæр актерыл.

 

Уæдæ бирæ сурæттæ сарæзта кинойы дæр. Йæ алы сурæты дæр-иу йæ уды иу хай кæй бавæрдта, уый дызæрдыггаг нæу. Хæрз æрыгонæй райдыдта кусын Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театры æмæ дзы фæкуыста йæ царды фæстаг бонтæм.

 

Хуыгаты Сурен уыд æнæмаст, рæстзæрдæ адæймаг, кæстæртимæ фæлмæн, рæвдыд ныхасгæнаг. Алцыдæр цыд йæ зæрдæйæ, йæ бакаст, йæ алы ныхас дæр уымæн уагътой алкæй зæрдæйы дæр арф фæд. Зынаргъ ын уыдысты йæ ирон адæм, сæ культурæ, æмæ йæ фæндыд уыдонæн кæстæриуæг кæнын, сæ фарныл сын фарн бафтауын, сæ кадыл – кад. Æмæ йæ адæм дæр уый тыххæй уарзтой æмæ уарзынц абон дæр.

 

Йæ уды фарн æнæмæнг баззайдзæн уæлæуыл цæргæйæ. Æмæ йын мах уыцы фарн, уыцы хорздзинæдтæ агурдзыстæм, театры æмæ кинойы кæй сарæзта, уыцы сурæтты…

 

КЪУДУХТЫ Маринæ


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 6.03.2021 в 16:32

Вакцинация – ответственность каждого!

Прививку от COVID-19 сделал председатель Комитета по делам печати и массовых коммуникаций Юрий Фидаров.

ОБЩЕСТВО 24.03.2023 в 19:11

В Росгвардии прошла пресс-конференция

Начальник Управления Росгвардии по РСО-А генерал Валерий Голота рассказал журналистам о работе, проделанной в 2022 году. В частности, свыше 2 000 сотрудников и военнослужащих ведомства привлекались к выполнению 114 задач на более чем 100 публичных, культурно-зрелищных, спортивных и иных мероприятиях, за нарушения задержали 180 граждан.

ОБЩЕСТВО 26.06.2023 в 18:45

Вячеслав Мильдзихов встретился с молодежью

Глава Администрации местного самоуправления г. Владикавказа Вячеслав Мильдзихов встретился с представителями молодежных организаций города и республики. Встреча проходит уже второй год подряд на площадке Национального музея РСО-А.

ОБЩЕСТВО 16.12.2023 в 09:20

БУТАТЫ-ХЕСТАНТЫ ПОБЕДÆЙЫ НОГ ЧИНЫГ

Алы чиныджы арæзт дæр кæд уынд, хуыз  æмæ мидисæй хицæн кæнынц, уæддæр  чиныгкæсджытæ стыр нысаниуæг дæттынц йæ арæзт, йӕ уынд æмæ йе ‘ддаг бакастæй. Уымæн æмæ куыд бирæ æндæр цыдæртæ, афтæ чиныг дæр йæхимæ фыццаг фæхоны æмæ æркæсын кæны йæ хуызæй.

ОБЩЕСТВО 9.02.2018 в 18:09

Дома культуры – каждому селу

Сейчас государство уделяет появлению домов культуры очень много внимания.

ОБЩЕСТВО 15.11.2021 в 18:52

На пути к инновациям

Во Владикавказе открылся фестиваль идей и технологий Кружкового движения Национальной технологической инициативы.

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО