ОБЩЕСТВО

Сыгъзæрин авдæн

Хуыгаты Сергейы чиныг «Къостайы авдæн»-ыл афæлгæст

Йæхи загъдау: мæнæ диссæгтæ, бæстыдзаг диссæгтæ!.. Цæйбæрц курдиатджын хъуамæ уай, цæмæй цардæн йæ абухгæ цæлхъытæ нæ, фæлæ йæ тугдадзинты æгомыг мидзмæлд дæр æнкъарай, йæ хуызтæ йын кæркæ-мæркæ фæлыстæй уынай æмæ сæ арвыроны æрдынæджы хуызæн алдымбыдтæ бийынмæ рæхсай, дæ фæлгæнцты мидхъуырдухæнтæ иу сулæфтæй дæр хурмæ скалын фæразай! Цæйбæрц хъуамæ уарзай æмæ зонай уыцы æвзаг – дæ ирон æвзаг, цæмæй дæ коммæ афтæ тынг кæса æмæ йын йæ дзырдтæй, титыччы фæрдгуытау, хъазай!..

Хуыгаты Сергейыл цæуы дзырд, нæ адæмон фыссæг, нæ дзырдаивады дæсны, поэт-прозаикыл, бæлвырддæр зæгъгæйæ, йæ чиныг «Къостайы авдæн»-ыл. Æнæбары чиныг бакæсын æмæ йын саргъ кæнынæн та цы хъæуы – иу хъуыдыйад дзы куы бакæсай, уæддæр æй бамбардзынæ: ацы тутт æмæ æнæуд чиныг рухсмæ фæзындаид кæнæ æфсæрмæй, кæнæ йæ ныхъулæттæгæнæджы хъæздыг фырты æхцатæй, гъе та йæ бæрзонд бынаты бадæг хионы зæрдæ алхæныны æнхъæлцауæй… Æмæ йын йæ ныхъулонгæнæгæн дæр, йæ рауадзæгæн дæр æмæ йæ хъæздыджытæн дæр ахъазджытæ ныссид æмæ йæ искуы къуымы баппар. Хорз чиныг та – зонды чырын, арвы айдæн у æмæ дæ йæхимæ æндонвидар тæгтæй куы нылваса, уæд нал сарæхсдзынæ, цæмæй йын йæ хорзы кой, куыд æмбæлы, ахæм уагыл ракæнай…

Гъемæ, мæхицæн Сергейы «Къостайы авдæн»-ыл дыууæ ныхас зæгъыны бар куы раттон, уæд мæхи Хуыцау æмæ Къахыры дзуарыл ныффæдзæхстон, цæмæй мын ныххатыр кæной, мæ тых уыцы дыууæ ныхасы уд бауадзыны фаг куынæ скома, уæд… Чиныгæн дæ, публицистикæйы иударон домæнтæм гæсгæ, йæ нуарджын, йæ рæсугъд æвзаг равдисын куы бафæнда, уæд дзы хъуамæ кæцæйдæрты дзыхыакæнинагдæр рæнхъытæ фелвасай. Афтæ бакæнын сфæнд кодтон æз дæр, фæлæ ацы чиныг-сыгъзæрин авдæны алы дзырд, алы рæнхъ дæр удылтайгæ у, æмæ… Кæй нæ уырны, уый дзы кæцыфæнды фарс дæр рафæлдахæд, æмæ йе ’нгуылдз цы ран æвæрд фæуа, уым лæмбынæг бакæсæд… Афтæ бакодтон æз дæр, æмæ, табуафси: «Дуне куы ныссабыр вæййы, уæд, хæхтæй цы мыртæ фæхъуысы, уыдон, æвæццæгæн, цæвæгцæгъдæнты къуырцц-къуырццæй равзæрдысты. Уæдæ æндæр кæцæй цы ’рцыди хæхтæм?! Æппындæр ницы æндæр, æмæ, цæвæг-цæгъдæнты хъæр куы фæцæуы, уæд ныссабыр вæййынц, цæмæй сæ мидæг ахъара æмæ уым баззайа уыцы «зæрин зæлланг» (Уацау «Къостайы авдæн»). Бæрцæй цалдæр рæнхъы, фæлæ сæ нæ куырыхон æмæ дзырдарæхст фыссæг уый бæрц мидис æмæ рæсугъддзинад бауагъта, æмæ сæхæдæг æйттæй иу къаннæг радзырды фаг сты. Æрмæст, гæнæн ис, æмæ уыцы «зæрин зæлланг» алчи ма фехъуса, алкæмæ ма бахъара. Сергеймæ хъары, уымæн æмæ уыцы «зæрин зæлланг» йæ уды цæры – уæлхох дзæнæты хуызæн чи у, уыцы Цъо­ны райгуырд æмæ схъомыл, æнæ цæвæджы æхситт царды хъæр кæм нæ райхъуыстаид, уыцы Цъоны…

Чиныджы цы уацмыстæ ис, уыдонмæ кæцырдыгæйфæнды бавнал – уæддæр дзы сæйрагыл «Къостайы авдæн» нымайæм. Автор йæ уацауы халбыд снывæста рагон легендæйы бындурыл, цыма Къуыдаргомæй иу лæппу, йæ мыггаг Нанитæй – фæтуджджын, йæ комбæсты йын цæрæн нал уыд æмæ йæхи айста фæс­хохмæ. Раст уыцы рæстæджы Нары Хетæгкаты Леуанæн райгуырд лæппу. Леуанæн йæхи райгуырдæй фæстæмæ хæдзары ноггуырд нал фæзынд. Авдæн сын нæ уыд æмæ сомбоны гени Къостайæн авдæн сарæзта ацы лыгъд лæппу. Афтæ уыд æви уфтæ – бынтондæр мæ не ’ндавы. Мæнæн мæ къухы ис чиныг, дзырдаивады хъомысджын комытæф мæм кæмæй улæфы, сыгъзæрины æм-уæз ирон дзырдтæ арвыронæй рæсугъддæр алдымбыдтæ кæм бийынц, ахæм диссаджы чиныг.

Йæ авторы диссаджы курдиат ивылæнтæ кæмæй кæны, ахæм чиныг. Логикæмæ гæсгæ ам, уацау «Къос­тайы авдæн»-ы тæккæ райдианы, авторы цыбыр бацæуæн-разныхас бафæрсгæйæ, хъуамæ чиныгкæсæг архайа, авдæны хабар кæм ис, уыцы бынатмæ тагъддæр бахæццæ уа, ууыл, фæлæ… Цалынмæ, йæ фыдæлты уæзæгæй чи фæхауæггаг, уыцы æнамонд лæппу Хъарадзау авдæн аразыны онг æрцæуа, уæдмæ чиныгкæсæгæй рох дæр фæуыдзæн авдæны хабар. Уымæн æмæ уыцы æнамонд лæппу цы уæзæгæй фæхауæггаг, уыцы уæзæгæн йе ’рдзон хуызтæ æмæ йæ адæмы царды нывтæ ахæм хуызы хæссы автор чиныгкæсæджы зæрдæмæ æмæ дæ рох дæр фæуыдзæн, не стыр гени Къос­та искуы авдæны хуыссыдаид æви нæ, ууыл ахъуыды кæнын. Фыццаг хатт нæ бакастæн чиныг, фыццаг хатт нæ ауад мæ цæстытыл хæххон царды æвадат, фыццаг хатт нæ бадардтон мæ ных ирон æгъдæутты тызмæг æмæ æгъатыр цæвæнтæм, фыццаг хатт нæ бавзæрстон уарзты цин, фыццаг хатт нæ фæрыстæн йæ риссæгтæй, фæлæ… Уæддæр та йæхи загъдау: мæнæ диссæгтæ, бæстыдзаг диссæгтæ! Ам æндæргъуызон фидауцтæ ис, ам æндæргъуызон мастæй риссынц, æндæргъуызон уарзтæй судзынц Сергейы цæрдхъом фæлгæнцæ. Æнамонд, æнæнтыст уарзты темæ нæ фысджытæм рагæй ис – суанг нæ прозæйы фыдæл Секъайæ нæ хуыздæр таурæгъгæнæг Биазырты Димитры онг, фæлæ Хуыгаты Сергей йæ уацауы Хъарадзау æмæ Мартайы æнамонд уарзт равдисынæн цы ахорæнтæ æмæ æнкъарæнтæй спайда кодта, уыдон сæхæдæг иу сæрмагонд иртасæн куысты фаг сты. Фыссæг иу бинонты трагедийæ сарæзта иумæйаг адæймагадон трагеди. Уыцы трагедимæ æрыхъусын кодта æнусон хæхты дæр, сæ мадзурайы комбаст сын суагъта, се ’нусон æмырдзинад сын хъа­рæгмæ раивта. Хъарадзауы рыстæн ма бамбарæн ис – йæ судзаггаджы уарзтæн йæ рæвдыд дæр нæма банкъардта, афтæ йын æй байстой адæймаджы цъаммардзинад æмæ хъысмæты æгъатырдзинад…

Фæлæ йæ цардихсыд къуымты цалдæр хатты йедтæмæ кæмæн нæма разылд, уыцы æфсин та – «Стæй ныхъарæг кодта Дзæгъиан, афтæ ныхъарæг кодта, æмæ йын арвы сыгъдæг нæ бафæрæз-та – йæ къæскъæс ссыди». Чизоны, уый зæгъын фæнды курдиатджын фыссæджы: кæд уарзыс, уæд уарз, кæннод æй ныхъуыдты кæн, кæд дæм нæ хæхбæсты фарны сусæг æвæрæнтæм ныккæсыны хъару нæй, уæд сыст æмæ сæ дæ сæр искæдæм фесаф.

Хуыгаты Сергейы сфæлдыстады, уæлдайдæр йæ нуарджын прозаикон уацмысты ис иу диссаджы миниуæг: цыма, цы темæмæ бавналы, уый рæгъмæ хæссы рог къухæй, фæлмæн, хуымæтæджы уырзæвзæрст дзырдтæй дын нывæнды йæ зæрдиаг ныхас, фæлæ уыцы ныхасæй ивылæнтæ кæны арф философи – цыма дын лекци кæсы дæсны психологау!

Кæд искæй бафæнда нæ дуджы иууыл стырдæр катастрофæ – Советон Цæдисы ныппырхы фæстиуæгæн зонадон аргъ скæныны тыххæй бирæтомон чингуытæ ныффыссын, уæд æй зонæд, кæй байрæджы кодта. Сергей фæраздæр, æрмæст æй бирæтомон рауагъды сæр нæ бахъуыд, йæ иу къан­нæг радзырды йæ бульвары бадæг дыууæ лæджы ныхæстæй бацæуын кодта радзырд – «Уыцы дыууæ лæджы æмæ æз». Кæнæ йæ иннæ радзырд «Хурхæтæнтæ»… Йæ лыстæг къалиутæ фæйнæрдæм фæцæугæйæ, зæхмæ кæмæн æривæзтысты æмæ æддæмæ цатыры хуызæнæй чи зыны, уыцы хæрисы бын сæ сæрибар рæстæг æрæмбырд вæййынц сыхæгтæ æмæ, уыцы ран бадгæйæ, кæрæдзийæн сæ ныхæстæ фæкæнынц. Алчи дæр дзы фæдзуры, цард куыд æмбары, хуыздæр цæрыны фæрæзыл цы нымайы, уыдæттæ. Æндæр ницы. Фæлæ…

Бакастæн радзырд æмæ хъуыдыты аныгъуылдтæн… Мæнæ диссæгтæ, бæстыдзаг диссæгтæ! Алы хатт алы хатт алыгъуызон æвзæрстыты кæрæдзи цæмæн хæрæм æмæ дунейы æхца цæмæн хардз кæнæм, цæй думæтæ æмæ ма нæ цæй парламенттæ хъæуы – уæртæ нын Хуыгаты Сергей цы хæрис-цатыр сныв кодта, æмæ йын йæ быны кæй рабадын кодта, уыцы адæммæ байхъусæм æмæ царды нæ бынат ссарæм! Уыдон нын цæрын амонынц, цард сæ куыд сахуыр кодта, сæ зæрдæ сын куыд агайы æмæ йæ куыд æмбарынц, афтæ! Сергей йæхæдæг йæ булвары бадæг дыууæ лæджы ныхæстæм хъус-гæйæ, цæйау зæгъы: «Æмæ сын чи бафсæстаид сæ ныхæстæм хъусынæй! Хуымæтæг ныхæстæ уыдысты, афтæмæй хуымæтæг нæ уыдысты – зæрдæ сæ йæхимæ скъæфта. Æмæ зæрдæ йæхимæ кæй скъæфа, ныхас уый у, уый!». Уыдон æввонг цардуарзджытæ не сты, уыдон царды гуыргъахъ фæндæгтыл рацыдысты, сæ дæлфæдтæ æмæ сæ къухæрмттæ уæзæгæвæрд сты, уыдонмæ стыр мыздтæ исын, бæрзонд бынæтты рабадынмæ тырнындзинад нæй – сæ ныхæсты хъуысы æрмæстдæр царды хъæр, æмæ адæм та раст фæндагыл никуы ныллæудзысты, цалынмæ царды хъæрмæ хъусын базоной, уæдмæ.

Чиныджы кæд æртæ уацауы, дæс радзырды æмæ иу та аргъау ис, кæд уыцы уацмыстæй алкæцы дæр хицæн æмæ хицæн темæтыл фыст у, кæд дзы алы ран, хæхтæ сæ арф æвæрæнтæм цы мыртæ айстой, уыдоны сæр нæ хъæуы, уæддæр семыдзаг сты уыцы зæрин зæлтæй – кæм дзы куыд бады æмæ фидауы, ахæм уагыл. Цъоны тызмæг хæхты тæфагæй нæ, фæлæ йæ рæсугъддзинад æмæ æфсæрмдзæстыг кæуыл æндавы, ахæм зæлтæй.

Цæмæй хъæздыг у Сергейы, поэт-прозаикы прозæ? Æрмæст рæсугъд æвзаджы зæрин зæлтæй? Нæ, царды арф философийы сусæг-æргом зæгъинæгтæ дзы уыцы зæрин æвзагимæ кæй ныззæй кæнынц, уымæй: «Хаттæй-хатт-иу æй ацахста Балсæджы тæригъæд, банкъардта-иу уыцы тæригъæд йе ’ппæт уд æмæ йе ’ппæт буарæй дæр. Бамбæрста-иу, куыд тынг æй фæнды, уыимæ, Сидонæимæ фæрсæй-фæрстæм йæхи куы æруадзид, уый. Фæлæ ма уый гæнæн куыд и?! Иу дæ зæрдæйы лæууæд, иннæ та дæ тæккæ фарсмæ æруадза йæхи?! Æмæ йын адджын мондæгтæ æвзарын кæнай, дæхæдæг уыцы адджын мондæгтæ ма æвзар, афтæмæй?!… Уымæй ма стырдæр фыдгæнд разындзæн ацы дунейы?». (Радзырд «Уды фæзилæнтæ). Сылгоймагæн Балсæг йæ мой у, йæ сывæллæтты фыд. «Иу дæ зæрдæйы лæууæд» кæмæй зæгъы, уый чи у, уый рæстмæ зонгæ дæр нæ кæны, фæлæ йæ бауарзта. Нал у йæ бон, ма йæ уарза, уый. Уыцы лæг зонгæ дæр нæ кæны, сылгоймаг æй кæй уарзы, уый, фæлæ сылгоймаг йæхицæн бар нал дæтты, цæмæй йæ мой, æнувыд ыл чи у, иу мисхалы бæрц дæр йæ зæрдæ кæуыл никуы ницæмæй бахудт, уыцы мойимæ ма йæхи уатыл фæрсæй-фæрстæм æруадза… Цæй мидæг ис авторы логикон позици? Сылыстæджы гадзрахаты сæрыл хæцы? Нæ, хъысмæты цъыссымы чи бахауд, уыцы сылгоймаджы удæвдæрзæг хъизæмары утæхсæн кæны. Автор æгъдауы, лæджы фарны сæрылхæцæг у, фæлæ уыцы сылгоймаг дæр Хуыцаумæ куырдиат нæ ныффыста, цæмæй æндæр искæй бауарза, æмæ уыцы уарзтæй йæ мой æмæ йæ сабитæн цы рыст хæссы, уыцы рысты йæхи æнæтугæргæвст кæна…

Радзырд «Зымæгон изæры рухс»… Æвзонг, суинаг лæппуты цъæхæйрæгъæд дзымандытæ, фыццаг уарзты фæлурс æнкъарæнтæ æмæ сæрддон-сæрддæргъы хосгæрстæй чи ныффæллад, уыцы хæххон хъæуы урс-урсид миты ныгъуылд нывтæ… Уыцы нывты, Сергей сæ куыд уыны, цæмæй афтæ уынай, уый тыххæй хъуамæ Цъоны уæлхох быдырты æмæ къулвæхсты хæрæгдым кæрдгæйæ, дæ къухтæ цæвæджы хъæдæй уæзæг сæвæрой, хъуамæ иу цъерийы сæрæй æрхизгæ, уайтагъд иннæ цъерийы бынхостыл æрлæууай… Хъуамæ дын Хæмпæлгомы фæзилæнæй Чъелеты мидæгрæбынтæм алы дзыхъхъ, алы къуыпп дæр зонгæ уа, хъуамæ дæхи уæхсчытыл бавзарай, хæххон царды уаргъ куыд уæззау у, уый. Хъуамæ, хъуамæ… Уыцы «хъуамæтимæ» райгуырд æмæ схъомыл Сергей. Уымæн у ахæм фæрнджын удыхъæды хицау, уымæн ын бантыст царды хуызтæ афтæ ирд æмæ алыварсонæй фенын, йæ зæгъинæгтæ йын куыстдзагъд хæххон лæджы æвзагæй зæгъынмæ уымæн арæхсы. Уымæн ын ис ахæм, удылтайгæ рæсугъд ирон æвзаг – цæвæджы æхситт æмæ йын Сау къæдзæхтыл цæрæг зымты æхситтимæ æхсыст æвзаг у. Уымæн ын бантыст Ирыстоны фидауцты ацы чиныг сыгъзæрин авдæны аузын…

Стæй куыд хорз лæг у Сергей! Сыгъдæгзæрдæ, æнæзæрдæхудт. Рæвдауаг æмæ æххуысмæ – цæттæввонг. Йæ удмæ йын ныккæс æмæ дзы дæхи уд фендзынæ – дæ рыстыл дын, дæхæдæг ыл куыд риссыс, афтæ фæрисдзæн, дæ циныл дын дæхицæй тынгдæр бацин кæндзæн…

Тæхуды, ахæмтæ фылдæр куы уаид Ирыстоны æмæ-иу бирæ-бирæ куы фæцæриккой!

Æмæ… Тæхуды, Сергейы чиныг «Къостайы авдæн»-æн Къостайы преми куы саккаг кæниккой, уымæн æмæ, цы чингуытæн æй саккаг кодтой, уыцы чингуытæй, иуæй-иутæм абаргæйæ, Хуыгаты Сергейы чиныг сыгъзæрин авдæн у!..

ГÆБÆРАТЫ Юри


Похожие записи:

ОБЩЕСТВО 23.11.2017 в 10:41

Память о герое увековечили в Улан-Баторе

На минувшей неделе произошло знаковое событие для народа Осетии: в столице Монголии городе Улан-Баторе состоялось открытие памятника дважды Герою Советского Союза, Герою Монгольской Народной Республики, генералу армии Исса Плиеву. Легендарным полководцем гордятся не только на его родине, в Осетии, знают о его подвигах и выдающейся биографии на всем постсоветском пространстве и далеко за его пределами. […]

ОБЩЕСТВО 12.07.2023 в 19:46

Крепкое плечо – защитникам Отечества

Общественная палата Северной Осетии и региональный филиал Государственного фонда «Защитники Отечества» объединят усилия в поддержке участников СВО. Соглашение о сотрудничестве подписали председатель палаты Нина Чиплакова и руководитель филиала фонда Марина Хетагурова.

ГЛАВНЫЕ НОВОСТИ 8.05.2022 в 15:15

“Посмотри на их лица”. Осетия помнит

  Глаза ветеранов, смотрящие на нас с баннеров и плакатов, страниц газет и экранов смартфонов, развевающиеся победные флаги и георгиевские ленты, приколотые на лацканы рубашек, цветы на памятниках и могилах фронтовиков – Северная Осетия готовится к 77-летию Великой Победы.

ОБЩЕСТВО 19.08.2023 в 08:20

«АЗÆМÆТ У, ЙÆХИ ФЫССÆГ ЧИ НÆ ХОНЫ, ФÆЛÆ СТЫР ФЫССÆГ ЧИ У, АХÆМ АДÆЙМАГ»

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, публицист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, таурæгъгæнæг Хъайтыхъты Азæмæты райгуырдыл сæххæст 100 азы

ОБЩЕСТВО 1.02.2023 в 19:32

Комиссия по делам несовершеннолетних отмечает 105-летие

Ровно 105 лет назад, в 1918 году, был принят декрет «О комиссиях для несовершеннолетних».

ОБЩЕСТВО 29.01.2022 в 08:48

Нина Кусова. Вечер памяти

27 января в Республиканской юношеской библиотеке им. Гайто Газданова состоялся вечер памяти художника-графика Нины Кусовой (Бигаевой).

Все новости из категории: ОБЩЕСТВО